logo

М О Я    О С Е Т И Я



СОСЛАН САТАНАЙЫ ЗЫНДОНЫ ЦАДÆЙ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА


Иуахæмы та нарты скуыхт Сослан
Дард балцы цæуын сфæнд кодта, зæгъынц,
Сфæнд кодта æмæ сбадтис йæ бæхыл,
Æмæ арастис Хурыскæсæны 'рдæм.
Йæ; мигъæмдзу æмæ уадæмдых бæх æй
Зæххæй арвы 'хсæнты аскъæфта, зæгъынц.
Цас фæуад, чи зоны, зæххæй арвы 'хсæнты
Йæ мигъæмдзу æмæ уадæмдых бæхыл,
Фæлæ иу афон бынатмæ фæхæццæ.
Нартæй чидæртæ Сосланмæ, зæгъы,     
Мæсты уыдысты рагæй æрæгмæ.           
Æмæ ныр балцы ис, уый куы базыдтой,
Уæд, зæгъы, байдыдтой хъуыдытæ кæнын:
«Йæ зæрдæ йын тынгдæр цы фæриссын кæндзæь,
Фыддæр фыдæн ын цы саразæм», зæгъгæ,
Æмæ фæстагмæ бауынаффæ кодтой:
«Бавдæлæм, æмæ йын йæ мад Сатанайы
Цæрдудæй барвитæм Мæрдты Барастырмæ,—
Цады йæ баппарæм, зындоны цады,
Гъе уымæй тынгдæр ницæуыл фæрисдзæн
Сосланы зæрдæ» — загътой æмдзыхæй.
Минæвар барвыстой нарты Сатанамæ
æмæ йын загътой: «Абон майрæмбон,
Иннæ майрæмбоны дæуæн нæй, Сатана,
Зындоны цады æнæ ныппаргæ.
Ардыгæй уæдмæ кув дæ тæригъæдтыл».
Куыд нæ барызтаид Сатанайы зæрдæ!
Куы, зæгьы, ныккæуы, куы нырдиаг кæны,
Йæ цæсты сыг, зæгъы, ставд цæппузырæй
Йæ рæсугъд уадултыл дæлæмæ куы згъæлы.
Нарты Сатана сагъæсы куы бацыд,
Уæдæ ма цы кæнон, куыд фервæзон, зæгъгæ.
Ме 'нæ ныййаргæ фырт Сослан ис дард балцы,
Чи йæм фæцæудзæнис, чи йын радзурдзæнис,
Цы раны дæн, уый? — куы ныхъарæг кæны.
Фæлæ Сатана зонынджын куыннæ уыд,
Мадзалджын куыннæ уыд разагъды Сатана!
Куы, зæгъы, ракæны æртæ мыдамæсты,
Куы сæ рахæссы Нарты доны былмæ,
Доны был куы сбады, Сослан кæцæй райгуырд,
Уыцы дуры сæрыл, æмæ куы скувы:
«Уæ, хуыцауты хуыцау, уæ, мæхи хуыцау,
Рауадз ахæм маргъ, æмæ мын мæ ныхас
Мæ лæппу Сосланмæ чи фæхæццæ кæна!»
Бады Сатана, æнхъæлмæ кæсы.
Уалынмæ йæ сæрты хъæрццыгъа 'рбатæхы.
Нарты Сатана дзуры хъæрццыгъамæ:
—  Уæ, уæлæ, хъæрццыгъа, мæ фырт Сосланмæ мын
Хурыскæсæны'рдæм фæдисхъæргæнæг
Куы фæуис æмæ йын куы фехъусын кæнис,
Дæ фыдызнæгтæ дын дæ мады цæрдудæй
Мæрдтæм æрвитынц æмæ фæзын, зæгъгæ,
Уæд дын ракæнин æз æстыр лæвар.—
«æниу ма ноджыдæр фыддæртæ куы 'взарид
Де 'нæхатыр фырт, уæд дын æм фæтæхин!
Алы ком, ал' адаг алы сырды мардæй
Куы байдзаг кæны, уæддæр æз холымæ
Искуы куы февналын, уæд мæ 'хсгæ фæкæны»,
Загъта хъæрццыгъа æмæ атахтис.
Бады та Сатана, уæдæ цы кодтаид!
Уалынмæ йæ сæрты халон æрбатæхы.
Сатана халонмæ дзуры мæлгъæвзагæй:
—  Гъæйтт, уæлæ сау халон, ставд бæрзæй халон,
Хурыскæсæнмæ мын мæ фырт Сосланмæ
Сынтхъæргæнæг æмæ халонуасæг куы фæуис,
Дæ фыдызнæгтæ дын дæ мады цæрдудæй
Зындоны цады æппарынц æмæ йæм
Тагъд фæзын, зæгъгæ, уæд дын мыккагмæ
Дæ зæрдыл кæй дарай, раттин ахæм лæвар. —
«Куыннæ фæцæудзынæн дæ фырт Сосланмæ,
æнæхъæн комы дзаг сырдтæ куы ныццæгъды,
Уæд мын уыдонæй ницы ныууадзы 'мæ!
Фыддæр фыдтæ ма дын куы уынид мæ цæст!»
Загъта йын халон æмæ атахтис.
—  Хауæггаг фæ у, æмæ цард макуы ссар! —
Сатана ралгъыста ставд бæрзæй халоны.
Бады Сатана; кæй ма фервитон
Хъæргæнæг, зæгъгæ, катайы бацыди.
Уалынмæ та, дын, лыстæгхъуыр дзæгъындзæг
Йæ разы абадтис цъыррыкк-цъыррыкк гæнгæ.
Уынгæгуд Сатана уымæ дæр дзуры:
— Мæ фырт Сослан ис Хурыскæсæны 'рдыгæй,
æмæ мын уымæ фæдисхъæргæнæг
Куы фæуис æмæ куы зæгъис, дзæгъындзæг,
Дæ фыдызнæгтæ дын дæ мад Сатанайы
Цæрдудæй æппарынц зындоны цады
æмæ йæм фæзын, дзуры дæм, зæгъгæ,
Уæд дын стыр лæвар бæргæ ракæнин! —
«Уый фена мæ цæст нарты Сосланæн! —
Зæгъы дзæгъындзæг.— Дæхæдæг дæр ма йæ
Хъуыды кæндзынæ, дæ кæркдонæй дын
Карчы айк ку' аскъæфтон, уæд мæ уисойæ
Куыд ныххафт ласта дæ фырт Сослан, уый»,
Загъта дзæгъындзæг æмæ атахтис.
Уæд, дын, Сатанамæ, цъыбар-цъыбур кæнгæ,
æртахт иу зæрватыкк æмæ йæм дзуры:
«Цæуыл кæуыс уый, мæ ирвæзынгæнæг?»
—  Цæуыл ма дын кæуон,— зæгъы йын Сатана.—
Абон майрæмбон, иннæ майрæмбон мæ
Сосланы знæгтæ зындоны цады
Цæрдудæй æппарынц, мæрдтæм мæ æрвитынц,
Ме 'нæныййаргæ фырт Сослан та балцы ис.—
«Кæд дæ мæ сæр хъæуы, уæд дын мæнæ æз, —
Дзуры йæм зæрватыкк. — Иу хатт мын мæ цъиуты
Гæдыйы дзыхæй куы байстай æмæ сæ
Цады куы цынадтай, æхсыры цады,
Стæй сæ, Сатана, ды куы рахастай,
Куы сæ цæвæрдтай м' ахстоны мидæг,
Уыцы хорздзинад мæ никуы ферох уыдзæн».
—  Уæдæ мын Сослан Хурыскæсæны
Афæдз балцы ис, æмæ мын æм фæ у
Фæдисхъæргæнæг, дæ мады хаиы дын
Иннæ майрæмбоны зындоны цады
æппарынц, зæгъгæ, æмæ йæм фæзын.—
«Уæ, номдзыд Сатана, фæдисхъæргæнæг дын
Куыннæ фæцæудзынæн, куыд ферох кæндзынæн
Дæуæн дæ хорздзинад! — загъта зæрватыкк.—
Фæлæ мыл Сослан мийаг куы не'ууæнда,
Уæд цы кæндзынæн, цæмæй мыл баууæнддзæн?»
Сатана фелвæста уæд йæ къухдарæн
æмæ йæ бакодта зæрватыччы хъуырыл.
Зæрватыкк дæр, зæгъы, йæ рæуæг базыртæ
Айтыгъта æмæ тæхынтæ систа,
Тæхынтæ систа Хурыскæсæны 'рдæм.
Нарты Сослан, зæгъы, йæ мигъæмдзу бæхыл
Авд къуыри æмæ авд боны дæргъы
Кæдæм фæхæццæ ис, уырдæм зæрватыкк
Бонвæрноны скастмæ куы бахæццæ вæййы.
Сослан та, дын, иу ран, иу дзæбæх пыхсбыны
Цъæх нæууыл хуыссыд æнцад, æнæмæтæй.
Зæрватыкк ын, зæгъы, йæ бынат æссардта.
Бæласы цъуппыл абадтис æмæ
Уырдыгæй бынмæ цъыбар-цъыбур гæнгæ,
Мин-мин æвзагæй афтæ куы ныззары:
«Гъæтт, нарты номдзыд нæрæмон Сослан,
Дæхицæн цъæх нæууыл цы дзæбæх хуыссыс!
Де 'нæныййарæг мад Сатанайы дын
Иннæ майрæмбоны де  знæгтæ цæрдудæй
Зындоны цады æппаргæ куы кæнынц,
æмæ, мæгуырæг, йæ цæсты сыгтæ
Ставд цæппузырæй йæ рустыл куы згъæлынц,
Сæууон хуры тынмæ æнхъæлмæ гæсæгау,
Дæ фæзынынмæ аанхъæлмæ куы кæсы!»
Сослан æм дзуры: — Адæмы лымæн,
Дзæбæх зæрватыкк, æмбарын дæ ныхас,
Фæлæ дыл æууæндгæ цæмæй бакæнон? —
Зæрватыкк йæ хъуырæй къухдарæн фелвæста
æмæ йæ ныппæрста Сосланы цурмæ.
Куыннæ базыдтаид йæ мады къухдарæн
Дурæйгуырд Сослан! Йæ мигъæмдзу бæхыл
Уыцы иу æппæрст йæхи бакодта
æмæ фæцагайдта нарты уæзæшæ.
Чи зоны, цас рауад, афтæ кæсы, æмæ
Иу ран фæндаггæрон иу лæг ныффæлдæхти,
Иу мæгуыр лæг æмæ стын нал фæрæзта.
«Гъæйтт, нарты Сослан, де уазæг фæуон!»
Дзуры лæг Сосланмæ фæндаггæронæй.
Сослан дæр цæрдæг бæхæй куы 'ргæпп кæны,
Лæгмæ куы бауайы æмæ йæ куы фæрсы:
— Цы кæныс, цы хъуаг дæ? Цæмæй дæм фæкæсон? —
«Стонгæй мæлын, Сослан, фервæзын мæ кæн!»
Хæринаг нæ разынд нарты Сосланмæ, —
Хъæды фæмидæг ис æмæ дзы уайтагъд
Рахæццæ кодта иу æстыр саджы мард.
Стыр арт акодта, физонæг афыхта,                       
Стæй дзуры лæгмæ: «Рабад æмæ бахæр!»
Мæгуыр лæг дæр ын раарфæ кодта, —
Тынг дзы фæбузныг ис, уæдæ цы уыдаид!
Сослан та, зæгъы, йæ бæхыл абадтис,
Йæ мигъæмдау æмæ уадæмдых бæхыл,
æмæ та уайы дарддæр йæ фæндагыл.
Чи зоны, æмæ та цас ауад Сослан;
Афтæ кæсы, æмæ иу ран иу цæргæс
Йæ цыргъфындз ныхты сывæллон рахæссы.
Сослан фат фелвæста, фæхъавыд цæргæсмæ,
Фехста йæ æмæ цæргæс æд Сывæллон
Донмæ æрхауди. Рагæпп та ласта
Сослан йæ бæхæй, мæгуыр сывæллоны
Раскъæфта донæй, бæхыл æй авæрдта,
Йемæ йæ рахæссы: хъæугæрон иу ус
Кæуы 'мæ дзыназы, мæ сывæллоны мын
Иу цæргæе ахаста йæ ныхты, зæгъгæ.
Авæры Сослан усæн йæ сывæллон.
Сывæллоны мад дæр куыннæ сцин кодтаид,
Арфæтæ кæны дурæйгуырд Сосланæн:
«Сидзæргæс ус дæн, ацы иунæг мын ис
æмæ дæ фæрцы æдзардæй нæ фесæфт».
Уайы та дарддæр Сослан йæ фæндагыл,
Уайы 'мæ иу афон бахæццæ Нартмæ.
Хæццæ бæргæ бацис, фæлæ байрæджы ис:
Йæ бацыдмæ йын йæ фыдызнæгтæ
Йæ мады ныппæрстой зындоны цады.
Сослан ма цадмæ бæргæ багæпп кæны,
Бæргæ ма агуры йæ мад Сатанайы,
Фæлæ никуы 'мæ ницы — нал æй æссардта.
Раздæхти фæстæмæ, уæдæ цы уыдаид,
Дурæйгуырд Сослан зындоны цадæй.
Йе знæгтыл, зæгъы, ацыдис æмæ сæ
Тынг карз бафхæрдта, тынг карз, куы зæгъынхг.
Уый фæстæ Сослан афтæ куы сфæнд кæны:
Цон æмæ ракурон Мæрдты Барастырæй,
Кæд мын мæ мады, фæстæмæ рауадзид.
Сфæнд кодта æмæ араст Мæрдты Бæстæм.
Бахæццæ ис æмæ Мæрдты дуар хойы.
Мæрдты Барастыр æм йæхæдæг рацыдис.
— Курын дæ, Барастыр, мæ мады мын рауадз! —
Дзуры нарты Сослан Мæрдты Барастырмæ.
Зæгъы йын Барастыр: «Уæ, нæрæмон Сослан,
Тæригъæдджын хъуыддæгтæ бирæ фæкæныс,
Фæлæ ныр, дæ мадмæ фæдисы цæугæйæ,
Стонг лæджы мæлæтæй кæй фервæзын кодтай,
Стæй мæгуыр усæн йæ сывæллоны
Цæргæсы ныхтæй кæй байстай, уый тыххæй
Разы дæн дæуæн дæ мады раттыныл».
Рауагъта Барастыр номдзыд Сатанайы.
Сатана æмæ Сослан фæстæмæ ссыдысты
Нарты астæумæ æмæ та байдыдтой
Уыцы ран цæрын дзæбæхæй, фæрнджынæй.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке