Уызмæг Уыи бæрц куы рахъомылис
æмæ куы ахæццæ йæ лæджы бынатмæ,
Уæд æрæфтыдис йæ зæрдыл ускурын,
Æмæ байдыдта чызджытæм хъусдарын.
Нартмæ та, зæгъы, уæд куыд нæ уыдаид
Мæйрæсугъд æмæ хуррæсугъд чызджытæ!
Фæлæ сеппæтæй бæрæгдæр куы уыди
Алæгаты чызг разагъды Елдæ,
Æмæ йæ ракуырдта нарты Уырызмæг.
Куы, зæгъы, скæны диссаджы чындзæхсæв,
Æмæ нарты адæм,—стырæй, чысылæй,—
Иуыл куы 'рцæуынц уыцы чындзæхсæвмæ
Æмæ иннабонæй уæд иннабонмæ
Куы фæминас кæнынц, куы фæцин кæнынц,
Стæй куы фæцæуынц сæ фæрныг хæдзæрттæм...
Нарты Уырызмæг йæ рæсугъд усимæ
Цæрынтæ куы сисы, цæрынтæ, уæдæ.
Сатана дæр, зæгъы, рæзын байдыдта:
Иу мæймæ кодта афæдздзыды цахъæн,
Иу афæдзмæ та — æрт'аздзыды цахъæн.
Йæ конд, йæ уындæн æмбал нæ уыди:
Цæхæрцæст æмæ сызгъæрин хил уыд;
Йæ рахиз уадулæй худгæ хур касти,
Иæ галиу уадулæй хъазгæ мæй зынди,
Иæ дæллагхъуырæй Бонвæрнон æрттывта.
Сау хъæды, хъуазау бæрзонд æрфыг куы уыд.
Йæ зæринхил дзыкку фадхъулты онг уыд,
Иæ дыууæ цæсты та цъæх пиллон куы уагътой,
Цъæх пиллон куы уагътой зонд æмæ хинæй.
Мой кæнын афон куы 'рцыд Сатанайæн,
Уæд сагъæс байдыдта, дзуры йæ зæрдæйы:
«Мой бæргæ скæнин, фæлæ цы бакæнон? —
Мæ мойаг кæм ис, уый куы нæ зонын».
Хъуыды кæны, æмæ нарты Уырызмæгæй
Зондджындæр æмæ хъаруджындæр лæг
Куы никæй ссардта зæдты æхсæн дæр.
Æмæ куы сфæнд кæны уæд нарты Сатана:
«Ех, кæд уа — Уырызмæг, кæннод иæ мой кæнын!..»
Фæлæ цы кæна, цы, ныр Сатана! —
Куыд бамбарын кæна йæ фæнд Уырызмæгæн?
Йæхи дзыхæй зæгьын — уæндгæ нæ кæны,
Искæй дзыхæй та йæ — фæндгæ нæ кæны.
æмæ Сатана зæгъы йæхицæн:
«Цæй, мæ сау цæсгом сыхалон, уæдæ,
Æмæ йæм æргомæй мæхæдæг бауæндон».
Æмæ загъта уæд нарты Уырызмæгæн:
«Байхъус-ма, Уырызмæг, иу ныхас дын зæгъон:
Йæ хорзы æттæмæ ничи дæтты.
Искæй мыккагæн æгæр æвгьау дæн,
Нæй мын æндæр хос, ды мæ мой куы нæ уай!»
Нарты Уырызмæгæн йæ хъустæ ссыгъдысты,
æмæ йæ сæры хъуын уырдыг сыстади.
«Мауал æй ской кæн, стыр худинаг у,
Нартмæ ма мæ цæсгом куыд равдисдзынæн?»
Цас рацыдаид, чи йын цы зоны,
Фæлæ иуахæмы нарты Уырызмæг
Афæдзбалцы цæуын сфæнд кодта æмæ
Йæ ус Елдæмæ афтæ бадзуры:
«Цæуын афæдзбалцы, æмæ-иу хæрд, нозт
Сцæттæ кæн, усай, ме 'рбаздæхынмæ;
Адæм мæм цæудзысты «'гасцуай» зæгъынмæ,
æмæ сæ хъæудзæнис хæрд, нозтæй хынцын».
Уый адыл ацыди йæ афæдзбалцы.
Йæ афæдзы бон куы æрхæстæг ис,
Уæд Елдæбавнæлдта нæртон ронг кæнынмæ.
æнтаугæ йæ, зæгьы, бæргæ хорз бакæны,
Фæлæ куы нæ 'нхъизы, хæрдмæ куы нæ хæссы.
«Цавæр диссаг у, цæуылнæ æнхъизы?»
Тыхсы йæхи нымæр Алæгон Елдæ.
Мæгуырæг Елдæ цæмæй базыдтаид,
Ронджы Сатана хинтæй кæй сбаста
æмæ йæ æнхъизын уый кæй нæ уадзы.
Тыхсы уæдæ цы, Алæгон рæсугъд,
Тыхсы æмæ дзуры номдзыд Сатанамæ:
— Сæ чызг, мæ хуры хай, мæ ронг куы нæ 'нхъизы,
Уæд ын цы бакæнон? Худинаг кæндзынæн,
Нæ бæлццоны 'рцыдмæ куы нæ срæвдз уа,уæд.—
«æмæ дын цы кæнон,—дзуры йæм Сатана.—
Ма дын æнхъизæд, мæ хъуыддаг дын нæу».
Фыр тыхстæй цы каена, уый нал зоны Елдæ:
Иу уад ронгмæ кæны, иннæ — Сатанамæ.
— Цы ма кæнон, сæ чызг, ме сæфт куы 'рцыди,
Мæ уд æрдуйæ нарæгдæр куы сси,
Куы мæ æрæййафа афтæ 'дзæллагæй,
Уæд мæ де 'фсымæр тынг бафхæрдзæнис. —
Кæсы йæ чындзмæ бæсты хин Сатана,
Кæсы йæм æмæ цин кæны хинымæр.
Бауырныдта йæ ныр, Елдæ 'цæг кæй тыхсы,
Тынг кæй сфæлмæцыд, йæ лæгæй кæй тæрсы,
æмæ йæм дзуры: «Уæ, рæсугъд Елдæ,
Мæ чындзы хай, Елдæ, ды мын куы авæрис
Дæ чындздзон къаба 'мæ дæ чындздзон кæлмæрзæн,
Уæд æз иу æхсæв дæ мой Уырызмæджы
Фыдæнхъæл фæкæнин йæ балцы фæстæ,
Дæуæн та дæ ронг ранхъизын кæнин».
«Хорз,— зæгъы Елдæ,— уый дын мæ быгъдуан».
Уæд бавдæлы 'мæ бацæуы Сатана,
Бацæуы æмæ йæ хинтæ райхалы.
Акæны уайтагъд хæдабузгæ 'нхъизæн
æмæ дзы ронджы фæхъæстæ кæны.
Ронг дæр дын, зæгъы, æнхъизын райдайы,
Хæрдмæ абузы ставд цæппузыртæй,—
Денджызы танхъайау йæ сæр урс адардта.
***
Уалынмæ 'рыздæхтис нарты Уырызмæг дæр.
Адæм æм цыдысты «æгасцуай» зæгъынмæ.
Арфæтæ кодтой сæ зондамонæгæн.
Уырызмæг дæр сыл куыннæ цин кодтаид:
æрæвæрын кодта дæргъæй-дæргъмæ фынгтæ,
Алы'ппæт хæрдæй зæхмæ тасыдысты.
Ронгæй гаджидæуттæ уагътой æнæсцухæй,
Афтæмæй, зæгъы, суанг изæрдалынгмæ
Хорз фæминас кодтой æртæ Нарты дæр,
Стæй фæцыдысты сæ фæрныг хæдзæрдтæм.
Уырызмæг дæр бацыд йе’ргъæукъул уатмæ
æмæ æрхуыссыдис пылыстæг сынтæгыл.
Сатана, дын, зæгъы, уæд Елдæйы дарæс
Йæ уæлæ куы скæны, йæ уæлæ, мæ хуртæ,
æмæ куы бацæуы Уырызмæджы уатмæ.
Куы нæ йæ базоны нарты Уырызмæг, —
Фыццаг æхсæвы ацы ‘хсæв хуыздæр дæ. —
«Нæ мыггыджы хъæд махæн афтæ у:
Зæрдæ ‘мæ буарæй никуы зæронд кæнæм», —
Дзуапп ын радта хинæйдзаг Сатана.
Цæмæй йыл дызæрдыг ма фæуыдаид.
Бон æмæ æхсæв хицæн куы байдыдтой,
Уæд зæххы кæлæн, арвы хин Сатана
Царыл фестын кодта мæй æмæ стъалытæ,
Мæй æмæ стъалытæ, тæмæнтæ калгæйæ.
Цас ма фæхуыссыд Уырызмæг, чи зоны,
Фæлæ, дын, иу афон куы æрыхъал вæййы,
Куы æрыхъал вæййы æмæ куы дзуры:
— Ныр бон уыдзæни, стын хъæуы, усай! —
— Бон та кæм ис ныр ма, мæй æмæ стъалытæ
Арвыл куы 'рттивынц! — зæгъы йын Сатана.
Уырызмæг куы скæсы æмæ куы фены
Мæй æмæ стъалытæ, тæмæнтæ калгæйæ,
æмæ та ногæй куы бафынæй вæййы.
Мæгуырæг Елдæ та дуармæ лæууыди,
Йæ зæрдæ йæ риуы кодта тъæппытæ,
Йæ рæсугъд уадултæ мæрдвæлурс баисты.
Бирæ ма фæхоста йæ уаты дуæрттæ,
Фæлæ йæм æттæмæ куы ничи ракасти,
Уæд, мæгуыр, уыцы ран мæстæй, фæзæрдæдзæф,
æрхауди дуаргæрон æмæ амарди.
Нарты Сатана уый куы базыдта —
Царæй фесæфта мæй æмæ стъалыты хуыз,
Йæхæдæг бадзуры нарты Уырызмæгмæ:
— Ныр бон уыдзæнис, уæлæмæ сыст, лæгай.
Райхъалис, ракæсы нарты Уырызмæг,
Джихау фæвæййы: «Ай Сатана куы дæ!»
Уæд æм бадзуры бæсты хин Сатана:
— Сатана бæгуыдæр, уæдæ дæуæй афтæ
Дысон бонмæ ды кæимæ уыдтæ?! —
Цы гæнæн ма уыди нарты Уырызмæгæн?!
Сæ марды бавæрдтой, уæдæ цы уыдаид.
Хъыг кæны Уырызмæг, хъыг дæр куыд нæ кæна!
æфсæрмæй куы судзы, сагъæсы куы бацыд,
æмæ сæргуыбырæй афтæ куы дзуры:
— Уæ, мæ хо Сатана, ай мын цы бакодтай,
Нарты æхсæн ма цы 'гъдауæй цæрдзыстæм,
Нæ сæртæ куы фесты æнусмæ фидиссаг?! —
— Адæмы фидис æрмæст — дыууæ боны,
Бирæ нæ худдзысты, — зæгъы йын Сатана. —
Цæмæй худинаг тагъддæр ферох уа,
Уымæн дын, Уырызмæг, амал æскæндзынæн:
Бавдæл æмæ сбад хæрæгыл фæстæрдæм,
æртæ здæхты акæн Ныхасы астæуты.
æрмæст-иу дзæбæх кæс Ныхасы адæммæ,
æмæ-иу мын радзур, цы ми кæной, уый. —
Уырызмæг байхъуыста Сатанайы дзырдмæ.
Фæстæрдæм сбадтис иу цъæх хæрæгыл
æмæ ацыди Ныхасы астæуты.
Ныхасы чи бадти, уыцы адæм, дын —
Чысылæй, æстырæй, ногæй, зæрондæй —
Гуыбынхæлдтæ кодтой, ныффæлдæхтытæ сты
æмæ нал фæрæзтой уæлæмæ сыстын дæр,
Афтæ тынг худтысты нарты Уырызмæгыл.
Дыккаг хатт та 'рбаздæхт Уырызмæг сæ цурты
Йæ цъæх хæрæгыл фæстæрдæм бадгæйæ;
Ныхасы лæгтæй ма чи бахудт, чи — нал,
Бирæ та йæм дзы æппындæр нал ракаст,
Сæ иуæй-иутæ йыл хъынцъым дæр бакодтой,
Нæ зондамонæг сæрра ис, зæгъгæ.
Сатана куыд загъта, афтæ æртыккаг хатт
æрцыдис Уырызмæг Ныхасы рæзты.
Фæлæ йыл ацы хатт иунæг дæр нал бахудт.
Уый нæ, фæлæ ма дзырдтой сæхи мидæг:
«Уый æрра не сси нарты Уырызмæг,
æмæ хæрæгыл дзæгъæл-хуымæтæджы
Не сбадт фæстæрдæм—цыдæр хæйрæгдзинад,
æвæццæгæн, æмæ, йæ зæрды æрæфтыд».
æртæ зыдды фæстæ сæхимæ 'рбацыди
Нарты Уырызмæг, йæ хæрæгыл бадгæ.
Йæ размæ рауадис зонынджын Сатана
æмæ йæ фæрсы: «Гъы, адæм куыд кодтой?»
— Фыццаг куы рацыдтæн — зæгъы йын Уырызмæг,
Уæд адæм худæгæй ныффæлдæхтытæ сты
Гуыбыыхæлдтæ кодтой, стын нал фæрæзтой,
Афтæ тынг худтысты, чысылæй, стырæй.
Фæстæмæ куы 'рцыдтæн — чи бахудт, чи — нал.
æртыккаг цыдæн мыл ничиуал бахудти.
Дзырдтой сæхи мидæг: «Уый æрра не сси
æмæ хæрæгыл дзæгъæл-хуымæтæджы
Не сбадт фæстæрдæм, фæлæ та уымæн
Цыдæр хæйрæгдзинад йæ зæрды æрæфтыд».
Зонынджын Сатана уæд афтæ куы зæгъы:
— Гъе, уæдæ, Уырызмæг, нæ хъуыддаг дæр афтæ:
Ахуддзысты ныл, адис ныл кæндзысты,
Стæй нæ хъуыды дæр ничи уал æркæндзæн.—
Нарты Сатана 'мæ нарты Уырызмæг
Иумæ бацардысты, уый кой куы райхъуысти,
Уæд сыл, зæгъы, адæм фыццаг ахудтысты,
Фæлæ сæ уый фæстæ хъуыды дæр нал кодтой.
Афтæмæй, зæгъы, æртæ Нарты 'хсæн
Уырызмæг æмæ зонынджын Сатана
Лæг æмæ усæй цæрынтæ систой.