logo

М О Я    О С Е Т И Я



БАТРАДЗЫ  ХЪÆЗТЫТÆ  СЫВÆЛЛОНÆЙ


Рæзынтæ байдайы нарты 'хсæн Батрадз.
Хæццæмæ нæ комынц йæ рацыд, йæ бацыд.
Зонынджын Сатана куы кæсы йе'ууæлтæм,
Йæ 'ууæлтæм куы кæсы болатриу Батрадзæн.
Æмæ куы бамбары, куы, уæд Сатана,
Хуымæтæджы лæппу кæй нæу Хæмыцы фырт.
Исты фыдбылыз куы скæна, зæгьгæ,
Уымæй тæрсгæйæ, æттæмæ нал уагьта,
Æттæмæ нал уагьта Сатана Батрадзы.
Талынг агъуысты йæ бакодта хицæнæй,
Хицæнæй, зæгъы, талынг агъуысты.
Цыди йыл бонтæ, цыди йыл æхсæвтæ
Уыцы талынджы, афтæмæй рæзыди.
Иуахæмы, зæгъы, кæцæйдæр хуынкъæй
Рухсы цъыртт фæзынди, рухсы цъыртт Батрадзмæ.
«Ай æтте рухс куы у, уæд ацы талынджы,
Цæмæн дарынц, цымæ мæн ацы талынджы»,
Зæгъгæ, йæхи нымæр бафарста Батрадз.
Айтæ 'мæ, дын, уйтæ куы нæ уал фæкодта —
Агъуысты дуармæ фæкомкоммæ ис:
Йæ уæлныхты, зæгъы, рахаста дуары,
Йæ уæлныхты æмæ уынгмæ рагæпп кодта.
Нарты сывæллæттæ хъазыдысты уынджы:
Кодтой сæ хъæзтытæ, сæ нæртон хъæзтытæ.
Нал сæм фæлæууыди Хæмыцы фырт Батрадз,
Æмæ хъазынтæ куы байдыдта семæ.
Цъæхахст æмæ 'рдиагæй байдзаг ис уайтагъддæр
Нарты уынг, зæгъы, цъæхахст æмæ 'рдиагæй.
Нарты сывæллæттæи болатриу Батрадз,
Хъазгæйæ, йæ цонгыл кæмæн фæхæст вæййы,
Уымæн æй ратоны растдæр хъæмпыхалау;
Кæй дзы фесхойы, уымæн та, зæгъы,
Йæ зæнг фæмур вæййы, йæ уæраг тæккæдæр.
Фæдис куы свæййы, куы, уынг кæрæй кæронмæ:
Мадæлтæ уайынц æнæ кæлмæрзæнæй,
æзгъорынц фыдæлтæ ронбæгъд, æнæ худæй,
Цы 'рцыди, цы кодтой нæ сабитæ, зæгъгæ.
Сатана бамбæрста уайтагъддæр хъуыддаг.
Цъæхснаг уис раскъæфта, разгъордта уынгмæ
æмæ Батрадзы, цъыччытæ кæнгæ,
Сæхимæ батардта, уæдæ цы уыдаид!
Бирæ нæ рацыди, афтæ та иу хур бон
Раирвæзт ноджы хъæууынгмæ Хæмыцы фырт
æмæ куыддæртæй ныфтыд Дæллаг Нартмæ,
Дæллаг Нарты царди нарты Бурæфæрныг.
Уыдис ын авд фырты, Бурæфæрныгæн.
Тынг буц, зæгъы, дардта, тынг буц, йæ фыртты,
Йæ авд лæппуйы дæр нарты Бурæфæрныг:
Иу уæлдзармæй сын хорасан худтæ уыд,
Иу фæсмын тынæй — æмхуызон куырæттæ,
Иу сæракæй та — зæнгæйттæ, дзабыртæ.
æбуалгЪ дæсны, зæгъы, уыдысты, уæд, фатæй.
Авдæй дæр, авдæй, буц æфсымæртæ.
Нарты фæсивæдæй сæ сæрмæ æппындæр
Никæйы хастой, никæйы, куы зæгъынц, —
Ахæм хъал уыдысты, ахæм хъал сæхицæй,
Фервæссыдысты афтæ сæхиуыл.
Хъал сæ куыннæ уыд, Бурæфæрныг дæр,
Ныфсджын сæ куыннæ уыд йæ авд лæппуйæ!
Уыцы бон дæр та фат æмæ 'рдынæй
Хъазыдысты уынджы сæхæдæг иунæгæй.
Бахæлæг сын кодта сæ хъазтмæ Батрадз.
Фæныкæйдзæгтæй сæм йæхи куы баласта
æмæ сæм сабыргай афтæ бадзьфдта:
—  Фатдзау уын лæууын ардыгæй изæрмæ,
æмæ мын изæры æхсты бар раттут!—
«Цы бакæндзынæ, цы, æвзæр фæныкгуыз,
Нæ фæттæ хæссынæн!», зæгъгæ, йæм дзурынц
Авд æфсымæры æнæрвæссонæй.
— Иунæг фат дæр уын дзы зæхмæ не'руадздзынæн
Арвы кæрæттæм сæ куы фехсат, арвы,
Уæддæр сæ фæстæмæ æрхæсдзынæн æз,
æрмæст мын изæры иунæг æхст раттут,—
Лæгъстæгæнæгау та афтæ куы бадзуры
Авд æфсымæрмæ Хæмыцы фырт Батрадз.
«Цæй, хорз, фæныкгуыз, уæд, уæдæ, афтæ»,
Куы сразы вæййынц авд æфсымæры.
Фæйнæрдæм дардмæ фехсынц сæ фæттæ,
Бæсты кæрæттæм, зæгъы, нылвасынц,
Бæсты кæрæттæм, сæ фæттæ авдæй дæр
Бурæфæрныджы буцхаст лæппутæ.
Зæхмæ хау'ын дæр не 'руадзы фæтты,
Афтæмæй сæ 'рхæссы Хæмыцы фырт Батрадз
Лæппутæм фæстæмæ цæсты фæныкъуылдмæ.
Сихорафон сси, уæдмæ сæ фæхаста.
Сихорафон, зæгъы, æфсымæрты кæсдæр
Йе 'хсæз хисдæрмæ афтæ куы дзуры:
«Ацы фæныкæйдзаг мæгуыр сывæллоны
Удхарæй цы марæм, тухийæ цы марæм?
Цæмæн нæ хъæуы йæ тæригъæд та?
Цæй, иу æхст ын раттæм; уадз, æмæ йæхицæн
Уый дæр фæцин кæна, — æмæ йæ ауадзæм!»
Сæ кæсдæры коммæ бакастысты иууыл.
Радтой Батрадзмæ æрдын æмæ иу фат.
æркæстытæ кодта Батрадз æрдынмæ,
æркæстытæ кодта фатмæ дæр афтæ.
Уый фæстæ дзуры авд æфсымæрмæ:
— Нæ, æз афтæмæй фат нæ фехсдзынæн,
Фæлæ авдæй дæр уæ худтæ 'рæвæрут, —
æмæ сæ кæд акъахон, нæ сæ февгъуыйон,
Уæд ма-иу мын ноджы иу æхсты бар раттут.—

Цы 'нхъæл уыдаиккой авд хъал æфсымæры
Фæныкæйдзаг лæппу — хæрадзаст Батрадзæй!
Мидбылты худгæйæ, сæ кæрæдзимæ
Бакæстытæ кодтой, уæдæ цы уыдаид,
æмæ æрæвæрдтой сæ худтæ мысанæн.
Батрадз фæхъавыди. Худтæ фæйнæрдæм
Фаркгай фæтахтысты, фаркгай, кæй загъдæуы,
Хорзау нал фесты авд æфсымæры.
Цы гæнæн ма сын уыд! Сæ дзырдмæ гæсгæ та
Радтой уæд Батрадзæн дыккаг æхсты бар дæр.
— Нæ, нæ та фехсдзынæн ныр дæр афтæмæй:
æрæвæрут мын уæ фæсмын куырæттæ.
Кæд сæ нæ акъахон, уæд уын уæ фæттæ
Ардыгæй фæстæмæ æз лæвар хæсдзынæн. —
«Бафæлварæм ма йæ», загътй кæрæдзийæн
Бурæфæрныджы авд хъал лæппуйы.
Сæ фæсмын куырæттæ раластой се 'рагъæй
æмæ сæ мысанæн æрæвæрдтой дæрддзæф.
Фæхъавыд та Батрадз. Дæ фыдгул дæр афтæ!—
Фæтахтысты та гæппæлгай фæйнæрдæм
Фæсмын куырæттæ, уæдæ цы уыдаид!
Мæстæлгъæдæй рай стой Батрадзæй се'рдын
Бурæфæрныджы авд хъал лæппуйы.
Сæргуыбыр, уæнтæхъил, афтæмæй сæхимæ
Араст сты цадæг, хъазтау, фæд-фæдыл.
Гомкъах, гомсæрæй, цыма ницы кодта,
Уыйау, æхситтгæнгæ, Батрадз дæр араст ис.
Сæхимæ сфардæг ис, уæлæ Уæллаг Нартмæ.
Сусæгæй бацыди йæ талынг бынатмæ
æмæ уым иу къуымы хъæмпыл ныффæлдæхти.
Бирæ рацыдаид, чысыл — уый чи зоны!
Афтæ, дын, иу бон Борæты Бурæфæрныг
Балцæй æрыздæхти, афæдзы балцæй,
æмæ ныффæнд кодта стыр куывд скæнын.
æрыскъæрдтой йын иу комæй галрæгъау,
Иннæ комæй та — лыстæг фосы дзуг.
Хæхтыл хур сæмбæлди, афтæ сын койгонд
Фесты фæсивæдæн галрæгъау, фосы дзуг.
Рæгъ-рæгъ рацарæзтой цыппæрхъусыг агтæ,
Цыппæрхъусыг агтæ, цъуппбын цæдджинæгтæ.
Сæ быны сын сугæй æртытæ бандзæрстой.
Сæмбæлди агтыл арты цъæх фæздæг.
Худгæ, чырчыргæнгæ, сауцæст лæппутæ
Арауынц сæртæ, арауынц къæхтæ,
Сыкъатæ 'фтауынц, дзыджытæ 'ппарынц
Бафтыдтой фыдтæ, фарсæй — фæхсынхъусæй,
Фарсæй — фæхсынхъусæй, тъангæй уæд — тъунгæй.
Рафыхтысты фыдтæ: фыцынц пæлхъ-пæлхъгæнгæ,
Сойы стъæлфæнтæ хæрдмæ куы схъиуынц,
Аджы фæрстыл артмæ лæдæрсынц бынмæ.
Физонджыты цæхцæх доны хъæрау хъуысы.
æхсызгон хусысмаг апырх ис уæлдæфы,
Фындзыл æмбæлы, хъæлæсмæ хизы.
Бон æмбис нæма уыд, афтæ æсцæттæ ис
Бурæфæрныгæн йæ разагьды куывд.
Хæрд уа 'мæ нозт уа — алцы парахат.
æрæмбырд вæййынц Дæллаг Нарт иууылдæр.
Чысылæй, стырæй бадынц нæртон куывды.
Хæрзад хæринагæй се стонг куы басастой,
Куы балгъæд æсты физонæг, нард фыдæй,
Карз ронг æхсызгонæн фаг куы фæнуæзтой,
Уæд Сырдон бадзырдта фæсивæдмæ афтæ:
«æрдын æмæ фатæй ахъазут, фæсивæд!»
Фестадысты фынгтæй Дæллаг Нарты фæсивæд.
Цы уыдысты, уымæй рацыдысты уынгмæ,—
Хъазынтæ систой æрдыи æмæ фатæй.
Йæ тæккæ тынгыл уыд сæ хъазт фæсивæдæн,
Афтæ Уæллаг Нартæй æрæфтыди Батрадз,—
Болатриу лæппу, фæныкæйдзæгтæй.
æфсæст фæсивæд æм хъазæгау дзурынц:
«Иу æхст фæкæн ды дæр, рацу, уазæг лæппу!»
Бацыд сæм Батрадз, фат, æрдын райста.
æрдынбос айвæзта, фехста, мæ хаугæ дæр
Нæ бакодта йæ фат .нысанмæ, хаугæ!
 «Гъæй-дæ-гъа!» худæгæй ахаудтой фæсивæд,
Дæллæгты фæсивæд,, уæдæ цы уыдаид!
Уæд сæм Хæмыцы фырт бадзуры афтæ:
— æз ахæм мысæнттæ нæ зонын æхсын,
Фæлæ уæ кæд фæнды, цæмæй фехсон, уый,
Уæд мын æрæвæрут мысанæн уæ фæттæ! —
Цы 'нхъæл уыдаиккой фæныкгуыз лæппуйæ!
æрæвæрдтой йын мысанæн сæ фæттæ.
Батрадз фæхъавыди. Дæ балгъитæг афтæ! —
Лыстæг æсхъистæй хæрдмæ фæтахтысты,
Стæй уæд митуарæгау æркалдысты зæхмæ
Сæ болатфындз фæттæ Дæллæгты лæппутæн.
Мардау, зæгъы, фесты, мардау, фæсивæд.
Иннæ'рдæм азылди Хæмыцы фырт Батрадз,
Сабыргай йæхи зæххыл æруагъта,
Абыцæу кодта йæ къухтæ йæ роцъомæ
æмæ йæхицæн æхситтæй базарыд.
Иу лæппу бавдæлди, азгъордта куывдмæ
æмæ уым радзырдта бадты адæмæн:
«æхсæртæггатæй иу фæныкгуыз лæппу
Нæ фæсивæдæн ныссаста сæ фæттæ!»
Фестъæлфыдысты Дæллаг Нарт, уæдæ цы!
Сырдон фæгæпп ласта, радзырдта кæсдæртæм:
«Рахонут-ма йæ„ кæддæра цавæр у?»
Кæсдæртæ азгьордтой, хонынц Батрадзы,
Фæлæ сæм, зæгъы, уый фæрсмæ дæр нæ фæкаст.
Уæд æм фæсивæд æввахс бацыдысты;
æсхæц-æсхæц кæнынц сиваз-сиваз кæнынц
Батрадзы уæлæмæ фæсивæд æмдыхæй,—
Мара-зæгъай, кæд сын сызмæлын кæнын дæр
Комы йæ бынатæй утæппæт адæмæн!
Бацыдысты бадтмæ кæсдæртæ фæстæмæ
æмæ радзырдтой хъуыддаг уым хисдæртæн.
Сыр дон та фестади æмæ та дзуры:
«Цæугæут тагъддæр æмæ-иу ын зæгъут:
«Ронгагур æрцыдтæ, æмæ рацу — баназ!»
Ацыдысты та йæм æмæ йæм бадзырдтой:
«Ронгагур æрцыдтæ, æмæ рацу — баназ!»
Хъыг куыннæ уыди Батрадзæн сæ ныхас!
Фæлæ ницы загъта, йæ маст аныхъуырдта.
Сабыргай сыстади æмæ ацыди семæ.
Бахæццæ ис куывдмæ, æмæ Сырдон дзуры:
«æхсæртæггатæ, о, æхсæртæггатæ!
Хонгæ уæ чындæуа, 'мæ цæугæ нæ кæнут,
Ма уæ хуындæуа, æмæ уæд уæ сæрæй
Дуæрттæ фæтонут. Куыд цардæуа уемæ?»
Нал баурæдта ацы хатт йæ маст
Хæмыцы фырт Батрадз йæ болат риуы:
Йæ цуры чи лæууыд куывды адæмæй,
Уыдонæй бирæты ракъуырдтытæ кодта,
æмæ дзы кæмæн йæ цонджы хъул фелвæста,
Кæмæн йæ фадхъул, кæмæн та—йæ син.
Уæд Бурæфæрныг радзырдта уæле:
«Кæд ахæм æрдынджын, кæд ахæм фатджын дæ,
Уæд уæртæ денджызбыл нæ фæсивæд авдæй,
Амæй ай хуыздæрæй, айк мысанæн дарынц,
æмæ уыдонимæ бавзар, цу, дæ хъару!»
Фæзылди фæстæмæ Хæмыцы фырт Батрадз
æмæ 'нæдзургæйæ денджызбылмæ ацыд.
Бахæццæ ис уайтагьд денджызбыл лæппутæм.
Арфæ сын ракодта æмæ сæм дзуры:
— Сымахмæ æрцыдтæн, фехъуыстон айк, дам,
Мысанæн дарут. Бавзарон æз дæр! —
Уыцы ныхасмæ авд лæппуйæ иу
Авæрдта Батрадзмæ иу фат æмæ 'рдын.
Фехста Хæмыцы фырт, уæдæ цы уыдаид!
Фат фурды смидæг ис — нæ бахауд мысанмæ.
Ныххудтысты та фыццæгтау уыдон дæр. —
æз ахæм мысан нæ зонын æхсын! —
Зæгълæ, та дзуры хæрадзаст Батрадз.—
Фæлæ уæ кæд фæ.нды, цæмæй фæткыл фехсон,
Уæд, уæртæ айкыл, цу, судзин ныссадзут,
æмæ уæ лæгдæр чи у, уый уæ йæ фехсæд! —
Ыыссагътой судзин, уæдæ цы, айкыл.
æвзаргæ фæсивæд æхсынтæ сисынц,
Никуы 'мæ ницы,— ничи йæ къахы.
Уæд Батрадз фехсы, хæрадзаст Батрадз,
æмæ фат ацæуы судзины хуынчъы,
æмæ йæ фелвасы йæ фындзыл хæрдмæ.
Лæппутæ авдæй дæр мардау æрбаисты;
Иу туджы 'ртах сæ нæ ратагъдаид,
Кардæй сæ уæнгтæ куы скодтаис, уæд дæр,
Афтæ куы фесты, гъе, авд лæппуйы дæр,
Нарты,, Дæллаг Нарты, æвзаргæ фæсивæд!
Айтæ 'мæ, дын, уйтæ нал фæкодта Батрадз,
Фæлæ сæ авды дæр æргъомбаст акодта
æмæ сæ 'рбахаста Дæллаг Нарты Ныхасмæ.
Уым сæ æрæппæрста, йæхæдæг фæзылди,
Йæ къухтæ чъылдымыл хæрхæвæрд акодта,
Афтæмæй сæхимæ, Уæллаг Нартмæ, ацыд,
Уæллаг Нартмæ, зæгъы, æхситтæй заргæ.
Сусæгæй та бацыд йæ талынг бынатмæ
æмæ та къуымы хъæмпы ныффæлдæхт.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке