Нарты стыр хъæуы, Уырызмæджы хæдзары,
Æхсæртæггаты зæронд хæдзары,
Цыдæртæ архайдта хæдзары æфсин,
Разагъды æфсин — нарты Сатана.
Къонайы тигъыл арты фарсмæ бадти
Иу къуыппных лæппу, бæгъæмзæнг, бæгъæввадæй,
Æмæ сæ фæныкæй къусбæрттæ кодта.
Артмæ бадынæй цъыхыры сысты
Фæныкгуыз лæппуйæн йæ бæгънæг зæнгтæ.
Уæд кæрты дуарæй чидæр æрбадзырдта.
Дзурынмæ рауади нарты Сатана.
«Æгас нæм цу, уазæг!» дзуры Сатана.
— Зæрдырай у, хорз ус! Уæ лæгтæ кæм сты? —
«Лæгтæ ам не сты, лæгты хæдзар ам ис;
Мидæмæ нæм рацу, уазæг зынаргъ у—
Фысым дын уыдзыстæм, хорз дæ фендзыстæм:
Кæд дæ фæнды, уæд — фæздæгджын сихорæй,
Кæд дæ фæнды, уæд та — æвæздæг сихорæй!»
— Ныббар мын, хорз ус, æнæвдæлон дæн, —
Æхсызгон мæ хъæуы нарты болат Сослан.—
«Нæ лæгтæ хуынд сты Фæс-Нарт Хусдзæгат
Ацæты хæдзары; Сослан дæр уым ис».
— Хусдзæгатмæ мын фæндаг амонæг.
Искæй мемæ куы афтауис, хорз ус,
Уæд дæ бузныг уаин, æнæкæрон бузныг. —
«Уæртæ нæм хæдзары иу æнахъом саби
Арты фарсмæ бады фæныкæйдзæгтæй.
Нæ зонын, уазæг, исты дын ф'ахъаз уа.
Ныртæккæ дæм æй æз рарвитщзынæн».
Уыйадыл Сатана уазæджы фæуагъта,
Хæдзармæ бауади 'мæ дзуры лæппумæ:
«Сыст-ма уæлæмæ, стъæлды æрбауай!
Кулдуармæ уазæг; уайгæ тагьд, æмæ йæ
Фæс-Нарт Хусдзæгат Ацæты куывдмæ
Фæхон нæ лæгтæм — Сосланы агуры!»
Фæныкгуыз фестади, йæхи айвæзта,
æмæ балæууыди уазæджы уæлхъус.
Фæс-Нарт Хусдзæгатмæ араст сты иумæ —
Фæныкгуыз — фистæгæй, уазæг та — йæ бæхыл.
Куы ауадысты фæндагыл иу дзæвгар,
Уæд уазæг фæлæууыд, фæдзырдта лæипумæ:
— Мæ фæсарц æрбабад—цæуын тагьд хъæуы!
— Бакасти барæгмæ, барæгæн йæ бæхмæ
Фæныкгуыз лæппу 'мæ дзуры афтæ:
«Дыууæ чи ахæсса, ахæмы каст нæ кæны,
Хорз уазæг, дæ бæх, фæлæ цу дæхицæн!»
— Гъы, куыдзы хъæвдын!
æрбахиз дын зæгъын,
На, 'мæ дæм ныртæккæ мæнæ мæ ехсæй
Хорз базилдзынæн, дæ зонаджы тыххæй!
«Цæй, кæд мæ нал уадзыс, уæд бæрæг уыдзæни»,
Загъта, æвæццæтæн, йæхи нымæр лæппу.
Иу гæппæй барæгæн йæ фæсарц абадти,
æмæ араст сты 'сæ фæндагыл дарддæр.
Кæнынц сæ цыды кой. Иуахæмы лæппу
Бæхы йæ уæрджытæй сабыргай фелхъывта;
Бæх ныццудыдта, æрхауд йæ зонгуытыл,
Ахст туджы. фæзгъæртæ акалд йæ хъæлæсæй.
Уæд лæппу дзуры: «Нæ дын загьтон, уазæг,
Дыууæ чи ахæсса, ахæм нæу дæ бæх?»
— Уæ, дæ бонæй уай, дæ бонæй, уастæндæр,
Нæртон болат гуырд Хæмыцы фырт Батрадз! —
«Хорзæй цæрай, хорзæй, адæмæн æмбисонд
Деденæджы фырт хъаруджын Арæхдзау!»
Гъе, афтæ базыдтой кæрæдзи уыцы ран,
Хæмыцы фырт Батрадз, адæмæн æмбисонд —
Деденæджы фырт хъаруджын Арæхдзау.
Лæппу æргæпп кодта барæджы фæсарцæй,
æмæ та дарддæр сæ фæндагыл цæуынц —
Батрадз — фистæгæй, Арæхдзау — йæ бæхыл.
Иу тæссар ранмæ бахæццæ сты,
Деденæджы фырт æрлæууыдис уым,
æрхызти йæ бæхæй, дзуры Батрадзмæ:
— Фæйнæ фаты фёхсæм. Фыццаг ды бавзар! —
«Мæ мад, мæ фыды стæн, уазæджы разæй
æз мæ фатдонæй фат не сласдзынæн!»
Дзуры Арæхдзаумæ нарты Хæмыцы фырт.
Арæхдзау систа фатдонæй иу фат,
Систа йе'рдын дæр; дзæбæх сæм æркасти.
æрдынбос, куыд æмбæлд, афтæ æрбалхъывта,
Ауагъта йæ фат, уæдæ цы уыдаид!
Ницы! — æрхауди фат кæмдæр фæндагыл!
Фехста, дын, Батрадз дæр. Ацæты уæлкъæсæр
Ныссагъди йæ фат Хæмыцы фыртæн.
Банкъуысти Ацæтæн сæ зæронд хæдзар,
Фынгтæй хæринæгтæ зæхмæ 'æркалдысты,
Куывды бадджытæ — стырæй, чысылæй—
Бакæстытæ кодтой сæ кæрæдзимæ,
«Цы'рцыди?» зæгъгæ, афтæ фæрсæгау.
«Уæ бынæтты бадут, хорз адæм, ма змæлут —
Нæ фыдуаджы фат у, æндæр дзы ницы ис!»
Бадзырдта Сослан бадты адæммæ.
Бирæ нæ рацыди, афтæ дыууæ дæр—
Деденæджы фырт æмæ Хæмыцы фырт —
æрбахæццæ сты Ацæтæм, уæдæ цы!
Сослан йæхи райста, тагъдгомау, хæдварæй.
Фыццаг сæ уазæгæн 'гасцуайтæ ракодта,
Уый фæстæ фездæхти Хæмыцы фыртмæ.
æмæ йын йе'хсæрфарс ныдздзæхст ласта хорз;
«А, куыдзы хъæвдын, куыдзы къæбыла,—
Уый дын æнахъомæй фатæвзарæггаг!»
Уыцы иу зыввытт йæхи ныккодта
Авд хохы сæрты Хæмыцы фырт Батрадз;
Сæ хæдзары фестад, сæ дынджыр хæдзары,
æмæ та аскъæрдта фæнычы йæ къæхтæ.
Бады та фæныкгуыз сæ къонайы тигъыл
æмæ сæ фæныкæй къусбæрттæ кæны.