Нарт фæцыдысты иу бон хæтæны
Сырдоны сусæгæй. Сырдон хъæууынгмæ
Куы рацыд æмæ дзы куы никæй федта,
Уæд сывæллæтты бафæрсы афтæ:
— Цымæ, нарт кæм æсты, куы ничи сæ зыны? —
Уæд æм иу лæппу хæстæг бацыди.
æмæ йæм дзуры: «Мæн-иу ма схъæр кæн,
Фæлæ — дæ сусæгæй хæтæны фæцæуынц...»
Сырдон фæстæмæ баздæхт йæ хæдзармæ;
Йæхи срæвдз кодта; сæ фæдыл араст ис.
Иу æртæ боны сæ фæдыл куы фæцыди,
Уæд иу сау хъæды чысыл æрынцад
æмæ бæласы бын бонасадæн кодта.
Кæсы æмæ, дын, йæ размæ, 'рдузы,
æртæ уæйыджы нæмынц кæрæдзийы;
Йæхи сæ цурты цæуæг акодта
æмæ сæм дзуры: — Байриат, къобортæ!
Цы кæнут, кæрæдзи ай цæуыл нæмут?
Хыл кæнын хорз нæу, фæлæ худинаг у! —
Уæйгуытæ йæм дзурынц: «Мах кæнæм уаргæ,
æмæ нæ фидауæм». Сырдон сæм дзуры:
— Зæгъут-ма мæнæн: уагæры цы уарут?
æз уæ кæд, мийаг, бафидауын кæнин. —
Уæд, дын, уæйгуытæ дзурынц Сырдонæн:
«Ис нæм æрчъиаг, фынг æмæ бæндæн.
æрчъиагмæ ис ахæм миниуæг,
æмæ йыл куы сбадай, уæд дæ кæдæм фæнда,
Уырдæм уайтагьд дæр фæхæццæ кæндзæн.
Фынг та ахæм у, æмæ йæ куы 'рцæвай
Нымæтын ехсæй, уæд айдзаг вæййы
Алы хæрд æмæ алы хорз нуæзтæй.
Нæ бæндæнæй та æнæхъæн хор-хос
Куы сбæттай, уæддæр уæз нæ кæндзæнис».
Уæд гæды Сырдон зæгъы уæйгуытæн:
— Кæд æмæ мæнмæ бæстон байхъусат,
Уæд уын фидауæг æз ныллæудзынæн;
æз уын æртæ 'рдæм уæ фæттæ фехсдзынæн,
æмæ мæм йæ фат' тагъддæр чи 'рхæсса,
Уымæн — фыццаг бар, уый фæстæ чи уа,
Уымæн — дыккаг бар, æртыккагæн та
Уыдзæн фæстаг бар, — уый уын мæ тæрхон. —
Уæйгуытæ сразы сты Сырдоны тæрхоныл.
Сырдон сын фехста сæ фæттæ æртæ 'рдæм
æмæ сын загьта:—Уайгæ ут, гъе ныр
Уæ фæтты фæдыл! — Кæд æмæ сæ фæттæ
Уыдысты алы ран, уæддæр фæцагайдтой,
Кæрæдзи сæрты, схъиудтытæ кæнгæ,
«æз фæраздæронæй» сæ фæттæ агурæг.
Уæд æрчъиагыл Сырдон фынг авæрдта,
йæ уæлæ абадт, райста бæндæн дæр
фæхъæр кæны æрчъиагмæ афтæ:
«Уæдæ мæ феетын кæн гьеныр нæ уæлхæдзары!»
Уыцы ныхасмæ æрчъиаг фезмæлыд
æмæ Сырдон фестад йæ уæлхæдзары.
Сырдон йæхимæ æрхуыдта нарты,
æмæ сæ хорз федта йæ фынджы руаджы
Иу иннабонæй уæд иннабонмæ.
Уæдæй фæстæмæ нарт æнæ Сырдон
Балцы-хæтæны никуыуал цыдысты.