logo

М О Я    О С Е Т И Я



УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ СОХЪЫР УÆЙЫГ


 

Иуахæмы та Уырызмæг, уыд балцы.
Уыцы рæстæджы-иу нарты фæсивæд
Æрæмбырд æсты Нарты Ныхасы
Æмæ-иу уыцы ран, тæрхæттæ байдыдтой,
Быцæу-иу кодтой, чи хуыздæр у, зæгъгæ,
«Цымæ нæм лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи  уыдзæн?»
Алы бон дæр-иу сæм æрцыдис ахæм дзырд.
Фæлæ нæ фидыдтой нарты фæсивæд:
Сæ иу дæр-иу афтæ: «æз нарты хуыздæр дæн!»
Се'ннæ дæр афтæ: «æз нарты хуыздæр дæн!»
Суанг ма сæ 'ппындæр чи ницæйаг уыдис,
Уый дæр-иу загьта: «æз уæ хуыздæр дæн».
Куы нæ 'мæ куы нæ уыд кæрон сæ быцæуæн,
Уæд сын Сатана афтæ куы зæгъы:
«Бацæут, мæ хуртæ, уæртæ Къармæгонмæ,

Уый зæронд ус у, æмæ йæ бафæрсут;
Уый раиртасдзæни уæ хуыздæры дæр,
Уый раиртасдзæни уæ фыддæры дзер».
Фæсивæд фæцыдысты зæронд Къармæгонмæ,
Æмæ йæ 'рбахуыдтой нарты стыр Ныхасмæ.
«Къармæгон, фæрсæм дæ абон иу хъуыддагæй,
Æмæ нын радт раст дзуапп», дзурынц æмфæсивæд.
«Уæ хуыцауы тыххæй, мацæмæй мæ фæрсут, —
Æз та ма цы зонын?» загъта сын зæронд ус.
«Нæ дæ ныууадздзыстæм, цалынмæ нын зæгъай,
Нарты ‘хсæн лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи у?»
Зæронд Къармæгон сыл йæ цæст ахæссы
æмæ куы зæгъы нарты фæсивæдæн:
«Хорз адæм стут, тыхджын адæм стут,
Уæ къухы бафтæд бирæ хорздзинæдтæ.
Фæлæ кæсын, æмæ уæ тæккæ хуыздæртыл
Мæ цæст нæ хæцы, ам сæ нæ уынын».
«Уæддæр нын сæ зæгъ: чй сты нæ хуыздæртæ?»
Ныллæууыдысты нарты фæсивæд.
«Лæг хуыздæр—Уырызмæг, ус хуыздæр — Сатана»,
Куы нæ уал æмæ йæ куы нæ уал уагътой,
Гъе уæд сын загъта зæронд Къармæгон.
Нарты фæсивæдæн хъыг куыннæ уыдаид,
æмæ тынг бафхæрдтой зæронд Къармæгоны.
Уымæн йæ дыккаг бон балцæй æрыздæхтис
Нарты зондамонæг урсзачъе Уырызмæг,
æмæ йын Сатана хъуыддаг радзырдта:
«Знон æртæ Нартæн сæ хъал фæсивæд
Ныхасмæ 'рбахуыдтой зæронд Къармæгоны,
æмæ йæ уыцы ран ахъаззаг бафхæрдтой».
Нарты Уырызмæг мæстджынæй араст ис
æмæ бацыдис зæронд Къармæгонмæ,
Бацыд æмæ йæ афтæ куы фæрсы:
—  Цы кодтай, Къармæгон, чи дæ бафхæрдта? —
«Фыд бон сæ хай фæуæд нарты фæсивæдæн!—
Загъта йын Къармæгон. — æрбацыдысты мæм
æмæ мæ бахуыдтой Нарты стыр Ныхасмæ.
Фæрсынц мæ уыцы ран: «æртæ Нарты 'хсæн
Лæг хуыздæр æмæ ус хуыздæр чи у?»
æз дæр сын загътон, уæдæ цы кодтаин:
«Лæг хуыздæр — Уырызмæг, ус хуыздæр — Сатана».
Ныхасы астæу мæ ахъаззаг бафхæрдтой».
Сæхимæ æрбаздæхтис нарты Уырызмæг,
Дыккар бон фестадис райсомæй раджы,
Фестадис æмæ нарты фидиуæгæн
Афтæ куы зæгъы, афтæ, Уырызмæг:
—  Цæугæ 'мæ ныхъæр кæн æртæ Нарты 'хсæн:
«Уæлæ Сау хохыл Уырызмæг фос федта,
æмæ лæг чи у, уый фос кæнынмæ
Йемæ рацæуæд! Чи нæ рацæуа,
Уый-иу фæстаг бон афтæ ма зæгъæд:
«æз ницы фехъуыстон, æз цæуылнæ уыдтæн
Уырызмæджимæ фос кæнынмæ», зæгъгæ. —
Фидиуæг ацыд æмæ ныхъæр кодта:
«Уæлæ Сау хохыл Уырызмæг фос федта,
æмæ лæг чи у, уый фос кæнынмæ
Йемæ рацæуæд! Чи нæ рацæуа,
Уый-иу фæстаг бон афтæ ма зæгъæд:
«æз ницы фехъуыстон, æз цæуылнæ уыдтæн
Уырызмæджимæ фос кæнынмæ», зæгъгæ.—
Уырызмæг сæ разæй, афтæмæй, дын, зæгъы,
Куы араст вæййынц нарты фæсивæд,
Куы араст вæййынц Сау хохы сæрмæ,
Сау хохы сæрмæ фос фæкæнынмæ.
Къармæгон, зæгъы, уæд куы ракæны
æртæ мыдамæсты æмæ куы скувы:
«Уæ, хуыцауты хуьщау, ме сфæлдисæг хуыцау,
Залты мит æмæ æнусы цъити
Ахсæв кæм ныууары, нарты фæсивæдæй
Лæг хуыздæр чи у, уый куыд рабæрæг уа!»
æмæ æхсæв-бонмæ уарын байдыдта
Залты мит æмæ æнусы цъити.
Уый бæрц мит æруаргæ никуы ма фендæуыд;
Нал дзы цæуæн уыдис, нал дзы кæсæн уыдис,
Уæддæр нарты адæм кæнынц сæ цыды кой.
Нарты Уырызмæг сæ разæй куы цæуы,
Сæ разæй куы цæуы фæндагамонæгæн.
Ахуыдта, дын, сæ Урс денджызы былтыл,
Уæлæмæ сæ схуыдта Сау денджызы былтыл.
Чи зоны, æмæ ма цас фæцыдаиккой
Залты мит æмæ æнусы цъититыл,
Фæлæ, фæстагмæ, фæллайын байдыдтой,
Фæллайын байдыдтой нарты хъал фæсивæд,
æмæ иугай-дыгай фæндæгтыл задысты,
Тыхтæй-фыдтæй ма сæ хæдзæртæ ссардтой.
æрмæст нæ раздæхти урсзачъе Уырызмæг,
Иунæгæй сфардæг ис Сау хохы рæбынмæ.
Сау хохы рæбынæй уæлæмæ скасти
æмæ уым хохы сæр фосы дзуг æсуыдта.
æссæуы фосмæ нарты хорз Уырызмæг.
Кæсы, æмæ семæ иунæг цæуæй æндæр
Никуы гæс бæрæг ис, никуы бынат бæрæг.
Фосæй дæр, зæгъы, æнахуыр фос уыдысты:
Фыстæ уыдысты раст уæнгуыты йæстæ,
Сæ раздзæуæг цæу та теуайы йас уыдис.
æхсæвæрæн дзы иу далыс ку' аргæвдин,
Зæгъгæ, фæлæбурдта нарты Уырызмæг
æмæ фæхæст ис иу далысы къахыл,
Далыс фестъæлфыд, уæдæ цы уыдаид,
Йæ фæдыл аскъæфта нарты зæронд лæджы.
Цас фæцархайдта Уырызмæг, чи зоны,
Фæлæ йын далыс нæ комы уромын:
Дзыхъытæ æмæ къуыппытыл хойгæ
Фæласта йæ фæдыл зæронд Уырызмæджы.
æмæ фæстагмæ аирвæзт далыс.
«æндæр гæнæн нæй! — загъта Уырызмæг, —
Цæуон сæ фæдыл æмæ сæ бынат
Кæд искуы, мийаг, рабæрæг уаид».
Куы æризæр' ис, уæд фос араст æсты,
Дзуггæс æстыр цæу сæ разæй, афтæмæй.
Нарты Уырызмæг дæр сæ фæдыл араст ис
æмæ сæ хъахъæны, кæдæм цæуынц, зæгъгæ.
Уалынмæ кæсы 'мæ фос иу къæдзæх рæбын
Иу стыр лæгæтмæ бафардæг сты.
Нарты Уырызмæг дæр сæ фæдыл бацыди,
Сæ фæдыл бацыди уыцы стыр лæгæтмæ.
Фыс-фос лæгæты куы фæмидæг æсты
æмæ сæ бынаты куы æрынцадысты,
Уæд футтытæ кæнгæ иу сохъыр Уæйыг,
æд къала бæлас йæ уæхскыл, афтæмæй
Лæгæтмæ бахызтис æмæ йæ бæлас —
æд къала бæлас зæххыл ныццавта.
æд къала бæлас бамуртæ вæййы,
Ахæм муртæ, æмæ цырагьæн ставд чи уыд,
æндзарæнтæн та æгæр лыстæг чи уыд.
Нарты Уырызмæг тынг куы фæтæрсы,
Тынг куы фæтæрсы, фæлæ ма цы кæна —
Кæдæм ма фæлидза Уæйыджы лæгæтæй?
Иæхи фæныфсджын, фæхъæбатыр кæны
æмæ йæм дзуры: — Де 'зæр хорз, Уæйыг! —
«æгас цу, æгас, уæ хæххон дзигло! —
Дзуапп радта Уæйыг, нарты Уырызмæгæн.—
Цы хуыцау дæ 'рхаста ардæм, мæ лæгæтмæ?»
— Хæтæг лæг дæн æмæ ардæм æрбафтыдтæн, —
Загьта Уырызмæг, уæдæ цы уыдаид.
Сохъыр Уæйыг, дын, лæгæты дуарыл
Иу æстыр къæйдур æрбафæлдахы
æмæ арт скæны, стыр арт лæгæты,
Къахахсæн райсы æмæ равналы,
Равналы æмæ дзы иу нæл фыс рацахсы.
æрбаргæвды фысы, цæсты фæныкъуылдмæ,
æмæ йæ акæны раст дыууæ 'мбисы.
æмæ йæ уæларт аджы бафтауы.
Уый фæстæ Уæйыг цырын арты фарсмæ
Ауадзы йæхи зæххыл уæлгоммæ —
æхсæвæры агъоммæ афынæй уон, зæгъгæ.
æмæ уайтагъддæр йæ хуырхуыр ссыди,
Афынæй ис Уæйыг стыр арты фарсмæ.
Уырызмæг бады, уæдæ цы уыдаид,
æнхъæлмæ кæсы, цы уыдзæнис, уымæ.
æхсæвæр куы сцæттæ, уæд Уæйыг райхъал ис,
Сыстади æмæ аг райста уæлартæй,
Аг райста, æмæ фысæн йæ иу æрдæг
æрæвæрдта, зæгъы, Уæйыг йæхи раз,
Иннæ æрдæг та—Уырызмæджы раз,
æмæ йæм дзуры: «Ахæр, мæ уазæг!»
æхсæвæр бахордтой, уæдæ цы, æмæ
Раарфæ кодта Уырызмæг Уæйыгæн.
***
æхсæв куы фæцис, æмæ бон куы срухс ис,
Уæд сохъыр Уæйыг сыстадис æмæ
Лæгæты дуары къæй рафæлдæхта æмæ
Лæгæты дуарыл хæлиу ныллæууыди.
«Цу, Бодзо, фос аскъæр хуссæртты уаддымдтæм,
Дзæбæх сæ фæхиз, æмæ сæ изæры
Бæрæгæй æрыскъæр!» дзуры йæ цæумæ.
Дынджыр цæу сæ разæй, афтæмæй рауагъта
Уæйыг йæ фосы дзуг йæ сагæхты 'хсæнты.
Банымадта сæ иуыл, фæстаджы онг,
æмæ куы фетте сты, уæд йæхæдæг дæр
Сæ фæдыл рахызтис æттæмæ лæгæтæй.
Бавнæлдта æмæ, дын, дынджыр къæйдуры
Лæгæты дуарыл æрбафæлдæхта.
Баззади Уырызмæг лæгæты иунæгæй.
Бæргæ фæцархайдта бон-сау изæрмæ
Дуар байгом кæныныл, къæй рафæлдахыныл,
Фæлæ йын змæлын дæр куы нæ бакуымдта.
Куы баизæр ис, уæд фос æрцыдысты.
æрцыдис Уæйыг дæр, уæдæ цы уыдаид,
æд къала бæлас йе 'уæхскыл, афтæмæй.
Февналы æмæ къæй иуфарс фæкæны.
Йæ фыс-фосы дзуг лæгæтмæ бауадзы,
Бацæуы лæгæтмæ Уæйыг йæхæдæг дæр
æмæ та дынджыр къæй æрбафæлдахы;
Зæххыл ныццæвы æд къала бæлас,
æмæ та бæлас ныммуртæ вæййы.
æмæ бадзуры Уæйыг Уырызмæгмæ:
«Уазæг æрмæстдæр иу æхсæв уазæг у,
Ахсæв та дæ бар у æхсæвæр скæнын.
æмæ скæн æхсæвæр, куыд дæ бон у, афтæ».
— æмæ дын цæмæй æхсæвæр скæнен —
Куы ницы мæм ис? —загъта Уырызмæг.
«Уæдæ æз мæхæдæг скæндзынæн æхсæвæр» —
Зæгъы сохъыр Уæйыг æмæ, дын, райсы,
Хæдзилгæ чи уыдис, ахæм дыкъухыг уæхст;
Райсы æмæ йæ нарты Уырызмæгæн
Цæрдудæй куы стъыссы йæ дыууæ уæраджы,
æмæ йæ куы 'рсадзы цырен арты фарсмæ.
Уæйыг йæхæдæг та «цалынмæ уый фыца,
Уæдмæ иу чысыл аулæфон», зæгъгæ,
Йæхи уæлгоммæ ауадзы æмæ
Уадидæгæн дæр йæ хуырхуыр æссæуы.
Уæйыг афынæй ис, уый куы базыдта,
Уæд тъæрмæ йæ къах фæбыцæу кодта,
Йæ къухтæй та уæларт рæхысыл фæхæцыд,
æмæ, афтæмæй, тыхтæй-амæлттæй
Хæд-зилгæ уæхстæй йæхи рафтыдта,
Йæхи рафтыдта æрдæг арыдтытæй.
Февнæлдта 'мæ уæхст сырх зынг скодта,
æмæ йæ æвиппайд фынæй Уæйыгæн
Йæ дзæбæх цæстæн йæ астæу ныссагъта.
Ныййах, ныхъæр кодта Уæйыг йæ дзыхы дзаг;
Фестадис æмæ лæгæты къуымты
Нарты Уырызмæджы агурын систа.
Фæлæ Уырызмæг дæр иу ран кæм бадтаид! —
Уайтагъд фæмидæг ис Уæйыджы фосы 'хсæн
æмæ уыцы ран йæхи æрæмбæхста.
Куырм Уæйыг агуры лæгæты къуымты,
Фæлæ кæм хæст кæны нарты Уырызмæгыл.
Уæйыг агурынæй куы бафæлладис,
Уæд æрынцадис, уæдæ цы уыдаид,
æмæ дзуры лæгъзæй нарты Уырызмæгмæ:
«Ныр мæнæн уæддæр цард фенæн нал ис.
Мæ тых æмæ м'амонд æгасæй дæр сты
Мæнæ мæ къухыл чи, уыцы къухдарæны.
Гъа, мæ хур, æмæ йæ де 'нгуылдзыл бакæн,
Уæд дæу уыдзысты мæ тых, мæ амонд»,
æмæ аппæрста зæхмæ йæ къухдарæн.
Нарты Уырызмæг Уæйыджы къухдарæн
Фелвæста æмæ йæ йе 'нгуылдзыл акодта.
Къухдарæн «мæнæ ис!» хъæр кæнын байдыдта.
æмæ уæд куырм Уæйыг къухдарæны хъæрмæ
Куы багæпп кæны, æмæ Уырызмæджы
Сурынтæ куы сисы, сурынтæ, уæдæ.
Нарты Уырызмæг дæр, лæгæты къуымты
Иу 'рдæм куы лидзы, иннæ'рдæм куы .лидзы,
Фæлæ къухдарæн йæ хъæрæй не 'нцайы:
«Мæнæ ис!», «мæнæ ис!» кæны 'мæ кæны.
Нарты Уырызмæгæн уæд йæ амондæн
Йæ тæккее разы фæрæт февзæрди,
æмæ йæ Уырызмæг уайтагъд фелвæста,
Фелвæста æмæ, къухдарæн кæуыл уыд,
Уыцы æнгуылдзы къуыдырыл авæрдта
æмæ йæ æркъуырдта фæтæнком фæрæтæй.
Дæ фыдгул афтæ! — æнгуылдз йæ рæбыныл
Атæхын кодта, йæхæдæг алыгъди.
Уæддæр не'нцайы Уæйыджы къухдарæн,
Хъæр кæны зæххæй дæр: «мæнæ ис!», «мæнæ ис!»
Уæйыг бауадис къухдарæны хъæрмæ,
Фæлæбурдта æмæ фæхæстис къуыдырыл.
Стыр къуыдыры фæнык фестын кодта,
Стæй уæд фелвæста Уырызмæджы æнгуылдз
æмæ йæ фырмæстæй къухдарæнимæ
Йæ дзыхы баппæрста,— аныхъуырдта йæ.
Фæстагмæ куырм Уæйыг йæ бон куы базыдта,
Уæд ныссабыр ис, дзуры Уырызмæгмæ:
«Додой дæ сæр кæны, кæдæм мын лидздзынæ,
Мæ сагæхты 'хсæнты нæ цæудзынæ 'ттæмæ?»
Бацыдис сагъæсы нарты Уырызмæг.
Хъуыдытæ кæны: «Уæдæ цы бакæнон,
Ацы фыдбылызæй куыд фервæзон», зæгъгæ.
Хъуыдытæ байдыдта, уæдæ цы уыдаид!
æмæ та хиндзинад æрхъуыды кодта:
Уæйыг куы бафынæй, уæд бавдæлд æмæ
Цæу æрбаргæвста, дынджыр Бодзо-цæуы.
Мæхæлыстыгъд æй уайтагъд акодта,
Йæ сыкъатæ дæр йæ цармыл, афтæмæй.
Райсом куы 'рбарухс ис, уæд нарты
Уырызмæг Бодзо-цæуы царм йæ уæлæ 'рбакодта.
Куырм Уæйыг дæр йæ фос уадзын афон
Сыстадис æмæ лæгæты дуары къæй
Иуы'рдæм раппæрста. Лæгæты дуарыл
Хæлиу ныллæууыдис æмæ дзуры йæ цæумæ:
«Уæ, Бодзо, рацу, дæ фæхъау фæуон,
Аскъæр та дæ фос хуссæртты уаддымдтæм.
Дзæбæх сæ фæхиз ардыгæй изæрмæ
æмæ сæ афоныл, бæрæг, æнæхъæнæй,
Фæстæмæ æрыскъæр сæ ахуыр бынатмæ».
Нарты Уырызмæг дæр  цæуы цармы мидæг
Фосæн сæ разæй куы рараст вæййы,
Уæйыджы цурмæ куы рахæццæ ис,
Уæд йæ сыкъатæ тынгдæр фæхъил кодта;
Уæйыг æй йæ уырзтæй бæргæ æрыскæрста,
Фæлæ Уырызмæджы уæддæр нæ базыдта.
æмæ Уырызмæг уæд куырм Уæйыгæн
Йæ сагæхты 'хсæнты куы феттæдуар ис,
Уæд фос иууылдæр Уырызмæджы фæдыл
Кæрæдзийы фæстæ куы рарæгь æсты.
Куы сæ банымайы Уæйыг фæстаджы онг;
Афтæмæй иууылдæр куы феттæдуар сты,
Уæд нарты Уырызмæг цæудзарм аппæрста
æмæ фæстæмæ дзуры Уæйыгмæ:
— Гъе ныр, куырм хæрæг, «Бодзо», «Бодзо» кæн!
Ацы фосæй ды цы ницыуал фенай,
Де'ннæ фæллойæ дæр æндæр мацыуал фен! —
Куырм Уæйыг дæр ма бæргæ рагæпп кæны,
Фæлæ йæ фырмæстæй, йæ лæгæты раз
Цы бæрзонд был уыдис, уый не 'рхъуыды кодта,—
Асхъиудта былæй æмæ ныххæррæгъ ис!

***
Нарты Уырызмæг Уæйыджы фосы дзуг
Йæ разæй ракодта æмæ рараст ис
Нарты стыр хъæумæ, уæдæ цы уыдаид!
Йæ хæдзармæ 'рхæццæ йæ фосы кондимæ.
Фæсидт фидиуæгмæ æмæ йын загъта:
«Ацу 'мæ ныхъæр кæн æгас Нартыл дæр:
«Уырызмæджимæ уыцы бон чи рацыд
Сау хохы сæрмæ фос фæкæнынмæ,
Уыдон æрæмбырд уæнт райсом Уарæн фæзмæ,
æмæ байуарæм уым нæ фосы конд».
Рацыд фидиуæг æмæ ныхъæр кодта:
«Уырызмæджимæ уыцы бон чи рацыд
Сау хохы сæрмæ фос фæкæнынмæ,
Уыдон æрæмбырд уæнт райсом Уарæн фæзмæ,
æмæ байуарæм уым нæ фосы конд».
Зæронд Уырызмæг æрбахонын кодта
Нарты Уарæн фæзмæ Къармæгоны дæр.
Нарт сæумæ райсом æрæмбырд æсты
æмæ байдыдтой сæ фосы конд уарын.
Уæд нарты Уырызмæг бавдæлдис æмæ
Рахицæн кодта йæ фосæй уæлдай хай.
æмæ бакастысты нарт кæрæдзимæ,
«Ацы уæлдай кæй уыдзæн», зæгъгæ.
Исын байдыдтой сæ хæйттæ нарт 'адæм,
Айстой æмæ дзы уæлдай хай баззади.
Уæд дзуры Уырызмæг зæронд Къармæгонмæ:
— Кæй дæ бафхæрдтой фæсивæд дзæгъæлы,
Уый тыххæй, Къармæгон, мæнæ хай дæуæн дæр. —
Къармæгон дæр, дын, йæ хай куы райсы,
Уæд фæсивæдмæ афтæ куы бадзуры:
«Гъе, ныр уын нæ загътон, нарты фæсивæд,
Уеппæты хуыздæр Уырызмæг у, зæгъгæ!»
Басастысты уæд нарты фæсивæд,
Уырызмæг сеппæтæй хуыздæр кæй у, ууыл.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке