logo

М О Я    О С Е Т И Я



НАРТЫ ÆМБЫРД


КÆНÆ НАРТ ЧИ ХУЫЗДÆРЫЛ   КУЫД ДЗЫРДТОЙ

Нарты гуыппырсартæ æмбырдæй бадтысты
Нарты хæдзары, къæлæтджын бандæттыл.
Сæ царды уагыл сæм ныхас æрцыди.
Тæрхæттæ кодтой сæ дзыллæйы сæрыл.
Æмæ сыстади нарты æмбырдæй
Уæд' иу зæронд лæг, иу цытджын хисдæр;
йе стыр тинты кæрц, йæ уæхсджытыл конд,
Афтæмæй рахызти æмбырды размæ.
Йæ пылыстæг лæдзæг зæххыл æркъуырдта;
æрынцадис ыл, æруæз ыл кодта;
Нарты Ныхасыл йæ цæст ахаста,
Йæ урс зачъетæ фасæгау адаудта,
Стæй байтом кодта йæ хъæлæсы уаг
Æмæ радзырдта зæлдаг уадзæгау:
«Нарт нарт уæд уыдысты, уæ, хъусæг адæм,
Æмæ сæ арв нæрын уæд нæ уæндыди,
Йæ уд дзы зынаргъ куы ничи кодта,
Мæлын куы зыдтой сæ дзыллæты сæрыл.
Нарт нарт уæд уыдысты, уæ, фæрнджын адæм,
Æмæ нæртон лæгæн йæ нæртон дзыхæй
Рæстдзинад йеттæмæ куы ницы ирвæзти.
Нæ дзыллæ дзыллæ гье уæд уыдысты,
Æмæ сæ нæртон сæр сæрмæ куы хастой,
Сæ къæсæртæ-иу бæрзонд куы арæзтой,
Мидæмæ цæугæйæ, æттæмæ хизгæйæ,
Сæ сæртæ гуыбыр куыд нæ кодтаиккой,
На  'мæ хуыцаумæ афтæ фæкастаид,
Æмæ уымæн кувынц. Сæхицæн, зæгьы,
Хуыцауæн кувын дæр аккаг нæ кодтой».
Фæци конд йæ ныхас, бахызти фæстæмæ
Сабыргай æрбадти йæ къæлæтджыныл.
æмæ сыстади уæд дыккаг хисдæр;
Йе стыр тинты кæрц йæ уæхсджытыл конд.
Афтæмæй рахызти æмбырды размæ;
Йæ пылыстæл лæдзæг зæхмæ æруагъта,
æрынцадис ыл, æруæз ыл кодта;
Йæ цæст ахаста нарты стыр Ныхасыл,
Йæ урс зачъетæ фасæгау адаудта,
Исдуг алæууыди æнæдзургæйæ,
Стæй байгом кодта йæ нæртон хъæлæс
æмæ райдыдта ныхас кæнын уый дæр:
«Адæмтæ-иу хæлæг уæд кодтой нартмæ,
Сæ хорзы кой дардыл уæд хъуысти нартæн,
æмæ сæхиуыл хæцын куы фæрæзтой,
Хæрд æмæ нозтæй сæ бæрц куы зыдтой.
Ацы дуджы хуызæн сæ мæрдты къоти
Куы нæ калдтой нарт нозт æмæ хæрдыл.
æнæгъдау нозтæй се'фсæрм куы нæ сæфтой;
Куы нæ дзы састой сæ зонд æмæ се'хсар».
Фæци конд йæ ныхас, бахызти фæстæмæ,
Сабыргай æрбадти йæ къæлæтджыныл.
æмæ сыстади æртыккаг хисдæр.
Йе стыр тинты кæрц йæ уæхсджытыл конд,
Афтæмæй рахызти æмбырды размæ.
Йæ пылыстæг лæдзæг зæхмæ æруагъта,
æрынцадис ыл, æруæз ыл кодта,
Йæ  цæст ахаста нарты стыр Ныхасыл;
Йæ урс зачъетæ фасæгау адаудта,
æмæ радзырдта лæмбынæг, афтæ:
«Нæ адæм адæм уæд уыдысты,   'мæ
Хисдæрæй-кæсдæрæй кæрæдзи куы 'мбæрстой;
Сылгоймаджы сæрыл нарты адæмæй
Йæ ирд цæсгом чъизи куы ничи кодта».
Фæци конд йæ ныхас, бахызти фæстæмæ,
Сабыргай æрбадтис йæ къæлæтджыныл.
æмæ рахастой нарты æфсинтæ
Нарты хисдæртæм уæд æртæ тыны —
Фыдæлты кадджын, зынаргъ хæзнатæ.
Райста дзы иу тын нарты Уырызмæг,
Акастис адæммæ æмæ зæгъы афтæ:
«Ацы стыр хæзна нарты хисдæртæ
Абон аккаг кæнынц, нæ фæсивæдæй
æд-зонд хъæбатырдæр, æд-зонд ныфсджындæр
æмæ хæрзæгъдаудæр чи разына, уымæн.
Йæ ныфс уæ чи хæссы ацы хорз хæзнамæ?»
Сыстад йæ бадæнæй болатрихи Хæмыц
æмæ бадзырдта: «æз исын ацы тын!»
«Уый та куыд, гье, Хæмыц? — дзурынц æм нарт' адæм,—
Ды рагæй æрæгмæ д'аууонæй куы тæрсыс,
Комкоммæ бакæсын куы никуы уæндыдтæ
Ды адæймагмæ цæрынæй хæрынмæ?!»
«Раст зæпьут, иттæг раст, нарты хуыздæртæ!
æз уын мæхицæй цæмæй раппæлон,
Уымæй мæм æппындæр ницы ссардзыстут.
Фæлæ... Мæ фырт Батрадз... Табу уæ фарнæн!
Уымæй хъæбатырдæр, уымæй ныфсджындæр
Ничи разындзæци нарты фæсивзвдæй.
Стæй æвзæрдзинад дæр нæ бакæндзæни,
Нæ йæ бауадздзæни йæ разы кæнын дæр».
Ницыуал загътой æмбырды адæм,
æмæ аиста Хæмыц Нарты хорз хæзнайы.
Раисы дыккаг тын нарты Уырызмæг
æмæ та дзуры æмбырды адæммæ:
«Ацы хæзнайæ та нарты хисдæртæ
Кадджын кæнынц, уæдæ, уьщы адæймаджы,
Хуыздæр чи разына гуыбыны уагæй,  
Лæджы уаргъ зынæй дæр хæссын чи фæраза
Кæрæй-кæронмæ, кад æмæ радæй».
æмæ та сдзырдта болатрихи Хæмыц:
«Мæнмæ цæуы, уе стæн, ацы тын дæр, уæдæ!»
«Нæу, Хæмыц, дæ хъуыддаг зæрдæмæ цæуинаг:
Дæ фыдгуыбыны кой чи нæ фехъуыста,
Иу ахæм адæймаг нæ разындзæн Нарты.
Никуы дын ничи базыдта де 'фсис —
Иу иннабонæй дыккаг иннабонмæ
Бадты, фынджы уæлхъус «бæркад» зæгъгæ, афтæ
Никуы ссыд дæ дзыхæй», дзурынц нарт Хæмыцмæ.
«Мæхи тыххæй та уын æз ницы зæггъдзынæн.

Фæлæ... уæ фарн бирæ,—мæ фырты сæрыл,
Батрадзы сæрыл исын ацы тын дæр:
Гуыбыныл дæр уæм ничи разындзæн
 Комкоммæ бакæсын куы никуы уæндыдтæ
Ды адæймагмæ цæрынаей хæрынмæ?!»
«Раст зæгъут, иттæг раст, нарты хуыздæртæ!
æз уын мæхицæй цæмæй раппæлон,
Уымæй мæм æппындæр ницы ссардзыстут.
Фæлæ... Мæ фырт Батрадз... Табу уæ фарнæн!
Уымæй хъæбатырдæр, уымæй ныфсджындæр
Ничи разындзæни нарты фæсивæщæй.
Стæй æвзæрдзинад дæр нæ бакæндзæни,
Нæ йæ бауадздзæни йæ разы кæнын дæр».
Ницыудл загьтой æмбырды адæм,
æмæ аиста Хæмыц Нарты хорз хæзнайы.
Раисы дыккаг тын нарты Уырызмæг
æмæ та дзуры æмбырды адæммæ:
«Ацы хæзнайæ. та нарты хисдæртæ
Кадджын кæнынц, уæдæ, уыцы адæймаджы,
Хуыздæр чи разына гуыбыны уагæй,
Лæджы уаргъ зынæй дæр хæссын чи фæраза
Кæрæй-кæронмæ, кад æмæ радæй».
æмæ та сдзырдта болатрихи Хæмыц:
«Мæнмæ цæуы, уе стæн, ацы тын дæр, уæдæ!»
«Нæу, Хæмыц, дæ хъуыддаг зæрдæмæ цæуинаг:
Дæ фыдгуыбыны кой чи нæ фехъуыста,
Иу ахаем адæймаг нæ разындзæн Нарты.
Никуы дын ничи базыдта де 'фсис —
Иу иннабонæй дыккаг иннабонмæ
Бадты, фынджы уæлхъус «бæркад» зæгъгæ, афтæ
Никуы ссыд дæ дзыхæй», дзурынц нарт Хæмыцмæ.
«Мæхи тыххæй та уын æз ницы зæгъдзынæн.
Фæлæ... уæ фарн бирæ,—мæ фырты сæрыл,
Батрадзы сæрыл исын ацы тын дæр:
Гуыбыныл дæр уæм ничи разындзæн
Уымæй æгъдауджындæр», загьта болатрихи.
«æртыккаг тын та нарты хисдæртæ,
Уæдæ аккаг кæнынц, нарты фæсивæдæй
Сылгоймаджы тыххæй æгъдауджындæр чи у,
Фылдæр чи ныббардзæн, йæ бары хайæн, —
Уымæн, гъе, хорз адæм», загъта Уырызмæг.
«Никæмæ ауадздзынæн ацы хæзна дæр æз»,
Загьта та ноджы болатрихи Хæмыц.
«Адæмæн æмбисонд дæ хъох-дæндаг куы у,
Бруйы хуынчъытыл, кауы хуынчъытыл
Куы бырыдтæ ды искæйы устытæм;
Дæхи ус—Быценоны дæ дзыппы куы хастай,
Уæд афтæ зæгъын та дæ цæсгом куыд хъæцы?»
Загьтой   нарты адæм æмдзыхæй Хæмыцæн.
 «Уæ уайдзæфтæ та, нарт, сæ бынаты сты,
Фæлæ уый зонут: мæ фырт Батрадзæй
Хæрзæгъдауджындæр æмæ уагджындæр
Никуы ссардзыстут уыцы хъуыддагæй дæр»,
Бадзырдта Хæмыц, нарты адæммæ,
æмæ та райста æртыккаг тын дæр.
*  *  *
æмæ уæд сфæнд кодтой нарты хисдæртæ
Хæмыцы хорз фырт Батрадзы бавзарын.

*  *  *

Æмæ Батрадз балцæй куыд аæбацæйцыди,
Афтæ йын, зæгъы, нарты хисдæртæ
Арвыстой йæ размæ фондзыссæдз барæджы.
Батрадз куы фембæрста, йæ разы бадынц, уый,
Уæд базмæлын кодта йæ уадсур æфсургъы,
æмæ фæтæхы, цыма фæтарст, уыйау.
Арæнхъ сты, уæдæ цы, барджытæ йæ фæдыл.
æмæ сæм уæд Батрадз йе'ргом фездæхта,
Фæлæууыд сæм, æмæ — дæ балгъитæг афтæ! —
Иу лæджы хуызæн, раст, федта сеппæты дæр—
Фондзыссæдз барæгæй бирæ нал ссардта
Фæстæмæ йæ фæндаг, йæ хæдзар, йæ къона.
Чи ма дзы аирвæзт, уыдонæн дæр сæ туг
Сæ сисбынтæй калди, сæ сисбынтæй, зæгъы.

*   *   *

Нарт куывды бадтысты, стыр нæртон куывды,
Иу иннабонæй дыккаг иннабонмæ.
Уырдыглæуджытæ фынгтæ афтæ сарæзтой,
æмæ дзы Батрадз иумæ дæр не 'ххæсти.
æмæ иннабонæй уæд иннабонмæ
Батрадз комдзаг дæр йæ дзыхмæ не схаста.
Фæлæ, зæгьы, уæддæр иннæ фæсивæдæй
Хъæлдзæгдæрæй зарыд, аивдæр уыд йæ кафт.
æмæ та Батрадз йæ хæдзары нæ уыд,
Афтæ йын хъомгæсы йæ усмæ барвыстой.
Баййæфта хъомгæсы йæ уаты Батрадз;
Хъомгæсы цонг уыди усы сæры бын,
Лæджы цонг раласта усы сæры бынæй,
Усы цонг бакодта хъомгæсы сæры бын,
æмæ йæхæдæг раздæхти кæртмæ;
Йæ хъуынджын сау нымæт йæ быны 'ртыдта,
Йæ бабиаг саргь йæ нывæрзæн бакодта,
æмæ, уыйадыл, суанг хурыскастмæ
Йæ къах дæр н'атылдта, йæ къах, кæй загьдæуы.

 * * *

Æмæ сбæлвырд сты нарты хисдæртæн
Уæд, хуры рухсау, Батрадзы хъарутæ.
Аккаг ын скодтой фыдæлты хæзнатæ,
Фæлæ ма ныхас уыд, ахæм ныхас, се'хсæн:
«Нарты фæсивæдæй Батрадзæй æххæстдæр
Кæй ничи разынди,, уый æцæгдзинад у.
Фæлæ нæ хъуыддаг мах йæ кæронмæ,
Куыд æмбæлы, афтæ нæ ахæццæ кодтам:
Хъуамæ базонæм, хъуамæ бамбарæм,
Цæмæ гæсгæ райста Хæмыцы фырт Батрадз
Уыцы хъарутæ, уыцы лæгдзинæдтæ».
æмæ 'рбасидтысты нарты хорз хисдæртæ
Болатриу Батрадзмæ æмæ йæ бафарстой.
— Диссаг уæм фæзындзæн, хъуамæ, хæрз диссаг,
Нарты хæрзæджытæ,—байдыдта Батрадз,—
Фæлæ æз сарæхсын, стæй хъæбатырдзинад
Мæ зæрдæмæ райстон мæ цуанон куыдзæй. —
«Ау, æмæ уый та куыд?» бафарстой нарт' адæм. —

Æрбацæйцыдтæн æз, — загьта Хæмыцы фырт,
Иуахæмы, цуанæй. Иу хъæуы уынджы
Мæ цуанон куыдзыл амбырд сты куыйтæ.
«Хæрдзысты мын æй, гьи!» загьтон мæхи нымæр.
Уалынмæ, дын, кæсын: куыдз ай-уый нал,
фæлæ Уыцы иу зыввыттæй асхуыста размæ.
Лидзы, уæдæ цы! æвæдза, ныр куыйтæ,
Йæ фæдыл згъоргæйæ, фæиугæйттæ сты,
Афтæ сæм фездæхти, æмæ... бауырнæд уæ,
Батыхтæ сын кодта. Йæхæдæг аирвæзт.
æмæ уæд бахастон æз дæр мæ зæрдæмæ:
Знаджы басæттынмæ искуы куы бахъавай,
Уæд афтæ бакæн, цæмæй фæдихтæ уа,
Цæмæй фæхæлиу уой йæ тых, йæ хъару.
Уæд афтæмæй —- знагæн зын нæу йæ байсафын.—
«Гуыбыны тыххæй та цы зæгъинаг дæ уæд?»
æмæ сын радзырдта Хæмыцы фырт Батрадз:
— Цуаны уæвгæйæ, мах сырд амардтам.
Баулæфæм, зæгъгæ, бынат æркодтам.
Цырын арт бандзæрстам, физонæг фæкодтам.
Нæхи хорз федтам. Хисдæртæ нæм дзурынц:
«Кæсдæртæ, донæн нын исты амал скæнут!»
æмæ донагурæг араст стæм цалдæрæй.
Фæндагыл нæ чидæр цавæрдæр хызынгонд
Скъуырдта йæ къахæй; аистам æй немæ.
Кæсæм æмæ, дын, иу къæдзæхы тигъæй
Цæуы цыхцырæй заманайы суадон.
Тæдзæнмæ хызынгонд дарын байдыдтам.
Дарæм æй, дарæм æй, фæлæ — марадз зæгъ —
Кæд ма йын амал ис байдзаг кæнынæн:
Хызынгонд ивæзы æмæ, дын, ивæзы.
Бирæ йæ фæдардтам доны тæдзæнмæ,
Стæй æрæджиау сфæнд кодтам здæхын,
æрхастам немæ дон нæ хызынгонды.
Адæм иууылдæр басастой сæ дойны.
Фæрсæм сæ: «Цавæр у ацы хызынгонд,
Афтæ чи 'вæзы, дзаг кæнæн кæмæн нæй?»
Фæтæрхон кодтой уыцы ран иу дзæвгар,
Бирæ чи фæцарди, бирæ чи æмбæрста,
Уыцы адæмтæ, æмæ загътой цæхкæр:    
«Уый бæлвырд уыдзæни адæймаджы уæцъæф,
æндæр ницы уыдзæн; уымæн нæй дзаг кæнæн,
Ничи ма базыдта æгас дунейыл дæр
Уымæн абоны онг æппындæр йе 'фсис!»
Уæдæй фæстæмæ нал байдзаг кодтон,
Никуыуал, мæ гуыбын æз фынджы рагъыл.
«Фыр хæрд — фыд рын у».
Фæлтæрын байдыдтон
æппын æнæсцухæй æз мæхи афтæ:
Иу рæстæджы кодтон кæрдзын цыппар дихы,
Бахордтон-иу дзы æрмæст æртæ хайы. —
Тых къаддæр нæ кодта, куыст уæлдай нæ фæци.
Уый фæстæ бавдæлдтæн, æмæ' æз ме стонг
Сæттын байдыдтон кæрдзыны æрдæгæй,
Æгас кæрдзынæй йæ куыд састон, афтæ.—

* * *

Арфæ ракодтой нарты хорз хисдæртæ
Хæмыцæн йæ фырт Батрадзы тыххæй,
Арфæ ракодтой болатриу Батрадзæн.
æмæ систой сæхи сæ къæлæтджынтæй,
æмæ ахæлиу сты нарты æмбырдæй.

*    *  *

Бонтæ цыдысты, æмæ та, иуахæмы,
Нарты стыр Ныхасы ноджы дзырд рауади,
Нарты адæмæй чи хуыздæр у, ууыл,
Бирæ ныхас æрцыд уыцы ран, тынг бирæ,
Фæлæ сæ хъуыддаг ницæуыл ахицæн.
Сырдон уым нæ уыдис уыцы рæстæджы.
«Сырдоны бафæрсæм, — загътой сеппæт дæр. —
Уый нын зæгьдзæни, чи хуыздæр у нартæй».
Сырдон куы фæзынд нарты стыр Ныхасы,
Уæд æй бафарстой, æмæ сын уый загьта:
Хуыздæр уый уаид нарты адæмæй,
æмæ чи ныккæнид йæ бæх хъæстæлвæст,
æмæ йыл чи схъазид нарты стыр хæдзары,
æмæ йæ сæйрагыл чи асыффытт кæнид,
Зæрватыччы хуызæн, æмæ йæ бæхы фæд
Нарты стыр Хъугомы, дæргьауæдз хуымты,
Гутоны фæдау кæмæн баззаид;
Хуыцауы быдырмæ чи фæраст уаид
æмæ уырдыгæй, уыцы цъæх быдырæй,

Хуыцауы сконд чызджы чи 'рфардæг кæнид».
æмæ ничи хæссы нарт' адæмæй йæ ныфс.
Нарты Хæмыцы фырт, зæронд Хæмыцы фырт
Болатриу Батрадз ныфсæй домбай уыди,
æмæ сфæнд кодта уæд бафæлварын.
Йæ нæртон уадсур бæх хъæстæлвæст ныккодта,
Рæвдзæй йыл схъазыди нарты стыр хæдзары,
Ныццæлхъ æй ласта æмæ сæйрагыл
Асыффытт кодта зæрватыччы хуызæн;
Нарты стыр Хъугомы, дæргъауæдз хуымты,
Гутоны фæдау куы афæд кодта.
æмæ фæраст ис хуыцауы быдырмæ.
Цас фæцыд, чи зоны, фæлæ иу афон
Бахæццæ ис Батрадз хуыцауы быдырмæ.
Рахаста уырдыгæй хуыцауы сконд чызджы
æмæ йæ нартмæ æрбафардæг кодта.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке