logo

М О Я    О С Е Т И Я



БАТРАДЗ ÆМÆ СОХЪЫР УÆЙЫГ ÆФСÆРОНЫ ФЫРТ АЛÆФ


 

Уæд, иуахæмы, нарты фæсивæд
Зилахары фæзы стыр симд сарæзтой,
Симд дæр фæткыл симд нæ, фæлæ сæ быны
Зæхх лæпп-лæпп кодта нарты фæсивæдæн.
Æрмæст, зæгъы, нартæн сæ гуыппырсартæй
Уым ничи уыд, ничи, сæ разагъды лæгтæй:
Нæдæр Уырызмæг — нарты зондджын хисдæр,
Нæдæр, зæгъы, Сослан, сусдурæй гуырд Сослан,
Нæдæр Хæмыцы фырт болатриу хорз Батрадз.
Хохæй, зæгъы, бынмæ нарты симдмæ каста
Сохъыр уæйыджы фырт тыхгæнæг хъал Алæф,
Кæсы 'мæ йæхицæн уæд афтæ куы зæгъы,
Афтæ, уæдæ ма, æфсæроны хъал фырт:
«Цæй, æмæ ныццæуон нарты стыр симдмæ,
Хорз дзы фæсимон амæй изæрмæ,
Фæхынджылæг кæнон нарты фæсивæдæй
Æмæ сын схæссон сæ дарæс мæхицæн!»
Бацыдйгйæ фыд—æфсæрон уæйыгмæ
Æмæ йын йæ фæнд куы рафæзмыдта.
«О, фæлтау ма кæ, ма ацу Нартмæ —
Мийаг дын исчи сæ гуыппырсартæй
Исты фыдбылыз сараздзæн, мæ хур!
Уыдонæй маргъ тæхын куы нæ уæнды хохы,
Быдыры сæ дымгæ  фæсвæд куы здæхы,
Арв дæр ма нæрын куы нæ уæнды нартæй!
Кæддæр дæ хуызæн æз дæр хъал уыдтæн,
Фæлæ мыл иу хатт нарты фæсивæд
Иу дард фæндагыл æрбамбæлдысты;
Загьд сæ ракъахтон, æмæ, кæс, мæнæ —
Мæ цæст мын скъахтой йæ тæккæ бындзарæй
Зæгъы æфсæрон афтæ йæ фыртæн.
Кæм, дын, байхъуыста Алæф йæ фыдмæ!
Атъыста йæ роны дыууадæс кæрдзыны,
Чысыл нæ, бирæ нæ — дыууадæс гуыдыны,
Æмæ рараст ис нарты стыр симдмæ —
Далæ Зилахармæ, уæдæ цы уыдаид!
«Хорз, — зæгъгæ, дзуры сохъыр æфсæрон, —
Фендзыстæм, мæ хур, кæд дыл мæ ныхас —
Дæ фыды ныхас — не'рцæуа, гъе уæд!»
Дзæвгар куы 'руади Алæф дæлæмæ,
Уæд федта иу ран хъуццыты рæгъау.
Байста, дын, хæстæг рæгъаумæ йæхи,
Дыууадæс хъуджы куы радыгъта уым
æмæ куы 'рбадти кæрдзын хæрыныл.
Иунæг къæбæр дæр нал аззад кæрдзынтæй,
Иунæг æртах та — хъуццыты догъæй.
Йæ былтæ асæрфта, йæ бæзджын сау былтæ,
æмæ сыстади бухъытæ гæнгæ.
Араст ис дарддæр Зилахары 'рдæм.
Иу ран стыдта иу дынджыр тулдз бæлас,
Йемæ йæ аиста, афтæмæй цæуы
æмæ ныххæццæ ис нарты стыр симдмæ.
Дынджыр тулдз бæлас зæххыл нытъæпп ласта.
Нарты фæсивæд бæласы тъæппæй
Фесхъиудтой хæрдмæ, — алчи дæр йе'мбæрц,—
Стæй сæ мидбынат зæххыл æрбадтысты.
Ныккæлкæл кодта уæйыджы фырт Алæф
Йæ сау д!зыхы дзаг; уый фæстæ дзуры:
«О, нарты куыйтæ! Рацæут — симæм,
æмæ бавзарæм иумæ нæ хъару!»
Цы сæ бон уыди тарст фæсивæдæн! —
æрхæцыдысты кæрæдзи цæнгтыл
æрхæндæг зæрдæ, æрхæндæг хуызæй,
æмæ та симынц, уæдæ цы, — симынц.
Уæйыджы фырт бахызт симдæн йæ астæумæ,
æмæ йæ зæрдæ кæимæ фæзæгъы,
Ууыл æрхæцы, афтæмæй симы.
Симы, дын, уæдæ цы, хъал Алæф нартимæ
æмæ дзы кæмæн йе'нгуылдз фелхъивы,
Кæмæн йæ мæкъуыстæг, кæмæн йæ цонджыхъул,
Кæмæн та, зæгъы, йæ фæрсчытæ дæр.
Нæтынц æмæ хъæрзынц нарты фæсивæд,
Фæлæ сæ уæддæр сохъыр Уæйыджы фырт
Кæм уадзы иу ран! Сæ хъуырмæ сысты.
Брн фæци. Изæрæй нарты фæсивæд
Сæ симд ныууагътой; ахæлиу сты.
Хъал Алæф бавдæлы æмæ сын сæ дарæс
Атымбыл кæны æмæ ацæуы.
Фæцæуы сæхимæ, цингæнгæ, уæдæ цы!
Хохы сæрæй бынмæ кæсы Алæфы хо.
æмæ йе 'фсымæрыл йæ цæст фæхæцыди.
Бауад чызг сæхимæ, — йæ мад, йæ фыдмæ,–
æмæ сын дзуры, цингæнгæ, афтæ:
«Ме 'фсымæр ссæуы æмæ мын схæссы
Нарты чызджытæн сæ рæсугъд дарæстæ!»
Нæ уырны хъуыддаг сохъыр Уæйыджы,
æмæ æфсæрон дзуры йæ чызгмæ:
«Цу-ма, кæддæра куыд цæуы де'фсымæр:
Къуылдым-къуылдым цæрдæг, æвæстиатæй,
æви адаг-адаг хъуызлæйæ, мæ хур?»
Акасти та хо уæд йе 'фсымæрмæ:
Къуылдым-къуылдым хæрдмæ хъæлдзæгæй сыскъæры —

Уæйыджы хъал фырт тыхгæнæг Алæф.
Хо баздæхт фæстæмæ: цы федта, уый загъта.
Нæ уырны уæддæр сохъыр Уæйыджы.
Уалынмæ йæхæдæг схæццæ ис лæппу
æмæ йæ фыдмæ сæрысхъæлæй дзуры:
«æда! Нæ мæ уагьтай, фæлæ ныр кæсыс:
Мæ фаг фæсимдтон, мæ фаг фæхъазыдтæн,
Фæхынджылæг кодтон нарты фæсивæдæй,
Мæнæ дын уыдон та —сæ фæлыст, сæ дарæс!»
Уæд сохъыр æфсæрон дзуры йæ фыртмæ:
«Саудзагъд, къуыппных лæппу кæд уым нæ уыди?»
«Сауæй кæнæ бурæй, къуыппныхæй,  дзыхъныхæй —
Уым уыдьгсты иууыл нарты фæсивæд,
Фæлæ сæ хъыпп-сыпп дæр ничи суæндыди»,
Афтæ куы дзуры Алæф йæ фыдмæ.            
«О, ма кæ, мæ фырт, саудзагъд; къуыппных лæппу
Нæ уыдис уым, бæлвырд, фæлæ ныр æгъгъæд зæгъ,
Бакæс мæ коммæ, — фæсмон фæкæндзынæ!»
Йæ къух ауыгъта йæ фыды ныхæстыл
æмæ сæрысхъæлæй иннæ'рдæм аздæхти Буц лæппу, хъал Алæф, уæдæ цы уыдаид!
Дыккаг бон дæр та фестади райсомæй,
Кæрдзынтæм бауади æмæ та йæ роны
Дыууадæс гуыдыны афсæрста, тагъдгомау,
æмæ та араст ис Зилахары фæзмæ,
Зилахары фæзмæ — нарты фæсивæдмæ.
Фембæлд-та фæндагыл хъуццыты рæгъауыл.
Дыууадæс хъуджы та радыгъта рæгъауæй
æмæ та æрбадти аходæн хæрыныл.
Иунæг къæбæр дæр нал аззад кæрдзынтæй,
Иунæг æртах та — хъуццыты æхсырæй.
Йæ былтæ асæрфта йæ дынджыр сау къухтæй,
Сыстади 'мæ цæуы дарддæр йæ фæндагыл.
Иу ран та стыдта иу дынджыр тулдз бæлас
æмæ та афтæмæй Нартмæ ныххæццæ ис.
Фыд митæ кæнын та райдыдта, уæдæ цы! —

Нарты фæсивæдæн Уæйыджы хъал лæппу...
Уыцы рæстæджы Хæмыцы болат фырт
Бадти цъитийыл, иу бæрзонд хохы сæр,
Цæмæй йæ болат уазал кæна, уымæн;
Каста уырдыгæй, æмæ Зилахары
Цы фыд митæ кодта нарты фæсивæдæн
Сохъыр Уæйыджы фырт, уыдон куыннæ уыдта?!
 æмæ уæд йæхицæн хъуыды кæны Батрадз:
«Дыккаг бон ардыгæй Зилахармæ кæсын,
Дыккаг бон хъал Алæф хынджылæг скъæры,
Хынджылæг скъæры нарты фæсивæдæй —
Се 'нæрцæф лæппутæй, сæ нымдджын  чызджытæй;

Тугтæригъæдæй марынц, мæгуыртæг.
Куыддæр фæнды уæд — хъуамæ æз йемæ
Бавзарон мæ хъару—нæй æндæр   амал!»
Уыйадыл февнæлдта хохы цъæх цъитимæ
æмæ йын йе 'рдæг ратыдта йæ къухæй —
æмæ йæ авæрдта йæ сæрыл, болат лæг,
 Тæвд цæмæй нæ кæна, тæвд, зæгъы, уый тыххæй,
æмæ, дын, цæргæсау, цæхæрцæст цæргæсау,
Йæхи куы раскъæрдта Зилахары фæзмæ.
Сыстади стыр дымгæ кæмтты 'мæ хæхты,
Сау хъæды бæлæстæ сæ бынæй æнкъуысынц,
Уидагæй æнкъуысынц æнусон тулдзытæ;
Згъæлынц къæдзæхтæ, чыстæ лæбырынц.
Рацыд тыгъдызæй, дон фестад быдыр.
Болатриу афтæмæй хохæй æрхæццæ ис
Тæккæ Зилахармæ; цъити стад йæ сæрыл,
æмæ йæ рустыл уади цæугæ дæттæ,
æхсæрдзæнтæ кæнгæ, роцъойæ зæхмæ.
Сохъыр Уæйыджы фырт базырзыр кодта,
Базырзыр кодта хус тихалæгау.
Дзуры йæхи нымæр: «Мæ фыд кæмæй загъта,
æнæмæнг уый у: къуыппных æмæ саудзагьд!»
Хæрзæгъдау лæппу уыд Хæмыцы болат фырт:
æгас цу, зæгъгæ, загъта Алæфæн
æмæ йын райста йæ къух, уæдæ цы!
Уæ фыдгул дæр афтæ, фæрнджын хъусджытæ! —
Бамур ис йæ къух Уæйыджы фыртæн,
Бамур ис бынтон, халоны айкау.
Мæрдон фæлурс аци Уæйыджы хъал лæппу,
æмæ йæм болатриу дзуры уæд афтæ:
 — Ныр куы асимиккам, уæд куыд уаид, уазæг? —
 Симыны кой йæ бæргæ нал уыди,
Фæлæ ма йын, цæй, цы гæнæн уыди?!
æрхæцыдысты кæрæдзи цæнгтыл
Нарты фæсивæд, ныфсджын, уæндонæй.
Хæмыцы фырт дæр хæцы Алæфыл,
Афтæмæй симынц, симынц, уæдæ цы!
Иу-къорд зылдтытæ куы 'ркодтой сабыргай,
Уæд Батрадз фæлæууыд Алæфы уæлфадыл
æмæ йын йæ цонг фæкъуырдта хæрдмæ,
Йæ къах фæтæбæкк ис уæйыджы хъал фыртæн,
Йæ цонг фелвæсти, нал уыд йæхицæй.
Хæмыцы болат фырт фæсивæдмæ дзуры:
— Нæртон симд æркæнæм, нæртон симд, уæдæ! —
Анкъуыстысты уæд нарты фæсивæд,
Чыртæй-чыртæй цæуынц, сæлæфы зæйау.
Се змæлдæй у ад сыстад, зæхх ризы сæ быны.
Уæд та Хæмыцы фырт фесхуыста Алæфы;
Йæ фæрсты къæскъæс ссыди лæппуйæн
æмæ бамур сты йæ фæрсчытæ Тасæй.
Байдыдта Батрадзæн Алæф лæгъстæ кæнын:
«æз дæ фыды уазæг— ауадз мæ гъе ныр!»
 Аргъгæнаг уыд дзырдæн Хæмыцы болат фырт.
Иу чысыл ма йæ аууæрстытæ кодта,
Цæргæс сырддон цъиуы куыд æууæрда, афтæ,
Стæй йæ суагьта, уæдæ цы уыдаид!
Ныр феуæгъд дæн, зæгъгæ, уый куы базыдта
Уæйыджы хъал фырт, уæд гъæйтт-мардзæ, гъе —
Сæхимæ ныййарц ис, йæ синтæ ласгæ,
Лидзы цæф сæгуытау, цонгæлвæст, фæрсксастæй.
Лидзгæ-лидзын ма фæстæмæ фæкæсы,
Кæд мæ къуыппных лæппу æрбасуры, зæгъгæ.
Иæ хо та ракаст хохæй дæлæмæ,
æмæ та ауыдта йе 'фсымæры, комы.
Бауад та сæхимæ йæ мад, йæ фыдмæ,
æмæ та дзуры, цингæнгæ, хъал чызг:
«Ме'фсымæр ссæуы æмæ мын схæссы
Нарты чызджытæн сæ сырх къабатæ!»
__Ма матагъд кæн, мæ хур, дзуры йæ зæронд фыд.—
Багæдзæ уал кæнæм, фендзыстæм фæстæдæр,
Цавæр сырх къабатæ схæсса де'фсымæр!»
Алæф куы адард ис æмæ куы базыдта,
Нал мæ суры, зæгъгæ, саудзагъд, къуыппных лæппу,
Уæд! зæххыл æрхаудта: йæ бон лидзын нал уыд.
Зæронд æфсæрон та дзуры йæ чызгмæ:
«Цу-ма, кæддæра куыд цæуы де 'фсымæр:
Къуылдым-къуылдым цæрдæг, æвæстиатæй,
æви адаг-адаг хъуызгæйæ, мæ хур?»
 Акасти та хо уæд йе 'фсымæрмæ:
æмæ йæ куы федта дæргъæй лæугæйæ.
Фæстæмæ баздæхти æмæ цы федта,
Уый та радзырдта зæронд уæйыгæн.
æфсæрон бамбæрста йæ фырты хъуыддаг
æмæ йын галтæ арвыста йæ размæ.
æрдæгмардæй, дын, сластой Алæфы.
«Нæ дын загътон, мæ фырт, нартæн тыхгæнæг
Тых нæ ары, зæгъгæ? Фæлæ нæ байхъуыстай!»
Бадзырдта æфсæрон афтæ йæ хъал фыртмæ.
Йæ зæрдæ йе 'муд куы 'рцыди Алæфæн,
Уæд фæрсы йæ фыды, зæронд æфсæроны:
 «Цæмæй тыхджын у афтæ Хæмыцы фырт?»
«Уымæй, æмæ йæхи байсæрын кодта
Куырдалæгоны уæларвон куырдадзы»,
Дзуапп радта уæйыг йæ фырт Алæфæн.
«Сохъыр зæронд хæрæг, уæд Куырдалæгонæн
Ды мæн цæй тькхæй нæ байсæрын кодтай!»
 Зæгъгæ, фæхъæр кодта йæ фыдыл хъал Алæф.
Ныхъус ис, уæдæ цы, зæровд сохъыр уæйыг.
Сыстад йæ бынатæй Алæф, хъæрзгæ-хъæрзгæ,
æмæ, дын, араст ис Куырдалæгонмæ.
Схæццæ йæм ис æмæ йæм бадзырдта:
«О, Куырдалæгон! Мæнæ дын сызггьæрин,
æмæ мæн дæр байсæр уæларвон куырдадзы,
Нарты Батрадзы куыд байсæрстай, афтæ!»
«Батрадз æндон уыди, Хæмыцы фырт Батрадз.
Ды кыссудздзынæ, æмæ тæригъæд дæ»,
Зæгъгæ, йæм радзырдта куырд Куырдалæгон.
Хивæнд хъал Алæф кæм бакасти коммæ,
æмæ та дзуры Куырдалæгонмæ:
«Байсæр мæ, байсæр, æндæр мын амал нæй!»
Бирæ дзырд нæ уарзта уæларв Куырдалæгон,—
Бавæрдта Алæфы куынцгомы, уæдæ,цы!
Куыд æмбæлд, афтæ йæм куынцытæ сарæзта.
æмæ йæм арты тæф куыддæр фæхæццæ ис,
Афтæ ныхъæр кодта Алæф й,æ дзыхы дзаг:
«Басыгътæн, басыгътæн, тагъд мæ айс æттæмæ,
Нал сæрын кæнын, нал, Куырдалæгон, мæхи!»
Бæргæ ма радавта æртыскæн Куырдалæгон,
Бæргæ ма бауади уæйыджы хъал фыртмæ,
Фæлæ дзы стæгдар нал аззад куынцгомы —
Къæцæлау асыгъди, фестади æртхутæг.
Йæ фæныктæ ма йын райста Куырдалæгон,
æмæ сæ бырæттæм бакалдта фæрсы 'рдæм.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке