Сырдонмæ уыдис иу хæрзхаст тохъыл,
Æмæ йын, зæгъы, нарты фæсивæд
Бахъавыдысты йæ бахæрынмæ.
Ну бон та ныхасы бадтысты æмæ,
Сагъæсгæнæгау, дзурынц Сырдонмæ:
«О, Сырдон, хъаймæт æрхæццæ кæны:
Æвгъау у дæ тохъыл афтæмæй сæфынæн,
Фæлтау æй аргæвдæм уæртæ доныбыл,
Æскæнæм дзы уым бур физонджытæ,
Æмæ уæд хуыцау кæсдзæн æмæ махмæ».
Сырдон сразы ис, уæлдай нал загъта...
Иу хур бон куы уыд, уæд нарты 'вдæлонтæ
Доны былмæ сæхи хъæлдзæгæй айстой.
Сырдон дæр йæ тохъыл уырдæм аласта;
Иу бæласы бын æрбынат кодтой,
Æмæ раргæвстой Сырдоны тохъылы,
Æнæзивæг æй асыгъдæг, кодтой.
Цалынмæ Сырдон кусарт цæттæ кæна,
Уалынмæ нæхи ауазал кæнæм,
Загьтой сæхицæн нарты 'вдæлонтæ.
Уайтагьд сæ дзауматæ раластой æмæ
Рæсугъд доны сæхи найын байдыдтой.
Сырдон баззади кусарты уæлхъус.
Сæ дзауматæ сын æрбамбырд кодта
æмæ сæ тымбылæй арты бакалдта.
Нарты 'вдæлонтæ сæхи над куы фесты,
Уæд загьтой сæхицæн «Цом ныр æрбадæм,—
Сырдоны тохъылæй нæхи хорз фенæм!»
Фæлæ доныбылмæ куы рахызтысты,
Уæд кæсынц æмæ сæ дарæс нал арынц,
«Нæ дзауматæ нын цы хæйрæг фæхаста?»
Бафарстой Сырдоны нарты 'вдæлонтæ.
— Арты сæ бакалдтон, — дзуапп радта Сырдон.
«Уый та куыд арты у?» бафарстой уыдон.
— Цы. ма сæ кæнут, цы? Афтæ нæ загьтат —
«Хъаймæт уыдзæни?» — загьта сын Сырдон.
Нарты 'вдæлонтæ сæ кæрæдзимæ
Бакастысты, фæлæ ма цы загьтаиккой?!
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат