logo

М О Я    О С Е Т И Я



САТАНАЙЫ ЛÆППУ


 

Иуахæмы та афæдз балц фæцыди
Нарты Уырызмæг, чи зоны — кæдæм;
Хъæстбойнон баци уæд йæ ус Сатана.
Гъа, ныр æрхæстæг уа йæ рæстæг, афтæ, дын,
Æртæ мыдамæсты ракæны Сатана,
Æртæ мыдамæстæй хуыцаумæ æскувы:
— Уæ хуыцауты хуыцау, уæ, мæхи хуыцау!
Афæдзæй афæдзмæ нæ бæстыл цы 'рбады
Мигъ æмæ æврагъæй, уый Нарты хъæуыл
Иумæ   куыд æрбада ныртæккæйы сахат!—
Тар мигъ æрбадти æгас нарты бæстыл,
Тар мигъ æрбадти Нарты хъæуыл дæр.
Тутырты чи райгуырд, ахæм уæнгуытæ
Баифтындзын кæны уæрдоны Сатана,
Баласын кæны йæхи Терчы былмæ,
Æмæ йын уыцы ран лæпйу райгуыры.
Ноггуырды цæвæрдтой чырынгонды хуылфы,
Чырыны та цæвæрдтой бæлæгъы, æмæ йæ
Афтæмæй басхуыстой фурды арфдæрмæ.
Йæ  галуæрдоны та бабадти  Сатана
Æмæ æгас хæдзар фæстæмæ ссардта.
Бæлæгъ узгæ-узгæ згъоры фурды сæрыл,
Хъазынц дзы сæхицæн фурды фæйлауæнтæ,
Раппар-баппар кæнынц, æхсныфау, бæлæгъы.
Иуахæмы, дын, бæлаæгъ ныйирвæзти
Иу хъæздыг æлдары кæсагахсджытæм.
Уыдон æрурæдтой бæлæгъы доны был,
Байтом, дын, кодтой хъавгæйæ, чырынгонд,
Систой уырдыгæй удæгас сывæллоны
æмæ йæ бахастой æлдары хъæумæ.
æлдар æй хæссынтæ райдайы, хæссынтæ,
Раст цыма мæнæ йæхи хъæбул уыди.
Лæппу куы байрæзти, уæд рабæрæг сты
Йæ уды конд æмæ йæ зæрдæйы ахает,—
Нæртон туг кæй зылди йæ тугдадзинты, уый.
Фыццаг уыд, æмæ дзы фæлмæцын байдыдтой
Йе 'мгар сывæллæтгæ, чызгæй уа, лæппуйæ;
Уый фæстæ хъаст кæнын райдыдтой æппуйæ
Дондзау зæгъай æмæ куыройдзау инн'ахæм:
Нал уагьта йæ фатæй къæрта къæртайæн,
Къуыстил къуыстилæн, къæсса та къæссайæн,—
Знаггад кæнынæй æмæ фыдуаг мийæ
Фæсте ницыуал ныууагъта лæппу.
Дзыллæ дзы сæ сæрæн куы нæ уал уыдысты,
Уæд æрæмбырд æсты æмæ иугуыппæй
æлдармæ 'рцыдысты æмæ йын загътой:
«Не'лдар, фæхъаст кодтам мах дæумæ тынг бирæ
Д'арæггаг лæппуйы фыдуаг миты тыххæй,
Фæлæ нырмæ дæр уый йæ фыдуагдзинæдтæ
Нæма уадзы, 'мæ йын уынаффæ нæ кæныс
Ныссабыр кæнынæн нырмæ дæхæдæг дæр.
æрсабыр афон та рагæй у лæппуйæн,
Милтæ йыл фæхæцыд, сси æмбарынхъом.
Зæгъæм дын фæстаг хатт, не 'лдары хай, афтæ:
Кæнæ дын дæ лæппу, кæнæ та мах равзар!»
Сагъæсы бацыди, хъуыдытæ райдыдта
Уæд æлдар æмæ, дын, бауынаффæ кодта:
«Нæ хъæу цæрæнбынат нал у мæ хъанæн,
Фервитын æй хъæуы æцæгæлон бæстæм».
Алцы æппæтæй йæ хæрзифтонг скодта —
Дарæсæй зæгъай, уæд хæцæлгарзæй.
Йæ рæгъæутты æхсæн хуыздæр бæх авзæрста,
Абадын æввонг сарæзта лæппуйы,
Стæй уæд баздæхти æмæ йын бафтыдта
Дыууадæс барæджы йæ фæдыл балцы.
Барджытæм аивæй фæсидти хибармæ
æмæ1 сын сусæгæй афтæ ныффæдзæхста:
«Усгуры æфсон мæ хъаны æрвитын     
Нæ хъæуæй æмæ-ма абалц кæнут йемæ
Дард хæтæн фæндагыл. Иу ран, иу бæстæйы
Бахæццæ уыдзыстут иу æфсæн дуармæ.
Дуар æхкæд уыдзæн. Уæд æрцæвтæ кæндзæн
Хъан йæ бæхы æмæ дуарæн йæ сæрты
Иу сæррæт бакæндзæн. Дуары мидæгæй
Лæппу фæци, зæгьгæ, афтæ-иу фæстæмæ
Лидзынтæ райдайут. Ма уæ-иу ферох уæд,
Дыууæ барæджы уæ иуы'рдæм ма фæуæд,
Фæлæ-иу алы'рдæм ныххæлиутæ ут».  
æмæ, дын, арасти усгур æлдары хъан,
Дыууадæс барæджы цыдысты йæ фæдыл.
Бирæ фæцыдысты. Стæй, дын, уалынджы
æфсæн дуары размæ æрхæццæ сты.
Йæ ехсы хъæдæй йыл лæппу бахæцыд,
Фæлæ нæ байгом ис. æрбамбырдтæ кæны
Уæд лæппу йæ бæхы, ехсæй йæм февзиды —
Тæрхъусы кафт скæны уæд йæ барæджы бын
Бæх æмæ уайтагъддæр æфсæн дуары сæрты
Басæррæтт ласы хæххон цæргæсау.
Уый куы ауыдтой йе 'мбæлттæ,— уайтагьддæр
Куый-хъæд, куый-дур, зæгъгæ, ныйисты алы'рдæм.
Лæппу ма иу дзæвгар сæ фæдыл фæкасти,
Уый фæстæ байдыдта цæуын йæ фæндагыл.
Бирæ фæцыдаид, чысыл фæцыдаид—
Чи зоны, фæлæ, дын, барæг æрфынæй ис
Йæ бæхыл иу афон. Бæх та йæ цыд кæны.
Уæд æртæ барæджы фæдæргæзст æркодтой
Лæппуйæн йæ фæндаг. Барджытæ уыдысты
Нарты хæрзæджытæ — æхсæртæггатæн
Сæ разагъды лæгтæ: урсрихи Уырызмæг,
æфсæнрихи Хæмыц æмæ нæрæмон Сослан.
«Иудадзыг дзæгъæлы нæ фæци нæ фæндаг,—
Загътой нæртон адæм, — уæртæ уыцы барæг
Истæмæн сбæздзæн — уæд та, æппын фæстаг,
Уæрагæмбæрзæнты аргъ кæд райсид, нæ сылтæн».
йæхи йыл раскъæрдта нарты Сослан æмæ
Йæ бæхæй скъуырдта лæппуйы бæхы,
Фæлæ, мара-зæгъай, æппын нæ фенкъуысти.
Базмæлын кодта йæ бæхы Хæмыц дæр,
Уыциу цæф æскæны фыдæбойнаг барæджы,
Фæлæ та нæ халы гъе уæддæр йæ фаддзау.
Уæд нарты Уырызмæг йæ разагьд æрфæны
Фездахы барæгмæ, фæлæ барæджы бæх
Ницы ком радта æппын Хъулонæн дæр —
æрфæны ныццæфæй йæ цыд нæ фехæлд.
Уæд сæм барæджы бæх афтæ бадзуры:
«Ма кæнут, хорз адæм, æнцад нæ уадзут
Нæ сабыр фæндагыл. На'мæ куы райхъал уа,
Гъе уæд уæм уæ митæ хорз нал фæкæсдзысты».
Куы нал æй уагътой, уæд йæхи ныууыгъта
Барæджы бæх æмæ лæппу æрыхъал ис.
Аеæрфта цæстытæ, уæдæ цы уыдаид,
æмæ фæкомкоммæ нарты гуыппырсартæм.
йæ бæх сæм фездæхта,—хордзен-баст акодта
Лæппу йæ фæсарцы нарты Хæмыцы
æмæ Уырызмæджы,—нарты хисдæры,—
Сосланæн стъыста йæ ронæй буары 'хсæн
Иæ арц æмæ йæ райста йæ бæхæй,
Афтæмæй йæ арцыл хæссынтæ байдыдта.
Атымбыл сын кодта сæ бæхтæ йæ разæй
æмæ сæ тæрынтæ райдыдта, уæдæ цы!
— Чи зоны, æмæ уыл ахæм ми æрцæудзæн
Уый æнхъæл нæ уыди уæ иу дæр, фæлæ уын
Цы хъомыс суыдзынæн, уый ныр фендзыстут!
Баздæхдзынæн æмæ уæ ацы хуызæнæй
Нарты стыр хъæумæ бæхыл ныххæсдзынæн,
æрæвæрдзынæн уæ уым уæ устыты раз.—
Нарты хæрзæджытæ фыдраны    бахаудтой,—
Уый бæрц фæхаттысты, уый бæрц æцыдысты,
Фæлæ сыл нæ фембæлд ныры онг иу ахæм.
Хорзау нал уыдысты нарты скуыхт адæм дæр.
Катайтæ байдыдтой, сагъæстыл фесты.
Фæфæлдæхтысты, се'взаг, дын, ауагътой:
«Ма нæ худинаг кæн, ма нæ фесаф уый бæрц,
Курæм дæ стыр хатыр, ныббар нын нæ рæдыд,
Ма саккаг кæн, лæппу, дæхицæн нæ бафхæрд.
Фæлтау нæ ацы ран амар дæхи къухæй,
Уæддæр нын уыцы ми ма бавзарын кæн».
— Ацæргæ адæм стут, æмæ уын уый тыххæй
Хатыр фæуæд, уæдæ, фæлæ мын дзырд раттут,
Куьщ нал бафхæрдзыстут фæндаггон адæмы,—
Дзуры сæм лæппу — нарты стæронтæм.
Цы гæнæн ма сын уыд? Радтой йын уыцы дзырд.
Барæг суæгъд кодта нарты хæрзæджыты
æмæ: сæ алчи дæр араст йæ фæндагыл.
Барæг цас ацыд, чи зоны, фæлæ, дын,
æваст æрбахæцыд йæ бæхы рохтыл.
«Марды рох мыл бафтыд! Кæдæм цæуын, уымæн
Ай куы ницы зонын; куы ницы æмбарын
Цы бæсты дæн æмæ ус кæм курдзынæн,
Уый дæр куы нæ зонын, уæд ацы адæмы
Цæуылнæ бафарстон, цæмæн сæ ауагътон?
Бирæ чй ахатти, бæстæтæ чи федта
æмæ бирæ таутæ чи ахордтаид,
Ахæмты каст кæнынц ацы барпжытæ —
Бæрæг у сæ уæлæ. Баййафын сæ хъæуы,
Искуы мын иу чызг кæд бацамониккой».
Нарт, д!ын, куы ауыдтой сæ фæдыл цæугæйæ
Фыдæбоны барæджы, уæд лидзæг фесты.
Хъæр сæм кæны лæппу: — Фæлæуут ма мæм!
Дæттын уын лæджы дзырд, ницы уын кæндзынæн,
Хъуыддагæн мæ хъæут, фæрсгæ уæ кæнын!—
Нарт фæсабыр сты сæ цыдæй, уæдæ цы,
æмæ сæ баййæАта уайтагъпдæр барæг. —
Нæ хæдзарæй усгур рацыдтæн æз, фæлæ
Ацы бæстæйы нæ зонын иуы дæр.
Бирæ чи фæцыдис, сымах та ахæм стут.
Курын уæ æмæ мын иу чызг банымудзут.—
æмæ загъта уæд Уырызмæг лæппуйæн:
«Дæлæ дыууæ доны цы ран баиу вæййынц,
Уым цæры 'мæ хæры йæ рæсугъд галуанты
Иу лæг —Адыл зæгьгæ. Уымæн ис ахæм чызг,
æмæ дунейыл уый хуызæн никуы ис
Уындæй дæр, кондæй дæр æмæ æгъдауæй дæр.
Дунейы 'взаргæтæй ууыл чи не сдзырдта,
Ахæм нал баззад, фæлæ сын нæ комы.
Уыимæ йæ фыд — Адылæй хъæздыгдæр
Хъуамæ дунетыл макуы разына».
Дыууæ доны астæу Адылы фидæрттæм
Уæд йæ ных сарæзта Сатанайы лæппу.
Йе'мгæртты æхсæн бадти йæ мæсыджы
Адылы рæсугьд чызг æмæ кодта къухми.
Уæд дзуры чызджытæй иу афтæ йе 'мгæрттæм:
«Уæртæ нæм иу чидæр тындзгæ æрбацæуы,
Никуы ма æрбацыд уый хуызæн абæстæм».
Уæд афтæ куы зæгъы Адылы рæсугъд чызг:
«Кæсут æм æмæ кæд донæн йæ тæнджытæ
Агура, гъе уæд ыл нæхи æсхæсдаыстæм
Зæрдæ быны худтæй, ахъаздзыстæм дзы.
Кæд æмæ 'рбацæуа нæ доны комкоммæ,
Уæд у сæрæн лæппу, мойæн мын сбæздзæн».
Кæсы йæм иу чызг æмæ бадзуры:
«Донæн æрбасхуыста йæ тæккæ иугуыры,
Кæсаг дæр уый хуызæн не 'рбаленк кæндзæни.
Мара-зæгъай, æмæ йæ бæх уыцы фурды
Чиугæ дæр фæкæна,— фатау æрбайгæрста.
Адылы галуанты æрхызти йæ бæхæй
Сатанайы лæппу, уæдæ цы уыдаид.
Адылы рæсугъд чызг цы уаты бадт, уымæн
Йæ дуарыл бахæцыд ехсы хъæдæй æмæ
Мидæмæ бафæлдæхт дуар дæр, уæдæ цы!
Адылы рæсугъдмæ уæд лæппу бадзуры:
— Дæ бон мын хорз уа, ме'взæр æфсннаг!
— Уæд чызг лæппуйæн радты ахæм дзуапп:
«Хорзæй цæрай, хорзæй, Сатанайы лæппу!»
Лæг æмæ усæй сын цæрынтæ бацайдагь
Адылы фидæртты, дыууæ доны астæу
Хуыдзыхау кæм фæци зæхх, гъе уыды ран.
Ницы хъуаг уыдысты, алцæмæй — хæрз æххæст.
Уæд, дын, иуахæмы, ус дзуры лæппумæ:
«æвæдза лæппуйæн ус фæци, гъе уæд æй
Йæ къах нал фæхæссы хæдзарæй æттæмæ.
Кæсьш дæм æз, æмæ дæ гуымиры хъару
Цæй бæрц райрæзыди, зонд уый бæрц нæма у.

Гуымиры тыхы та зонд куы нæ араза,
Уæд фыдбылызы сæдзы адæймаг.
Бавдæл æмæ фæцу уæд Тархъы Сындзмæ.
Уым ис иу сау рувас, йæ ныхы астæу —
æртæ урс æрдуйы. Рувасы куы 'рцахсай,
Уæд ратон æрдуты. Зондамонæг уьгдзæн
Иу æрду уыдонæй, иннæ та рон фестдзæн,
æртыккаг æрду та фестдзæн æгънæджытæ
Сыгъдæг æвзист æмæ сызгъæринæй арæзт,—
Мæнæн, дын, лæварæн рон æмæ 'гънæджытæ.
Фæлæ дар дæ зæрдыл: рувасы æрцахсын
Афтæ æнцонты не 'фтдзæни дæ къухы.
Тархъы Сындзы пыхсмæ куы бафтай, гъе уæд æй
Сурынтæ сисдзынæ, æмæ дæ дарæсæй
Ницыуал баззайдзæн æнæхъæн дæ уæлæ —
Сындзыл дын баззайдзæн гæбазгай, гæппæлгай,
Уалдзæг ыл фысы фист куыд баззайы, афтæ.
Суадæттæй уайдзæни дæ туг дæ буарыл,
Дæ къухы нæ бафтдзæн. Сындзæй йæ расур.
Сурын æй сисдзынæ уырыл æмæ уæд
Фæуæлгом уыдзысты дæуæн дæ дзабыртæ,
Кæлдзæн дæ къæхты пырх. Фæлæ сау рувас дæр
Уæдмæ фæлмæцдзæни, уырыл ныллæудзæни,
Дæхи фæфидар кæн, æмæ йæ 'рцахсдзынæ;
æртæ æрдуйы мын йæ ныхæй стондзынæ
Стæй йын уый фæстæ йæхи суадздзынæ».
Ацыди, уæдæ цы, Сатанайы лæппу,
æрцахста рувасы æмæ йын йæ ныхæй
æрдутæ ратыдта, æмæ сæ бафснайдта,
Гъе стæй рувасы йæхи бар ауагьта.
Раздæхти уырдыгæй лæппу сæ хæдзармæ.
æмæ та Адылы сау рæсугъд чызгимæ
Цæрынтæ райдайынц, хæрынтæ — инн'ахæм.
Цчс та фæцардысты, чи зоны, фæлæ та
Иуахæмы дзуры Адылы рæсугъд чызг:
«Иунæгæй цæрынæй, лæгай, ацы ран,
Нал фæразын: æгæр æнкъард у.
Баздæх ма æмæ та фæцу иу балцы.
æрыскъæф тонынмæ райсом рацæудзысты
Ногъайы фæсивæд чызгæй уа, лæппуйæ.
Афтæ бакæн, æмæ æрбахон уыдонæй
Сæдæйы æмæ сæ æрынцайын кæн
Н'алы фарс, æмæ уæд цæрдзыстæм хъæлдзæгæй
Уыдзæн нын æнцондæр уыдоны руаджы».
Фондзыссæдз чызджы 'мæ фондзыссæдз лæппуйы
Ногъайы фæсивæдæй æркæны нæртон гуырд,
æрпæрын сæ кæны фидары алфамблай,
Хъæу сæ æрцаразы, уæдæ цы уыдаид.
Уæд та иу рæстæджы Адылы рæсугьд чызг
Афтæ куы бадзуры йæ сæры хицаумæ:
«Уæ, мæ сæры хицау, кæнинаг ма дын у
Адыууæ боны иу æхсызгон хъуыддаг:
Нарт Гуры фидармæ бабырстой æмæ дзы
Цы фос фæкодтой, уый райсом уардзысты.
Бавдæл ма æмæ дзы дæхи фæхайджын кæн.
Уый та афтæ зын нæу, зондæй куы кусай, уæд.
Нарт, дам, куы цыдысты Гурмæ бырсынмæ,
Уæд къулбадæг усы фидармæ фæндагыл
æрбадын кодтой, стæронтæй фидармæ
Фыццаг чи бахиза, уый бæрæг кæнынæн;
Лæвæрттæй фыццаг бар раззаджы уыдзæни.
Уыцы усæн дын æз йæ къахæй йæ къухмæ
Фæлыст бахуыйдзынæн. Ды та йыл дæ фæндаг   
Акæн æмæ йын балæвар кæндзынæ
Уыцы дарæстæ. æмæ йын бафæдзæхс:
«Куы йæ бафæрсой нарты стæронтæй
Раздæр чи бахызти фидармæ», уымæй,
Уæд дæуæй куыд зæгъа, ахæм дзуапп куыд радта».
æрæмбырд вæййынц нарты стæронтæ
Фидарæй рахаст хæзнатæ уарынмæ.
Дыууадæс ивазны йæ арф кæмæн уыд,
Ахæм уæрм скъахтой, æмæ дзы ауагътой
Нарты хин Сырдоны, цæмæй та хъуыддæгтæ
Хъаугъайаг ма кæна. Сæхæдæг бафарстой
Къулбадæг усы: «Гуры фидармæ
Чи фæраздæр ис ацы хæрзæджытæй?» 
Дзуапп сын радта уæд афтæ къулбадæг ус:
«Йæ бонæй уæд, уастæн, Адылы сæрæн сиахс!
Гуры фидармæ уый бахызт фыццагдæр».
«Уæдæ фыццаджы хай сисæд Адылы сиахс! —
Загьтой æмхуызонæй нарты хисдæртæ,—
Цы ма дзы баззайа хæзнатæй уый фæстæ,
Уыдон лæджы сæрыл æмхуызон уаргæ сты»,
æркасти хæзнатæм Адылы сæрæн сиахс,
Сау рувасы хъуын куыд амыдта, афтæ,
Равзæрста йæхицæн хæзнатæй фыццаг хай:
æрчъиаджы султъы, гамхуд, нымæтын ехс;
Рахаста сæ йемæ æмæ йæ хæдзармæ     
Рафардæг, уæдæ цы, Адылы сæрæн сиахс.
Систой, дын, уæрмæй нарты Сырдоны дæр
Уарыны рæстæгмæ. Хæзнатыл ахаста
Йæ  цæст гæды Сырдон. Бафарста хисдæрты:
«Зæгъут-ма: чи систа хæзнатæй раззаджы хай?»
«Адылы сæрæн сиахс», дзуапп радтой Сырдонæп.
«Рагæй дæр ницæйаг уыдыстут, нарт'адæм,
æмæ та уæ ныр дæр фæхынджылæг чынди,—
Афтæ сын бакодта Сырдон Гæтæджы фырт.—
Нарты Сатанайы лæппу уын ахаста
Уæ хуыздæр хæзнатæ Адылы хæдзармæ.
Цы ма дзы æрызад, уыдон та не сты
Доны къусы аргь дæр, — баууæндут мыл, нарт!»
Сырдоны ныхæстæ куыддæр фехъуыстой
Урсзачъе Уырызмæг, æфсæнрихи Хæмыц,
æмæ нæртон Сослан афтæ ныффæнд кæнынц:
«Адылы сиахсы нæ баскарын хъæудзæнис!»
æхсæртæгтатæн, дын, се .стæрон лæгтæ
Балцы куы рацæуынц Адылы фидæрттæм.
Куыд сын æмбæлди, афтæ æрхызтысты
Уазæгдоны раз. Лæппу сæм рацыди, Загъта:
«æгас цæуат!» æмæ сæ бафарста:
— Сонт фарст мын ныббарут, уазджытæ, фæлæ ма
Кæд исты зонын, уæд, афтæ æнхъæл дæн,
Цыма уæ зонын, кæмдæр ма уæ федтон.—
«Уымæй раст зæгъыс! — Хæмыц æм бадзырдта,—
Ацы фидæрттæм дæ усгур мах сарæзтам.
Стæй нæ цыды сæр ардæм цæмæн уыди,
Уый дæр дын зæгъдзыстæм: æрæджы базыдтам,
Сатанайæ гуырд дæ, нæ тугæй дæ, уый.
Мæнæ уый дæ фыд у — нæ хисдæр Уырызмæг,
Мах та дæуæн стæм дæ фыды 'фсымæртæ —
Нарты Сослан æмæ нарты Хæмыц.
Ноджы дын зæгьдзыстæм не 'ннæ зæгъинæгтæ:
æгадыл нымад у нæртон тугæй гуырдæн
Йæ каистæм цæрын, худинаг дзы кæны,
æгас мыккаг дæр дзы кæнынц фидиссаг».
Адылы чызг æмæ Сатанайы лæппу
Бафснайдтой, уæдæ цы, сæ бирæ ис-бон,
Семæ рахуыдтой сеппæт адæмы,
æмæ æрцардысты Нарты стыр хъæуы.
Афтæмæй, дын, нарт фосыконды фесты.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке