logo

М О Я    О С Е Т И Я



СОСЛАН МÆРДТЫ БÆСТЫ


Иу изæр куы уыди, уæд нарты Сослан
Ныхасы бадти, нарты стыр Ныхасы.
Уалынмæ! Уырызмæг цуанæй æрцыдис
Сæргуыбырæй æмæ уæнтæбæрзондæй. —
Цы кæныс, Уырызмæг, цæуыл æнкъард дæ? –
Фæрсы йæ Сослан. «Бирæ фæцуан кодтон.
Фæлæ мыл ныры онг ахæм æмбисонд
Никуыма сæмбæлдис, — зæгтьы Уырызмæг. —
Абон цуан кæнынмæ хъамылы уыдтæн.
Кæсын, æмæ иу ран хуры зæрин тынтæ
Сæхи ныццарæзтой æстдæссиуон сагмæ;
Бахъуызыдтæн æм, æхстбæрц æм баввахс дæн,
Фатдон æрбазылдтон, ме 'рдын фæцарæзтон
Æмæ гъа ныр фехсон, зæгъгæ, куыд загътон,
Афтæ мæ фæттæ æваст фæпырх æсты —
Мæ фатдоны дзы иу дæр нал аззад.
Уæд мæ цирхъ фелвæстон æмæ йæ басырдтон,
Фæлæ дзы саджы æрцæвон, зæгъгæ,
Афтæ мæ цирхъ дæр мæ къухæй асхъиудта,
æмæ цы фæци — иунæг хуыцау зоны.
Саг дæр фæгæпп ласта æмæ алыгъдис.
Бæргæ ма азгъордтон æз дæр йæ фæдыл,
Фæлæ ма ацу, æмæ йæ ды ссар! —
Нал æй ауыдтон, æрбадæлдзæх ис.
Саг та ахæм саг уыд, æмæ йæм лæджы цæст
Кæсын нæ фæрæзта, афтæ æрттывта.
æз никуыма федтон уый хуызæн диссаг,—
Кæд йæ хъуын уыдис сыгъдæг сызгъæрин!»
Уыцы ныхæстæм нарты Сосланыл
Хуыссæг нал æрхæцыд. æхсæв бонмæ, зæгъы,
Фæратул-батул, фæхъизæмар кодта.
Райсомæй, зæгъы, æхсæв æмæ бон
Куыддæр кæрæдзийæ фæхицæнтæ сты,
Афтæ, дын, Сослан куы фæгæпп ласы,
Куы фæгæпп ласы æмæ куы ‘рбаппары
Йæ пæлæз йæ уæлæ, йæ сау нымæт—хурхбаст,
æмæ куы райсы йе 'рдын, йæ фатдон,
Йæ фæтæн цирхъ та й'астæуыл куы 'рбæтты,
æмæ, дын, дæлæ цæрдæг куы фæуайы
Хъамылбыны 'рдæм, зæронд Уырызмæг ын
Саг цы ран амыдта, гъе уыцы ранмæ.
Хурæн йæ фæзынын, уымæн — йæ ныххæццæ.
Сослан кæсы, æмæ уартæ иу æрдузы' æстдæссиуон саг хуыссы, сынæр цæгъдгæ.
Хур æм йæ тынтæ комкоммæ сарæзта. Хуры тынтæ дзы фæстæмæ здæхтысты,
Фæстæмæ здæхтысты лыстæг хæрдгæ 'ндæхтæй,
Сæ фыр æрттывдæй цæстытæ къахтой.
«æй джиди, ацы саг мæ къухы куы бафтид!
Уæд Нарты бæсты мæхицæй кадджындæр
Ничиуал уаид!» зæгъы йæхи нымæр.
Хъуызын æм байдыдта нæрæмон Сослан,
Хъуызы къуыппæй къуыппмæ, хъуызы халæй халмæ.
æхстбæрцмæ йæм, зæгъы, куы бахæццæ вæййы,
Уæд базырджын фат æрдыны авæры
æмæ фæхъавы. Гъа ныр æй фехсон,
Зæгъгæ, куыд загъта, афтæ кæсы, æмæ
Йæ фат цыдæр фæци. Фатдонмæ февнæлдта,
Фæлæ йæ фатдоны иу фат дæр нал аззад,—
Цыдæр æрбаисты цæоты фæныкъуылдмæ.
Саг йæ бынатæй дæр нæ фезмæлыдис.
Уæдæ, ай худинаг куы кæндзынæн, зæгъгæ,
Сослан цирхъ фелвæста æмæ йæм фæуайы.
Саг, дын, фæгæпп ласта æмæ фæлидзы.
«Уæддæр дæ афтæмæй нал ныууадздзынæн!»
Зæгьгæ, дын, Сослан йæ фæдыл фæуайы.
Саг, зæгъы, уайтагъддæр Сау хохмæ схæццæ ис
æмæ фæмидæг ис иу стыр лæгæты.
Сослан дæр йæ фæдыл уым фæмидæг ис.
Кæсы, æмæ, дын, лæгæт нæ, фæлæ —
Авдæттæгуæлæ æрттивгæ галуан.
Уый та куы уыдис авд уæйыджы галуан.
Уырдæм чи балыгъдис, уыцы æстдæссиуон та
Сæ хъан-чызг куы уыдис, Хуры чызг Ацырухс.
Галуаны иу кæрон — хæрзæфснайд уазæгдон.
Бацыдис Сослан уыцы уазæгдонмæ,
Бацыдис æмæ æрбадти бандоныл;
Кæсы, æмæ къулыл хуыйысæр фæндыр,
Райсы йæ, зæгъы, дурæйгуырд Сослан
æмæ дзы æркæны диссаджы цæгъдтытæ —
Афтæ рæсугъд дзы æрцагъта, æмæ йæм
Сырдтæ 'мæ мæргътæ æмбырдтæ кодтой,
Галуаны къултæ йæм æзмæлыдысты,
Зарыди йæм быдыр, хæхтæ йын хъырныдтой.
Сосланы цагъдмæ уæд авдæттæгуæлæйæ
Дыууæ лæппуйы куы руайы, зæгъынц,
æмæ куы бацæуынц Сослны цурмæ.
Сослан сæ куы фены, фæлæ гъе, уæддæр
Йæ цагьд куы нæ уадзы, æмæ хъырнæгау
Дыууæ лæппумæ афтæ куы дзуры:
«æз дæн нарты Сослан, æмæ мын йе хæрд,
Йе хæст куы нæ уа, уæд цæрын нæ зонын».
Дыууæ лæппуйы авдæттæгуæлæйæн
Йæ сæрмæ куы суайынц æмæ уæйгуытæн
Афтæ куы зæгъынц: «Нæ уазæгдоны ис
Иу æнахуыр уазæг, фæндырæй цæгъды,
æмæ цæгъдгæ цæгъдын афтæ куы дзуры:
«æз дæн нарты Сослан æмæ мын йе хæрд,
Йе хæст куы нæ уа, уæд цæрын нæ зонын».
Дзурынц уæд уæйгуытæ дыууæ лæппумæ:
«Ауайут æмæ йын афтæ зæгъут, уæдæ:
«Кæд дæ хæрд хъæуы,—æнамæ бадзурæм,
Кæд дæ хæст хъæуы, —Дадамæ бадзурæм».
Лæппутæ дæр, зæгъы, фæстæмæ руадысты
æмæ Сосланæн фехъусын кодтой:
«Кæд дæ хæрд хъæуы — æнамæ бадзурæм,
Кæд дæ хæст хъæуы,— Дадамæ бадзурæм?»
—Ныртæккæ, мæ хуртæ, æз хæрдæй цы кæнын, —
Зæгъы лæппутæн нарты скуыхт Сослан, —
Фæлæ кæд гæнæн ис, уæд мæ хæст хъæуы.—
æссыдысты та лæппутæ уæйгуытæм,
æмæ сын загътой сæ уазæджы дзуапп.
Уæд авд уæйыджы æттæмæ рацæуынц,
Цыргъ кæнын байдайынц, сæ мады гуыбынтæй
Семæ кæй рахастой, гъе уыцы кæрдты,—
Уæйгуытæ сфæнд кодтой Сосланы аргæвдын.
Сосланы раластой: «Куыдзæй цы куыдз   райгуырд, –
Уæдæ нæ саджы дæр хизынмæ цæуын
Ды нæ фæуадзыс?» зæгъгæ, йæ равæрдтой
Кæрты бæстастæу кусартгæнæц фынгыл.
Иу уæйыг дæр ыл йæ кард æрхæссы,
Иннæ уæйыг дæр ыл йæ кард æрхæссы,—
Фæлæ — Сосланыл цæй кард хæцыди! —
Авд уæйыгæн дæр сæ кæрдтæ фехæлынц,
Сæ кæрдтæ фехæлынц, ныцъулатæ вæййынц.
Уæйгуытæ æсуагътой дурæйгуырд Сосланы,
æсуагътой йæ æмæ афтæ куы зæгъынц:
«Цомут, бафæрсæм нæ хъан — Хуры чызджы».
Бацыдысты, зæгъы, сæ хъан—Хуры чызгмæ—
æмæ йын дзурынц: «Ис нæм иу уазæг;
Нарты Сослан нын йæхи рахуыдта.
'Ргæвдæм æй, фæлæ йыл нæ кæрдтæ нæ хæцынц».
Хуры чызг Ацырухс уый куы фехъусы,
Уæд фестъæлфы æмæ афтæ куы зæгъы:
«Кæд æцæг Сослан у, уæд уый мæ мойаг у!»
Уæд æй уæйгуытæ афтæ куы бафæрсынц:
«æмæ йæ зонгæ та цæмæй бакæндзыстæм
Нарты Сослан у, æви нæу, гъе уый?»
«Нарты Сосланæн йæ дыууæ уæн' астæу
Ис æрдзæй хаст æстъæлф. Сбæгънæг æй кæнут,
æмæ кæд æцæг йæ дыууæ уæн' астæу
Уа ахæм сау стъæлф, уæд уый Сослан у,
Нарты скуьгхт Сослан», зæгъы сын Ацырухс.
Рацыдысты, зæгъы, уæйгуытæ Сосланмæ,
Рабæгънæг æй кодтой æмæ йæ чъылдымыл,
Раст дыууæ уæн' астæу разындис сау æстъæлф.
«Уæдæ уый, æнæмæнг, мæ мойаг Сослан у! —
Загьта Ацырухс.— Цæут æмæ йæ
Хорз бабуц кæнут, стæй ирæдыл дæр
Йемæ бафидаут. Уый нæртон лæг у,
æмæ йыл фосæй ма бацауæрдут».
Авд уæйыджы та, дын, уæд куы рацæуынц,
Куы та рацæуынц нарты Сосланмæ,
Нæ сиахс дæ, зæгъгæ, йын йе уæхск куы рхойынц,
Хорз æй куы сбуц кæнынц, хорз æй куы фенынц,
Йæ усаг Хуры чызг—Ацырухсы дæр ын
Куы фенын кæнынц. Стæй куы рабадынц
æмæ куы райдайынц ирæдыл дзурын:
«Нæ ирæд дын мæнæ,— зæгъынц уæйгуытæ: —
Денджызы былыл сараз æфсæн галуан,
Уыцы галуанæн йæ цыппар фисыныл
Аза-бæласы сыфтæ сагъд куыд уа;
Стæй уæд ноджы æртæ сæдæ сырды —
Уыдонæй иу сæдæ сыкъаджын сагтæ,
Иу сæдæ та дзы дзæбидыртæ куыд уой,
Иннæ сæдæ та алы мыккаг сырдтæ».
Уый фехъусгæйæ, Сосланы зæрдæ
Куы фенкъард ис, зæгъынц, сагьæсы куы бацыд,
Ныр ахæм ирæд кæм æссарон, зæгьгæ.
Сыстад уыцы 'нкъардæй æмæ уæнтæхъил,
Сæргуыбырæй араст Сослан йæ хæдзармæ.
Сæхимæ куы 'рхæццæ, уæд йæ мад
Сатана йæ размæ куы фæци æмæ йæ куы фæрсы:
«Цы кодтай, Сослан, иæуыл æнкъард дæ?»
æмæ йын Сослан афтæ куы радзуры:
— Хуры чызг Ацырухс уæйгуытæм хъаны ис
æмæ разы у мæнмæ æрцæуыныл,;
Фæлæ мæ ирæд ахæм æрцагуырдтой:
Куыд сын саразон денджызы былыл
(Зыгъдæг æфсæйнагæй стыр сау галуан,
Уыцы галуанæн йæ цыппар фисыныл
Аза-бæласы сыфтæ сагъд куыд уа;
æртæ сæдæ та сын сырдтæ куыд æссарон, —
Уыдонæй иу сæдæ сæрджын сагтæ куыд уа,
Иу сæдæ та дзы дзæбидыртæ куыд уа,
Инйæ сæдæ та алы мыккаг сырдтæ.
Ахæм ирæд сын аргæ не скæндзынæн,
Уый хуызæн чызджы та æнæ ракургæ
Уадзгæ куыд ныккæнон?! Ууыл æнкъард дæн. —
«æрбад ма мæ фарсмæ æмæ мæм байхъус, —
Дзуры Сосланмæ зонынджын Сатана,—
æз дын куыд зæгъон, афтæ куы бакæнæм,
Уæд дæ ирæдæн æссарæн уыдзæнис.
æфсæйнаг сау галуан æнцон æскæнæн у:
Денджызы былмæ ахæсс мæ къухдарæн
æмæ дзы æркæн фæзы æстыр зиллакк;
Зиллакк кæм æркæнай, уым уайтагъд фестдзæни
æфсæйнагæй арæзт сау æстыр галуан.
Гъе уый фæстæ дын æз ракурдзынæн
æфсатийы уадындз æмæ дзы, Сослан,
Ды куы ныууасай галуаны сæрæй,
Уæд сырдтæ сæхæдæг дæумæ æзгъордзысты.
Фæлæ дын зæгъын, ацы дунейыл
Азайы сыфтæ никуы ссардзынæ;
Аза-бæлас зайы æрмæст Мæрдты Бæсты,
Курын та сæ хъæуы Мæрдты Барастырæй, 
æмæ сæ дæ мард ус Бедуха-рæсугъд
Куы нæ ракура Мæрдты Барастырæй,
Уæд уыдон дæ къухы никуы бафтдзысты».
— Хæрзбон у уæдæ! — зæгъы нарты Сослан
Йæ мад Сатанайæн.—Цæуын Мæрдты Бæстæм:
Азайы сыфтæн æнæ  ссаргæ нæй.—
Йæ бæхыл бабадтис — хъандзалсæфтæг бæхьтл —
æмæ араст ис Сослан Мæрдты Бæстæм.
«Цымæ ацы 'рра æцæг ацæудзæнис
Ныр Мæрдты Бæстæм?» дзуры йæхи нымæр
Зонынджын Сатана. Бавзарон æй, зæгъгæ,
Алы хорз хæринаг скодта йæ мæрдтæн,
Стæй уæд ауадис сæ хъæугæронмæ,
Гæдыйы мард æмæ куыдзы мард æссардта
Сатана хъæугæрон, сæхимæ сæ 'рхаста;
Фæлдисинæгтæн сæ сæ кæрон авæрдта
æмæ сæ йæ мæрдтæн—хорзæй, æвзæрæй —
Иумæ ныффæлдыста: «Гъе ныр кæд Сослан
æцæгæй бацæуа, уæд æй æз зондзынæн
Ацы хъуыддагæй», загъта Сатана.
Цæуынтæ байдыдта Сослан Мæрдты Бæстæм.
Чи зоны, цас фæцыд, фæлæ иуахæмы
Сослан бахæццæ ис Мæрдты! 'фсæн дуармæ.
— Дуар бакæн, Аминон! — бадзырдта Сослан.
«Дуар мæ кæнгæ нæу, — дзуры Сосланмæ
Дуаргæс Аминон. — Куы амæлай, Сослан,
Уæд дуар йæхæдæг байгом уыдзæни;
Ардæм æгасæй цæуыны дзырд нæй».
— Уымæй дæ нæ фæрсын, фæлæ тагъд дуар бакæн!
Бадзырдта Сослан нæргæ хъæлæсæй.
«Тыхджын дæ, мæ хæдзар, дæуæн цы нæ 'нтысы,
Фæлæ дын мæ бон нæу Мæрдты дуар бакæнын»,
Дзуры йæм Аминон, дуар ын нæ гом кæны.
Сослан дæр, дын, зæгъы, уæд айтæ-уйтæ
Куы нæ уал фæкæны; хъандзалсæфтæг бæхы
Куы 'ркъæрлдытæ кæны, куы йæ фæцаразы
Мæрдты 'фсæн дуармæ æмæ йæ, зæгъы,
Куы барæмудзы; куы йæ барæмудзы
æмæ куы бацæуы Сослан Мæрдты Бæстæм.
Куы, зæгъы, бахызтис Сослан Мæрдты  
Бæстæм, Уæд кæсы, æмæ йæ размæ рацæуы
Дундуне адæм, ифтонг хæцæнгæрзтæй.
Лæбурынц Сосланмæ, кæнынц æм æрдхъирæн:
«Сау бон дæ баййафа, дурæйгуырд Сослан,
Мах дæу куы агурæм, нал нæ фервæздзынæ!»
Сæхи йæм æппарынц æз фæразæйонæй,
Фæлæ йæм дзы цæфмæ ничи æххæссы.
Дис кæны Сослан, ай цы уыдзæн, зæгъгæ.
Дис дæр куыд нæ кæна ахæм диссагыл.
Фæлæ сæ цыма хъуыды дæр нæ кæны, —
Цæуы йæ фæндагыл, ницы сæм дзуры.
Даргъ уыд йæ фæндаг дурæйгуырд Сосланæн;
Цæуын та йæ хъуыдис хæхтæ 'мæ быдыртыл,
Лæугæ цадтæ аемæ тагъд цæугæ дæттыл.
æмæ цæуы Сослан, уæдæ цы уыдаид,
Цæуы, æмæ ахызтис иу тыгъд быдырмæ;
Кæсы, æмæ дзы уæртæ дуне адæм:
Чи йæ къахæй ауыгъд, чи йæ цонгæй ауыгъд,
Чи йе 'взагæй ауыгъд, чи та йæ хурхæй,
Сæ быны та, зæгъы, цырен арт судзы,
Цырен арт судзы судзгæ уираг дуртæй.
«Гъæйтт, нарты Сослан, — дзурынц ауыгъдадæм,—
Фервæзын нæ кæн ацы хъизæмарæй!» —
Нарты Сосланмæ нæй ахæм бар лæвæрд, —
Дзуры сæм фæстæмæ; йæхæдæг дис кæны,
" Адон та, уæдæ, цы уыдзысты, зæгъгæ.
Цæуы та æмæ бахæццæ иу цадмæ.
Кæсы, æмæ цады уæртæ бирæ адæм,
Семæ хæфсытæ, семæ кæлмытæ
Афтæмæй, зæгьы, цады фæныгъуылынц,
Фæныгъуылынц стæй-та фæстæмæ фæзынынц.
«Мах де уазæг, Сослан, фервæзын нæ кæн!»
Дзурынц æм адæм. Сослан дæр сæм дзуры:
— Мæ бон уын ницы у! — æмæ та фæцæуы
Дарддæр йæ фæндагыл, уæдæ цы уыдаид!
æмæ та бахæццæ иу рæсугьд быдырмæ.
Уым цы нæ уыдис хоры мыккагæй,
Фосæй, сырдæй зæгьай, ахæм нæ уыдис.
Сырдтæ хызтысты фосимæ иумæ.
Быдыры астæу уыдис иу-стыр фурд;
Уыцы фурды был фондзыссæдз чызджы
Сæ зæрдæдзæбæхæн цъæх нæууыл симдтой.
Сæ разы та, зæгъы, йе дзаг куы уыдис,
Йе дзаг куы уыдис алы хæринагæй,
Сæ хæринаг та æвидигæ куы уыд.
Чызджытæ, зæгъы, Сосланы куы федтой,
Уæд ыл ныццин кодтой. «æгас нæм цу, Сослан!
Дæ лæджы хъæд дæ æрхаста, 'вæццæгæн,
æндæра ардæм.æд кæрц, æд гæрзтæ
Цæуæн куы нæ ис», зæгъгæ, йæм дзурынц.
— Стонг дæн, чызджытæ, исты хæринаг мын! —
Дзуры нарты Сослан симæг чызджытæм.
«Симгæ уал ракæн, —дзурынц æм чызджытæ, —
Уый фæстæ дæ мах фаг бафсæддзыстæм».
Нарты Сослан дæр, дын, симды чызджытæй,
Рæсугъддæр чи уыдис, уыдоны астæу
Бацæуы æмæ æрхæцы, зæгъынц.
Нæрæмон кæм нæ уыд дурæйгуырд Сослан,—
Чызджытæй иуы цонг фелхъивы уайтагъд.
Фæлæ йæм уыцы чызг куы ницы сдзуры.    
Дыккаг хатт дæр та фелхъивы чызджы цонг.
Чызг ын нал ныббарста, йæхи феуæгьд кодта,
Сосланы базыгыл фæхæцыд æмæ йæ
Ныззыввытт ласта стыр фурды астæумæ.
Сослан дæр æд гæрзтæ доны аныгъуылы,
Доны аныгъуылы, стæй та фæстæмæ
Фæуæле вæййы, чызджытæм дзуры:
—  Фæрæдыдтæн абон, æмæ мын ныббарут! —
Чызджытæ загътой: «Ныббарын ын хъæуы!»
Цы чызг æй фехста, уыцы чызг æй, зæгъы,
Фæстæмæ фелвасы, æмæ йæм дзуры:
«Уæлæ, дунейыл, куыдтæ фæкæныс,
Ам дын, Мæрдты Бæсты, нæй афтæ гæнæн;
Кæд дæ æнæ уый фæнды немæ цæрын,
Уæд дын бынат ис, æмæ цæр немæ».
—  Стонгæй куы мæлын, — исты хæринаг мын, —
Дзуры та чызджытæм дурæйгуырд Сослан.
«Махимæ цæр, Сослан, уæлæуыл дунемæ
Мауал бæлл, мауал цу æмæ мах хуызæн
Мæнæ нæ разы цы хæринæгтæ ис,
Уыдоны уындæй æфсæст уыдзынæ,                    
æндæр ам хæрæн нæй», зæгъынц ын чызджытæ.
—  Хæрын фæтк кæм нæу, ахæм бæстæ мæн
Ницæмæн хъæуы; æз нарты 'хсæнмæ
Цæудзынæн фæстæмæ! — зæгъы сын Сослан,
æмæ та араст ис дарддæр йæ фæндагыл.
Иу ран та, зæгъы, бады зæронд лæгтæ;
Их сыл æсхæцыдис, сæ зачъеты 'рдджытæ сын
Ихын сæрдасæнтæ дасæгау тонынц.


—Ай та цы уыдзæнн?. — дис кæны Сослан,
Дне дæр куыд нæ кæна ахæм хъуыддагыл!
Ацыд та уырдыгæй. Бахæццæ иу'ранмæ,
Кæсы, 'мæ иу фæзы иу æвзист галуан.
Галуаны мидæг сызгъæрин бандæттыл
Бады иу къорд лæджы; сæ фынг алы хорз нозт,
Алы хæринагæй у йæ тæккæ дзаг.
Ацыд тд уырдыгæй. Кæсы, æмæ иу ран
Иу урехил зæронд лæг æнæбын тæсчъы
Хуыр æмæ змис хæссы иу бæрзонд хохмæ.
—      Ай та цы диссаг уа?! — дзуры та Сослан.
Цæуы та дарддæр Сослан йæ фæндагыл.
Кæсы, æмæ иу ран иу дзæбæх цъæх нæууьгл
Иу гал ныууагъта; асгæумæ кæрдæг,
Фæлæ æууилы зæронд лæджы зачъе.
Ацыд та уырдыгæй. Бахæццæ ис, зæгъы,
Иу сакъадахмæ. Уыцы сакъадахыл
Айчы хъузджы мидæг бады иу зæронд лæг.
Нæй йæм бацæуæн иу хидыл йеттæмæ,
Хид та ахæм уыдис, æмæ раст карды ком!   
Бадис та кодта дурæйгуырд Сослан, —
Дис дæр куыннæ кæна ахæм диссæгтыл!
Ацыд та уырдыгæй. Цæуы йæ фæндагыл.
Кæсы, æмæ иу ран иу салд бæхы мард,
Иу ус æмæ лæг бадынц йæ фæйнæ фарс.
– Ай та дын ног диссаг! — зæгъы нарты Сослан
æмæ та араст ис дарддæр йæ фæндагыл.
Бахæццæ иу ранмæ. Хуыссынц лæг æмæ ус,
Галдзарм сæ быны тыд, галдзарм сæ уæлæ 'мбæрзт,
Лæг дæр сæ ивазы, ус дæр сæ ивазы —
Никæуыл сæ 'ххæссынц, никæй сæ æмбæрзынц.
Ай та цы диссаг у! — фæкодта Сослан,
æмæ та араст ис дарддæр йæ, фæндагыл.
Каесы, 'мæ дын фалдæр хуыссынц лæг æмæ ус, —
Сæ быны тæрхъусдзарм, сæ уæлæ тæрхъусдзарм,
Уæддæр сыл æххæссынц цæрмттæ   уæлдайджынæй!
Сослан та дис кæны. Дис дæр куыд нæ кæна
Ахæм диссæгтыл! Ацыд та уырдыгæй.
Бахæццæ ис, зæгъы, иу лæг æмæ усмæ:
Лæг йæ хъæлæсæй омы цæхæртæ,
Ус ын йæ омдзæгмæ дары йæ къухтæ.
«Ай та цы диссаг уа, ай цæмæн афтæ у!» —
Дзуры йæхи нымæр дурæйгуырд, Сослан.
Цæуы та дарддæр, уæдæ цы уыдаид,
Цæуы 'мæ уыны иу ран ног диссаг:       
Иу ус æмпъузы даргъ ставд теманæй
Хæхтæн се  скъуыдтæ. Бафæллад, мæгуырæг,
Бастад ус, фæлæ йын нæй уæддæр æрынцой.
Фæдистæ та кодта æмæ та араст ис
Дарддæр йæ фæндагыл дурæйгуырд Сослан.
Кæсы, æмæ иу ран иу ус цыхт ахсы:
Стыр къæртайы дзаг йæ разы урс æхсыр,
Къоппайы дзаг ыл карз ахсæн аскъæры;
Уый бæрц æхсырæй та ахъаззаг æстыр цыхт
Хъуамæ куыннæ схауид, фæлæ дзы ус сисы,—
Ай та цы диссаг у! — еууы нæмыджы йас.
К.æсы æмæ, уæртæ, уымæй чысыл фалдæр
æндæр ус цыхт ахсы: чысыл уидыджы дзаг
Урс æхсыр рауадзы, чысыл æй фæкæны
Ахсæны хъæстæ, æмæ дзы сисы
æнæхъæн хохы йас урс-урсид гуымбыл.
— Ай та цы уыдзæни, ай цæмæн афтæ у! —
Фæдис та сыл кодта дурæйгуырд Сослан.
Ацыдис уырдыгæй. Иу ранмæ бахæццæ:
Кæсы, æмæ иу ус уæлгоммæ хуыссы.
Усæн йæ риуыл стыр куыройы фыдтæ
Ривадæй зилынц.—Ай дæр та днссаг!—
Дзуры Сослан æмæ ацыдис дарддæр.
Кæсы, æмæ та мæнæ иу усæн
Йæ риуыл зилы стыр куыройы фыдтæ,
æсгæ та кæд кæнынц сау дуры къæрттытæ.
Фæлæ фæлгæтæгæй æссад нæ кæлы.
—  Ай та дын ног диссаг! — дзуры нарты Сослан.
Цæуы та дарддæр, уæдæ цы уыдаид!
Цæуы æмæ та иу усмæ бахæццæ:
Усæн йæ дзидзитыл гæккуыритæ æфтыд.
—  Цымæ цы ракодта ацы сылгоймаг? —
Дис кæны Сослан. Адыд та уырдыгæй.
Кæсы, æмæ иу ран дæргьæй лæууы иу ус.
Йæ иу фындзы хуынкъæй хæцъилтæ зыны,
Йе 'ннæ фындзы хуынкъæй—фæсмыны гæппæл;
Усæн йæ рахиз цонг цъæх пиллон арт уадзы.
— Ай та цæмæн афтæ? Ай та цы кодтаид?,—
Фæдис та кодта ууыл дæр Сослан.
Ацыд та уырдыгæй. Кæсы, æмæ иу ран
Йæ разы зæппадз; зæппадзьг мидæг
Мад'ард бæгънæгæй бады иу лæппу:
Йæ фындзæй рондз цæуы, туг — йæ хъæлæсæй.
Фæдис та кодта Сослан йæхи нымæр
æмæ та араст ис дарддæр йæ фæндагыл.
Иу ран бахæццæ ис бирæ сывæллæттæм,
Алыхуызон дзаумæтты, алы азыккæттæ
Цъæх нæууыл хъазынц. Иуыл мæгуыр хуыз:
Чи дзы бæгъæввад у, чи та дзы ронбæгъд у,
Чи дзы æнæхуд, чи та бæгъæмзæнг.
Худтæ сæ рæтты тъыст, рæттæ сæ хъуырты'фтыд,
Дзабыртæ фæччиты, фæччитæ — сæртыл тыд.
Сцин кодтой Сосланыл мæгуыр сывæллæттæ:
Чи йæ йæфыд хоны, чи йæ йæ мад хоны.
Фæтæригъæд кодта Сослан сывæллæтæн:
Бæхæй æрфистæг ис, барæвдыдта сæ,
Сæ дзаумæттæ сын бадзæбæхтæ кодта.
Уый фæстæ сбадти йæ бæхыл æмæ,            
Хæрзбон ут, зæгъгæ, араст йæ фæндагыл.
Сывæллæттæ йæм фæсте хъæр кæнынц:
«Сослан, фæндараст у, цы хъуыддагмæ цæуыс,
Уый дæхи фæндиаг дæ къухы бафтæд!»
Цæуы та Сослан, уæдæ цы уыдаид,
Цæуы æмæ цу ран иу дуармæ бахæццæ,
Дуарыл бахызтис æмæ, дын, фæсдуар
Иу гадза хуыссы, иу заинаг гадза.
Фæцæуы Сослан гадзайы рæзты;
Гадза йæхæдæг фынæй у, фæлæ
Йæ къæбылатæ йæ хуылфæй рæйынц.
Тынг та фæдис кодта, уæдæ цы уыдаид!
Цæуы та дарддæр. Кæсы, æмæ иу ран
Иу æрхы былыл, еууы кæрийы цур,
Хызын æмæ голлаг тохы бацыдысты.
Голлаг бадзуры: мæн фылдæр бацæудзæн,
Хызын дæр афтæ—мæн фылдæр бацæудзæн.
Голлаг, дын, гъе уæд йæхи айдзаг кæны,
Стæй хызыны хуылфы йæхи ауадзы,
æмæ дзы хызын æмбис дæр не свæййы.
Хызын дæр, дын, уæд йæхи айдзаг кæны,
Стæй йæхи ауадзы голладжы хуылфы
æмæ дзы голлаг дæр йæ былтæй акæлы.
Сосланмæ та диссаг куыннæ фæкастаид
Ацы хъуыддаг дæр: йæ къухтæ ныццагъта,
æмæ та араст ис дарддæр йæ фæндагыл.
Иу ран быдыры æртæ тæлм бæласы.
Сæ быны уыдис дыууæ дзабыры—
Иу дзы хуыдзарм дзабыр, иннæ—сæрак дзабыр,—
Быцæу куы кæнынц сæ кæрæдзиимæ,
Ацы бæлæстæм нæ чи сбырдзæнис, зæгъгæ.
Хуыдзарм дзабыр, зæгьы, куы сбырыд бæласмæ,
Сæрак дзабыр та бынæй куы баззадис.
— Ай та дын ног диссаг, — дзуры та Сослан, —
Хуыдзарм дзабыр, дын, сæрак дзабырыл
Афтæ фæтых уæд! — Цæуы та дарддæр.
Цæуы, æмæ йыл иу ран æризæр ис.
Уæдæ уал иу чысыл ам куы баулæфин,
Зæгьгæ, дын, Сослан бæхæй æрфистæг ис.
Бæхы ауагъта астæумæ кæрдæджы,
Йæхæдæг доныбыл йæ саргъы базыл
Йæ сæр æрæвæрдта æмæ æрхуыссыди.
Цас афынæй ис, чи йын цы зоны,
Фæлæ куы райхъал, уæд акает алы'рдæм;
Кæсы, æмæ, дын, доны фаллаг фарс
Урс-урсид митæй быдыр æрæхкæдта;
Доны ацы фарс та кæрдæг цъæх дары.
«Ай та цы диссаг у», дзуры йæхи нымæр
Дурæйгуырд Сослан. Сбадтис йæ бæхыл
æмæ та араст ис дарддæр йæ фæндагыл.
Кæсы, æмæ, дын, иу ран йæ размæ
Хохæй быдырмæ иу ставд бæндæн баст;
Нæй уыцы бæндæнæн йæ бынты ацæуæн,
Нæй уыцы бæндæнæн йæ сæрты ахизæн.
Уалынмæ бæндæнæн феуæгъд йæ иу кæрон
æмæ батылдис иннæ кæроны 'рдæм.
Нарты Сослан та куыннæ дис кодтаид
Ацы хъуыддагыл дæр! Ацыд та уырдыгæй.
Кæсы, æмæ иу ран хохæй быдырмæ
Бæндæн раивæзы æмæ та фæстæмæ
Хохы рæбынмæ батымбыл вæййы.
Цæуы та дарддæр дур æйгуырд Сослан.
Бахæццæ ис, зæгъы, иу бæрзонд обаумæ.
Кæсы, æмæ уæртæ обауы сæрыл
Пæлхъ-пæлхъæй фыцы æртæ цæдджинаджы,
Саджы сыкъатæй сæ быны цырен арт.
Дыууæ кæройнаджы, иннæйы сæрты,
Кæрæдзимæ 'ппарынц æгьдгай æмæ 'рмгай
Фыдтæ æнæсцухæй, астæуккагмæ дзы
Басы æртах дæр нæ хауы, афтæмæй.
—  Ай та цы диссаг уа, — зæгъы та Сослан, —
Ай цæдджинæгтæ иумæ æвæрд куы сты,
Афтæмæй, уæртæ, дыууæ кæройнаджы
Фыдтæ куы æппарынц сæ кæрæдзимæ,
Уæд астæуккагмæ басы цъыртт уæддæр
Куыннæ ныххауы?! Цæмæн афтæ уыдзæн? —
Араст та дарддæр. Кæсы, æмæ та
Ноджыдæр иу диссаг. Фæндаджы былыл
Лæджы худ æмæ усы кæлмæрзæн
Гъæйтт мардзæ, зæгъгæ, хъæбысæй хæцынц,
Куы сæ иу, куы се 'ннæ фæбынæй вæййы.
Афтæмæй бирæ куы фæхæцыдысты,
Стæй, æппын фæстаг, дыууæ фæрсæй-фæрстæм
Куы ныллæууыдысты уыцы иу фæндагыл.
—  Ай та цы уа, цымæ, м'амондæн у æви,
Ме'намонддзинадæн?» Сослан хъуыды кæны,
æмæ та араст ис дарддæр йæ фæндагыл.
Дæуы, цæуы, æмæ иу ран йæ фæндагыл
Лæууы рифтæгтæ. Уæлбæхæй, дын, сæм
Йæ ехсы хъæдæй бынмæ æрæвналы,
Куы сыл æсхæцы æмæ йæ ехсы хъæд
Куы ныкъæрцц ласы. «Ай та цы диссаг у!
æз-иу уæлбæхæй барæг, куы фелвасын,
Уæд мын ныр адон фезмæлын кæнын дæр
Куы нæ бакуымдтой»—зæгъы йæхи нымæр,
Бæхæй æргæпп ласта, рифтæгтыл иу къухæй
Схæцыди, фæлæ йын змæлын дæр не скуымдтои.
Йæ дыууæ къухæй схæцыдис рифтæгтыл,
Схæцыдис æмæ уæрджытæй дæлæмæ
Дурæйгуырд Сослан зæххы афардæг ис,
Уæддæр ын не скуымдтои рифтæгтæ сисын.
Ныууагъта сæ æмæ сбадтис йæ бæхыл.
Цæуы та Сослан дарддæр йæ фæндагыл.
Кæсы, æмæ иу ран йæ разы къуыбылой,
Къуыбылой уыдис ал'хуызон æндæхтæй.
—  Ацы къуыбылойæ мемæ куы айсин, —
Дзуры Сослан, æмæ бæхæй æрфистæг ис.
Къуыбылой 'ндах йæ цонгыл нывæнды,
Нывæнды æмæ йæ нывæнды, фæлæ
Уæддæр къуыбылой къаддæр нæ кæны.
æсфæлмæцыдис Сослан нывæндынæй,
Ныууагъта къуыбылой; бабадтис йæ бæхыл.
æмæ та араст ис дарддæр йæ фæндагыл.
Ауадис иу чысыл; кæсы, æмге та
Иу ран быдыры иу къуыбылой разæй
Тулгæ-хæлгæ кæны, фæсте — тулгæ тухгæ,
æмæ йын нæ хæлын, нæ тухын æнтысы.
—  Ай та цы диссаг уа! — дис кæны Сослан.
Цæуы та дарддæр, уæдæ цы уыдаид.
Кæсы, æмæ та мæнæ йæ фæндагыл
Бæхсныджы къуыбылой, тулы 'мæ тулы
Бæхы къæхты разæй. Фæкастис фæстæмæ
Дурæйгуырд Сослан: кæсы, æмæ йын
Гъе уыцы къуыбылой фæстейы хойы
Йæ бæхы счъилтæ. Стæй дзы фæхицæн ис.
—  Ай та цы диссаг уа! — зæгъы та Сослан,—
æвæццæгæн, æмæ исты фыдбылыз у. —
Ацыд та дарддæр. Цæуы йæ фæндагыл.
Кæсы, æмæ бадынц нарты фыдæлтæ;
Сæ разы фынгтæ зæхмæ куы тасынц
Алы хæринаг, алы нуазинагæй,
Фæлæ, кæсы æмæ, фынгтæн сæ иу кæрон
Гæдыйы мард æмæ куыдзы мард æвæрд.
Нарты фыдæлтæ кæсынц сæ дзаг фынгтæм,
Фæлæ сæм иу дæр æвналгæ нæ кæны.
—Ай та цы уа, цымæ! — дис кæны Сослан,
Хъыг дæр ын куыннæ уыд, фæлæ цы кодтаид.

Араст ис, æмæ та цæуы йæ фæндагыл.
Уалынмæ, зæгьы, куы бахæццæ вæййы
Парты скуыхт Сослан йæ ус Бедухамæ.
Хæццæ бæргæ бацис, фæлæ — бынтон диссаг! —
Йæ ус Бедухайæн йæ гуыр уым, фæлæ
Йæ сæр йæ уæлæ нæй.— Ай та цы уа, уæдæ,
Ныр ма цы кæндзынæн? — Сослан куы фæкæны;
Йæ цæсты сыгтæ куы нæ уал уромы,
Куы, зæгъы, ныккæуы дурæйгуырд Сослан.
—  Мæ усæн йæ сæр йæ гуыры уæлæ
Цæуылнæ ис, цымæ?—фæрсы иннæ мæрдты.—
æз Мæрдты Бæстæм уымæ куы 'рцыдтæн.—
«Йæ сæры дæр ын тагъд ардæм хъæуы,—
Зæгъынц ын мæрдтæ,—Дæхи йыл ма хзер!»
Уалынмæ, дын, æцæг, Бедухайы сæр
Уым куы фесты æмæ гуырыл куы аныхæсы.
«Цы кæныс, Сослан, дæ цæстытæ афтæ
Цæмæн сырх æсты?» фæрсы йæ Бедуха.
—  Цы бакæнон, мæ хур, ардæм æрбацыдтæн
æмæ дын дæ сæр дæ гуыры уæлæ
Куы нæ æрбаййæфтон, уæд мæ цæсты сыгтæ
Нал баурæдтон, — зæгъы йын Сослан.
Бирæ фæцин кодтой сæ кæрæдзийыл
Бедуха æмæ дурæйгуырд Сослан,
Стæй йæ Бедуха афтæ куы бафæрсы:
«Ардæм, Мæрдты Бæстæм, удæгасæй фæндаг
Куы никæмæн ис, уæд дæу, Сослан, цы зæд,
Цы дуаг æрбахаста уыцы хæстифтонгæй?»
æмæ йын Сослан афтæ куы радзуры:
—  Усæн мын цæуы Хуры чызг Ацырухс,
Хуры чызг Ацырухс — авд уæйыджы хъан.
Фæлæ мæ ирæд ахæм æрцагуырдтой—
Куыд сын саразон денджызы былыл
Сау æфсæн галуан, йæ цыппар фисыныл
Аза-бæласы сыфтæ сагъд куыд уа;
æртæ сæдæйы сын сырдтæ куыд æссарон,
Уыдонæй иу сæдæ сæрджын сагтæ куыд уа,   .
Иу сæдæ та дзы дзæбидыртæ куыд уа,
Иннæ сæдæ та—алы мыккаг сырдтæ.
Сау æфсæн галуан сын бæргæ сараздзынæн,
Сырдтæ дæр сын, уæдæ, бæргæ æссардзынæн,
Фæлæ Аза-бæлас уæлæуыл никуы ис,
Уый зайы æрмæстдæр ам, Мæрдты Бæсты,
æмæ мын сæ ды куы нæ ракурай
Мæрдты Барастырæй, уæд сæ не ссардзынæн. —
«Азайы сыфтæ дын æз ракурдзынæн
Мæрдты Барастырæй, фæлæ уал мын радзур
Уæлæуы диссæгтæй», зæгъы йын Бедуха.
— Диссæгтæ, Бедуха, Мæрдты Бæстæйы сты,
Уæлæуы диссæгтæ не сты диссæгтæ, —
Зæгъы нарты Сослан йæ ус Бедухайæн.
 «Уагæр дзы, Сослан, цы диссæгтæ федтай?»
æмæ нарты Сослан дзурын байдайы:
 — æрбахæццæ дæн æз Мæрдты 'фсæн дуармæ,
Мæрдты дуаргæс мын дуар нæ гом кодта,
Мæрдтæм æгасæй цæуæн нæй, зæгьгæ.
Дуар æрбатыдтон æмæ æрбацыдтæн
Тыхæй Мæрдты Бæстæм. Куы 'рбамидæгæй дæн,
Уæд кæсын, æмæ мæ размæ рацæуы
Тынг бирæ: адеем æд хæцæнгæрзтæ;
Сæхи мæм   æппарынц, кæнынц æртхъирæнтæ:
«Ныр та ма нын, Сослан, кæдæм ирвæздзынæ?»
Фæлæ мæм сæ хæццæ никæйы къух кæны.
Ницы сæм' сдзырдтон, хорзæй, æвзæрæй,
Цымæ сæ нæ уыдтон — цыдтæн мæ фæндагыл. —
«Уым ницы диссаг ис, — зæгъы йын Бедуха.
— Уыдон æсты, Сослан, ды кæй фæмардтай,
Гъе уыцы адæм. Нæма амардтæ
æмæ дæм сæ къух уымæн не 'ххæссыди,
Дæуæй сæ мает райсын сæ бон уымæн нæ уыд;
Фæлæ куы амæлай — тыхсын дæ кæндзысты».
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын æмæ иу ран,
Уæртæ, дуне адæм: чи йæ къахæй ауыгъд,
Чи йæ цонгæй ауыгъд, чи та йе 'взагæй,
Чи та йæ хурхæй; сæ быны дуртæ
Цырен артæй судзынц. Уый цавæр диссаг у?—
«Уыдонæн афтæ сæхи фыдæй у:
Уæлæуыл фæкодтой бирæ 'взæрдзинæдтæ,
Ныр сæ мæрдты бæсты фидынц зындзинæдтæй:
Афæдзы дæргъы сæ кæмæн æртæ 6оны,
Кæмæн æртæ къуыри, кæмæн ноджы фылдæр
Афтæ тæрхонгонд у Мæрдты хицауæй».
— Рацыдтæн уырдыгæй. Иу цадмæ схæццæ дæн.
Кæсын, æмæ уæртæ цады бирæ адæм
Хæфсытæ æмæ кæлмыты æхсæн,
Доны фæныгъуылынц, стæй та фæзынынц.
«Фервæзын нæ кæн!»  зæлъгæ, мæм хъæр кодтой,
Фæлæ сын æз загьтон: «Ам мæ бон ницы у!»
Цы кодтой, мæгуырæг, уыцы адæм та? —
«Уыцы цад та, Сослан, зындоны цад уыдис.
Ды дзы кæй федтай, гъе уыцы адæм
Сæ уæлæуыл царды давынæй, хахуырæй
Цы нæ бакодтой, ахæм сын нал баззад.
Ныр сын Мæрдты 'гьдауæй æрцыд тæрхонгонд
æмæ йæ фидынц, уæдæ цы кæной!»
— Рацыдтæн уырдыгæй. Иу ранмæ схæццæ дæн —
Иу рæсугъд быдырмæ. Уым цы нæ уыдис
Хоры мыккагæй, фосæй, сырдæй зæгъай, —
Ахæм нæ уыдис. Сырдтæ хызтысты
Фосимæ иумæ, æмæ кæрæдзийы
Ницы хъыгдаръшц, нæ дæр тæрсгæ кæнынц
Сæ кæрæдзийæ. Быдыры астæу
Стыр денджыз уыдис; уыцы денджызы был
Иу дзæбæх нæудзарыл сæдæ чызджы иумæ
Хъæлдзæгæй симынц, сæ раз та дзаг уыдис
Алы хæринагæй, алы нуазинагæй.
æгасцуай мын загьтой, бацинтæ мыл кодтой,
Семæ мæ симыныл ныххæцын кодтой.
Загьтон сын: «Стонг мын у, исты хæринаг мын!»
Уыдон мын афтæ: «Махимæ цæр, Сослан,
Уæлæуыл дунемæ ма уал бæлл, ма уал цу,
æмæ мах хуызæн, ацы хæринæгтæн
æрмæст сæ уындæй дæр æфсæст уыдзынæ,
Ам хæрын фæтк нæу». æз дæр сын загътон:
«Хæрын фæтк кæм нæу, мæн уыцы бæстæ
Ницæмæн хъæуы». æмæ рацыдтæн
Уырдыгæй дарддæр. Цы диссаг у уый та? —
«Уый та уыдис, Сослан, дзæнæты быдыр.
Симгæ чи кодта, уыцы чызджытæ та
Куриналæй æмæ куырдуаты чи амард,

Ахæмтæ уыдысты. Хæринæгтæ та сты,
Уæлæуыл дунейы уыцы чызджытæн
Хæлар кæй фæкæнынц, ахæм хæринæгтæ,
Куыд федтай, афтæ сæ разы лæууынц, —
Хæргæ дзы нæ кæнынц, кæсынц сæм æмæ
æрмæст сæ уындæй æдзух æфсæст сты».
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ иу ран
Бады зæронд лæгтæ, их сыл схæцыдис;
Сæ зачъетæ сын ихын сæрдасæнтæ
Дасæгау тонынц. Уый та цы диссаг у? —
«Уыдон та уый сты æмæ-иу сæ адæм
Рæстæнхъæл равзæрстой тæрхоны лæгтæн,
Фæлæ-иу уыдон нæ кодтой раст тæрхон.
Тыхджындæртæн-иу сæ фарс хæцыдысты,
Истой гæртæмттæ; сæ фыр мæнгардæй
Растæн хæрамимæ иу барæн дардтой,
Ныр ам Мæрдты ' гъдауæй фидынц сæ хæстæ».
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ уæртæ
Иу рæсугъд уæзæгыл иу урс æвзист галуан.
Галуаны мидæг сызгьæрин бандæттыл
Къорд лæджы бады, сæ фынг алы хорз нозт,
Алы хæринаГ[æй уыдис йæ тæккæ дзаг,
Фынгтæ — æвидигæ. Уый та цæмæн афтæ? —
 «Уыдон уæлæуыл уыдысты раст адæм:
Цас сæ бон уыдис, уый бæрц архайдтой
Мæгуыртæн хорзыл, давгæ нæ кодтой.
æфсæст сты сæ уындæй сæ хæринæгтæн».
— Рацыдтæн уырдыгæй. Иу ран иу зæронд лæг
Хæссы æнæбын тæсчъы хуыр æмæ змис
Иу бæрзонд хохмæ,. Уый та цы ракодта? —
«Уый та-иу уæлæуыл кайаг уыд арæнæй;
Барста мæнгбарæнæй, давта йæ сыхæгтæн
Сæ зæххы гæппæлтæ. Ам сæ ныр фиды».
 —Рацыщтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ иу ран
Иу дзæбæх цъæх нæууыл иу гал ныууагьта
Астæумæ кæрдæг æмæ æууилы
Зæронд лæджы зачъе. Тынг ыл фæдис кодтон,
Ахæм кæрдæг дын уа, æмæ гъе уый раз
æууил лæджы зачъе! Уый та цы диссаг у? —
«Диссаг дæм ма кæсæд, уый-иу куыстафон
Дардта цæдисæмбал; æмæ йæхи галæн
Лæвæрдгга 'взаргæ хос, искæйы галæн та —
æвзæр хъæмпы муртæ. Ныр дын уый йæ хъуыддаг».
— Ацыдтæн уырдыгæй. Иу ран иу сакъадах:
Нæй йæм бацæуæн иу хидыл йеттæмæ,
Хид та ахæм уыдис, æмæ раст карды ком!
Уыцы сакъадахы айчы хъузджы мидæг
Бады иу зæронд лæг. Уый та цæмæн афтæ?—
«Уый та уæлæуыл, цæргæ-цæрæнбонты
Иунæгæй царди—нæ йын æмбал уыди,
Нæ йын хæлар уыди; фæнды бæрæгбон уæд,
Фæнды къаты бон уæд — уазæг нæ зыдта;
Ныр ам дæр йæ бонтæ æрвиты иунæгæй».
— Рацыдтæн уырдыгæй. Цæуын мæ фæндагыл.
Кæсын, æмæ иу ран иу салд бæхы мард;
Иу ус æмæ лæг. бадынц йæ фæйнæфарс. —
«Уыдон та уæлæуыл тынг мæрддзæст уыдысты,
Сæ фæллойæ хæрын сæ цæст нæ уарзта.
Гъе ныр Мæрдты Бæсты салд бæхы фыдæй
Се 'ххормап уадзынц. Дæхæдæг сæ федтай».
—  Рацыдтæн уырдыгæй, схæццæ дæн иуранмæ;
Лæг æмæ усæн галдзарм сæ быны тыд,
 Галдзарм сæ уæлæ 'мбæрзт; лæг дæр сæ ивазы,
Ус дæр сæ ивазы, — никæуыл сæ 'ххæссынц,
Никæй фаг сæ кæнынц. Уый цæмæн афтæ у? —
«Уый уымæн афтæ у,— зæгьы йын Бедуха,—
æмæ уæлæуыл кæрæдзи нæ уарзтой,
Цæргæ-цæрæнбонты тыдтой кæрæдзийы,
Ам дæр, Мæрдты Бæсты, сæ кæнон нæ уадзынц».
— Уыдонæй рацыдтæн иу чысыл æттæдæр.
Кæсын, æмæ уæртæ хуыссынц лæг æмæ ус,
Тæрхъусдзарм сæ быны, тæрхъусдзарм сæ уæлæ
æмæ сыл æххæссынц уæддæр уæлдайджынтæй:
Уый та цы диссаг у, уый та цæмæн афтæ? —
«Уый диссаг нæу, Сослан,, уый уымæн афтæ у, —
Зæгьы йын Бедуха,— æмæ уæлæуыл
Цæргæ-цæрæнбонты уарзтой кæрæдзийы.
Ам дæр, Мæрдты Бæсты, не сты æнæхай
Уыцы- ус æмæ лæг уарзондзинадæй».
—  Рацыдтæн уырдыгæй. Иу ран лæг æмæ ус:
Лæг йæ хъæлæсæй цæхæртæ омы,
Ус йæ размæ лæууы, йæ къухтæ йæм дары,
Мæлынц хъизæмарæй. Цы кодтой уыдон та? —
«Уыцы лæг æмæ ус сæхи фыдæй мæлынц
Ахæм хъизæмарæй: сæ уæлæуыл царды,
Сæхи бинонты 'хсæн, сæхицæн кодтой
Хъулон хæринаг, хордтой-иу сусæгæй.
Ныр æй Мæрдты Бæсты фидынц зындзинадæй:
Афæдз æртæ боны афтæ куыд кæной,
Мæрдты хицау сын уый тæрхон скодта».
—  Рацыдтæн уырдыгæй. Хæхтæм æсхæццæ дæн.
Кæсын, æмæ уæртæ иу ус æмпъузы
æставд теманæй къæдзæхты скъуыдтæ.
Бафæллад, мæгуырæг, фæлæ йын уæддæр
æппын æрынцой нæй. Уый та цæмæн у? —
«Уый та уæлæуыл йæхи лæджы сайдта:
Дардта æндæр лæг æмæ-иу уымæн
Дзаума лыстæг хуыдта, ставд та — йæхионæн.
Ныр ам Мæрдты 'гъдауæй фиды йæ тæригъæд».
—  Рацыдтæн уырдыгæй. Иу ус цыхт ахсы:
Стыр къæртайы дзаг йæ разы урс æхсыр,
Къоппайьг дзаг ыл карз ахсæн аскъæры,
Уый бæрц æхсырæй ахъаззаг гуымбыл
Хъуамæ куыннæ схауа! Фæлæ дзы ус сисы
Еууы нæмыджы йас. Уый цæмæн афтæ у? —
«Уый уымæн афтæ у,— зæгъы йын Бедуха,—
æмæ уæлæуыл æлгьин уыди уыцы ус.
Дыгъта сæдæ хъуджы, урссаг æм бирæ уыд,
Фæлæ дзы бæрæгбон сыхаг куы куырдтаид
Иу чысыл цыхты мур, уæд-иу нæ лæвæрдта,
«Нæй-нæй»-иу кодта. Ныр дын уый — йæ хъуыддаг».
—  Кæсын, æмæ уымæй иу чысыл æттæдæр
Мæнæ æндæр ус, уый дæр цыхт ахсы,
Иу уидыджы дзаг урс æхсыр рауадзы,
Чысыл æй фæкæны ахсæны хъæстæ
æмæ дзы сисы' хохы йас гуымбыл.—
«Ууыл дæр ма дис кæн, уый та рæдау уыдис:
Фосы мыккагæй йæм æрмæст уыд иунæг хъуг,
Фæлæ дзы исчи урссаг куы куырдтаид,
Фæнды бæрæгбон, фæнды къаты бон,
æнæ раттгæ-иу никæмæн фæци,
«Ис мæм»-иу кодта. Ам дæр бæркадарм у».
— Рацыдтæн уырдыгæй. Иу ранмæ схæццæ дæн,
Кæсын, æмæ иу ус уæлгоммæ хуыссы.
Усæн йæ риуыл стыр куыройы фыдтæ
Ривадæй зилынц. Уый та цы ракодта? —
«Уый та йæ цæргæйæ йе ссинаг арæх
Искæйы куыройыл æвастæй æвгæнаг уыд,
Ныр ам Мæрдты 'гъдауæй фиды йæ тæригъæд».
— Рацыдтæн уырдыгæй. æрбахæццæ та дæн
Иу æндæр усмæ, уый риуыл дæр та
Зилынц хæд-зилгæйæ стыр куыройы фыдтæ,
æссынц хоры бæсты сау дуры къæрттытæ,
Фæлæ фæлгæтæгæй се ссад нæ кæлы.
Уый та цы ракодта, цæмæн афтæ у? —
«Уый та уæлæуыл куырæйттæм хъуызыди,
Арæх-иу давта искæй æссинæгтæй.
Ныр сæ хъизæмарæй фиды Мæрдты Бæсты».
— Рацыдтæн уырдыгæй. Ноджы та иу ус:
Усæн йæ дзидзитыл гæккуыритæ æфтыд,
Дæйынц æй æнæ 'вгьау. Уый цæмæн афтæ? —
«Уый та уымæн у, æмæ-иу æм исчи
Сывæллон куы радта дзидзи дарынмæ,
Уæд-иу сывæллоны йæ кæлмæрзæны бын
Бакодта, фæлæ йын дзидзи нæ лæвæрдта.
Ныр ам Мæрды 'лъдауæй фиды йæ хæстæ».
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ, дын,
Иу ус дæргъæй лæууы: йæ иу фындзы хуынкъæй
Хæцъилтæ зыны, йе 'ннæ фындзы хуынкъæй —
Фæсмыны гæппæлтæ. Усæн йæ рахиз цонг
Уадзы цъæх пиллон арт. Уый та цы диссаг у? —
 «Уый та уæлæуыл хуыйаг, кæрдаг ус уыд;
Адæм æм хастой æдзух хуыинæгтæ,
æмæ-иу давта алкæй хуыинагæй.
Ныр сæ Мæрдты 'гъдауæй афтæмæй фиды».
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ, дын,
Мæ разы иу зæппадз; зæппадзы мидæг
Иу лæппу бады мад' ард бæгънæгæй,
Йæ фындзæй рондз цæуы, туг — йæ хъæлæсæй.
Уый та цы кодтаид? Тынг ыл фæдис кодтон. —
«Ууыл дæр ма дис кæн, уый та уый амоны:
Уæлæуыл цæргæйæ уый никуы бакастис
Нæ йæ фыды коммæ, нæ йæ мады коммæ;
Тухийæ мардта сæ дыууæйы дæр.
Нæ сæ баййæфта чысыл æлгъыстытæ.    
Ныр ам фæсмон кæны æмæ алы бон
Афтæ тынг кæуы, афтæ тынг æмæ
Йæ фындзæй рондз цæуы, туг — йæ хъæлæсæй».
— Рацыдтæн уырдыгæй. Цæуын мæ фæндагыл.
æрбахæццæ дæн бирæ сывæллæттæм:
Алхуызон дзаумæтты, алы азыккæттæ,
Цъæх нæууыл хъазынц, Иуыл мæгуыр хуыз:
Чи дзы бæгъæввад уыд, чи дзы ронбæгъд уыд,
Чи æнæ худ уыдис, чи та — бæгъæмзæнг.
Худтæ сæ рæтты тъыст, рæттæ сæ хъуырты'фтыд,
Дзабыртæ — фæччиты, фæччитæ сæртыл тыд.
Чи мæ йæ фыд хуыдта уыцы сывæллæттæй,
Чи мæ йæ мад хуыдта; згъорынц мæ размæ.
Сæ тæригъæдмæ нал фæлæууыдтæн:
Бæхæй; æрфистæг дæн, барæвдыдтон сæ;

Сæ дзаумæттæ сын бадзæбæхтæ кодтон.
Сбадтæн мæ бæхыл æмæ рацæйцæуын,
Фæсте мæм дзурынц: «Фæндараст у, Сослан,
Цы хъуыддагмæ цæуыс, уый бафтæд дæ къухы!» —
«Уыдон та, Сослан, сидзæр чи уыдис,
Мад, фыды рæвдыд чи нæ бавзæрста,
Афтæмæй чи амард, ахæм сывæллæттæ.
Барæвдыдтай сæ, бабуц сæ кодтай
æмæ дыл сæ арфæ æрцæудзæн æцæг!»
— Уæдæ уый та цы у, — фæрсы та Сослан
Иæ ус Бедухайы: — Фæсдуар хуыссыди
Иу заинаг гадза, æмæ йæ рæзты
Куыд æрбацæйцыдтæн, афтæ, йæхæдæг
Фынæй уыд, фæлæ мыл йæ хуылфæй срæйдтой
Йæ къæбылатæ. Диссаг мæм фæкасти.—
«Ма дис кæн ууыл дæр. Уый та уый амоны:
Искуы æрцæудзæнис ахæм рæстæг, Сослан,
æмæ уыдзысты кæсдæртæ хисдæртæн
Зонд амонæг æмæ уынаффæгæнæг!»
— Рацыдтæн уырдыгæй. Иу ран иу æрхы был,
Еууы кæрийы цур, хызын æмæ голлаг
Тохы бацыдысты. Голлаг афтæ зæгъы:
«Мæн фылдæр бацæудзæн», хызын дæр афтæ —
«Мæн фылдæр бацæудзæн!» Уæд голлаг февналы,
РЗæхи айдзаг кæны еууы кæрийæ,
Стæй йæхи ауадзы хызыны мидæг.
Кæсы», æмæ хызын æмбис дæр нæ бацис;
Уæд хызын февналы, йæхи айдзаг кæны,
Голладжы мидæг йæхи ауадзы
æмæ уæд голлаг йæ былтæй акæлы.
Цавæр диссаг у уый та, Бедуха?; —
«Нæртон лæг куы дæ, куыд диссаг дæм  фæкасти, —
Уыдзæн ахæм рæстæг æмæ адæмæн
æфсис нал уыдзæни, стыр æмæ чысыл
æмбæртæ суыдзысты. Уый дын дæ диссаг! —
—  Рацыдтæн уырдыгæй. Цæуын та æмæ
Иу ран быдыры æртæ тæлм бæласы;
Сæ быны тох кæнынц дыууæ дзабыры —
Иу дзы хуыдзарм дзабыр, иннæ сæрак дзабыр, —
Бæласмæ бырынц «чи фæразæй уа»-йæ.
Хуыдзарм дзабыр, дын, æсбырыд йæ цъуппмæ,
Сæрак дзабыр та бæласы бын баззад.
«Ай та, дын, ног диссаг!» загьтон мæхи нымæр, —
Хуыдзарм дзабыр ма сæрак дзабырыл
Фæуæлахиз уа!» Уый та цы амоны? —
«Хуыдзарм дзабыр у сау адæмы нысан,
Сæрак дзабыр та — уæздæтты нысан.
æрцæудзæн ахæм* дуг æмæ сау адæм
Уæздан адæмыл фæтых уыдзысты,
Сæ разæй кæндзысты алы хъуыддагæй дæр».
—  Араст дæн, æмæ та цæуын мæ фæндагыл,
Цæуын æмæ мыл иу ран æризæр ис.
Уæдæ уал иу чысыл ам куы баулæфин,
Зæгъгæ, дын, доны был мæ бæхæй æрхызтæн,
Мæ бæхы ауагътон астæумæ кæрдæджы,
Мæхæдæг доны был мæ саргтьы базыл
Мæ сæр æрæвæрдтон æмæ æрхуыссыдтæн.
Цас афынæй дæн, чи йын цы зоны,
Фæлæ куы райхъал дæн, уæд кæсын æмæ
Доны фаллаг фарс митæй   æрæхкæдта,
Донæн ме 'рдыгæй та кæрдæг цъæх дары.
«Ай та цы уыдзæнис?—дисы та бацыдтæн.
Ахæм диссагыл дис дæр куыннæ кæнон! —
«Уый та уый æвдисы, æмæ фæстагмæ Сæрд æмæ зымæг æмбис суыдзысты».
—  Рацыдтæн уырдыгæй. Цæуын мæ фæндагыл.
Кæсын, æмæ, дын, уæртæ мæ размæ
Иу æставд бæндæн хохæй быдырмæ бает;
Иæ бынты цæуæн нæй, йæ сæрты ахизæн.
Уалынмæ бæндæнæн феуæгъд йæ иу кæрон
æмæ батылдис иннæ кæроны 'рдæм.
Дис ыл фæкодтон, фæлæ йын æмбаргæ
Ницы бакодтон, — зæгьы нарты Сослан.
«Дæ фæндалæй, уæдæ, уый æцæг дæр,
Сослан, уы ницы бамбæрстай, — загьта йын Бедуха. —
Уый та уый амоны, æмæ фæстагмæ
Адæмæн дуне гом дуар суыдзæни».
—  Рацыдтæн уырдыгæй. Цæуын мæ фæндагыл.
Кæсын, æмæ иу ран хохæй быдырмæ
Бæндæн раивæзы æмæ та фæстæмæ
Хохы рæбынмæ батымбыл вæййы.—
«Уый та уый у, æмæ адæм фæстагмæ
Цардыхос кæнынмæ цæудзысты быдырмæ
Стæй та-иу фæстæмæ хохмæ цæудзысты».
—  Рацыдтæн уырдыгæй. Цæуын обаумæ.
Кæсын, æмæ уæртæ обауы сæрыл
æртæ цæдджинаджы фæрсæй-фæрстæм æвæрд.
Саджы сыкъатæй сæ быны цырен арт.
Пæлхъ-пæлхъæй фыцынц æртæ цæдджинаджы;
Дыууæ кæройнаджы иннæйы сæрты
Кæрæдзимæ 'ппарынц нард фыды къуылдыхтæ,
Астæуккагмæ дзы басы æртах дæр Нæ хауы, афтæмæй.

Уый та цы амоны? — «Уый та уый амоны, æмæ ахæм рæстæг
æркæндзæнис, æмæ æцæгæлон адæм
Сæ кæрæдзимæ дыууæ æфсымæрæй
æнгомдæр уыдзысты; алы мыккæгтæ,
æфсымæрты хуызæн, хæларæй цæрдзысты».
— Уырдыгæй рацыдтæн. Кæсын æмæ та
Ноджыдæр иу диссаг: фæндаджы былыл
Лæджы худ æмæ усы кæлмæрзæн
Гъæйтт мардзæ, зæгъгæ, хъæбысæй хæцынц.
Куы сæ иу, куы се 'ннæ фæбынæй вæййы.
Бирæ фæтох кодтой, фæхæцыдысты,
Стæй, æппын фæстаг, дыууæ фæрсæй фæрстæм
æрлæууыдысты уыцы ран фæндагыл.
Бирæ сæм фæкастæн, бирæ фæдис кодтон,
Фæлæ сын æмбаргæ'мур ницы бакодтон. —
«Уый та уый амоны,— зæгьы йын Бедуха,—
æмæ сылгоймаг нæлгоймагимæ
æмбартæ суыдзысты искæцы рæстæг.
Нæлгоймаджы сæрыл нал уыдзæн хъуыддаг».
— Рацыдтæн уырдыгæй. Цæуын, æмæ иу ран
Мæ размæ рифтæгтæ. Сисон сæ, зæгьгæ, сæм
Мæ ехсы хъæдæй уæлбæхæй 'рæвнæлдтон.
Тыхджын куыннæ уыдтæн — нарты хъæзтыты-иу
Барæг куы фелвæстон мæ ехсы хъæдæй, —
Фæлæ а-рифтæгтæ, марадз-зæгъай, æмæ
Змæлгæ дæр фæкæной, асаст мæ ехсы хъæд.
Мæнæ диссаг, зæгъгæ, бæхæй æргæпп кодтон,
Иу къухæй та сыл схæцыдтæн, фæлæ мын
Не скуымдтой сисын. Мæ дыууæ къухæй

Февнæлдтон рифтæгтæм, схæцыдтæн сыл æмæ
Уæрджыты сæрты онл зæххы нынныхстæн,
Уæддæр мын рифтæгтæ сисын нæ бакуымдтой.
Ай цыдæр' диссаг у, загътон мæхн нымæр,
æмæ сæ ныууагътон. Уый та цы уа, цымæ? —
«Куыд хъуамæ систаис ды уыцы рифтæгтæ? —
Зæгъы йын Бедуха.—Цыдæриддæр зæххыл
Адæмы æхсæн ис хорз миниуæгæй,
Уыдон æгасæй дæр уыцы рифтæгты сты». 
—  Рацыдтæн уырдыгæй. Цæуын мæ фæндагыл.
Кæсын, æмæ иу ран мæ размæ къуыбылой;
Къуыбылой уыдис алхуызон æндæхтæй.
Уæдæ дзы мемæ куы айсин, зæгьгæ,
Бæхæй æрхызтæн æмæ дзы байдыдтон
Мæ цонгыл тухын. Тухын, тухын, фæлæ
Уæддæр къуыбылой къаддæр нæ кæны.
Тынг фæдис кодтон уыцы къуыбылойыл,
Фæлæ йын æмбаргæ ницы бакодтон. —
«Уыцы къуыбылой та нысан кæны, Сослан,
æгас дунейы сусæгдзинæдтæ,
Цас фæнды тырнай сæ базонынмæ,
Базондзынæ дзы æрмæст хæрз чысыл».
—  Рацыдтæн уырдыгæй. Цæуын, æмæ
Иу ран быдыры ноджы иу къуыбылой..         
Кæсын, æмæ разæй тулгæ-хæлгæ кæны,
Фæсте—тулгæ-тухгæ, æмæ йын афтæмæй
Нæ хæлын æнтысы, нæ тухын æнтысы.
Уый та цæмæн афтæ, уый та цы диссаг у? —
«Уый диссаг 'нæу, Сослан,— зæгъы йын Бедуха.—
Скæндзæни иу дуг, æмæ уæд адæм
Сбирæ уыдзысты æмæ зæхх бардзысты».
— Рараст та дæн, æмæ цæуын мæ фæндагыл,—
Дзуры нарты Сослан дарддæр йæ диссæгтæ. —
Цæуын, цæуын, æмæ мæнæ мæ фæндагыл
Бæхсныджы къуыбылой, тулы 'мæ тулы
Бæхы къæхты разæй. Фæстæмæ фæкастæн,
Кæсын, æмæ хойы мæ бæхы счъилтæ.
Стæй дзы фæхицæн дæн. Бацыдтæн дисы,
Исты фыдбылыз мыл цæудзæн, æвæццæгæн,
Загьтон мæхи нымæр. Уый та цы у, уæдæ? —
«Тæрегæ дзы ма кæн, ницы дыл æрцæудзæн,—
Зæгъы Бедуха нарты скуыхт Сосланæн, —
Фæлæ дæ зæрдыл дар, уыцы къуыбылой-иу
Дæ бæхы къæхтæн сæ разæй куыд уади,
Фæстейы та-иу ын йе счъилтæ куыд хоста,
Афтæ дæ зонгæтæ: ис дзы ахæмтæ,
æмæ дæм разæй худгæ кæндзæнис,
Фæстейы та дын де счъилты нуæрттæ
Кардæй лып кæндзæнис. Уый дын дæ къуыбылои».
—  Рацыдтæн уырДыгæй. Цæуын мæ фæндагыл.
Кæсын, æмæ бадынц нарты фыдæлтæ.
Алы хæринагæй, алы нуазинагæй
Сæ разы дзаг фынгтæ,—хуыздæр ма цы вæййы!
Фæлæ кæсын, æмæ фынгæн йæ иу кæрон
Гæдыйы мард æмæ куыдзы мард æвæрд.
Нарты фыдæлтæ кæсынц сæ дзаг фынгтæм,
Фæлæ сæм сæ иу дæр æвналгæ нæ кæны.—
«Куыд сæм æвналой,— зæгъы йын Бедуха,—
Ды ардæм куы цыдтæ, уæд сын Сатана,
Хорз хæринæгтæ 'мæ хорз иуазинæгтимæ,
Куы ныффæлдыста гæды 'мæ куыдзы мард,
Цæмæй сæ фенай, æмæ куы ссæуай,
Уæд ын æй радзурай: уымæй базондзæни
Дæ мад Сатана дæ балцы 'цæгдзинад».
—  Хорз, — загъта Сослан. — Ныр æз бамбæрстон
Фæндаджы диссæгтæ, фæлæ не 'мбарын
Уæддæр иу хъуыддаг: ардæм куы 'рбацыдтæн,
Уæд дæ сæр дæ гуырыл цæуылнæ уыдис? —
«Мæ сæр мæ гуырыл уымæн нæ уыди,—
æмæ æдзух дæр мæ сæр демæ вæййы:
æз дын ардыгæй бирæ 'ххуыс кæнын.
Ардæм куы сфæнд кодтай балцы æрцæуын,
Уæддæр дын фæндаг мæ руаджы суæгъд ис,
æндæра ма исчи мæрдтæм удæгасæй
æрбацыди, Сослан? Искуы уый фехъуыстай?
Дард балцы куы вæййыс æмæ дæ сæрмæ
Сау асæст куы цæуы, уый дæр æз вæййын,
Скæнын дын хураууон, цæмæй ма фæлмæцай.
Хæсты куы бацæуыс, уæд демæ чи хæцы,
Уыдоны сæрмæ тыгъды зæй куы лæууы,—
Уæд уый дæр æз вæййын, æз дын феххуыс кæнын;
æмæ та де знæгтыл фæуæлахиз вæййыс».
Стæй уæд рацыди Бедуха-рæсугъд
æмæракуырдта Мæрдты Барастырæй
Азайы сыфтæ; æрбахаста сæ Нарты
Сосланмæ æмæ йæм дзуры: «Кæд Мæрдты
Бæстæм цæугæ 'рбакодтай, æрмæстдæр,
Сослан, дæ хъаруйы руаджы,
Уæддæр дын фæстæмæ фæцæуæн нал ис.
Уый зон: фæстæмæ, Уæлæуыл дунемæ,
Хуыцауы æвастæй цæуæн никæмæн ис.
Фæлæ мæ цæстытæ куы æрныкъулон,
Гъе уæд дæ бæхæн йе'ндон цæфхæдтæ
Фæстæрдæм фестдзысты, æмæ уæд цæугæ.
Мæрдты адæм дæ фæсте сурдзысты,
«Чидæр фæцæуы, мах дæр цæуæм!» зæгъгæ.
Фæлæ сæ Барастыр фæдмæ 'ркæсын кæндзæн:
Фæд цæудзæн мидæмæ, æмæ уæд мæрдтæй
Алчи йæ бынатмæ фæстæмæ аздæхдзæн.
æхмæ ацæудзынæ. Фæлæ дын зæгъын:
Фыдæбоны лæг дæ, стырзæрдæ дæ, Сослан!
Дæхи цымæ æнцад искуы æруадздзынæ!
Никуы мæм байхъуыстай цæрынæй-хæрынмæ,
Фæлæ дын фæдзæхсын: ардыгæй куы ацæуай
æмæ цыдæриддæр хæзнайыл сæмбæлай,—
Кæсгæ дæр-иу æм ма фæкæн фæстæмæ».
Бедуха куыд загъта, афтæ бакодта,
æмæ Сосланæн йæ бæхы цæфхæдтæ
Фесты фæстæрдæм сагьд- уæдæ цы уыдаид!
Сослан «хæрзбон» загъта йæ ус Бедухайæн,
Йæ бæхыл -абадтис æмæ араст ис,
Рараст Мæрдты Бæстæй Уæлæуыл дунемæ.
Чидæр кæй фæцæуы, уый мæрдтæ базыдтои
æмæ ныййарц сты Мæрдты дуары 'рдæм.
Фæлæ сæ Барастыр фæдмæ 'ркæсын кодта
æмæ сын загьта: «Фæд нæхи 'рдæм цæуы» .
Ай æцæг афтæ у, зæгъгæ, дын, мæрдтæй
Алчи йæ бынатмæ фæстæмæ баздæхтис.
Сослан цæуы æмæ, чи зоны, цас фæцыд,
Фæлæ иу афов Мæрдты Бæсты дуармæ
æрбахæццæ вæййы. Дуар æхкæд разынди.
— Дуар бакæн, Аминон!—дзуры нарты Сослан.
«Иугæр Мæрдты Бæстæм æрбацыдтæ, Сослан,
Уæд ардыгæй нал ис фæстæмæ аздæхæн»,
Дуаргæс Аминон дзуры Сосланмæ.
Дуар ын куы нæ кодта, уæд нарты
Сослан Йæ хъандзалсæфтæг бæх куы фесхойы æмæ
Дуар куы рарæмудзы, дуар куы рарæмудзы
æмæ куы рахизы, куы, Мæрдты Бæстæй.
Цæуы Сослан, æмæ иу ран æрбамбæлди
Сызгьæринты кæрийыл. Бедухайы фæдзæхст
Йæ зæрдыл лæууыди æмæ нæ бавнæлдта
Сызгьæрин кæримæ; фæстæмæ дæр æм
Нæ фæкасти, зæгъынц, дурæйгуырд Сослан.
Цæуы та дарддæр Сослан йæ фæндагыл.
Цас рауадаид, чи йын цы зоны.
Фæлæ та иу ран — сызгъæрин рувасдзарм.
Фæстæмæ дæр та йæм нæ фæкаст Сослан,—
Цæуыйæхицæн дарддæр йæ фæндагыл.
Фæцæуы æмæ та иу ран æрбамбæлдис   
Иу худы'зæрондыл. Худы куы ауыдта,
Уæд, зæгъы, дзуры Сослан йæхи нымæр:
«Цæмæн бакастæн мæ мард усы коммæ?
Мæхн æнæхай цæмæн фæкодтон
Ахæм хæзнатæй?» Худмæ нал фæлæууыд,
Нæ чындзытæ-иу дзы куыройы фæлгæтæг
Уæддæр расæрфдзысты, зæтъгæ, йæ систа
æмæ йæ атъыста йæ роны, арфгомау.
Цæуы та дарддæр дурæйгуырд Сослан.
Сæхимæ баввахси, Туацъæмæ схæццæ ис.
Туацъæйы, зæгъы, йæ бæхæй æрхызтис,
Иу бæласыл æй фидар бабаста,
Йæ саргъ ын систа, какон сындз ракодта
æмæ йæ уымæй нæмьштæ байдыдта.
Бæхæн фыр надæй йæ туг куы кæлы. —
Дæ адзал цæмæй у, уый мып зæгъ ныртæккæ!
Йæ бæхы нал уадзы нæрæмон Сослан, —
Кæннод дæ афтæ удхарæй мардзынæн! —
Бæх ницы дзуры. Сослан фæмæсты ис,
Иу дынджыр бæлас æд уидæгтæ стыдта,
Йæ бæхы сæрыл æй лыстæг пырх ныккодта.
Цы гæнæн ма уыдис бæхæн дæр! Сдзырдта:
«Мæ адзал ис мæнæн — мæ къæхты хæфсыты,
æмæ мын уыдон куы нæ срæхойай,
Уæд мын мæлæт нæй, хъандзалсæфтæг дæн.
Уæдæ дæхицæн та дæ адзал цæмæй у?»
Фæрсы Сосланы йæ хъандзалсæфтæг бæх.
— Æз цы дæн, уымæй иууыл болат дæн,
Æрмæст фæлмæн сты мæ уæраджы сæртæ.
Мæ мæлæт та у Балсæджы Цалхæй:
Уый куы нæ атула мæ уæраджы сæртыл,
Уæд мын æндæр мæлæт æппын ницæмæй ис, —
Загъта йæ бæхæн дурæйгуырд Сослан.
«Гъе ныр дын æй, уæдæ, хуыцау ма ныббарæд,
Дзуры бæх Сосланмæ.—Мæн дæр бабын кодтай
Æмæ дæхи дæр. Дæ разы дæ роны
Цы худ бавæрдтай, уый ма фен, уым ма ис? —
Уый Гæтæджы фырт гæды Сыр дон уыди».
Февнæлдта Сослан цæрдæг йæ ронмæ,
Фæлæ ма цæй худ æмæ нæй цыдæр!

Æрбадæлдзæх ис! Уæд æй бамбæрста,
Йæ ус Бедуха йын цæуылнæ уагьта,
Цæуыл амбæла,, уыдон исын, уый.
Сырдон ууыл куы зылд рагæи æрæгмæ,
Цæмæй Сосланæн æмæ йæ бæхæн
Сæ адзал цæмæй у, уый базыдтаид.
Йæхи фестын кодта сызгьæринты кæри,
Йæхи фестын кодта сызгъæрин рувасдзарм,
Уæддæр æм нæ фæкаст дурæйгуырд Сослан.
Сырдон худы зæронд  йæхи фестын кодта,
æмæ йæ уæд систа дурæйгуырд Сослан.
Ныр сын сæ ныхæстæ Сырдон куы фехъуыста,
Уæд куы агæпп ласта Сосланы ронæй
Æмæ хæйрæджытæм, далæ дæлдзæхмæ,
Фæдисоны уадæй куы ныххæццæ ис,
Сæ паддзахæй сын æфсæдтæ куы куры:
«Нарты Сослан нын нæ сау туг бануæзта.
Йе стыр ныфс йæ бæх у, йæ хъандзалсæфтæг бæх,  
Æмæ йын базыдтон й'адзал цæмæй у.
Æфсæдтæ мын ратт, фатджын æфсæдтæ!»
Æфсæдтæ йын радта хæйрæджыты паддзах.
Æхсынтæ байдыдтой дæлдзæхæй уæлæмæ
Сæ цыргъ фындз фæттæ, æмæ амардтой
Сосланы бæхы йæ къахы хæфсæй.
Бæх куы мард, уæд дзуры нарты Сосланмæ:
«æз мæлын, фæлæ мæ мæхæлыстыгъд акæн,
Хъæмп ныннæм мæ цармы æмæ мыл æсбад.
Чи зоны, æмæ дæ сæмбæлын кæнон
Афтæмæй дæр ма дæ фæрныг хæдзарыл».
Сослан мæхæлыстыгъд акодта йæ бæхы,
Хъæмп дзы ныннадта, æмæ йыл сбадтис,
Сбадтис ыл æмæ араст йæ фæндагыл.
Нарты фыдбылыз гæды Сырдон дæр та
Фехъуыста бæхы дзырд æмæ та азгъордта
Хæйрæджыты 'фсадмæ: «Тагъд, уæ фæтты фындзтæ
Зынг кæнут æмæ афтæмæй æхсут!»
Хæйрæджытæ дæр тæвд кæнын байдыдтой
Сæ фæтты фындзтæ; сырх зынг-иу сæ скодтбй
æмæ сæ афтæмæй æхстой уæлзæхмæ.
Фæттæ сæмбæлдысты бæхы гуыбыныл
æмæ Сосланы бæх басыгъд æгасæй.
Дурæйгуырд Сослан саргъ йе 'ккой акæны
æмæ афтæмæй куы араст вæййы
Сæхимæ фистæгæй, уæдæ цы кодтаид.
Бацыдис æмæ, Мæрдты цы федта,
Уыдон радзырдта йæ мад Сатанайæн.
Сатанайы дæр уæд куы бауырны Сослан
Мæрдты Бæсты æцæг кæй уыди,
Æмæ йæм радта йæ диссаг къухдарæн.
Сослан куы ацæуы денджызы былмæ,
Къухдарæнæй дзы æркæны стыр зиллакк,—
Зиллаччы фесты сау æфсæн галуан,
Æмæ йын ныссадзы йæ цыппар фисыныл
Нарты скуыхт Сослан Азайы сыфтæ.
Сатана йын, зæгъы, куыд загъта, афтæ
Уадындз куы ракуры, æфсатийы уадындз.
Сослан куы ныууасы уьщы уадындзæй,—
Куы 'рцæуы галуанмæ æртæ сæдæ сырды:
Уыдонæй иу сæдæ сæрджын сагтæ уыди,
Иу сæдæ та дзы дзæбидыртæ уыди,
Иннæ сæдæ та — алы мыккаг сырдтæ.
Авд уæйыджы, зæгьы, сæ ирæд куы фенынц,
Уæд сæ хъан — Хуры чызг рæсугьд
Ацырухсы Сосланæн куы раттынц, куыд загьтой, афтæ.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке