Нарты дыргъдоны иу фæткъуы бæлас уыд;
Йæ дидинджытæ æрвыгау æрттывтой,
æмæ йыл æрмæст иунæг фæткъуы зад –
Сызгъæрин фæткъуы; сызгъæрин фæткъуы,
Зынгау, дыргъдоны калдта æрттывтытæ.
Адæмæн уыди æлутоны хос:
Æрмæст фæстæмæ адзал не здæхта,
Æндæр цы хъæдгом нæ дзæбæхкодта
Кæнæ цы низæй нæ ирвæзын кодта,
Ахæм нæ уыдис уыцы фæткъуыйæн.
Бон изæрмæ-иу фæткъуы арæгъæд,
Æхсæв та-иу æй цыдæр адавта.
Нарт сæ фæткъуыйы хъахъæдтой радыгай —
Ничи фæрæзта йæ бахъахъæнын.
Уæд иу бон æрзылдис Уæрхæгæн йæхи рад.
Уæрхæг басидтис йæ дыууæ фыртмæ,
Æмæ йæ фырттæн афтæ ныффæдзæхста;
— Ай уын фæндаггаг. Ацæут æмæ
Уæ фæткъуы бæлас хорз бахъахъæнут,
Кæннод нæм райсом æртæ Нарты дæр
Æрбацæудзысты хæдзарæн лæгæй,
Æмæ уæ иуæн йæ сæр ракæндзысты,
Иннæмæн йæ цонг. Михтыл сæ 'рсадздзысты
Æмæ дзæгъæлæй æртæ Нарты 'хсæн
Уæ фыд баззайдзæн æнæ дарæгæй. —
Дыргъдон саджы сытæй бæрзонд æхкæ
æмæ йæм нæ уыдис маргъ батæхæн дæр.
Лæппутæ загътой сæ зæронд фыдæн:
— Ма тæрс, ма, нæ фыд, мах ацæудзыстæм
æмæ нæ бæлас бахъахъæндзыстæм! —
Уæрхæг йæ фырттæн уæд афтæ зæгъы:
— Цæугæ, мæ хуртæ, бæргæ акæндзыстут
Фæлæ уын тæрсын, мийаг фæстæмæ
Сымах уæ сæртæ куы нæ уал æрхæссат,
Куы нæ бафæразат йæ бахъахъæнын.—
Дыууæ 'фсымæры — æхсар æмæ æхсæртæг-
Сæ фыд Уæрхæгæн ныфсытæ сæвæрдтой,
æмæ сæ дыргъдонмæ арастысты.
Дыргъдоны астæу фæткъуы бæласы бын —
Нарты диссаджы фæткъуы бæласы бын —
æрбадтысты æмæ 'хсæвæр бахордтой.
Уæд кæсдæр æфсымæр дзуры хисдæрмæ:
— æрхуысс уал, æхсар; радыгай хъахъæнæм:
æмбис æхсæвмæ ды бафынæй кæн,
Уырдыгæй бонмæ та æз улæфдзынæн.—
Сразы ис æхсар æхсæртæджы фæндыл,
æрхуыссыдис æмæ уайтагьд афынæй.
æмбисæхсæвы фехъал ис æхсар
æмæ æфсæрмдзæстæй дзуры æхсæртæгмæ:
«Хуыцау мын ныббарæд—æгæр афынæй дæн
Уæд æм æхсæртæг фæстæмæ дзуры:
«Нырма раджы у æмæ уал ахуысс».
æхсар та 'рхуыссыди, хуыссæнхъæлдзæгæй,
æмæ та фæстæмæ уайтагьд афынæй.
æхсæв æмæ бон сæ кæрæдзийæ
Куы хицæн кодтой, уæд æртæ маргъы
æрбатахтысты нарты дыргъдонмæ.
æхсæртæг бады æмæ хъахъæны,
Йæ фат æмæ йе 'рдын йæ къухы, афтæмæй.
Кæсы æмæ бæлас ныррухс æвиппайды,
æмæ йыл бады æртæ 'хсинæджы.
Фæткъуымæ куыддæр фæцæйæвнæлдтой,
Афтæ сыл æхсæртæг йæ фат æсуагъта,
æмæ атахтысты, æрмæст сæ иуæн
Йæ туджы 'ртæхтæ зæхмæ 'ркалдысты.
Уæд райхъал кодта æхсæртæг æхсары
æмæ йын загъта: «æхсинæджы фехстон,
æмæ мын бæласæй атахти цæфæй.
Кæс-ма йын мæнæ йæ туджы 'ртæхтæм!
Куы фæцæф ис, уæд атахт ныллæджыты.
Мæнæн йæ тугвæдыл æнæ цæугæ нæй;
Кæнæ йæ хъуамæ ахсгæ æркæнон,
Кæнæ та хъуамæ йæ фæдыл амæлон».
Бамбырд ын кодта йæ туджы 'ртæхтæ,
æрбатыхта сæ зæлдаг кæлмæрзæны,
Стæй йæ фæснахы кæлмæрзæн атъыста,
æмæ куы 'рбабон ис, уæд загъта æхсарæн:
«Ныр сæфты мæргътæн цæуын сæ фæдыл,
æмæ цы зæгъыс?» æхсар ын загъта:
— Ды кæдæм цæуай, æз дæр цæуын уырдæм.
æмæ байдыдтой цæуынтæ тугвæдыл.
Денджызы былмæ сæ тугвæд бахаста,
Уым фæд ныххызтис денджызы бынмæ.
æхсæртæг бадзуры уыцы ран æхсармæ:
«æз цæуын, ме 'фсымæр, денджызы бынмæ,
Ды та æнхъæлмæ кæс денджызы былыл.
Кæд æмæ денджыз сырх фынк рахæсса,
Уæд-иу фæстæмæ аздæх нæ хæдзармæ —
Зон-ну, мæнæй дын пайда кæй нал ис.
Кæд æмæ денджыз урс фынк рахæсса,
Уæд мæм банхъæлмæ кæс афæдзы бонмæ».
— Хорз, — загъта æхсар. æхсæртæг та уæд
æрбатымбыл кодта уым йæ дзауматæ
æмæ ныффардæг и денджызы бынмæ.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат