logo

М О Я    О С Е Т И Я



БАТРАДЗЫ МÆЛÆТ


Умæй фæстæмае зилын райдыдта
Зæдтæ 'мæ дауджытæн сæ фæдыл Батрадз
Æмæ сыл кæм æмбæлд, уым сæ тыхсын кодта,
Мардта сæ, цагьта сæ. Уæд, зæгьы, иуахæмы,
Зæдтæ 'мæ дауджытæ æрæмбырд æсты
Æмæ хуыцаумæ сæ хъаст бахастой:
«Цæрын нæ нал уадзы Хæмыцы фырт Батрадз;
Тагьддæр æй фесаф, æмæ дзы фервæзæм!»
Æмæ хуыцау зæгьы зæдтæ 'мæ дауджытæн:
«Цы уын бакæнон! Уый ме'васт равзæрди,
Æмæ йын мæ къухы мæлæты хос нæй».
Батрадз куы бамбæрста, зæдтæ 'мæ дауджытæ'
Хуыцаумæ хъаст кæнынц, уæд загьта йæхицæн:
— Цавæр хуыцау у, цымæ, уæдæ, уый,
Зæдтæ 'мæ дауджытæ сæ хъаст кæмæ хæссынц?
Фæцæуон æмæ йæ бабæрæг кæнон. —
Гъе 'мæ, дын, йæхи барæвдзытæ кодта
Æмæ, зæгьы, араст ис уæларв хуыцаумæ.
Хуыцау куы базыдта, Батрадз ссæуы, уый,
Уæд зæгьы, бавдæлди æмæ йын йæ размæ
Зæххы æмуæз дзæкъул æрæппарын кодта.
Батрадз йæ разы дзæкъул куы ауыдта,
Уæд ын уæлбæхæй, уыцы цæугæ-цæуын,
Йæ  быны ехсы хъæд æваст фæтъыста
Æмæ йыл схæцыд, сисон æй, зæгьгæ,
Фæлæ, дын, йæ бæх суанг йæ гуыбынмæ
Зæххы афардæг ис; ехсы хъæд дæр фæсаст.
—Ай цавæр диссаг у?— зæгьы Хæмыцы фырт,
Æмæ рахызт бæхæй æмæ дзæкъулыл
Схæцыди. Зæххæй йæ фæиртасын кодта,
Фæлæ йæ уæрджытæм зæххы аныхсти.
Ныууагьта дзæкъулы æмæ цæуы дарддæр.
Уæд та йын, зæгьы,, хуыцау йæ размæ
Раппарын кодта сызгъæрин къуыбылой,
Зæххыл уидагæй цыдæриддæр ис,
Уыдон æмфидар æмæ уыдон æмдæргъ.
—Ай мын Сатанайæн кæрц æмпъузынæн
Бахъæудзæн, — зæгьгæ, йæм æрæвнæлдта Батрадз,
æмæ къуыбылой нæ фезмæлыди.
æрхызти йæ бæхæй болатриу Батрадз,
Схæц-схæц фæкодта къуыбылойыл, бæргæ,
Фæлæ йæ сисын нæ бафæрæзта.
«Ис ма кæмдæрты мæнæй тыхджындæртæ»,
Загъта йæхи нымæр Хæмыцы фырт Батрадз
æмæ уырдыгæй раздæхти фæстæмæ.
Цæуы æмæ иу ран арвыл ауыдта
Авд Уастырджийы 'мæ авд Елиайы.       
Ралæууыди сыл æмæ дзы амардта
æртæ Уастырджийы 'мае 'ртæ Елиайы.
Чи ма дзы аирвæзти, уыдон бацыдысты
Хуыцаумæ иу растæй æмæ йын зæгьынц:
«Кæнæ дын мах, хуьщау, кæнæ Хæмыцы фырт!»
æмæ хуьщау дзуры зæдтæ 'мæ дауджытæм:
«Батрадз йæхæдæг йæхи æгъдауæй
Куы нæ амæла, уæд ын мæлæт нæй.
æмæ ацæут æмæ хурæн зæгъут:
Афæдзæй-афæдзмæ цы тæвд фæкæны,
Уый иу бон раттæд. Оымах та асайут
Болатриу Батрадзы Хæзмы тыгъд быдырмæ;
Зды дурнад кæнут æмæ йыл æй цæвут;
æмæ фыр хæстæй уыцы ран куы сзынг уа,
Уæд йæ доннуазæн суадонмæ цæудзæни,
Цæмæй дзы йæ тæвд æрцæуа, уымæн.
Фæлæ æз суадон байсысын кæндзынæн.
Уырдыгæй цæудз'æни, æвæстиатæй, фурдмæ,
æмæ æз фурд дæр байсысын кæндзынæн».
Зæдтæ 'мæ дауджытæ бацыдысты Хурмæ     
æмæ йын ракодтой хуыцауы ныхас.
Афæдзæй-афæдзмæ цы тæвд уыди Хурмæ,
Уый, хуьщау куыд загъта, афтæ иу бон радта.
Зæдтæ 'мæ дауджытæ асайдтой Батрадзы
Хæзмы быДырмæ, уæдæ цы уыдаид!
æмæ йыл уым зды дурнадæй калдтой.
Батрадз сæ фæстæмæ æхсынтæ байдыдта.
æмæ дзы афтæмæй иу къорд æрхаудта:
æртæ Уациллайы, цыппар Уастырджийы.
Хур ныккаст. Батрадз зынг кæнын байдыдта. —
Багъæцут, мæхи уал ауазал кæнон,
Стæй уæд фендзыстæм! — зæгъгæ, сæм Батрадз
æртхъирæнтæ кæны, зæдтæ 'мæ дауджытæм.
Иæ доннуазæн суадонмæ бауади,
Фæлæ суадоны 'ртах нал разынд.
Азгъордта фурдмæ, уым дæр та — афтæ.
æмæ бынтондæр сырх зынг фестади.
Йæ хуылфы ма иу тъанг æнæ сæрыд уыди,
æмæ уый куы асыгьд, уæд зæгьы, æрхаудта
Болатриу Батрадз æмæ амарди.
Зæдтæ 'мæ дауджытæ ратæх-батæх систой
Чыргæйттæй йæ сæрты, цингæнгæ, райгæйæ.
Уæд болат Батрадз ахæм тæф рауагьта,
Ахæм тæф, æмæ зæдтæ 'мæ дауджытæй
Бирæ суртæ фæци, бирæ та дзы, зæгьы,
Мæлгæ дæр акодта, мæлгæ, уыцы ран.
Чи ма дзы баззади, уыдон ацыдысты
æмæ та хуыцаумæ сæ хъаст бахастой:
«Хуыцау, йе 'лас нын уый нæ ракодта,
Йæ мард нын цы кæны». Хуыцау сæм дзуры:
«Ацæут æмæ йæ Софийы зæппадзы Бавæрут, уæларв».
æмæ рацыдысты Зæдтæ 'мæ дауджытæ
Батрадзы мардмæ, æмæ йæ сисын нæ бафæрæзтой;
æмæ йыл сифтыггьтой дыууадæс цæды.
Фæлæ, гье, уæддæр,, — никуы 'мæ ницы, —
Нæ сын бакуымдта фенкъуысын кæнын.
Бамидæг та сты фæстæмæ хуыцаумæ.
æмæ сын уæд хуыцау афтæ куы зæгьы:
«Ацæут æмæ йыл Тутыры гуырдтæй
Дыууæ уæныджы сифтындзут иумæ».
Рацыдысты та æмæ йыл сифтыгътой       
Дыууæ уæныджы — Тутыры туырдтæ.
æмæ, зæгъы, йæ уæд зæппадзы цурмæ
Рæвдз бæргæ сластой, фæлæ та йын уым
Зæппадзмæ хæссынæн ницыуал фæрæзтой:
Кæд, æмæ иу йæ сæр размæ уыд Батрадзæн,
Уæд-иу тарвæзтæм, зæппадзы тарвæзтæм,
Йæ рæмбыныкъæдзтæ ныббыцæу кодта;
Йæ къæхтæ — размæ, уæд та-иу Батрадз,
Тарвазмæ уыдон ныббыцæу кодта.
Ноджы та хуыцаумæ ацыдысты зæдтæ
æмæ æмдзыхæй радзырдтой хъуыддаг.
æмæ сæм, зæгьы, уæд хуыцау дзуры:
«Уый, бæлвырд, мæнæй лæвар агуры!»
æмæ йыл, зæгъы, æртæ цæсты сыджы
æрæппæрста хуыцау. æмæ, уыйадыл,
Бахастой Батрадзы зæдтæ 'мæ дауджытæ
Софийы зæппадзмæ 'мæ йæ уым бавæрдтой.
Хуыцауы цæссыгтæ кæм æрхаудысты,
Уым, зæгъц, февзæрди æртæ кувæндоны:
Мыкалгабыр, Реком æмæ Таранджелос.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке