logo

М О Я    О С Е Т И Я



НАРТЫ  САУ  РУВАСДЗАРМ


Æхсæртæггаты номдзыддæр лæгтæ —
Урсзачъе Уырызмæг, болатрихи Хæмыц
Æмæ сæ кæсдæр — дурæйгуырд Сослан –
Иу хатт ныффæнд кодтой цуаны фæцæуын
Сæгуыттæ æмæ сагтæ марынмæ.
Акодтой скъæрæгæн цæхæрцæст Ацæйы —
Сæ цардкæрæфырты, сæ хойы лæппуйы.
Сау бон изæрмæ æртæ æфсымæрæй
Куы иу бабады, куы иннæ — рындзыл,
Фæлæ нæ хай кодта æфсати йæ дзугтæй
Сæгуыты лæппын дæр нарты цуанонтæн.
Уæд ма изæры'рдæм æскъæрæг ацæуы
Нарты хæрæфырт — цæхæрцæст Ацæ.
Рындзтыл æрбадынц æртæ цуаноны
Æмæ гæрзифтонгæй кæсынц æнхъæлмæ.
Уалынджы 'рбалыгъди рувас се 'хсæнты,      
Рувас та ахæм уыд æмæ йæ сауæй
Бæстæ ныттар кодта, сау мæйдар æхсæвау.
æмæхст фæкодтой цуанонтæ рувасы —
Расхъиудта рувас æмæ фæтымбыл ис.
Быцæу сын бацайдагъ, нарты цуанонтæн:
—      Мæ фатæй фæмарди! — загьта сын Уырызмæг,
«Нæ, æз æй амардтон!» загьта уæд Хæмыц дæр;
«Дзурдзæн уæ алчи дæр «æз æй амардтон»,
Афтæмæй, чи зоны, 'хсгæ дæр нæ фæкодтат»,
Загьта сæ кæсдæр—дурæйгуырд Сослан.
Уæд æм бадзурынц Хæмыц æмæ Уырызмæг:
«Ау, æмæ нæ фæттæ бæрæг нæ уыдзысты?!
Иухуызон фæттæ мийаг куы нæ дарæм!»
«Уæдæ ма радзурут — кæй фат цы хуызæн уыд?»
—      Мæ фат уыд мæхи конд,—загъта Уырызмæг,—
Мæхи къухтæй конд у, мæ уырзтæй арзезт.—
«Мæ фат та уыд арæзт сау æфсæйнагæй,
Сафайы куырдадзы — кастæн æм мæхæдæг, —
Карста 'фсæйнæгтæ æмæ сын сæ тигътæй
Саразын кодтон фат æз мæхицæн».
Уæд сæм бадзуры сæ кæсдæр Сослан:
«Мæнæн та мæ фат уыд фылæлты джиппы уагьд.
Цомут ныр, равзарæм, нæ кадджын хисдæртæ,
Цымæ сау рувас кæй цæфæй фæмарди».
Ссыдысты рувасмæ æртæ æфсымæры
æмæ йын йæ цæфтæм лыстæг æркастысты.
Уырызмæджы фат ын йæ бæрзæй асаста,
Хæмыцы фат ын йæ син ныппырх кодта,
Сосланы фат та йын йæ астæу асаста.
Быцæу райдайынц рувасдзарм уарыныл,
«æз, хъох дæндаг Хæмыц; нартæн æмбисонд дæн,
æмæ рувасдзармæй хъарм кæрц скæнын
Мæныл æмбæлы!» загъта сын Хæмыц.
«Ау, æмæ уæд, цымæ, нарты Сосланæн
Цæуылнæ æмбæлы?» ныддис кодта Сослан.
Уæд дзуры Уырызмæг:—Ау, æмæ нартæн
Сæ хисдæр æз куы дæн, сæ зондамонæг,
Уæд кæмæн æмбæлы мæ разæй рувасдзарм? —
Афтæ нæ фидыдтой æртæ æфсымæры,
æмæ кæрæдзимæ бауырдыг æсты.
Кæсы сæм Ацæ, зæгъы йæхи нымæр:
«Хуыцау мæ фесæфта, мæ мады 'фсымæртæ
Фыдбылызы хауынц рувасдзармы тыххæй».
Фæхъæддых кодта йæхи æмæ сæм дзуры:
«Хатыр мын бакæнут, мæ мады 'фсымæртæ,
Уæ кæсдæр дæн æз, фæлæ уæм уæндын.
Лæгдзинадмæ гæсгæ куы уарат рувасдзарм,
Уæд уæ лæгдзинадæй хъуаг ничи разындзæн,
æмæ йыл афтæмæй нæ бафидаудзыстут.
Фæлтау радзурут радыгай аембисæндтæ,
æмæ уæ чи 'рхæсса диссагдæр æмбисонд,
Уый фæуæд рувасдзарм». Сразы сты цуанонтæ
æмæ бафарстой Ацæйы афтæ:
«Хисдæрæй райдайæм, æви кæсдæрæй?»
«Раздæр уал радзурæд йе 'мбисонд астæуккаг.
Уый фæстæ радзурдзæн йе 'мбисонд кæсдæр.
æппæты фæстæ та уæ хисдæр радзурæд».
æмæ райдыдта Хæмыц йе 'мбисонд:
«Бирæ фæзылдтæн æз арвæн йæ кæрæтты,
Бæстæтыл фæцыдтæн, адæмтыл фæхаттæн,
Федтон æмбисæндтæ, фехъуыстон диссæгтæ, —
Кæм уын фæдзурдзынæн ацы ран сеппæт!
Фæлæ, дын, иу хатт Ахар-калакмæ
Фæцыдтæн кæфтæ 'мæ кæсæгтæ 'лхæнынмæ,
æмбалæн акодтон ме 'мцег лæппуйы.
Хорз базар бакодтам, уæдæ цы уыдаид,
Кæфтæ 'мæ кæсæгтæй уæрдон ньщзаг кодтам
æмæ зæрд'æрухсæй фæстæмæ нæхимæ
Ме 'мцег лæппуимæ нæ фæндаг радардтам.
æрхæццæ, дын, æстæм иу суадоны размæ,
Цæссыгау ирд æмæ цъитийау сатæг.
Нæ фæллад ауадзæм, зæгьгæ, сфæнд кодтам.
Хизынмæ ауагътам бæхы арф кæрдæджы,
æз та мæхи 'руагьтон суадоны хæд былыл,
Хæрис бæласы бын, кæрдæгыл, сатæджы.
«Марадз-ма, мæ кæсдæр, — дзурын ме 'мцегмæ,—
Хус кæсæгтæй уал иу суадоны аудай.
Куы ахуылыдз уа, уæд-иу мæ райхъал кæн,
Аходæн ахæрæм, æмæ цæуæм дарддæр».
Мæхæдæг доны был тарф фынæй адæн.
Лæппу, дын, хус кæсаг суадоны авæрдта,
Фехъал, дын, мæ кодта, дзуры тарстхуызæй:
«Суадоны уымæл куы сæмбæлд кæсагыл,
Уæд æрбайгаси, мид нымæр базмæлыд,
Ныцъыллинг кодта æмæ афардæг».
Ахæм ныхæстыл куыд баууæндыдаин?
Хус кæсаг суадоны куыд хъуамæ алидза?
«Дæхæдæг бахордтай кæсаг, мæ хорз æмцег,
æмæ дын хæлар уæд, дæ мады æхсырау,
Фæлæ ма сайгæ та ды мæн цæмæн кæныс,
Мæнæй кæсдæр куы дæ?» зæгъгæ, йæ бафхæодтои.
Лæппу ныллæууыдис кæсаджы алыгьдыл,
Ард хæры хуыцауæй, ард хæры зæххæй дæр:
«Ды лæппу куы дæ, уæд мæ хынджылæг
Кæнынвæнд скодтай?!» фæмæсты дæн æз,
Кæрддзæмæй фелвæстон мæ уæззау фæтæн цирхъ,
Мæ тых, мæ хъаруйæ æриавтон лæппуйы
æмæ дыууæ дихæй мæ разы æрхаудта.
Ме 'мцег фæмарди, уæдæ цы уыдаид.
æз кæуын, дзыназын: «Мæ гуыбыны фыдæй
Амардтон ме 'мбалы. Цы цæсгомимæ ма
Ныццæуон нартмæ? Мæ дзыллæмæ ма
Цы цæсгом равдисон? Йарæби, уæдæ
æз дæр куы бавзарин». æмæ йæ доны
Цæвæрдтон лæппуйы... Мад æй куыд ныййардта.
Афтæ æнæнизæй рауади суадонæй,
Цæргæсау сæрæнæй, сæгуытау рæууонгæй.
Цы хуыздæрдзинад ма курæн уыд хуыцауæй?
Хуыздæр ма цы хъуыдис мæн дунейы хæрзтæй?
Заргæ 'мæ худгæйæ нæ фæрныг хæдзармæ
Ме 'мцег лæппуимæ иумæ 'рцыдыстæм.
Цы бирæ фæцыдтæн, цы диссæгтæ федтон,
Уымæй æмбисонддæр никуы ницы федтон»,
Нарты Хæмыц загъта йæ ныхасы кæрон.
«Йа, Сослан, дæ рад у!» Ацæ йæм бадзуры.
æмæ сын Сослан уæд радзырдта йе 'мбисонд:
«æз дæр куыннæ федтон диссæгтæ, 'мбисæндтæ,
Фæлæ уын сеппæт кæм фæдзурдзынæн.
Цæвиттон, дард цуаны ацыдтæн иу рæстæг
Зилахар-быдырмæ, сырдæй хъæздыг ранмæ;
Мæхицæн кæсдæрæн акодтон иу.лæппу,
Уадау уæнгрог æмæ арвау æнæгæды.
Уым ныл æрбафтыдис уайтагъд иу сæгуыт.
Базырджын æндон фат бауагътон сæгуытыл,
æмæ фæтымбыл ис æфсатийы лæвар.
Рахастам сæгуыты, уæдæ цы уыдаид!
Иу обауы рæбын æрынцадыстæм
Нæ фæллад уадзынмæ, аходæн хæрынмæ.
Загътон мæ кæсдæрæн: «Арт бандзар цырендæр,
Сæгуытæй физонæг акæн нæ дыууæйæн,
æмæ куы сцæттæ уа, уæд-иу мæ райхъал кæн».
Астæумæ кæрдæджы мæхи æруагътон,
æмæ мыл уайтагъддæр фæтых ис тарф хуыссæг.
Иу афон куы уыдис, лæппу мæм уæд дзуры:
«Уæхстыл физонæг артмæ куы бадардтон,
Уæд райгас нæ сæгуыт уæхстыл æвиппайды,
Иæхи бацагьта æмæ хъæдмæ алыгъди!»
Куыд баууæндыдаин ахæм æмбисондыл?
«Физонæг бахордтай,—загътон лæппуйæн,—
Радтай дæ уæлдæйттæ фæндагыл цæуджытæн,
æмæ ма сайгæ та уæд цæмæн кæныс?»
«Хуыцау ис нæ сæрмæ, зæхх та нæ быны ис,
Уыдон—ме 'вдисæн, æз ницы бахордтон»,
Зæгъгæ, мын лæппу цæхкæр ныллæууыди,
Мæ мает рафыхтис, нал фæлæууыдтæн,
Фелвæстон цирхъ æмæ æрцавтон лæппуйы —
Лæппу мæ размæ æрхауд дыууæ дихæй.
Мæ маст куы фæсабыр, мæ зонд мæм куы раздæхт,
Уæд фæсмон райдыдтон, сагъæсты бацыдтæн:
«Мæ гуыбыны фæдыл амардтон ме 'мбалы!
Нарты æхсæнмæ ма куыд рацæудзынæн?»
Уалынмæ иу хъуыды мæ сæры февзæрыд:
Марды дыууæ дихы артыл æрæвæрдтон.
Хъарм сыл куы сæмбæлди, арт сæм куы бахъардта,
Уæд лæппу райгас ис æмæ мæм дзуры:
«Цæмæн мæ ракодтай Мæрдтæй фæстæмæ?
Мæрдтæм куы бацыдтæн Барастыры дуæрттыл,
Дидинæгджын фæзтæм куыддæр бахызтæн,
Афтæ кæсын, æмæ гуыпп симд йæ хæрз тынгыл,
Мæн дæр бакодтой цингæнгæ сæ хъазтмæ.
Уым æрхæцыдтæн æз дæ усы цонгыл,
Смиынтæ райдыдтон, уæдæ цы уыдаид!
Гъемæ мæ афтæмæй фæстæмæ ракодтай».
Ныхасмæ байхъуыстоя кæронмæ лæмбынæг.
æмæ Мæрдты Бæстæ фенын мæн бафæндыд.
Фглвæстон мæ цирхъ уайтагьд йæ кæрддзæмæй
æмæ йæ мæ риуы бацавтон фистонмæ.
Фæмард дæн уыцы ран, уæдæ цы уыдаид,
æмæ Мæрдты Бæсты уайтагьд æсмидæг дæн.
Лæппу куыд радзырдта, афтæ рæсугъд фæзы
Симынц æмхуызонæй Мæрдты Бæсты адæм.
Мæ усы цэнгыл æз дæр æрхæцыдтæн
æмæ зæрдæйы фаг фæсимдтам уыцы ран.
Ауадз мæ фæстæмæ Мæрдтæй нæхи бæстæм,
Загьтон Барастырæн, æмæ мæ рауагъта.
Ракодтон мæ усы мемæ Мæрдты Бæстæй
æмæ мын райгуырд диссаджы дзæбæх фырт, —
Гъе, уымæн мæ худæн бахъуыдис рувасдзарм».
«Иа, ныр та дæ рад у радзурын, Уырызмæг,
Ракæ нын де 'мбисонд!» загьта йын Ацæ.
«æз дæр нæртон лæг дæн, нарты' хсæн фæцардтæн,
Фæцыдтæн цæуæнты, фæхаттæн хæтæнты;
Цы бæсты нæ уыдтæн, цы адæм нæ федтон,
Цы 'мбисонд нæ зонын, ахæм ма кæм баззад!
Фæлæ мæ таурæгьтæ иууылдæр куыд дзурон!
Радзурдзынæн уын æз дæр иу æмбисонд.
Иуахæмы, дын, сæгуытдзуан акодтон,
Зилахар-быдырмæ, æрæгвæззæджы.
Боны сæумæцъæхæй изæры талынгмæ
Фæхаттæн сырдджынты, фæзылдтæн алы ран, —
Сæгуыты лæппын дæр нæ бафтыд мæ къухы.
Мигъ мыл ныббадти, бацис мыл еау мæйдар.
Кæдæм ма цыдаин, уый дæр нал зыдтон;
æххормаг, дойныйæ мæ хъару басасти.
Хуыцау мæ бахаста иу арф хæмпæлмæ —
Фийæутты хъæууатмæ. Загътон мæхи нымæр:
«Гъей-джиди, ацы ран кæрт исты куы уаид! —
Бæргæ дзы схуыссин фидардæры тыххæй».
Куыддæр уый загътон, афтæ бæрзонд кау —
Сырд ыл нæ ахиздзæн, маргъ ыл нæ атæхдзæн,
Ахæмы федтон хъæууаты алыфарс.
Мæ размæ. байгом ис кауын дуар йæхæдæг.
«Мидæгæй куы схуыссин, — æдасдæр мын уаид»,
Загътон мæхи нымæр. Мидæмæ бахызтæн.
Кæсын мæ алыфарс—диссаджы агъуысттæ!
Мæ зæрдæ фæфидар, мæ ныфс фæхъæддыхдæр.
«Гъæй-джиди, ам ма хæринаг куы фæзынид!»
Куыддæр уый загътон, афтæ, дын, мæ размæ
Рацыди тымбыл фынг, дуне хæрд, дуне нозт
Йæ уæлæ, афтæмæй. Мæхи бафсæстон,
Мæ зæрдæ, срухси гæркъæраджы зæрдæйау.
æмæ хъуыды кæнын: «Гъе ныр бафсæстæн,
Ницыуал мæ хъæуы, æрмæст дæр — бафынæй».
Хæрдджынæй, нозтджынæй, зæрдæхъæлдзæгæй
æркъул кодтон æмæ уайтагьд афынæй дæн.
Раст æмбисæхсæв бæстæ ныррухси,
Цыма мæйдар æхсæв арвыл хур фæзынди.
«Басыгьд кæйдæр хæдзар», зæгъгæ, фæтарстæн.
Фæлæ уалынджы хъусын кæйдæр дзурын:
«Ма тæрс, нæртон лæг, уый мæ къах разынди!»
«Ай цы диссаг у? — загътон мæхи нымæр.—
Йæ къах афтæ тынг кæмæн æрттивы,
Уый цы хуызæн уыдзæн йæхæдæг уагæры?!»
Цы уæм æй æмбæхсон, уæндгæ дæр нал кодтон,
Фæлæ фæллад лæгыл хуыссæг тых каем нæу,
æмæ та 'рфынæй дæн фæстæмæ уайтагъд.
Ныррухс та уалынмæ æмæ та фехъал дæн.
«Басыгъд кæйдæр хæдзар!» зæгъгæ, тафæтарстæн,
Фæлæ та фехъуыстон уæддæр уьщы хъæлæс:
«Ма тæрс, нæртон лæг, уый мæ къух разынди!»
Дисы та бацыдтæн. Диссаг куыд нæ уыдис!
Адæймаджы хъæлæс бæргæ у, фæлæ
Уьщы рухс чи кæны, уый уагæр цавæр у?!»
æртыккаг хатт дæр та бæстæ ныррухси.
«Ма тæрс, нæртон лæг, мæ дзыкку разынди!»
Афтæ та радзырдта сылгоймаг йæ уатæй.
«Уырызмæг амæлæд, куы нæ йæ баскара!»
Загътон мæхи нымæр æмæ, дын, рабадтæн.
Хъавгæ 'мæ хъуызгæйæ уаты 'рдæм бацыдтæн.
Уæд мæм йæ хуыссæнæй радзырдта сылгоймаг:
«Цы кæныс, Уырызмæг, нарты зондамонæг?
Агуырдтай хæринаг, æмæ. дæ бафсæстон
Дæ зæрдæ цы загъта, ахæм хæринæгтæй.
Хуыссæнуат агуырдтай дæ фæллад суадзынæн,
æмæ. дын бакодтон фæлмæндæр хуыссæнтæ.
Цæуылнæ бахуыссыс æнцой дæ хуыссæны?
Цæмæн ма агурыс мæнæй уæлдай митæ?»
Ацы сылгоймаг мæ йæхиуыл ардауы!»
Загътон мæхи нымæр æмæ йæм фæцæуын.
«Курын дæ, Уырызмæг, хæстæг мæм ма 'рбацу, —
Хуыздæр дын нæ уыдзæн, фæсмон фæкæндзынæ!»
Афтæ мæм дзуры ус. Бын бауа нозтджын лæг! —
Мæ нозт мæ батардта æмæ йæм бацыдтæк.
æрцæфтæ мæ кодта ус нымæтын ехсæй,
æмæ, дын, уыцы ран цъæх хæрæг фестадтæн.
Фæрсыл кусынмæ мæ радта ус иу лæгмæ.
Иу цалдæр азы мыл фыдкуыст фæкодта лæг.
Гæбæзтæ æсхаудта ме рагьæн йæ цармæй,
Фесты цæрдхуынчъытæ мæ фæрстæ цалдæр ран.
Мæлынмæ æрцыдтæн фыд лæджы къухты.
Гъе 'мæ мæлæтдзагæй æрцыдтæн усмæ.
Ус та мæ ныццавта йæ нымæтын ехсæй,
æмæ уайтагъддæр ефс фестадтæн æз.
Цалдæр азы та фæцыдтæн ефсæй дæр.
Стæй та мæ ныццавта, æмæ куыдз фестадтæн,
Ахæм куыдз фестадтæн, æмæ мæ хорзы кой
Айхъуысти дунейыл — фосдарæг адæмтыл.
Цавæрдæр æлдарæн йæ фосыл сагъуыди
Раст уыцы рæстæджы хины сырдты бал.
æлдары хъустыл æрцыд мæ хорзы кой,
æмæ æрцыдис курæг мæ хицаумæ:
«Дæ куыдзы хорзы кой айхъуысти дунейыл,
Ратт мын æй рæстæгмæ, на уæд мын мæ дзугты
Бирæгътæ фæцагътой», дзуры мæ хицауæн.
«Нæ дын æй раттдзынæн, — загъта йын мæ хицау.—
Мæ куыдз, хорз æлдар, буц даринаг у».
«Иу хатт цы ныццæгъдынц мæ фосæй бирæгътæ,
Ау, уымæй дæ куыдзы фылдæр бахъæудзæни?»
æмæ мæ радта æлдарæн мæ хицау.
æлдар мæ аласта, уæдæ цы уыдаид.
Радта мæ фийæуттæм. Карз сын ныффæдзæхста:
«Куыдзы хорз бафсадут!» йæхæдæг афардæг
Хъæумæ йæ хæдзармæ, йæ хъал бæхыл бадгæ.
Мæ мæт, дын, кæм кодтой æлдары фийæуттæ!
«Дарæг дзы ма уал уæд дæ дзæгъæл куыдзæй!
Бирæгътæ куы хæрой дæ фосы рæгъæутты,
Уæд мах фос мийаг нæ къаддæр кæндзысты!»
Загьтой фийæуттæ, æмæ ныххуыссыдысты,
Стонгæй мæ ныууагътой сæ фостæ хъахъæнæг.
æхсæв ныллæууыди йе 'мбисыл, афтæ, дын,
Дыууадæс бирæгъы къуыбырæй нынниудтой:
«Уæ, нарты Уырызмæг, хъæбатыр Уырызмæг,
Дыууадæс бирæгъæй мах дæумæ фæцæуæм!»
æз дæр сæм нынниудтон: «Рацæуг, ма' тæрсут,
Йæ  сæр дæр нæ сисдзæн Уырызмæг сымахмæ,
Цы хæрын фæразат,— уæ фæндон — уæхи бар!»
Уыдон дыууадæсæй уæтæрмæ 'рцыдысты,
æмæ сын цас бантыст æлдары рæгъæуттæй,
Уыйас фæцагътой суанг боны цъæхмæ.
Райсом, сæумæ цъæхæй, йæ хъал бæхыл бадгæ,
æлдар уым балæууыд; балæууыд æмæ
Фийæутты бафарста: «Цæй, фос куыд хъахъæдтат?»
Загьтой йын фийæуттæ: «Мæнæ ма æрбакæс,—
æмбис дын фæкодтой дæ фосы бирæгътæ».
Уым, дын, мæ рацахстой, нæмын мæ райдыдтой:
Чи куыд арæхсти, афтæ мæ надтой,
Гъе стæй мæ ракодта æлдар, нæмгæ-нæмгæ,—
Уый йæ хъал бæхыл, æз та йæ фарсмæ,—
æмæ мæ æркодта нæхимæ мæстджынæй.
«Цæй, куыд дын хъахъæдта?» ус фæрсы æлдары.
æнæдарæг фæуæд! Хæрз бын мæ бакодта.
æмбис мын фæкодтой мæ фосы бирæгътæ».
æмæ уæд æлдармæ ус афтæ бадзуры:
«Хорз æй нæ бафсæстай, буц æй нæ бадардтай,
æндæр бæргæ зонын мæ куыдзæн йæ хъару».
Иу æндæр æлдар та фæзынд мæ хицаумæ
æмæ йæ нал уадзы, дæ куыдз мын ратт, зæгьгæ.
Хины сырдтæ мын мæ фосы фæцагътой,
Нæ та мæ лæвæрдта уымæн дæр мæ хицау:
«Радтон æй иубон æз йу æндæр æлдарæн,
Хорз æй нæ бафсæста, буц æй нæ бадардта,
Фæлæ йæ æрласта ардæм, нæмгæ-нæмгæ»
Тынг фæлæгъстæ кодта æлдар мæ хицауæн:
«Уый иу мыккагæй у, æз — æндæр мыккагæй.
Уый уыцы æлдар у, æз — æндæр æлдар дæн:  
Мæн ууыл ма нымай!» дзырдта йын æлдар.
æмæ мæ радта уæд, æндæр цы гæкæн уыд.
æлдар зæлдаг бæндæн бафтыдта мæ хъуырыл;
æмæ мæ аласта афтæмæй уæтæрмæ.
Загъта уым фийæуттæн: «Раласут нард нæл фыс!»
Нард бурæ нæл фыс раластой фийæуттæ.
«Тагъд æй æрбаргæвдут!» Нæл фысы аргæвстой.
«Уæларт æй сæвæрут!» зæгъы та сын æлдар.
Фийæуттæ афыхтой нард фыды фæзгъæртæ
æмæ дыдзы фыхæй, фæлмæнæй-фæлмæнмæ,
Мæ разы æвæрдтой фысы мард фийæуттæ.
«Сæгътыл разилут æмæ йын æхсыр
Йæ басыл ныккæнут!» æмæ мын басыл
Сæгъы 'хсыр ныккодтой, буцдæры тыххæй;
Фыдæй уа, басæй уа — дзæбæх мæ бафсæстой.
æлдар мын хуыссынæн схаста фæлмæн гауыз,
Гауыз мын бакодтой, æз ыл æрхуыссыдтæн,
Мæ раззаг къæхтæ дзуарæвæрд æркодтон
æмæ сыл афтæмæй мæ сæр æркъул кодтон.
Хъарм фынæй баисты фийæуттæ лæгдоны;
æлдар йæхæдæг дæр баззади фосимæ.
Куы та ныллæууыди æхсæв йе 'мбисыл,
Уæд та мæм нынниудтой дыууадæс бирæгъы:
«Уæ, нарты Уырызмæг, хъæбатыр Уырызмæг,
Дыууадæсæй дæм ахсæв фæцæуæм».
æз дæр сæм нынниудтон: «Дзæгъæлы ма 'рцæут!
Ма 'рцæут Дзæгьæлы, — мæнмæ уын фос нæй».
Дыккаг хатт мынниудтой: «Фæцæуæм, Уырызмæг!»
æз дæр та нынниудтон: «Цы фæнды фæкæнат,
Уæддæр мæ ацы 'хсæв пайда нæ айсдзыстут!»
æртыккаг хатт та мæм нынниудтой бирæгътæ:
«Ды—иу, мах—дыууадæс, фæуæд нæ дæ фыдæх!»
Уæд сæм нынниудтон æз дæр æртыккаг хатт:
«Рацæут, рацæут! Уæхи уæд уæ пайда!»
Уайтагъд æрбабырстой дыууадæс бирæгьы,
æмæ, дын, гьæйда-гъа, лæбурынц уæтæрмæ,
Хæцын нын ацайдагъ суанг боны 'рбарухсмæ;
Фыстæм сæ иуы дæр æмгæрон не 'руагьтон,
Афтæмæй цæндтæ самадтон бирæгътæй,
Дыууадæс бирæгъæй, мæхæдæг фæлладæй
Фæлмæн гауызыл мæхи æруагътон.
æрыхъал, дын, æсты уалынмæ фийæуттæ,
æлдар йæхæдæг дæр райхъал ис уалынджы,
Рацыдысты мæм фосы бæрæг кæнæг,
Бирæгьты мæрдтæй æстыр цæнд куы федтой,
Уæтæры фосæй иу дæр куы нæ фæхъуыд,
Уæд мæ куы ныккодта æлдар йæ хъæбысы!
«Ацы хины сырдтæ канд мæнæн нæ, фæлæ
Искæмæн дæр ма фыдбылыз уыдысты,—
Загьта. — Цæмæй йын бафидæм ацы хорз?
Нæл фысты егъаудæр раласут ныртæккæ!»
Нæл фысты егъаудæр раластой фийæуттæ,
Мæ хъуырыл бафтыдта æлдар зæлдаг бæндæн
æмæ мæ фысимæ раласта хицаумæ.
«Гъе, мæнæ ус,— загьта,— ацы хорздзинад дын
Нæ ферох кæндзынæн, цалынмæ дуне
Дуне уа, уалынмæ. Фæлæ уал дын, хорз ус,
Мæнæ ацы нæл фыс фæуæд мæ лæвар!»
Уый фæсгæ афардæг, уæдæ цы кодтаид!
Мае хицауы кæрты чысыл куы ацардтæн,
Уæд та фæзындысты фыдсылмæ цуанонтæ,
æмæ йын загътой: «Ратт нын дæ хорз куыдзы;
Иу урс аре фæзынди нæ цуангæнæн хъæды,
Зылдыстæм йæ фæдыл, цы нæ йын фæкодтам, —
Тæрын дæр нæ комы, марын дæр нæ комы.
Кæд нын йæ марынмæ дæ куыдз феххуыс уаид».
«Мæ куыдз у буц ахуыр, — загьта сын мæ хинау,
Хорз æй куы нæ фенат, буц æй куы нæ дарат,
Ницы уын бакæндзæн уæд цуаны цæугæйæ».
Зæрдæ йын бавæрдтой буц мæ кæй дардзысты,
Цæугæ-цæуын мын сырд кæй ссардзысты,
Уый тыххæй; æмæ мæ радта уæд мæ хицау.
Аре кæм бадтис, уырдæм куы бахæццæ стæм,
Уæд мæ феуæгъд кодтой цуанæттæ уыцы ран.
Сурынтæ райдьщтон урс арсы хъæдбынты,
Сурын æй райдьщтон хæрдты 'мæ уырдгуыты,
æмæ йæ сыййæфтон иу хохы къуылдымыл.
Уæд, дын, аре æрбадти иу ран йæ фæстæгтыл,
æмæ маем дзуры афтæ лæджы 'взагæй:
«Ма уал фыдæбон кæн, нарты Уырызмæг,
Уый бæсты рацу 'мæ абад мæ фарсмæ.
æз арс нæ дæн, арс, фæлæ æфсати дæн.
Раджы дын фехъуыстон æз дæ хъуыддæгтæ, —
Ефсæй куыд фæцыдтæ, хæрæгæй инн' ахæм.—
æмæ сфæнд кодтон дæуæн феххуыс кæнын;
Арсы хуызы дæр уый тыххæй бацыдтæн.
Ныр ныууадз цуанæтты, уадз æмæ цуан кæной, —
Загьта мын æфсати, — ды та ныффардæг у
Дæ хицаумæ æмæ скæн рынчынæфсон.
Хæринаджы хъæстæ ма уал ис дæ дзыхмæ.
Рхяхаер дыл сагьæстæ кæндзæнис дæ хицау,
Алы хæринаг дын æвæрдзæн дæ разы,
Фæлæ-иу мæлæгау-ауадз дæхи.
Фæмæсты дæм уыдзæн ус æмæ зæгъдзæни:
«Дарæг дæ мауал уæд! Цы дæ, куыдз йеттæмæ?»—
Йæхæдæг ахиздзæн мæстыйæ дæ сæрты,
Йæхи хъуыдыйы æттæмæ ацæудзæн,—
Дуарæй куы ахиза, уæд ын йæ нымæтын ехс
Раис йæ нывæрзæнæй, æрсæрф æй дæхиуыл
æмæ цы уыдтæ, уый фæстæмæ фестдзынæ:
Уырызмæг уыдтæ — фестдзынæ Уырызмæг.
Усы хуыссæны сбаддзынæ ехсимæ
æмæ дæ цы фæнда, уый уыдзæн дæхи бар».
æфсати куыд загьта, афтæ бакодтон,
Фестадтæн Уырызмæг, æрбадтæн хуыссæныл,
Нымæтын ехсыл фидар хæцгæйæ.
Уалынмæ æрбаздæхт мæ хицау хæдзармæ.
«Гъе, додой мын фæци, дрдой дæ къона:
Ныр та ма мын ды кæй мæрдтæм цæудзынæ?»
Усы фенгæйæ, загътон мæхи нымæр.
Сау æхсæв бонмæ дзы мæхи фæрæвдыдтон.
Райсом боны цъæхыл, «хæрæг фест», зæгъгæ,
Нымæтын ехсæй усы æрдзæхст ластон
æмæ, дын, уыцы ран цъæх хæрæг фестади.
Уырдыгæй хæрæджы ратардтон нартмæ.
Уый у, зонут æй, Борæты цъæх хæрæг.
Гъе уый, дын, мæ таурæгъ. æз уымæй диссагдæр
Мæ цард-цæрæнбонты ницы ма федтон».
Систа тæрхон кæнын Ацæ æмæ загьта:
«Диссаг куыд нæ уыд Хæмыцы таурæгъ!
Куыд нæ уыд диссаг Сосланы таурæгъ дæр!
Фæлæ уыдонæн сеппæтæй диссагдæр
Радзырдта мæнæ нарты Уырызмæг,
Хæрæгæй, куыдзæй, бæхæй чи фæцыди!
Ацы рувасдзарм æмбæлы Уырызмæгæн».
Радтой Уырызмæгæн сатæгсау рувасдзарм,
æмæ дзы йæхицæн кæрц бахуыйын кодта.
Ныр дæр ма кæнынц Уырызмæджы кæрцы кæй.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке