Дзерассæ-рæсугъд цардис йæ цæгаты,
Æмæ уалынмæ йæхи бар нал уыд.
Иу бон куы уыди, уæд ын йæ мад загъта:
— Бавдæл æмæ фæцу Нарты уæзæгмæ —
Уыдон стæджы хъæд афтæ у, мæ къона,
Æмæ сæ уæзæгыл чи нæ райгуыра,
Уыцы гуырды Нарт сæхицæй нæ хонынц.—
Ныр цы бакæна мæгуыр, æнкъард ус!
Йæ мад ын куыд загъта, афтæ бакодта:
Æрхæндæгæй рараст Донбеттыртæй Нартмæ;
Æмæ цæугæ, мæгуыр, бæргæ фæкæны,
Фæлæ йæхи нымæры кæны хъуыдытæ:
«Гъа, цæугæ Нартмæ бæргæ фæкæндзынæн,
Фæлæ мын хæдзар та уæд кæм уыдзæни?»
Æрцыди Нартмæ Дзерассæ-рæсугъд,
Фæцæуы, нымдгæнгæ, Ныхасы рæзты.
Бадис ыл кæнынц Ныхасы адæм.
«Ай чи у, уæдæ, кæцæй нæм æрцыди?
Цæугæ нæм, уæвгæ, чындзы цыд куы кæны,
Æмæ нæ ныртæккæ чындз æттæ куы нæ ис:
Нæ — хуындæджы бадæг, нæдæртæргай лыгъ
Нарты хисдæртæ дзурынц кæсдæртæм:
«Ацæут æмæ бафæрсут устыты:
Ацы уазæг-ус кæцæй æрцыдис,
Чи у, цавæр у, æмæ кæдæм цæуы,—
Уый нын бæстонæй базонын кæнут».
Нарты кæсдæртæ уæд ацыдысты
Æмæ бахатыдтой нарты устытæм:
«Уайсадæг чындзытæ! Кæд уайсадæг у,
Уæд нын æй сымах куы бафæрсиккат.
Мадæл устытæ! Кæд сымах хуызæн у,
Уæд та нын йæ бæрæг сымах базонут».
Кæсдæр чындзытæ Дзерассæ-рæсугьдыл
Уæд ныккалдысты æмæ йæ фæрсынц:
«Чи æмæ цы дæ, уый нын базонын кæн!»
Фæлæ Дзерассæ дзыхæй нæ дзуры,
Йæ мид зæрдæйы хъуыдытыл бафтыд:
«Чи дæн, уый адонæн ныр бæргæ зæгъин,
Фæлæ мын гъе уæд хисдæр устытæ
Мæ дзуапп мæхи дзыхæй нæ фехъусдзысты
Уайсадæг чындзытæм куы ницы сдзырдта,
Уæд ыл амбырд æсты хисдæр устытæ,
Фæрсынц æй уыдон дæр: «Нартæн цы бавæйыс?»
Дзерассæ устытæн бамбарын кодта,
Нырма сеппæтмæ кæй не сдзурдзæни,
Фæлæ кæд хъуыддагæн нæй æнæ зæгъгæ,
Уæд æй æрмæстдæр сæ иу бафæрсæд
Æмæ йæ ныхас зæгъдзæни уымæн.
Иу ус æй иннæтæй фæхибар кодта,
Æмæ йæм дзуры лæгъстæгæнæгау:
— Цæй, уæдæ, мæ хур, мæнæн зæгъ дæ ныхас,
Ацы хъæуы мæныл бирæ æууæнк ис.—
Дзерассæ йæм бакаст æмæ йын загъта:
— Ныббар мын, уæдæ, æз æстыр цам дæн
Ацы уæзæг æмæ мæ файнустытæй,
Ахæм дудгæ бон мæ сæрыл æркодта
æмæ йын нæй, хорз ус, ныр æнæ зæгъгæ:
æз куы дæн нарты æхсæртæджы ус,
æмæ йæ мæсыг кæм ис а-хъæуы,
Уый бындзæфхадмæ мæ куы бакæниккат.—
Нарты устытæ фехъусын кодтой
Нарты хисдæртæн Дзерассæйы ныхас.
Нарты хисдæртæ тынг фæцин кодтой
æмæ устытæм рарвыстой афтæ:
— Уæ, Нарты 'фсинтæ! Бавдæлут æмæ йæ
æхсæртæджы мæсыгæн йæ бинагмæ нæ,
Фæлæ куыд скæнат раст йæ сæйрагмæ!—
Уæд сæм Дзерассæ ахæм дзуапп рарвиты:
— Уырдæм схизинаг нырма нæма дæн:
Тагъд уын уæхион фенын кæндзынæн,
æмæ мын нырма, ацы хуызæнæй,
Уæ бæрзонд мæсыгæй уæ талынг скъæт
æрынцайынæн бирæ хуыздæр у.—
Йæ ныхасыл ын дыууæ нал загътой,
æмæ йæ акодтой мæсыджы бинагмæ.
Уым ын райгуырдис дыууæ фаззоны —
Сæ иу — Уырызмæг, иннæ та — Хæмыц.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат