Нарт ацыдысты иу бон хæтæны,
æмæ Сырдоны дæр семæ ахуыдтой.
Сæ къухы 'ппындæр ницы бафтыдис,
Афтидæй фæстæмæ рацæйздæхтысты.
Тар хъæды астæу иу æнæбын цад
Нарт зыдтой æмæ загътой сæхицæн:
«Сырдон уыцы цад нæ зоны æмæ йæ
Ууылты арвитæм — кæд дзы ныххауид,
æмæ афтæмæй кæд нæ маст ссæуид!»
Цадыл пыхсытæ мæнг калд æркодтой,
Цадмæ фæндагыл Сырдоны арвыстой.
Сырдон уым цад кæй уыд, уый нæ базыдта,
æмæ дзы афтæмæй ныххаудта 'виппайд;
Фæхæст ма былгæрон бæласы уидæгтыл,
æмæ амалтæй цадæй раирвæзтис.
Хус къæцæлтæй, дын, цырен арт акодта,
Ахустæ кодта йæ хуылыдз дарæс,
æмæ азгьордта нартæн сæ размæ.
Нарт Гæтæджы фырт гæды Сырдонæн
Фесæфын æнхъæл бæргæ уыдысты,
Фæлæ сæм уый та фæстæмæ хъæр кæны:
— О, фæлæуут-ма, нарты хæтæг адæм,
Диссаг, уын радзурон, дунейы диссаг! —
Нарт æрлæууыдысты, дисæй амардысты:
Уый Сырдоны хъæр у, кæцæй ма фæзындис?
Сыр дон сæм бацыдис æмæ сын загъта:
— æз ахæм диссаг мæ чысылæй нырмæ
Никуы ма федтон! — Нарт æм уæд дзурынц:
«Уæ, Гæтæджы фырт, цы диссаг федтай?
Ма та нæ фæсай!» Сырдон сын загъта:
— Уæртæ уым иу цад, æмæ дзы федтон
Диссаджы сырдтæ Сындз-къохмæ лидзгæ,
æз сæ фæтарстæн, мæ фыр тæссæй ма
Ардæм кæуылдæрты æрбахæццæ дæн.—
Сырдоны дзауматы хусæй куы федтой,
Уæд йæ ныхæстæ нарты бауырныдтой,
æмæ йыл афтæмæй баууæндыдысты.
— Кæда цуаны цæут, нарты фæсивæд,
Уæд ма хуыздæр ран кæм æссардзыстут!
æмæ сæм цæйут тагъддæр ацæут!
æз сæм мæхæдæг нал бацæудзынæн,
Фæлæ зилдзынæн къохы алыфарс:
Чердæм уын цæуой, уый уын амондзынæн.—
Уæд сындзджын къохмæ нарт бацыдысты.
Сындзыты зилынц, фæлæ; сырд кæм арынц,
æхсæв бонмæ сæ сындзытæ фæтыдтой;
Уæд бæхæй, лæгæй, сæ туг калгæйæ.
Райсом рацыдысты тар сындзджын къохæй.
«Сæрæй та ныл, Сырдон, сайдæй рацыдтæ?»
Афтæ бафарстой нарт уæд Сырдоны.
— Нæ бауæндыдыстут, нарт, сырдтæм бацæуын!
æз уын адæмæн уый куы радзурон,
Уæд фидиссаг кæнут! — Сырдон сын загъта.
Нарты фæсивæд уæд фæтарстысты,
Зæгъгæ, нæ Сырдон худинаг кæндзæни,
æмæ йæм дзурын дæр нал бауæндыдысты.
Афтæтæ кодта нарты адæмæн
Гæтæджы хин фырт, фыдбылызы Сырдон.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат