logo

М О Я    О С Е Т И Я



СОСЛАН БЕДУХАЙЫ КУЫД ÆРХАСТА


 

Нарты Сослан, зæгъы, йæхицæн куы куырдта,
Челæхсæртæджы чызг Бедуха-рæсугъды.
Авд азы дæргъы йыл фæдзырдта Сослан,
Фæлæ йын Хызы фырт, тыхджын Челæхсæртæг,
Нæ разы кодта йæ чызджы раттыныл.
Уæд, дын, иуахæмы фæрныг Алæгатæ
Æсцæттæ кодтой хæрдай æмæ нозтæй
Цы хъуыдис, уый æмæ стыр куывд сарæзтой.
Стыр куывд сарæзтой æмæ æрхуыдтой
Нарты адæмы стырæй, чысылæй.
Нарт рабадтысты фæрныг Алæгатæн
Се стыр хæдзары рæгъытæ-рæгъытæй.
Иу рæгъы уæле дзы хисдæрæн бадтис
Нарты зондамонæг урсзачъе Уырызмæг.
Иннæ рæгъы уæле—болатрихи Хæмыц.
Æртыккаг рæгъы та — Гæтæджы фырт Сырдон.
Сæмбæлдис, зæгъынц, Алæгаты куывды
Бедухайы фыд Челæхсæртæг дæр.
Хæрынц æмæ нуазынц нарты хуынд адæм,
Уæле дæлæмæ уадзынц гаджидæуттæ.
Иу дзæвгар куывды куы абадтысты,
Уæд Хызы фырт æмæ дурæйгуырд
Сослан Фæбыцæу вæййынц, — сæ иу дæр, се 'ннæ дæр
Йæхицæй æппæлы, йæхицæй, куы зæгъынц.
— Мæ фыдыстæн, Сослан, æз дæуæй хуыздæр дæн,
Зæгъы Хызы фырт тыхджын Челæхсæртæг.—
Алцæмæй дæр æз афæлвардзынæн
Демæ мæ лæджыхъæд. Кæд уæндыс, Сослан,
Уæд ма сыст æмæ хæснагыл ракафæм.—
«Разы дæн, ракафæм, — зæгъы йын Сослан,—
Фæлæ уал мын зæгъ: хæснагæн цы 'вæрыс?»
— Кæд хуыздæр æскафай æмæ мæ амбулай,—
Зæгъы Хызы фырт нарты Сосланæн, —
Уæд дын æз раттдзынæн мæ чызг Бедухайы.
Фæлæ, нарты Сослан, ды та цы 'вæрыс? —
«Кæд мæ ды амбулай, гъе уæд дын æз та
Раттдзынæн, Хызы фырт, мæ номдзыд хæзнатæ:
Церечы згъæр æмæ Бидасы тахъа.—
Уыдонæй уæлдай ма — мæ номдзыд цирыхъ   дæр,—
Зæгъы йын Сослан. — Цæй ды уал ракаф.
Ды мæнæй хисдæр дæ, иннæ ахæм — уазæг».
Фестадис Хызы фырт, кафынтæ систа:
Иу дзæвгар, зæгъы, зæххыл фæкафыдис,
Стæй та байдыдта дзаг фынгтыл кафын.
Хорз фæкафыди зæххыл Челæхсæртæг,
Фæлæ куы райдыдта дзаг фынгтыл кафын—
Кæм цæхдон акалы, кæм къæбæр аппары
Зæхмæ йæ фæччитæй нарты дзаг фынгтæй,
Уæддæр фæкафыдис, уæдæ цы уыдаид,
Стæй уæд æруагъта йæхи йæ бынаты.
Сыстадис, зæгъы, уæд нарты Сослан дæр,
Сыстадис æмæ кафынтæ систа.
Фыццаг уал уый дæр зæххыл фæкафыдис,—
Афтæ хорз кафыдис, афтæ хорз арæхстис
Æмæ йæм адæм иууыл æркастысты.
Стæй уыцы кафгæйæ, фынгмæ фæгæпп ласта,—
Иууыл диссаг кафт та фынгтыл фæкодта.
Дзаг фынджы былтыл-иу цъилау ныззылдис,
Афтæмæй, зæгъы, иунæг къус, иу къæбæр
Нæ фезмæлын кодта Сослан йæ бынатæй.
Дис кæнынц хуынд адæм Сосланы хорз кафтыл —
Никуы-ма федтой афтæ хорз арæхсгæ.
Утæппæт адæм сæ кæрдты фындзтæ,
Сæ цыргътæ уæлæмæ, афтæ æрæвæрдтой
Сосланы къæхты бын дзаг фынгты уæлæ;
Уыдоныл дæр та кафынтæ байдыдта:
Куыройы цалхау-иу æрзылд кæрдты фындзтыл.
«Ай лæг нæу, хæйрæг у! — загътой куывды адæм,—
Никуы-ма федтам мах афтæ скафгæ».
Бирæ куы фæкафыд, уæд нарты Сослан дæр
æрбадт йæ бынаты, уæдæ цы уыдаид.
Уæд, дын, Алæгатæ рахастой æмбырдмæ
Нарты цыппæрхъусыг номдзыд Уацамонгæ,
Номдзыд Уацамонгæ ронгæй йæ тæккæ дзаг,
æмæ бадзурынц быцæуыл кафджытæм —
Нарты Сослан æмæ Челæхсæртæгмæ:
«Хуыздæр кафæг уæ уый уыдзæнис, æмæ,
Ацы Уацамонгæ йæ сæрыл, афтæмæй
Чй скафа æмæ дзы 'ртах чи нæ 'ркала».
Фыццаг æй сæвæрдта йæ сæрыл Хызы фырт.
Фæкафыдис æмæ хорз куыннæ, скафыд!—
Фæлæ-иу ын нозтæй æркалдис уæддæр.
Кафт фæци Хызы фырт, тыхджын Челæхсæртæг,
æмæ та сбадтис йæ бæрæг бынаты.
Алæгатæ та ногæй байдзаг кодтой
Нарты цыппæрхъусыг номдзыд Уацамонгæ
æмæ йæ радтой дурæйгуырд Сосланмæ.
Сæвæрдта йæ, зæгъы, Сослан дæр йæ сæрыл
æмæ, дын, ракафыд, уæдæ цы уыдаид.
Ноджы диссагдæр кафт ацы хатт скодта,
Уацамонгæйæ æртах дæр не 'ркалди.
Куыннæ йыл дис кодтой æмбырды адæм! —
Афтæ хорз ракафгæ никуы-ма фендæуыд.
Сослан кафт куы фæцис, уæд Хызы фырт дзуры:
— Быны сæфт фæут, нарт, сымах куы нæ зæгъат,
Хуыздæр чи скафыди мæнæй — Сосланæй!
«Раст дын куы зæгъæм, нæ уазæг Хызы фырт,
Уæд хорз ракафыдтæ, нæй дæм фау æрхæссæн;
Фæлæ Сослан дæуæй хуыздæр ракафыдис.
Хæснаг Сосланы у», загътой йын нарт.
Хъыг куыннæ уыдаид уый Хызы фыртæн, —
Мæстæйдзагæй, зæгъы, фестад йæ бынатæй,
Йæ бæхыл абадт æмæ афардæг ис
Йæ фыды галуан — Хызы фидармæ.
Дыккаг бон ацыдис Сослан æмбæлттимæ
Челæхсæртæгмæ — Хызы фидармæ.
Куы бахæццæ вæййынц æмæ куы баййафынц
Фидары дуæрттæ фидар æхкæдæй.
æмæ куы базоны уæд дурæйгуырд Сослан,
Челæхсæртæг та йæ дзырд кæй фæсайдта,
Кæй та йын нæ дæтты йæ чызг, Бедухайы.
Дурæйгуырд Сослан уæд куы сфæнд кæны
Челæхсæртæгæн йæ фидар басæттын
æмæ Бедухайы лæгдыхæй рахæссын;
Куы сфæнд кæны æмæ нарты фидиуæгæн
Афтæ куы зæгъы нæрæмон Сослан:
«Цæугæ æмæ Нартæн афтæ фехъусын кæн:
Абон майрæмбон, иннæ майрæмбоны
Хызы фидармæ æфсады цæуæм,
æмæ уæ нæлгоймал кæмæй нæ рацæуа,
Уый иваргонд уыдзæн лæппу-уацайрагæй».
Куы фехъусын кæны нарты фидиуæг Сосланы ныхас
æртæ Нартæн дæр. æмæ куы райдайы алы хæдзар дæр
Иннæ майрæмбонмæ 'фсæддон рæвдз кæнын.

***
Нартæн сæ хъомгæс иунæг лæг уыдис:
Нæлгоймаджы номыл йæ хæдзары уыди
æрмæст дæр иу саби — авдренон сывæллон,
æмæ хъыг кæны нарты мæгуыр хъомгæс:
«Хызы фидармæ ныр æфсады цæуон, —
æмæ нарты фос кæй бар ныууадздзынæн,
Хъомгæс цæуон — æмæ мæ иунæг хъæбулы
Иварæн исдзысты... Уæд ныр цы бакæнон?»
Афтæмæй йыл, зæгъы, æнæхъæн къуыри
æхсæв бон нал кодта, бон æхсæв нал кодта
æгæр æмæ æгæр куы хъынцъым кодта,
Уæд æм йæ лæппу авдæнæй дзуры:
«Уæ, мæ фыды хай, дæхи цæмæн хæрыс?
æз фæцæудзынæн Сосланæн æфсады».
«æмæ мын, мæ хъæбул, ды уый хъом куы уаис,
Уæд æз мæгуыр уаин!» йæ фыд æм дзуры.
Уæд лæппу йæхи аивæзтытæ кодта
æмæ йæ авдæнæн йæ фæрстæ атыдта.
«Нана, тынг æстонг дæн!»—дзуры йæ мадмæ
Авдæнон саби, хъомгæсы чысыл фырт.
Мад дæр, зæгъы, уæд йæ чысыл хъæбулæн
Йе 'мдæргъ, йе 'муæрх чи уыд, ахæм гуыл   ракодта.
Лæппу йæ ахордта æмæ, цы уыди,
Дыууæ уыйасы фестадис лæппу.
«Ныр цæуын, баба, нарты æфсадмæ,—
Дзуры йæ фыдмæ хъомгæсы чысыл фырт.—
Искуы-иу Сослан бæхæй куы 'рфистæг уа,
Уæд ын-иу æз дæр, æндæр ницы, фæлæ
Йæ бæхы рохтыл уæддæр фæхæцдзынæн».

***

Байдыдтой, зæгъы, æфсæдтæ 'мбырд кæнын.
Тынг бирæ байысты Сосланы æфсæдтæ,
æмæ фæцæуынц Хызы фидармæ,
Хъомгæсы фырт дæр сæ фæсте асырдта
æмæ сæ ныййæфта иу æстыр фæзы,
Сослан æй фены, æмæ йæ бафæрсы:
—  Ды та кæдæм цæуыс, мæнæ чысыл лæппу?
«æфсады рацыдтæн», зæгъы хъомгæсы фырт.
— Дзидзидай сабитæ нæ хъæуы ме 'фсады.
Фæлтау дæ хæдзармæ афардæг у, лæппу! —
Зæгъы нарты Сослан хъомгæсы фыртæн.
«Уæ, ма кæн, Сослан,—дзуры, йæм лæппу.—
Исты хъуыддаджы дын æз дæр бабæздзынæн,
æппын ницы, фæлæ искуы куы 'рфистæг уай,
Уæд дын фæхæцдзынæн дæ бæхы идоныл».
—  Мæ бæх тæрсаг бæх у, æмæ дын йæ идон
Мийаг куы атона, уæд та ма йын, лæппу,
Цæуыл ныххæцдзынæ? — фæрсы йæ Сослан.
«Уæд та ныххæцдзынæн бæхæн йæ бецыккыл».
—  æмæ дын йæ бецыкк куы атона, уæд та? —
«Уæд та ныххæцдзынæн бæхæн йæ барцыл».
—  æмæ дын йæ барц ку'атона, уæд та? —
«Уæд ын ныххæцдзынæн йæ дыууæ хъусыл».
—  æмæ дын йæ хъустæ мийаг куы атоной,
Гъе, уæд та ма йын цы кæндзынæ, лæппу? —
«Уæд та ныххæцдзынæн бæхæн йæ къæдзилыл».
—  æмæ дын йæ къæдзил ку'атона, уæд та? —
«Уæд та ныххæцдзынæн йæ фæстаг къахыл».
—  æмæ дын йæ къах дæрмийаг куы атона,
Гъе, уæд та ма йын цы хос кæндзынæ? —
«Гъе, уæд та, Сослан, кæд ды нарты астæу,
Бецыкк кæуыл нал уа, барц кæуыл нал уа,
Йæ хъустæ, йæ къæдзил тынд кæмæн æрцæуой,
Суанг тынд кæмæн уа йæ фæстаг къах дæр,
Ахæм бæхыл бадын дæ сæрмæ куы хæссай,
Уæд æз мæ худинаг куыннæ уромдзынæн?»
«Ай нæ уыдзæнис хуымæтæджы лæппу» —
Загъта йæхи нымæр нарты скуыхт Сослан
æмæ акодта лæппуйы йемæ.
Уæд, иуахæмы, Сосланы æфсæдтæ
Хызы фидармæ схæццæ вæййынц
æмæ æрлæууынц Хызы фидары цур.
Мæнгард Челæхсæртæг, Сосланы 'фсады кой
Раздæр куы фехъуыста, уæд æм куы схæццæ ис,
æмæ йæ фидарæн йæ фидар дорттæ
Ноджы фйдардæр куы сæхкæдта, зæгъынц:
Фидарæй æттæмæ цъиутæхæг нал уыди.
Хæцынтæ байдайынц, хæцынтæ, зæгъы,
Сосланы 'фсæдтæ Хызы фидарыл,
Фæлæ фидарæй къæртт, цъула нæ хауы.
Уæд нарты Сослан йæ бæх куы авæры
Йæ чысыл æфсæддон; — хъомгæсы фыртмæ,
æмæ йæхæдæг хæцæг адæммæ
Куы бацæуы æмæ хæцынтæ куы сисы.
Чысыл лæппу дæр, бæхыл хæцгæйæ,
Бирæ куы фæкæсы хæцæг адæммæ,
Стæй тар хъæды мидæг ставддæр цы бæлас уыд,
Уый æртасын кæны, Сосланы бæхы йын
Йæ тæккæ цъуппыл йæ цыппар къахæй
Фидар куы бабæтты, куы бабæтты æмæ
Йæхæдæг бæлас фæстæмæ куы суадзы;
Бæлас куы сраст вæййы, йæхи куы сисы
æмаа Сосланы бæх йæ цъуппыл абады.
Уæд, дын, чысыл лæппу — мæгуыр хъомгæсы  фырт
Азгъордта æмæ Сосланмæ схæццæ ис.
—Мæ бæх цы фæцис? — фæрсы йæ Сослан.
«Уæртæ йæ хъæды бæласыл бабастон,
Мацæмæй йын тæрс, никæдæм алидздзæн:
Бастæй — фидар баст у: фæлæ уал мæ ауадз
Мæн дæр ныр хæцынмæ», загъта йын лæппу.
Хъæды 'рдæм акастис дурæйгуырд Сослан
æмæ, дын, йæ бæхы дынджыр бæласæн
Йæ тæккæ цъуппыл ауыгъдæй ауыдта.
«Хорз лæгыл фембæлдтæн!» — хъуыды кæныСослан.
Нал æмæ нал уадзы лæппу Сосланы.
Ауадз мæ, зæгъы, æз дæр хæцгæ кæнын.
Сразы ис Сослан, уæдæ цы уыдаид!
æмæ, дын, лæппу — хъомгæсы чысыл фырт —
Афтæ куы радзуры нарты Сосланæн:
«æз цæуын, уæдæ, Хызы фидарæн
Йæ сæрмæ цы бæрзонд Сау айнæг, зыны,
Гъе, уыцы айнæгмæ. Мæ зæвæтæй йæ
Халдзынæн æмæ йæ дæлæмæ калдзынæи
Хызы фидарыл. Челæхсæртæг мæ
Фатæй фехсдзæни, Куырдалæгон ын
Цы фат сарæзта, гъе уыцы фатæй.      
Фат сæмбæлдзæнис мæ къахы счъилыл,
æмæ рахаудзынæн æз айнæджы сæрæй,
Фæлæ-иу мæ ма 'руадз ды зæххыл æмбæлыи.
Зæххыл куыннæ 'мбæлон, афтæмæй-иу мæ
Ахæсс ды, Сослан, авд суадоны сæрты.
æмæ уæд нæ хъуыддаг, хуыцауы фæндæй,
Рæстмæ уыдзæни: басæтдзынæн дын
æз Хызы фидары, рахæсдзынæн дын
Челæхсæртæджы чызг Бедуха-рæсугъды.
Уый нæ бафæрæзтай, уæд æз дæр сæфт, æмæ
Дæ хъуыддагæй дæр ницы рауайдзæнис».
Хъомгæсы чысыл фырт куыд загъта, афтæ
Ацыд æмæ схызти Сау айнæджы сæрмæ,
Йæ зæвæтæй йæ пырх кæнын байдыдта,
æмæ йæ калы дæлæмæ, фидарыл.
Афтæмæй, зæгъы, Хызы фидарæн
Йæ иу сых фæкодта уыцы айнæджы бын.
Уалынмæ йæ суыдта Челæхсæртæг дæр
æмæ йæ сæхста, Куырдалæгон ын
Цы фат сарæзта, уыцы æндон фатæй.
Фат сæмбæлд лæппуйæн йæ къахы счъилыл,
æмæ, дын, лæппу, нарты хъомгæсы фырт,
Айнæджы фарсыл куырисау ратылди.
Нарты Сослан дæр, дын, уæд йæ дыууæ цонгыл
Нымæт куы айтауы, йæ уæйлаг сау нымæт,
æмæ, дын, лæппуйы, зæхмæ не 'руадзгæйæ,
Цæрдæг куы рацахсы, нымæты мидæг æй
Дзæбæх куы 'рбатухы, æмæ йын куыд загъта,
Афтæ йæ хæссын, скъæфын байдайы.
Куыд æй бахаста æртыккаг суадоныл,
Афтæ, дын, мæнæ Гæтæджы фырт Сырдон
Йæ размæ февзæрдис зæронд лæджы хуызы —
Йæ уæхскыл уыдис къæссайы зæронд,
Йæ дæлармы та — сагойы сæстытæ —
Кæдæмдæр тындзы æнæвдæлон лæгау.
— Дæ бон хорз, зæронд лæг! Уыцы фаддзуйæ
Чердæм фæдис кæныс? — фæрсы йæ Сослан.
«Уæртæ нарты 'фсæдтæ Хызы фырты фидар
Басастой, æмæ уырдæм тагъд кæнын,
Кæд ма дзы мæн дæр исты фæуид, зæгъгæ.
Сосланы 'нпæс куы дæ, уæд уыцы мардимæ
Кæцы 'рдæм рараст дæ, Бедухайы дын          
Куы фæхæссынц, уæд?» загъта йын зæронд лæг.
Нæ йыл баууæндыди дурæйгуырд Сослан,
æмæ та уайы дарддæр йæ фæндагыл.
Цыппæрæм суадоныл куы бахызт Сослан,
Уæд лæппу байдыдта иу чысыл хидызмæл.
Уайы та Сослан хъомгæсы фыртимæ;
Фæндзæм суадоныл куы ахызти Сослан,
Уæд лæппуйы зæрдæ змæлын байдыдта.
Дыууæ суадоныл ма хъæуы ныр ахизын,        
'æмæ уæд лæппу райгас уыдзæни.
Фæуайы Сослан, лæппу йæ хъæбысы;
Уайы, 'мæ куы ахызт æхсæзæм суадоныл,
Уæд та йыл мæнæ — нарты фыдбылыз
Гæтæджы фырт Сырдон зæронд усы хуызы,
Сасир йæ къухы, афтæмæй, фембæлди.
«Сосланы 'нгæс куы дæ, уæд ацы мардимæ
Кæцы 'рдæм згъорыс? Нарт Хызы фидары
Куы басастой æмæ Бедуха-рæсугъды
Куы фæхæссынц, уæд? æз дæр æд сасир
Уырдæм куы тагъд кæнын, кæд ма дзы мæн дæр
Исты фæуид, зæгъгæ», дзуры зæронд ус.
Фæтарсти ацы хатт нæрæмон Сослан:
Ацы зæронд ус дæр, афтæ кæм зæгьы,
Уым æцæг куы уа уыцы хъуыддаг, зæгъгæ.
Лæппуйы фæуагъта уым иу обауы сæр
Нымæты уæлæ, йæхæдæг фæстæмæ
Уайынтæ байдыдта, æмæ иу афон
Йæ 'фсæдты цурмæ æрбахæццæ ис.
Кæсы, æмæ уæртæ йæ 'фсæдтæ бадынц,
Сосланы 'рбацыдмæ æнхъæлмæ кæсынц.
Сослан дæр ма, зæгъы, уæд бæргæ бамбары, —
Рæдыд ыл кæй æрцыд, сайгæ йæ кæй фæчынд,—
Бæргæ ма фезгъоры фæстæмæ, лæппумæ,
Фæлæ йын байрæджы, йæ цыд фæдзæгъæлис:
Нарты фыдбылыз Гæтæджы фырт Сырдон
Чысыл лæппуйыл сыджыт бакалдта
æмæ сыджыты æндзæвдæй лæппу амарди.
Хъыг бæргæ уыдис нарты Сосланæн,
Фæлæ цы кодтаид, цы гæнæн ма йын уыд.
Йæ бон куы базыдта хъомгæсы фыртæй,
Уæд, зæгъы, раздæхти фæстæмæ йе 'фсадмæ,
Раздæхтис æмæ афтæ куы зæгъы
Сослан йе 'фсæддонтæн: «Цæут уæ хæдзæрттæм».
Йæхæдæг бацыдис æмæ, дын, уæртæ,
Фидары цæрджытæн Дзыхы дон чи уыдис,
Уыцы суадоны был ныддæргъ, ныффæлдæхтис:
Раст цыма мард уыди, — нал хъуыст йæ улæфт дæр,
Йæ буар æмбийы, скæлм ис æгасæй.
Челæхсæртæг, зæгъы, касти йæ фидарæй
æмæ йæм æфсæдтæ куы нæ уал зындысты,
Уæд дон хæссынмæ дондзаутæ рарвыста.
Дондзаутæ федтой, уæдæ цы уыдаид,
Сæ суадоны былыл Сосланы, хуысгæйæ.
Фæстæмæ, зæгъы, тагъд-тагъд куы баздæхынц
æмæ куы радзурынц Челæхсæртæгæн:
«Уæртæ нæ доны был амард иу рæсугъд лæг,
æмбийын байдыдта, скæлмис æгасæй дæр».
Уæд, зæгъы, Хызы фырт, мæнгард Челæхсæртæг,
Уайтагъд куы базоны, Сослан кæй у, уый.
«Уый мард нæ уыдзæнис, æфсон æскодтаид,
Уый нарты Сослан у», зæгъы Челæхсæртæг.
—  Уæдæ йæм æз цæуын, хъуамæ йæ базонон, —
Зæгъы Хызы фыртæн Бедуха-рæсугъд.
«Ма йæм ацу, мæ хур, — дзуры Челæхсæртæг—
Уый нарты Сослан у, æрцахсдзæнис дæ».
—  Тæрсгæ мын ма кæн, ницы мын кæндзæни,—
Загъта Бедуха, 'мæ рацыди суадонмæ.
Йæ иу къухæй, зæгъы, йæ цæсгом бамбæрзта,
Афтæмæй бацыдис Сосланы рæзты,—
Сослан нæ фезмæлыд, йæхи ныддур кодта.
Бедуха дон систа æмæ ссыд сæхимæ.
—  Уæ, уаих фæуай, мæ фыд Челæхсæртæг,
Уыцы лæджы мардæй стæгдар йеттæмæ
Куы ниц' уал баззад, куы бамбыд æгасæй,
Уæд, ныр йæ мардмæ кæмæн нæ уæндыс,
Уыцы лæгæн мæ цæуылнæ лæвæрдтай?
Уымæй хуыздæр ма мæ чи ахæсдзæни? —
Уайдзæфтæ кæны Бедуха йæ фыдæн.
«Уый мард нæма у, — зæгъы та Хызы фырт,—
Ацæут, æмæ æфсæн уæхст ахæссут,
Сырх зынг æй скæнут æмæ йæ афтæмæй
Йæ зæвæты стъыссут уæраджы сæры онг.
Сырх зынг уæхст куы скæса йæ уæраджы сæрæй,
æмæ гъе уæд дæр куы нæ фезмæла,
Уæд æцæг мард уыдзæн,—æндæр мæ нæ уырны,
Мард кæй у, уый. Цæут æмæ йæ бавзарут».
Ацыдысты æмæ уæхст сырх зынг скодтой;
Челæхсæртæг сын куыд загъта, афтæ йæ
Нарты Сосланæн йæ зæвæты стъыстой;
æфсæн уæхст ракасти йæ уæраджы сæрæй,
Уæддæр нæ фезмæлыд дурæйгуырд Сослан,—
Фæстæмæ бацæуынц уæд Челæхсæртæгмæ.
Хъуыддаг ын радзурынц кæрæй кæронмæ:
«Сырх зынг уæхст ын, — зæгъынц, — йæ зæвæты стъыстам
æмæ скасти уæхст йæ уæраджы сæрæй.
Уæддæр нæ фезмæлыд, не сулæфыдис».
«Уæ уæхст-ма рахæссут», зæгъы сын Хызы фырт.
Уæхст, дын, æм бахастой, уæдæ цы уыдаид,
Райста уæхст йæ къухмæ æмæ йæм сысмыста.
Нырма æгас у, хуыцауы æлгъыст!»
æваст фæхъæр кодта Хызы фырт адæмыл.
—  Гъе уæууæй, мæ фыд,—дзуры йæм Бедуха,—
Йæ къахы чысыл сындз кæмæн æсуайы,
Уый дзы куы ныхъæрзы, уæд ныр йæ зæвæты
Уæхст кæмæн стъыстой, уæлдайдæр сырх зынг  уæхст,
æмæ гъе уымæй «уæуу» чи нæ загъта,
Уыцы лæгæн мæ цæуылнæ лæвæрдтай,
Уымæй хуыздæр ма мæ чи ахæсдзæнис?! —
Стæй рацыд Бедуха æмæ Сосланмæ               
Бацыд йæхи хойгæ, мæрдæгъдау кæнгæ:
—  Уæ, мæгуырдæр фæуай, нарты скуыхт Сослан!—
Кæуы 'мæ даыназы Бедуха-рæсугъд.—
Цас хъйзæмæрттæ, цас зынтæ бавзæрстай!
æгады мардæн æвгъау бæргæ уыдтæ!
135Уый дæ куы зыдтаин, уæд дæм æз доны дæр
Мæхи баппæрстаин æмæ дæ ссардтаин.—
Сослан та йæхи ныффидар кодта,
Змæлгæ нæ кæны, улæфгæ инн' ахæм.
Бедуха куы баздæхт фæстæмæ сæхимæ,
Уæд, зæгъы, Хызы фырт Челæхсæртæджы дæр
Уырнын куы байдыдта Сосланы марды уац;
Куы нæ уал фæлæууыд æмæ куы рарасти
Нарты Сосланмæ, фенон ма йæ, зæгъгæ.
Хызы фырт Сосланмæ куы 'рбахæстæг ис,
Уæд Сослан йæхи нал баурæдта:
æваст фæгæпп ласта Челæхсæртæгмæ;
Челæхсæртæг дæр фæзылд, фæлидзæг ис;
Сослан æй айста æмæ йæ фæсуры.
Бирæ йæ нал хъуыдис, фæцæй йæ æййæфта,
Фæлæ Хызы фырт йæ амондæн бахæццæ
Фидары дуармæ. Гъа ныр фæмидæг уа
Фидары дуарæй, афтæ йæ Сослан
Цирхъæй æрцавта. Дæ фыдгул афтæ! —
Челæхсæртæгæн атахт йæ сæры фахс,
Фæлæ ма уæддæр мидæмæ баирвæзт.
Мидæгæй радзырдта Сосланмæ Хызы фырт:
«Фæлæу иннабонмæ, уæд æз æмæ ды
Схæцдзыстæм, Сослан. Ныр уал æз цæуын
Куырдалæгонмæ мæ сæры фахс хуыйынмæ».
Хызы фырт, зæгъы, уæларвмæ сфардæг ис,
Куырдалæгонæн æрхуы еæры фахс
æркæнын кодта, уæдæ цы уыдаид.
Куырдалæгон сæры фахс куы скодта,
Уæд, зæгъы, фæрсы Челæхсæртæджы:
«æз дын дзы æтте болат зæгæлтæ
Бæргæ бахойдзынæн, фæлæ мндæгæй та
Зæгæлты фындзтæ чи тасын кæндзæн?»
«Мидæгæй та сæ мæхи бар уадз, уæдæ, —
Зæгъы Челæхсæртæг. — Ды-иу æтте
Зæгæл куы бахойай, уæд-иу схуыфдзынæн,
æмæ-иу зæгæлтæн сæ фындзтæ мидæгæй
Фæстæмæ тасдзысты, фæцъула уыдзысты»,
Афтæмæй бампъызта куырд Куырдалæгон
Челæхсæртæгæн æрхуыйæ йæ сæры фахс.
æрцыди та, зæгъы, уæдæ цы уыдаид,
Хызы фырт фæстæмæ æмпъызт сæримæ,
æмæ та райдыдта цæрын йæ фидары.
Сæ хæсты бон куы 'рцыд, уæд нарты
Сослан Афтæ куы скувы: «Уæ, хуыцæутты хуыцау,
Уæ, мæхи хуыцау, кæд мæ истæмæн
Сфæлдыстай æмæ мæ исты амонд ис,
Уæд ахæм хур скæн, ахæм тыхджын хур,
æмæ цæгæрсæр тъæппытæ куыд хауа,
æрхуыйæ конд сæр та сырх зынг куыд кæна!»
Рацыдис Хызы фырт, тыхджын Челæхсæртæг,
æнхъæлмæ кæсы Сосланы фæзындмæ.
Дурæйгуырд Сослан æм æрæгмæ куы цæуы,
Йæхи, зæгъы, барæй куы ныффæстиат кæны,
Уæд, зæгъы, ахæм хур куы ныккасти, æмæ
Бæстæ куы арыдта, дуне куы сыгъди.
Хызы фыртæн дæр йе 'рхуы сæры фахс
æсзынг ис æмæ сæры магъз басыгъта,
Афтæмæй уыцы ран амард Челæхсæртæг.
Уæд, зæгъы, Сослан бацыд Бедухамæ,  
Бацыд æм æмæ йын афтæ куы зæгъы:
«Дæ фыд фæмарди, æмæ ныр мæн дæ». —
Разы дæн, — загъта йын Бедуха-рæсугъд. —
æрмæст ма мын, Сослан, мæ фыды мард бафснай. -
Сослан дæр, дын, зæгъы, куы саразын кæны
Стыр рæсугъд зæппадз, æмæ марды уым
Куы бавæрын кæны, куыд æмбæлы, афтæ.  
Стæй та бацæуы Сослан Бедухамæ:
«Ныр та ма цы зæгъыс, цы 'фсон ма мыи кæныс?—
Дзуры йæм Сослан. — Дæ фыды мард дын,
Куыд æмбæлы, афтæ зæппадзы бафснайдтон».
— Мæ фыды мард мын цы ран бафснайдтай,
Уый ма мын фенын кæн, — загъта Бедуха,—
æмæ нæ хуыцау хайыр фæкæнæд!—
«Цом, фенын кæндзынæн», загъта йын Сослан,
æмæ ацыдысты зæппадз уынынмæ.              
Бедуха, зæгъы, йæ болат хæсгард
Йæ дысы бамбæхста æмæ, куьщ ныккастис
Йæ фыды мардмæ, афтæ йæ зæрдæсæр
æваст фæрæхуыста йæ болат хæсгардæй.
Дæ фыдгул афтæ! — базырзыр ма кодта,             
æмæ æрхаудта йæ фыды уæлæ:
Афтæмæй амардис Бедуха-рæсугъд.
Сосланæн дæр ма цы гæнæн уыдис,
Чызджы дæр бавæрдта йæ фыды фарсмæ.
Куыннæ хъыг кодтаид Сослан йæ уарзоныл:
«Бирæ мæстытæ федтон, фæлæ мын
Сеппæтæй зындæр ацы маст уыди»,
Зæгъы йæхи нымæр нæрæмон Сослан.
Сфæнд кодта Сослан йæ уарзоны мард
æртæ боны æмæ æртæ 'хсæвы хъахъæиын.
Бады марды уæлхъус Сослан хъынцъым  кæнгæ.
Иу бон кæсы, æмæ зæппадзы иу къуымæй
Калм рабырыдис æмæ, дыи, уæртæ
Фæбыры комкоммæ Бедухайы мардмæ.
Сослан цирхъ фелвæста æмæ дзы калмы
Цæрдæг æрриуыгъта. Калм фæдыууæ ис.
Йæ сæр ма хуынчъы бæргæ фæцавта,
Фæлæ йе 'ннæ æрдæг зæппадзы баззади.
Бады та Сослан, уæдæ цы уыдаид,
Бады 'мæ хъахъæны йæ уарзоны мард.
Иу афоны та кæсы, æмæ калм
Фæстæмæ ралæсыд зæппадзы къуымæй,
Цыкурайы фæрдыг йæ дзыхы, афтæмæй.
Балæсыдис, зæгъы, калм йæ лыг æмбисмæ.
Цыкурайы фæрдыг йæ лыгыл асæрфта,
æмæ дыууæ 'мбисы аныхæстысты.
Калм" фыццаг куыд уыдис, афтæ та фестади
æмæ, дын, уæртæ йæ хуынкъмæ фæлæсы.
Сослан æм фæцырд ис æмæ йæ æрцавта
Йæ цирхъы бырынкъæй, æмæ йæ амардта.
Цыкурайы фæрдыг райста калмы дзыхæй
æмæ дзы расæрфта Бедухайы хъæдгом:
Чызг базмæлыдис, йæ цæстæй ракасти,
Йæхи айвæзта æмæ афтæ зæгъы:
— Уæ, хуыцау, мæнæ цас фæфынæй кодтон! —
Сослан дæр, зæгъы, йæ уæлхъус куы лæууы
æмæ йæм куы дзуры: «Бирæ, бирæ, мæ хур».
Зæппадзæй ракодта Сослан Бедухайы
æмæ йæ 'рхуыдта Нартмæ сæ хæдзармæ.
Цæрынтæ байдыдтой, цæрынтæ, зæгъы,
Лæг æмæ усæй, уæдæ цы уыдаид,
Нарты Сослан æмæ Бедуха-рæсугъд.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке