Сырдон иу лæгæй фæци тын хæсджын.
Нарты Сырдон, зæгъы, цыбыр къух лæг уыди.
Йæ хæсдæттæг æм уыцы цыд кодта,
Фæлæ-иу фæстæмæ аздæхт афтидæй,
Йæ хæс йæ къухы нал æмæ нал æфтыд —
Сырдон ын æдзухæй æфсæнттæ кодта.
Иу æмгъуыдмæ та хæсдæттæг фæзынди:
«Йе, Сырдон, ракæс-ма, хæдзары нæ дæ?»
«Сырдон ам нæй», зæгъгæ, радзырдтой хæдзарæй.
«Уæдæ кæм уыдзæн?» афарста' хæсдæттæг.
«Дæлæ хъæугæрон донхæрæг къахы».
Уæд хæсдæттæг дæр араст хъæугæронмæ.
«Байриай, Сырдон!»—æгас æрцæуай!—
«Сырдон, мæ тын мын! Сайгæ мæ мауал кæн!
Бирæ мын фæкодтай æфсæндтæ, æмгъуыдтæ,
Бафидын афон у, цæсгом дæр дзы хъæуы».
— У, дæ хорзæхæй, мауал дзур уый тыххæй!
Нæ уыныс мæнæ: дæ кой куы кæнын!—
«Сырдон, уый та уæд куыд «мæ кой кæныс»?
Кæсын дæм æмæ донвæд куы къахыс?»
— æнхъæл дæн, мæ лымæн, æнæ 'мбаргæ куы дæ!
Мæнæ ацы ран донхæрæг скъахдзынæн,
æз донхæрæгмæ дон рауадздзынæн.
Йæ былтыл та йын сындз ныссадздзынæн.
Фос хизмæ цæугæйæ, хизæнæй цæугæйæ,
Ацы сындзытыл сæхи хафдзысты,
æмæ сындзытыл сæ хъуын баззайдзæн.
Гъемæ уыцы хъуын æрæмбырд кæндзынæн,
Бауафдзынæн дзы замманайы тын,
æмæ дын дæ хæс уæд бафиддзынæн.—
«Ха-ха-ха!» Ныххудт лæг йæ дзыхыдзаг.
— Цæуылнæ худай? — Сырдон ын загъта.—
Кæд æмæ дæ тын дæ къух æссардта! —
Уыйадыл хæсдæттæг йæ къух ауыгъта
æмæ афардæг, уæдæ цы уыдаид!
Гæды Сырдон ма абоны онг дæр
Донхæрæны был сындзытæ садзы.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат