logo

М О Я    О С Е Т И Я



НАРТ ÆМÆ УÆЙЫДЖЫ СТÆГ


Нарт дыууадæсæй хæтæны ацыдысты.
Цас фæцыдысты, чи зоны, фæлæ, дын,
Æрæфтыдысты иу стыр быдырмæ.
Уым сыл æрталынги, нал уыдтой развæндаг.
Фæцæуынц мæйдары æмæ Сосланы арц
Цæуылдæр фæхæцыд. Скарынц æмæ, мæнæ
Иу егъау лæгæтмæ бафтыдысты.
Дистæ райдайынц: «Йс дзы дур куы нæ ис,
Йе — хъæд, кæй загъдæуы, уæд ай цы уыдзæнис?»
Æрфысым кодтой æхсæвы лæгæты.
Кæсынц сæумæ райсом: се 'хсæв кæм арвыстой,
Уыцы лæгæтгонд разындис сæры кæхц.
Уæд нарт æскувынц: «Уæ, хуыцауты хуыцау,
Ацы лæг æгасæй куыд уыдис, афтæ йæ
Фестын кæн фæстæмæ, æрмæст йæ цæстытæй
Ма уынæд, афтæмæй!» Хуыцау сын фехъуыста
Сæ куывд æмæ уайтагьд йæ инн«е стджытæ
Æрбандæгьдысты егъау сæры кæхцыл,
Æмæ æрыгас ис уæйыг сæ цурьг,
Æрмæст йæ цæстытæй нæ уыдта, афтæмæй.
Рабадт йæ бынаты. Йæхи ныйивæзта.
Бацæуынц стыр дисы нарты бæлццæттæ,
Уæйыг сæм байхъуыста æмæ сæм дзуры:
«Цавæр адæм стут? Чи стут? Цы уæ хъæуы?»
Сослан ын куы зæгъы: «Мах нарты адæм стæм».
Уæд уæйыг бадзуры нæртон Сосланмæ:
—      Дæ къух ма мæм авæр, æз дæ уæнгæй фенон. —
Сослан æм фæцæйцыд, фæлæ йæ ныдцавта
Уæйыгæн йæ комы тæф, фехста йæ фæстæмæ.
Уæд æм фæстæрдыгæй бацыд Сослан,
Йæ къух æм радта 'мæ уæйыг æрыскæрста
Нарты Сосланæн йæ цондфы хъултæ.
—      Лыстæг кæндтытæ стут, — дзуры йæм уæйыг.
Зæгъут ма мын, уæдæ, уæ цард цæмæй у? —
Сослан куы зæгъы уæд афтæ уæйыгæн:
«Нæ цард у кæрдзынæй æмæ сырды фыдæй».
Уæд йæ къух ауыгъта уæйыг æмæ дзуры:
Уе сæфт куы 'рцыд, уæдæ!—Сослан æй бафæ
«Уæдæ цæмæй уыди, уагæр, сымах цард та?»
Мах цард — зæххы сойæ,— загьта йын уæйыг.
«æмæ куыд цардыстут зæххы сойæ та?»       
Уæд фæфистæг кодта уæйыг йæ цонг æмæ
Уæхсджы онг ауагъта сау зæххы йæ къух.
Армы дзаг куы сисы саумæр æмæ афтæ
Куы дзуры Сосланмæ:—Дæ армытъæпæн ма
æрбадар, цæй, уæдæ! — Сослан æм бадары
Йæ армытъæпæнтæ. Уæйыг ныллæмары
Сау сыджыт æмæ, дын, Сосланæн йæ къухтæ
Зæххы сойæ уайтагьд куы æрыдзаг вæййынц.      
—      Гъе ныр æй бастæр. — Сослан сой бастæрдта
æмæ йын нард фыдау ныццавта йæ зæрдæ.
Уæйыг æм дзуры: — Стæмæй-астмæ дæ
Ныр хæрын нал хъæудзæн. — Сослан æй бафарста:
«Уæдæ уæ рæстæджы уæ хъæзтытæ та
Цы хуызæн уыдысты?» Уæйыг ын куы зæгъы:
Акæс-ма, уæртæ уым уыныс стыр обау?
«Куыннæ йæ уынын!» загьта Сослан дæр.
Уæдæ ма йæ сæрмæ ссу æмæ дын æз
Уым фенын кæндзынæн нæ дуджы  хъæзтытæ. —
Обауæн йæ цъуппмæ ссæуы нæртон Сослан
æмæ ныхъæр кæны уырдыгæй уæйыгмæ:
«Райдай уæ хъæзтытæ!» загьта Сослан æмæ
Йæхæдæг уайтагъддæр йæ бынат аивта.
Куырм уæйыгмæ хæстæг цы стыр бæлае уыд
Уый, дын, æд уидæгтæ срæмыгъта æмæ йæ
Обауыл ныццавта, — обау цыдæр фæцис—
Бæлас æй фæйнæрдæм къуыбаргай фæхаста.
—      Цы фæдæ? — бафарста куырм уæйыг Сосланы. —
Бæлас дыл н'ауади? — «Ницы мыл ауад.
Фæтылиф дзы кодтон мæхи иу-фарсмæ».
Уæйыг æм уæд дзуры: —Мах ницы зыдтам
Тылифтæн; ныр сымах, куыд уынын, афтæмæй     
Хæйрæджыты мыккаг уыдзыстут хъуамæ.
æнцад мæ ныууадзут,   ма мæ мæстæй марут. —
Уæд та нарт æскуывтой: «Уæ, хуыцæутты хуыцау,
Куыд уыди, афтæ йæ фестын кæн фæстæмæ!»
Куыд уыди, афтæ та фестади фæстæмæ
Уæйыг йæ бынаты — æстыр сæры кæхц.
Нарт та сæ хæдзармæ æрфардæг æсты.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке