Фесæфти хъал Алæф, раст доны къусау,—
Уæларвон куырдадзы сау фæнык фестади.
Йæ фæрстæ цъæх арт, судзгæ арт уагътой
Йæ фырты сæфтыл зæронд уæйыгæн.
Нарты аххос æй куыннæ кодтаид
Йæ фырты фесæфт сохъыр æфсæрон!
Æмæ нымбæхста йæ мает йæ риуы,
Фæлæ йæхицæн сусæг фæнд кодта
Йæ судзгæ мает райсын нарты мыккагæй,
Батрадзæн йæхимæ йæ ныфс кæм хаста,
Фæлæ иу бон куы уыд, уæд нарты зæрæдты
Уырызмæг æмæ БатраДзы фыды —
Бахуыдта йæхимæ уазæгуаты уæйыг.
Æмæ йæ фырттæн бафæДзæхста афтæ:
— Уæлæ фæсхæдзар æмбæхстæй лæуут.
Нозт сæм хъарын куы байдыдта нартмæ,
Уæд-иу хæдзармæ æввахс уæхи ласут! —
Нæ бацауæрста цæхх æмæ кæрдзыныл:
Сырды фыдæй фынгтæ зæхмæ тасыдысты;
Нозт дæр дурынты лæууыд сæ разы.
Цæмæй æмбæрстой нарты зæрæдтæ,
Фыдвæнд сыл кæны сохъыр æфсæрон,
Æмæ парахатæй хордтой, нуæзтой.
Иу рæгъ—дæлæмæ, иннæ — уæлæмæ,
Афтæ сæ хынцыдта сохъыр уæйыг дæр.
Гъа, ныр сæм, зæгъгæ, байдыдта хъарын
Нарты зæрæдтæм æфсæроны нозт,
Афтæ лæппутæ, — уæйыджы авд фырты —
Хæдзармæ хæстæг сæхи баластой.
Уæд сохъыр уæйыг стыр куыси райста
Æмæ Уырызмæгмæ худæндзастæй дзуры:
«Фыдæлтыккон зарæг азарон, Уырызмæг,
Æви нырыккон, — зæгъ, дæ хорзæхæй!»
«Зарынмæ дæсны дæ, уый раджы фехъуыстон,
Æмæ нын кæд иугæр дæ буц хъæлæсы уаг
Æвдисын фæнд кæныс, уæд нырыккон зарæг;
Рагон зарæг ма, чи зоны, нæ фысым,
Фехъуыстаин искуы», дзуры йæм Уырызмæг.
æмæ ныззарьгди сохъыр æфсæрон,
Мидбылты худгæйæ, йæ бæзджын хъæлæсæй:
«Уæд, зæгъы, иу бон,
Фæззыгон мигъ бон
Бæзджын хъамылмæ
æрбафтыд, уæдæ,
Дыууæ нæл хуыйы.
Ссырджын куыйтæ —
Фыд хъыхъаг куыйтæ—
Сæ алы фæрсты
Куы 'рзилыыц, зæгьы.
æвæццæгæн сын
Ирвæзæн нал ис,
О, мæ хур, нарты
Сæрджын хисдæртæ,
Уыцы нæл хуытæн:
Ссырджын куыйтæ,
Фыд хъыхъаг куыйтæ
Кзендзысты фаркгай
Уыцы нæл хуыты,
О, мæгуыр сæ бон!»
Цы бамбарын хъуыди нарты буц хисдæртæн,
Уыцы зарæг циу, цы амоны, уый.
Базыдтой, уæдæ цы, сайд сыл кæй æрцыди,
æмæ сыл мæнгардæй кæй разылди уæйыг.
Сæ нозт æрбайсæфт æмæ цæнкъард сты,
Тас бацыд сæ уæнгты, фæлæ ма цы, а!
Тæккæ уыцы афон Батрадз уæлхохы уыд,
Айхъуыста зарæг, æфсæроны зарæг,
æмæ рагæпп кодта уæлхохæй дæлæмæ,
æмæ æрхаудта æфсæроны кæрты.
Йе 'ндоны хъæрæй йæ Уырызмæг базыдта:
Цæмæй ма тарст ныр! æмæ ныззарыди:
«Дæ цæрæн бон нын
Бирæ уа, бирæ,
Нæ рæдау фысым,
Нæ кадджын фысым!
Сырды фыдæй нæ
Бæргæ хорз федтай,
Нозтæй дæр — афтæ,
Нозтæй, уæдæ ма!
Бынтон диссаг та
Дæ зарæг уыди.
Дæ буц зарæгæй
Схъæлдзæг стæм,
æрмæст кæронмæ
Нæ ахæндæ ис,
Нæ рæдау фысым,
Дæ диссаг зарæг.
Хъуыды ма кæнын
æз зарæг дарддæр.
æмæ афтæ у:
Нæл хуытæм, зæгъы,
æххуыс кæнынмæ
Фæзынди хохæй
Иу франчы лæппын —
æвзыгъд, цæхæрцæст.
æвæцдæгæн, ныр
Нал фервæздзысты
Ссырджын куыйтæ —
Астигъдзæн сæ,
Уыцы сау куыйты,
Уыцы æвзыгъз франк!
Йæ зарæг конд фæци урсзачъе Уырызмæг,
Афтæ, дын, Батрадз дæр хæдзары смидæг ис;
Иу тарваз ратыдта æмæ—де знаг афтæ!—
Ралæууыд уæйгуытыл Хæмыцы болат фырт,
æмæ сын хæрз тæбæкк ныккодта иууылдæр,
Фыдæй, фыртæй, зæгъы, хæрз цъæл сын ныккодта.
Уый фæстæ рахæцыд нарты буц хисдæртыл –
Зæронд Уырызмæгыл, йæхи фыд Хæмыцыл –
æмæ сæ Нартмæ æрхæццæ кодта.
Йæхæдæг араст ис уæларв йæ бынатмæ
æмæ та уым йæхи бааууон кодта.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат