logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФÆНДЫР КУЫД ФÆЗЫНДИ


Уæд, зæгъы, мæ хуртæ, нарт куы райдыдтой
Иумæйаг æмбырддон хæдзар аразын,
Фæцарæзтой йæ афæдзæй афæдзмæ,
Цæмæй йæм Сырдон фау ма 'рхастаид.
Хæдзар æсцæттæ ис æмæ нарт загьтой:
«Ныр фенын кæнæм Сырдонæн нæ хæдзар,
Кæддæра ма йæм цы фау æрхæссид!»
Арвыстой Сырдонмæ дурæйгуырд Сосланы.
Ныццыд æм Сослан æмæ йын загьта:
«Сырдон, дзурынц дæм нарты æмбырды».
Сырдон ын заггьта: — Хорз, ацæудзынæн. —
Араст сты иумæ æмæ, дын, нарты
Иумæйаг хæдзармæ уæд бацыдысты.
Нарт æппæтæй уым уыдысты 'мбырдæй
æмæ Сырдонæн афтæ куы зæгъынц:
«Сырдон, нæ хæдзар цæуы дæ зæрдæмæ,
æви ма йæм, мийаг, исты фау хæссыс?»
Сырдон фæкастис хæдзары къуымтæм
æмæ уæд загъта: —Хорз у, фæлæ ма... —
Сыстадис æмæ хæдзарæй рацыд.
Дурæйгуырд Сослан æй фæсте расырдта,
Фæурæдта йæ æмæ йæ фæрсы:
«Дæ хорзæхæй, Сырдон, уый кæдæм лидзыс?
Хæдзары тыххæй нын куы ницы загътай?»
— æмæ уын цы зæгъон? — дзуры йæм Сырдон.
«Фæлæ ма», зæгъгæ, нын цæй тыххæй загътай?»
Сослан æй афарста. — Уæ хæдзар хорз у,
Фæлæ дзы астæуæй ницы ис æмæ
«Фæлæ ма», зæгъгæ, уый тыххæй загътон.—
Сырдон ацыдис, æндæр ницыуал загъта.
Уæд, дын, Сослан дæр фæстæмæ раздæхтй,
æмæ æмбырды нартæн радзырдта:
«Сырдон нын абон нæ хæдзар бафаудта —
«Астæуæй, дам,   дзы ницы ис», зæгъгæ.
Уæд сæхи мидæг нарт ахъуыды кодтой:
«Уый, цымæ,, Сырдон цæмæн афтæ загъта!»
«Уый уымæй зæгъы, уымæй, хорз адæм,
æмæ дзы рæхыс нæй нæ хæдзары»,
Загъта йæ ныхас дурæйгуырд Сослан.
Уæд, зæгъы, нарт дæр саразын кодтой
Стыр рæхыс æмæ йæ хæдзары аетæу
Куыд вæййы, афтæ уым æрцауыгътой,
æмæ уæд загьтой сæ кæрæдзийæн:
«Сырдоны та нын æрбахонын хъæуы».
æмæ та арвыстой Сырдонмæ хонæг;
æмæ Сырдоны се'мбырдмæ 'рхуыдтой.
Сырдон æрбацыд се 'мбырддон хæдзармæ,
æмæ йæ бафарстой: «Сырдон, фен та ма,
Зæгъ, цы хъуаг ма у ныр та нæ хæдзар?»
Гæтæджы фырг та ноджыдæр бирæ
Фæкæстытæ кодта нарты хæдзармæ.
—  Хорз у, фæлæ ма... — загьта та Сырдон,
Стæй та сыстадис æмæ та рацыдис.
Уæд та, дын, йæ фæдыл Хæмыц рахызти,
Уый дæр та, дын, æй афæрстытæ кодта:
«Багъæц-ма, Сырдон, хæдзар хорз куы схуыдтаи,
Уæд ма «фæлæ ма» цæмæ гæсгæ загътай?»
—  Хæдзар бæргæ хорз у, цæуы мæ зæрдæмæ,
Фæлæ дзы хурыскæсæны 'рдыгæй
Ницы ис, ницы, гъе æмæ «фæлæ ма»
Уый тыххæй загьтон,—дзуапп радта Сырдон,
æмæ та Сырдон сæхимæ араст ис.
Нарты Хæмыц, дын,   фæстæмæ баздæхти,
Фæстæмæ баздæхти бадты адæммæ.
Бадты адæмæн раныхас кодта:
«Нæ хæдзар нын уымæн бафаудта æмæ
Скæсæны 'рдыгæи къуымы ницы ис».
Нарт дæр та се 'мбырды хъуыдытæ байдыдтой,—
Уый, цымæ, афтæ цæмæн загътаид,
æмæ та фæстагмæ æрхъуыды кодтой:
«Сырдон нын нæ хæдзар уый тыххæй фауы,
æмæ йæ къуымы кæй нæй сылгоймаг».
Нарт уæд уый фæстæ сылгоймаг æрхуыдтой,
æмæ йæ, ног чындзау, рæсугъд сарæзтой,
Хæдзары къуымы йæ æрлæууын кодтой,
æмæ та ноджы уæд бафæнд кæнынц:
«Фæцæуын ма хъæуы фæстаг хатт Сырдонмæ!»
Фæлæ йæм хонæг цичиуал комы.
Хæмыц æсразы æмæ сын загьта:
«Мæ бар ма йæ уадзут, æз æм ацæуон,
298æмæ йæ тыхæй дæр æрбакæндзынæн».
æмæ та Хæмыц Сырдонмæ арасти.
Арастис æмæ йæ дуармæ ныццыдис,
æмæ йæм дуарæй мидæмæ дзуры:
«æттæмæ-ма ракæс, æттæмæ, Сырдон!»
Сырдон æм исдуг æттæмæ нæ каста,
Ракаст æм æрæджиау æмæ йæ бафарста:
— Цы кæныс, уæдæ, цы дæ хъæуы, Хæмыц? —
«Нарты æмбырд дæ агурынц, Сырдон».
Уæд та Сырдон дæр Хæмыцæн загъта:
—  Куы-иу фæбадут хæрд æмæ нуæзтыл»
Уæд мæм-иу, уæдæ, цæуылнæ фæдзурут?
æнхъæлмæ ма кæс — нал ацæудзынæн. —
Сæ хæдзары 'рдæм фæзылд фæетæмæ.
Хæмыц æй рацахста æмæ йæм дзуры:
«æнæ   рацæугæ дын гæнæн нæй, Сырдон».
Сырдон нæ комы, нæ разы кæны,
Уæд, дын, æй Хæмыц рацæфтæ кодта,
Рацæфтæ йæ кодта, куыд æмбæлди, афтæ.
Сырдон дæр ма, дын, уæдæ цы кодтаид.—
Мæстджынæй ацыд Хæмыцы фæдыл,
Хæмыцы фæдыл нарты ног хæдзармæ.
Нарты ног хæдзармæ мидæмæ куы бахызт,
Уæд та йæм дзæбæх фæкæстытæ кодта,
æмæ та загъта! нарты адæмæн:
— Нырмæ уæ хæдзар хæдзар нæ уыди,
Фæлæ йæм гъе ныр фау хæссæн нал ис. —
Нарт дæр, дын, гъе уæд ныццинтæ кодтой:
«Нæ ног хæдзармæ фау нал ис», зæгъгæ.
Сырдон фæстæмæ сæхимæ раздæхт,
Фæлæ дзы Хæмыцæй уыдис æстыр маст.
Уыцы стыр мает йæ зæрды бавæрдта.
æмæ райдыдта хъуыдытæ кæнын:
«Уæдæ Хæмыцæн цы мает æскæнон!»
Уыди Хæмыцмæ авд аздзыд хуыскъ хъуг.
Авд аздзыд хуыскъ хъуг фыр нæрдæй хæлди,
Алы рæттæй йæм уынæг цыдысты.
Уæд ныффæнд кодта Сырдон йæ радавын.
Бавдæлдис æмæ иу æхсæв бацыд
Хъуг баест кæм уыдне, уыцы æскъæтмæ,
Дуар бакæнынæн амал не ссардта.
Фæстæмæ раздæхти, кæны хъуыдытæ:
«Цы йын саразон, куыд ын бакæнон!
Уæдæ ныр мæ къухы цы 'гъдауæй бафта!»
Уæд иу бон бамбæхсти Хæмыцы скъæты,
æмæ изæры фос куы 'рцыдысты,
Уæд Хæмыц йæ фос скъæты бакодта,
æмæ сыл дуæрттæ фидар сæхкæдта.
Гæтæджы фырт Сырдон раст фынæй афон
Мидæгæй 'вдузæнтæ 'фтауын байдыдта.
Дуары 'вдузæнтæ уайтагъддæр рафтыдта,
Дуар бакодта, раласта хъуджы,
æмæ йын хиды' хъус цы хæдзар уыдис,
Уым ,æй сусæгæй бамидæг кодта.
Уыцы хæдзар ын æппын ничи зыдта,
Уым-иу цардысты йæ бинонтæ дæр.
Хъæугæрон ма йын иу хæдзар уыдис,
æмæ йæхæдæг та уыцы ран царди.
Аргæвста хъуджы уыцы хæдзары,—
Йæ бинонтимæ фæминас кодта.
Хи хъæуæй æмæ æттагон хъæутæй
Хæмыц алы ран зилæнтæ байдыдта,
Йæ хъуджы фæдыл йæ сæр разылди,
Фæлæ ницы ардта, тъæпп хаудта мæстæй.
«Цы ма бакæнон? — сагъæсы бацыд.—
Фæцæуон-ма,— загъта,—къулбадæг усмк,
æмæ уый бафæрсон, æндæр гæнæн нал ис».
Къулбадæг, усмæ бацыд, дзуры йын:
«Ахæм æмæ мыл ахæм ми сæмбæлди,
Афæдзы æрдæг агурын мæ хъуджы,
Фæлæ нæ зыны —никуы йæ арын.
Ныр мæнæ æрцыдтæн дæумæ фæрсынмæ,
æмæ мын исты бауынаффæ кæн!»
«Афонмæ дæр мæм куы фæзындаис,
Уæд дын æм фæндаг бацамыдтаин:
Сырдонæй ис кæмдæр хæдзар зæххы бын —
æз дæр æй нæ зонын,—хъæуы йæ ссарын.
Уым ын ис бинонтæ, ус æмæ зæнæг,
æмæ дæ хъуджы гъе уым бацагур»,
Афтæ йын загъта уæд къулбадæг ус.
«æмæ йæ уæдæ цы 'гъдауæй ссарон?»
Хæмыц бафарста къулбадæг усы.
«Райсомæй раджы, æнæхурæджы
Сырдоны гадза куыдз æттæмæ рацæуы,
Гъе'мæ-иу бавдæл æмæ йæ бахъахъæн.
Цæмæй ахст æрцæуа, ууыл-иу бацархай,
æмæ йын йæ къахыл уырдæндах бабæтт.
Нæ дын комдзæни йæ хæдзармæ цæуын,
Фæлæ-иу æй фæкæн мæлæтæмбис цæфтæ,
æмæ уæд гадза лидздзæн йæ хæдзармæ,
Цух-иу æй ма суадз, цу-иу йæ фæдыл, —
Бахæццæ дæ кæндзæн Сырдоны хæдзармæ.
Уый фæстæ Хæмыд Сырдоны гадзайы
æхсæвæй, бонæй хъахъæнын байдыдта.
Иу райсом куы уыди, уæд æй æрцахста,
Даргъ уырдæндах ын йæ къахыл бабаста,
æмæ йæ лæдзæгæй æрцæфтæ кодта,
Фæлæ куыдз кæм комы хæдзары 'рдæм цæуын!
Ралидз-балидз кæнын систа дыууæ'рдæм.
Надта йæ Хæмыц дæр, уæдæ цы уыдаид!
æмæ афтæмæй куыдз куы сфæлм'æцыд,
Мæлæты 'мбис æй Хæмыц куы фæкодта,
Уæд æрæджиау, уыцы иу раст аци,
æмæ Сырдоны зæххы бын хæдзармæ,
Уырдæндах йæ фæдыл халгæйæ, уагьта,
Афтæмæй хиды хъус уайтагьд æсмидæги.
Хæмыц дæр йæ фæдыл, æндах куыд амыдта,
Афтæ бацыдис Сырдоны хæдзармæ.
Уыцы рæстæджы Сырдон уым нæ уыдис,
æмæ фæтарстысты Сырдоны бинонтæ.
«Ай та цы бæллæх у, куыд нæ ссардта?» зæгъгæ.
Фыцгæ цæдджинаг—дзидзатæй йе дзаг.
Хæмыц сæ систа, цырд сæм æркасти.
Куы сæ базыдта, уæд мæстæй рафыхт:
Хæдзары дуæрттæ уайтагъд ахкæдта.
Аджы ныккалдта Сырдоны бинонты.
Уый фæстæ рацыдис нарты Ныхасмæ.
Уым Сырдоны дæр бадгæ баййæфта,
Фæлæ йын зæгъгæ ницы ма кодта.
Сырдон Хæмыцы куыддæр ауыдта,
Афтæ ныххудтис æмæ йæм дзуры:
— Уæвджыйæ дæр, уæдæ, диссаг та куыд нæу:
Афонмæ йын исчи йæ хъуджы фыд хæра,
Йæхæдæг та ам æстонгæй  бада! —
Уæд, дын, Хæмыц дæр Сырдонæн загъта:
«Чи зоны æмæ мæ хъуджы бахæрæг
Йæ хъæбулты быныл ниугæ баззайа...»
Уæд, дын, Сырдонæн йæ зæрдæ фехсайдта —
«Цыдæр фыдбылыз мыл æрцыдис», зæгъгæ.
æмæ 'нæдзургæйæ фæрасти сæхимæ.
Хæдзары фæмидæг, ракæс-бакæс кæны,   
æмæ йæ бинонтæй иуы дæр нæ ары.
«О, аходæнæй сихормæ бинонтæ.
Цымæ та мын уæдæ кæдæм фæцыдысты!» —
Хъуыды кæны Сыр дон йæхи нымæры,—
Уайтагъд фыдисыл йæхи ныццавта,
Фыдтæ аскарон, зæгъгæ, дын, агмæ
Тагъд-тагъдæй бауадис æмæ йæ сыстыдта,
æсхаудыстьг дзы бинонты уæнгтæ:
Йæ бинонты стæгдар агæй куы систа,
Уæд Сырдон исдугмæ сæццæйæ аззади.
Бавдæлдис æмæ йæ хисдæр фырты
Цонджы æстджытæй фæндыр сарæзта,
Иннæ лæппуты зæрдæйы тæгтæй
Фæндырæн скодта дыууадæс тæны,
Йæ буц хъæбулты æстæгдары цур
æрбадтис æмæ цæгъды фæндырæй:
«О, мæ лæппутæ, хæрнæг æскæнын
Сымахæн мæ бон нæ бауыдзæнис...
Фæлæ мын уæ иу Къонагæ хуынди:
Къонагæ,  марды фæлдисинагæй
Къонайыл цы 'вæрой, рухсы бад уымæй!»
Стæй та ныццæгъды æмæ фæзæгъы;
«Уæрагæ, марды фæлдисинагæй
Уæрагыл цы 'вæрой, рухсы бад уымæй!»
Стæй та ныццæгъды: «Ме 'ртыккаг лæппу —
Фуагæ, марды фæлдисинагæй
Фу цæуыл бакæной, рухсы бад уымæй!»
Сырдонæн йæ фæсдуар æстыр уæрм уыди,
Йæ бинонты стæгдар уырдæм ныккалдта,
Йæхæдæг йæ фæндыр рахаста йемæ,
æмæ рацыдис нарты Ныхасмæ.
Уым дзы æрцагъта, æмæ ныззарыдис:
— Уæ, нарты адæм, ай уын мæ лæвар,
æмæ мæ уемæ цæрын бауадзут! —
Уæд нарты адæм зæгъынц сæхицæн:
«Ай хуызæн хæзна нæ къухы куы бафта,
Уæд нæ ацы лæг цы баджиз дардзæн?»
Зæронд Уырызмæг Сырдонмæ радзуры:
«Ахæм хæзна нын кæд дæ цæст уарзы,
Уæд не'гасæн дæр уыдзынæ 'фсымæр;
Н'алы ныхасы дын бар уæд хъусынæн,
æфсымæрау дын — фæндаг нæ хæдзæрттæм!»
Нарт фæндыр райстой, загьтой кæрæдзийæн:
«Цагъды куы фæуæм бынтон иууылдæр,
Уæддæр сæфæн ма уæд ацы фæндырæн!
Уымæй-иу чи цæгъда, мах ном дзы чи мыса,
Гъе, уый уыдзæни æцæг нæхион!»

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке