Уæларв Сафа, зæгъы, уæд куы сфæнд кæны
Дауджытæн куывд кæнын, дауджытæн, мæ хуртæ.
Æмæ уæларв Сафа йæ куывдмæ куы 'рхоны
Лæджы фарсдарæг рухс Уастырджийы,
Æрвнæрынгæнæг хоры Уациллайы,
Сиуон сырдты хицау хъæрæу æфсатийы,
Фысфосы бардуаг зæронд Фæлвæрайы,
Ноджы ма куы 'рхоны Сафа йæ куывдмæ
Дымгæты бардуаг тызмæг Галæгоны,
Куырд Куырдалæгоны, доны Донбеттыры.
Бадынц дауджытæ Сафайы хæдзары,
Адджын сау бæгæны нуазынц дзæбидыртæй,
Уырдыгстæг та сын нарты Сослан уыдис.
— Сафа, дæ буц хъан нарты Сосланæн
Æхсæртæггаты туг хъазы йе уæнгты,
Дзурынц дауджытæ зæронд Сафамæ.
— О,— загьта Сафа,— æхсæртæггатæн
Тыхджын у сæ мыккаг, ницæмæй тæрсы,
Тох-хæстмондагæй иуыл цъæх арт уадзы. —
Уæд нарты Сосланы цæрæнбоны тыххæй
Гаджидау рауагъта лæгты дзуар Уастырджи. —
— Лæвар кæнын, — загъта, фæстагмæ, Уастырджи,—
Нарты Сосланæн æз мæ фæринк кард,
Кæддæр æй мæнæн дæр ахæм куывды мидæг
Радта лæварæн уæларв Куырдалæгон.—
æмæ банызта дзæбидыры сыкъа
Йæ тæккæ бынæй лæгты дзуар Уастырджи.
Уастырджийы фæстæ гаджидау райста
Хъæрæу æфсати æмæ: йæ банызта
Нарты Сосланы цæрæнбонты тыххæй.
Раарфæ йын кодта, уæдæ цы уыдаид,
Дурæйгуырд Сослан æмæ йын загъта:
— Хохæй, быдырæй сырдтæ, æфсати,
Иуыл дæ бар æсты, ды дæ сæ хъахъæнæг;
Кæсыс сæм бæрзондæй æмæ сæм нæ уадзыс
Зæххон адæмы хæстæг бацæуын.—
Сафа дæр, зæгъы, уæд куы фæлæууы
Нарты Сосланы фарс, æмæ домæгау
Уый дæр куы дзуры хъæрæу æфсатимæ:
Дæ бирæ фос кæмтты дзæгъæлы куы сæфынц,
Зææххон адæмæн сæ цæмæн хæлæг кæныс?
Бахай кæн адæмæн дæ фосы рæгъæуттæй,
Уыцы хорздзинад дын нæ уыдзæн рохуаты».
— Хорз, афтæ фæуæд,— зæгъы сын æфсати,—
Бахай кæндзынæн æз нартæн мæ фосæй,
æрмæст сын нæ уыдзæн уый бынтон лæвар:
Цуанон-иу цуаны куы рараст кæна,
Уæд-иу сæ 'фцæгыл æссарæд мæ ном.
æстæй-иу Сау хохы сырд куы амара,
Уæд-иу уыцы сырдæн йæ рахиз æскуы
Раттæд, фыццаг ыл чи сæмбæла, уымæн.
æмæ фæтк фæуæд æмбæлæггаг дæттын.—
æфсатийы фæстæ гаджидау райста
Фысфосы хицау зæронд Фæлвæра,
Банозта уый дæр дзæбидыры сыкъа
Нарты Сосланы цæрæнбоны тыххæй
æмæ йын загъта: «Цæмæй дын дæ фосæй
Налат цъæх бирæгътæ къаддæр æскъæфой,
Уый тыххæй дын æз бацамондзынæн
Ахæм арфæтæ, æмæ-иу дæ фосмæ
Налат цъæх бирæтътæ куы фæлæбурой,
Гъе, уæд-иу ды зæгъ уыцы арфæтæ,
æмæ-иу уайтагъд сæ уæлхъус фестдзынæн —
Иу ахæссын дæр дзы нæ бауадздзынæн».
Банозта, зæгъы, дзæбидыры сыкъа
Нарты Сосланы цæрæнбоны тыххæй
æрвнæрьшгæнæг хоры Уацилла дæр.
Раарфæ йын кодта, нарты 'гъдаумæ гæсгæ,
Дурæйгуырд Сослан, æмæ йын загьта:
— æрвнæрынгæнæг хоры Уацилла,
Абон дæ курын зæххон адæмæн
Ахæм хæрзиуæг: фехъуыстон, дæуæн
Дæ дзыппы кæй ис хоры нæмгуытæ;
Ма сæ бахæлæг кæн, курын дæ,
Уацилла, Зæххон адæмæн,—бузныг дæ уыдзысты.—
— Хорз, — загъта Уацилла. — æз нартæн раттдзыянæн
Мæ хоры нæмгуытæй. Уалдзæджы-иу сæ,
Зæхх куьщдæр æстæвса, афтæ байтауæнт
Хуссарварс быдырты: азæй-азмæ-иу сæ
Хæрынæн цы хъæуа, уый-иу дзы æрзайдзæн.—
Райста, зæгъы, уæд дзæбидыры сыкъа,
Дзæбидыры сыкъа йæ тæккæ дзагæй
Куырд Куырдалæгон дæр æмæ йæ банозта
Нарты Сосланы цæрæнбоны тыххæй.
Уæд, зæгъы, Сафа куы сысты æмæ дзы
Нарты Сосланæн хæрзиуæг куы домы:
— Гъе, Куырдалæгон,— афтæ бадзуры,—
Ды æдзухæй дæр хорз кæрдтæ аразыс,
Кæнæ фæсæрыс болат-адæмты.
Бон-сауизæрмæ дæ хъæсдарæг хойыс
æмæ нæ; нæ, уадзыс нæ цæст æрцъынд кæнын.—
— Цæмæ нæ 'рхуыдтай, уый бамбæрстон, Сафа,—
Зæххон адæмæн нæ курыс лæвæрттæ.
— Хорз, фæуæд афтæ! —зæгъы Куырдалæгон.—
æз зæххон адæмæн дзыбыр сараздзынæн,
æмæ-иу уалдзæг, зæхх куыддæр стæвса,
Афтæ-иу уымæй сæ хуымтæ бакæнæнт.—
Раарфæ йын кодта, нарты 'гъдаумæ гæсгæ,
Дурæйгуъфд Сослан æмæ йын загъта:
— Бузныг, Куырдалæгон, мах-иу æхсиддзыстæм
Адджын бæгæны, æмæ-иу дын уымæй
Уалдзæг, хуымкæнгæйæ, дæ ном ардзыстæм.—
Гаджидау райста тызмæг Галæгон дæр
æмæ банозта дзæбидыры сыкъа
Нарты Сосланы цæрæнбоны тыххæй.
— Дæуæй та курын, тызмæг Галæгон,—
Дзуры йæм Сослан,— æз ахæм хæрзиуæг:
Ма уадз ды нартыл тымыгътæ 'мæ уадтæ.—
— æгæр бирæ курыс, æгæр, нæртон гуырд,—
Дзуры Сосланмæ дымгæйы бардуаг
Тызмæг Галæгон,— дзырд дын куы раттон,
Уæд дæр йæ сæххæстмæ æнхъæлмæ ма кæс.
Фæлæ дын уый зæгъын, æмæ-иу фæззæджы
Уæ хоры кæритæ куы сыгъдæг кæнат,
Уæд-иу уæм рог дымгæ æз арвитдзынæн
æмæ-иу уый уайтагъд хоры нæмгуытæ
Фæхицæн кæндзæни цъацъа 'мæ зыгуымæй.—
— Бузныг, Галæгон! — загъта йын Сослан,—
æз дæр дын дзырд дæттын, фидар нæртон дзырд:
Нæ кæритæн-иу, дымгæмæ даргæйæ,
Сæ фæстаг фийаг дæуæн раттдзынæн! —
Фæстагмæ райста дзæбидыры сыкъа
Дæтты бардуаг доны Донбеттыр.
Уый дæр банозта, уæдæ цы уыдаид,
Нарты Сосланы цæрæнбоны тыххæй.
Уымæн дæр та, зæгъы, нарты 'гъдаумæ гæсгæ,
Сослан раарфæ кодта æмæ йын загъта:
— Дæтты бардуаг домбай Донбеттыр,
Дæттæ 'мæ фурдтæ иууыл дæ бар æсты;
Бирæ тых дæм ис, æмæ дæуæй дæр
Курын æз адæмæн, нарты адæмæн,
Дæ ном цæмæй мысой, ахæм хæрзиуæг.—
— Уæ, нарты Сослан, æз дæр ма дæ, уæдæ,
Куыд фæхъулон кæнон,— дзуапп радта Донбеттыр, —
Мæ цæугæ дæттыл-иу куырæйттæ саразут,—
Æз мæ чызджытæн бафæдзæхсдзынæн,
Цæмæй -сын-иу рæвдзæй зилой сæ цæлхытæ,
Уый та мæ лæвар нарты адæмæн. —
Арфæтæ ракодта Сафа йæ уазджытæн,
Раарфæ кодтой уыдон дæр Сафайæн
Æмæ фæцыдысты сæ фæрныг хæдзæрттæм.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат