logo

М О Я    О С Е Т И Я



ДЗЕРАССÆ-РÆСУГЪД


Нарты Уæрхæджы фырт æхсæртæг бафтыди
Арф денджызы бын Донбеттыры хæдзармæ.
Хæдзар та уыдис ахæм æмбисонд
æмæ йæ къултæ æргъæу уыдысты,
Йæ бын цъæх авг уыд, йæ цар — сæууон стъалы.
Хæдзары бадтысты авд æфсымæры,
æфсымæртæн та сæ уæле уыдысты
Сæ дыууæ хойы,— амæй ай рæсугъддæр,
æрттывта сæ сæрыхил раст сызгъæринау.
— Уæ райсом хорз æмæ фарн уæ хæдзары! —
Загъта æхсæртæг, дуарæй куы бахызт, уæд.
—  Хорз дæ хай, уазæг, — загътой уыдон дæр,
æмæ сыстадысты, æгъдау ын радтой
Авд æфсымæры сæ дыууæ хоимæ,
æмæ æхсæртæджы куы 'рбадын кодтой,
Уæд сæхуыдтæг дæр йемæ 'рбадтысты:
æртæйæ 'рбадтысты æхсæртæджы уæле,
Йæ дæллаг фарс та — цыппар æфсымæры.
Иу чысыл иумæ куы абадтысты,
Уæд æхсæртæгмæ авд æфсымæры
Бакæстытæ кодтой æмæ йын загътой:
— Дæ хуызæн уазæг нæм нæ цæугæ 'ркодта,
Нæ дæр нæм искуы цæугæ 'ркæндзæни.
Бацин кæнын дыл бæргæ æмбæлы,
Фæлæ ныртæккæ тынг мæстджын æстæм.—
—  Хуыцау уын маст ма зæгъæд, мæ буц фысымтæ,
Фæлæ цы кодтат, цæуыл маст кæнут? —
Загътой фысымтæ уæд æхсæртæгæн:
—  æртæ хойы нын уыд æмæ сахуыр сты,
Сæ фыдбылызæн, нарты дыргъдонмæ.
Уым иу бæласыл зад сызгъæрин фæткъуы
Æмæ-иу фæткъуы бон арæгъæд и,
Æхсæв та-иу æй нæ хо радавта,
Æхсинæджы хуызы-иу бацыд, афтæмæй.
Бæргæ-иу дзырдтам нæ хо Дзерассæйæн:
Ма уал цу, нæ хо, уыцы фæткъуымæ,—
Нарты фæсивæд тынг фыдуаг æсты:
Арвыл цъиу атæхын нæ уæнды уыдонæй».
Фæлæ, марадз, зæгтъай, нæ нæм байхъуыста.
Уастæн дæр бафтæнт кæрæдзи кæрдтыл
Уæрхæджы фырттæ æхсар æмæ æхсæртæг!
Ныр уыдон хъахъæдтой нарты фæткъуы бæлас,
æмæ йæ фатæй дæр уыдон фæцæф кодтой.—
Уыцы рæстæджы мидæггаг уатæй
æттæмæ райхъуысти рынчыны хъæрзын.
æхсæртæг бафарста: «Уый та чи хъæрзы?»
— Кæмæй дын загътам, уый — нæ хо Дзерассæ.—
—  æмæ йын æппын ницы уал хос ис? —
Афарста æхсæртæг уæд æфсымæрты.
Уыдон ын загътой: — Хос ын бæргæ ис.—
— æмæ йын цы хос ис? — йæ туджы 'ртæхтæ!
Уыдон æсты йæ хос; куы, сæ 'рæмбырд кæнай,
æмæ сæ рынчыныл куы бафу кæнай,
Уæд ын ис фервæзæн, кæд — нæ, уæд — нал.—
Уæд та æфсымæрты æхсæртæг бафарста:
—  æмæ йæ, уæдæ, чи сдзæбæх кæна,
Уымæн та хорзæй цы ракæниккат? —
—  Уымæн радтиккам нæ хо Дзерассæйы,—
Хуыцау æй уымæн æсаккаг кодта.—
— Нарты Уæрхæджы фырт æхсæртæг æз дæн.
Йæ туджы æртæхтæ мæнмæ сты, уæдæ,
Цæвгæ дæр уын æй мæнæ æз ныккодтон,
Æмæ йæ дзæбæх дæр æз æскæндзынæн.
Марадзут, æмæ йæ ардæм ракæнут! —
Æмæ ныррухс сты авд æфсымæрæн
Сæ тар цæсгæмттæ цинæй, амондæй,
Æмæ уæд загътой æхсæртæгæн афтæ:
—Чызг уæззау рынчын у, нæу рацæуынæн,
Фæлæ йæм мидæмæ уатмæ куы бахизис...—
Бацыдис лæппу рынчыны размæ.
Чызг буц хуыссæнты хуыссы сынтæджы,
Йæ даргъ сызгъæрин хъуымбыл дзыккутæ
Æрзæу-зæу кодтой сынтæгæй зæхмæ.
Хуртæ бахудынц йæ урс цæсгомæй,
Мæйтæ ракæсынц йæ дæллагхъуырæй.
æхсæртæджы 'рдæм Дзерассæ разылдис.
Куыннæ барухс и æхсæртæджы зæрдæ!—
Фæлмæн бахуды фыр цинæй мидбылты,
Æмæ фелвасы уæд йæ фæснахæй
Зæлдаг кæлмæрзæны туджы æртæхтæ,
æмæ сæ чызгыл куы бафу кæны.
Дзерассæ-рæсугъд, цы уыдис, уымæй
Уæд куы фестадис авд хатты хуыздæр.
Фараст боны 'мæ фараст æхсæвы
Нæ басабыр и, нæ, сæ чындзæхсæв
æхсæртæг æмæ Донбеттыры чызгæн,
Дзерассæ æмæ æхсæртæг иумæ
Арвыл хур æмæ мæйау фидыдтой.
Уым фæцардысты бонтæ 'мæ къуыритæ,
Стæй уæд иу бон æхсæртæг æрæнкъард,
Æхсары æрæмысыд æмæ бадзуры:
—  Мæнæн ам цæрын ныр нал æмбæлы,—
Хъуамæ æрцагурон æз ме 'фсымæры,
Æмæ фæцæуон мæ фыды хæдзармæ.—
Уæд Дзерассæ дæр куы бацин кæны:
—  Хæдзар дын кæд ис, уæд цæуылнæ цæуæм?
Махæн ам бадын ныр нал æмбæлы.—
Цæуыны къахыл ныллæууыдысты.
æмæ куы 'рцыди курдиат сахат,
Уæд йæ сæрыхил Дзерассæ айвæзта,
Æмæ сæ дыууæ дæр уæд фестадысты
Æргъæуон бæзджын рæсугъд кæсæгтæ.
Æмæ рараст сты арф фурды бынæй
Дыууæ кæсаджы арф фурды сæрмæ.
Уæдмæ æхсар та сырддзуан кодта,
Æмæ фурды былыл тар хъæды мидæг
Йæхицæн сарæзта сырддзæрмттæй мусонг,
Æмæ йе 'фсымæрмæ æнхъæлмæ касти.
Иу бон куы уыдис, уæд кæсы денджызмæ,
Æмæ цъæх денджыз хæссы урс танхъа.
Æхсар дæр, уæдæ, куыннæ сцин кодтаид! —
Йæхи нымæры ахæм фæнд акодта:
«Цон æмæ хъæды ацуан кæнон,
Кæд æмæ йе ссыдмæ исты амарин!»
Æмæ ацыдис, уæдæ цы уыдаид!
Уыцы рæстæджы нарты зæронд
Уæрхæг Мæты куы бацыди, сагьæс куы кæны:
«Цы фесты, уæдæ„ мæ дыууæ фырты?
Куы никæцæй зынынц, куы ницы сæ хъуысы».
Бонæй-бонмæ йæ мæт куы бадомдта,—
Йæ уæнгон тых ын сагъæс басаста.
Уæрхæджы фырттæ кæй нал зындысты,
Уый æхсызгон уыд нарты фæсивæдæн, —
Уæлахиз сыл кодтой æхсар æмæ æхсæртæг.
Нарты фæсивæд Уæрхæджы урс сæрæй
Хъазын байдыдтой, кодтой дзы хынджылæг,
Æмæ дзы фыдæнæн йæ зæронды бонты
Нартæн куы скодтой æхсæны рæгъаугæс.
Уæрхæг дæр бавдæлы æмæ фыр мæстæй
Нарты стыр рæгъау дардмæ фæтæры
Æмæ æгас рæгъау денджызы бакалы,
Куы та сæ фезгъалы къæдзæхы рындзæй.
æмæ къорд бонты Уæрхæг нал цыди
Уæд Нарты хъæумæ йæ рæгъаудонæй:
Йæ къах æй нал хаста йæ фыртты мæтæй.

***  

Æхсæртæг æмæ Дзерассæ-рæсугьд
Денджызы сæрмæ куыддæр æсхæццæ сты,
Афтæ денджызы был мусонг ауыдтой;
Бацыдысты йæм, сæ цæст ыл ахастой:
Æхсар цуан кодта, мусонг дзæгьæл уыди.
Дзерассæ дуарæй мидæмæ куы бакаст,
Уæд мусонг сæрттывта йæ цæсгомы рухсæй,
Æмæ æхсæртæгæн загьта Дзерассæ:
—  Цалынмæ ацы ран бадынæй бафсæдон,
Уалынмæ ардыгæй нæ ацæудзынæн. —
Уæд æм æхсæртæг афтæ бадзуры:
— Бад уал ам, уæдæ, æмæ аулæф,
Æз ме'фсымæры искуы 'рцагурон! —
Арасти æхсæртæг æхсары агурæг.
Уалынмæ æхсар æрыздæхт йæхæдæг;
Бацыд йæ мусонгмæ. Сæ кæрæдзийæ
Фæиппæрд æсты дыууæ 'фсымæры.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке