logo

М О Я    О С Е Т И Я



НАРТЫ  БАЛЦ


Нарты гуыппырсартæ — зæронд Уырызмæг,
Хæмыц, Сослан, Батрадз æмæ иннæтæ —
Дард балцы ацæуын куы бафæнд кодтой.
Æмæ уæд иу бон куы араст вæййынц.
Сæ хъæуы æтте æрхъуыды кодтой:
«Гъей джиди, Сырдон дæр немæ куы уаид! —
Дард балцы цæугæйæ, тынг хъæлдзæг лæг у!»
Уæд сæ кæсдæртæй иу афтæ зæгъы:
«Ам мæм иу чысыл куы фæлæууиккат,
Уæд æй æз ныртæккæ æрхæццæ кæнин».
«Куыннæ фæлæудзыстæм, æрмæст тагъд уайгæ,
Æмæ-иу фездæх тагъд фæстæмæ дæр!»
Лæппу фæстæмæ йæ бæх фæзылдта,
Æмæ Сырдонæн йæ хæдзары дуармæ
Цæсты фæныкъуылдмæ уæлбæхæй балæууыд,
Æмæ Сырдонмæ мидæмæ дзуры:
«Гъе, Сырдон, кæд ам дæ — æттæмæ ракæс!»
«Мæнæ дæн», зæгъгæ, Сырдон радзырдта;
Æттæмæ йæм рауад æмæ йæ бафарста:
—  Гъы, цы хорздзинад зæгъдзынæ, уæдæ?—
«Нартæн сæ хæрзтæ хæтæны фæцæуынц, —
Фæнды сæ, семæ ды дæр куы уаис».
Уæд нарты Сырдон бакатай кодта,
æмæ æрæджиау афтæ куы зæгъы:
—  Цæмæй ацæуон, бæх мын куы нæ ис! —
«Ау, æмæ, Сырдон, уый та куыд загьтай?!
Мæнæ мах бæхтæ бæхтæ не сты æви?..
Кæсдæртæ та ма уæдæ цæмæн стæм?
Кæм-иу ды — фистæг, мах та-иу — бæхджын,
Кæм та мах—бæхджын, ды та-иу — фистæг,
Æмæ афтæмæй нæ балцы цæудзыстæм».
—  Хорз, — загъта Сырдон æмæ йæ фæччитæ,
Æрбатымбыл кодта æмæ араст ис,
Араст, уæдæ цы, нарты фæстæ балцы.
Нарты гуыппырсарты иу ран баййæфта,
Цæуын байдыдта фистæгæй сæ фæдыл.
Иу дыууæ боны куы фæцыдысты,
Уæд, дын, сæм Сырдон афтæ бадзуры:
— Нарт, бæхыл мæ хæссинаг куы уыдыстут,
Фæлæ мæ гъе ныр куы ничи хæссы?
Куы нæ уал фæразын фистæгæй цæуын,
Уæд мын ныр, цæй-ма, цы зæгъынмæ хъавут? —
Уæд ын Уырызмæг дзуаппæн афтæ зæгьы:
«Балцы цæугæйæ, бæх кæй фæхъæуы,
Уый йæ раласы йæхи хæдзарæй,
Æндæр ам махæй дæуæн чи загъта,
Радгай дæ бæхыл хæсдзыстæм, зæгъгæ?»
—  Мæнæ мын уæ кæсдæр нæ тæккæ дуармæ
Афтæ куы загъта, — зæгъы йын Сырдон,
Æмæ йæхи мидæг мæсты байдыдта.
Рæсугъд уалдзыгон цъæх-цъæхид кæрдæгыл
Сæ саргъы бæхтыл нарт хъазгæ цæуынц,
Мæстæй куы марынц фæллад Сырдоны.
Чи йын йæ сæрæй йæ худ фелвасы,
Чи йын йæ къухæй йæ лæдзæг аскъæфы,
Чи та йæ цуры бæхыл æрхъазы.
Сырдон дæр дзуры йæхи нымæры:
«Багъæц, нарт, багъæц, мæ бар дæр уæ бауадз,
Æз уын бафиддзынæн ацы мæстæй марын!»
Уæд сæм дыккаг хатт! Сырдон бадзуры:
—  Цæйут-ма, о, нарт, афтæ мын куы загьтат:
«Бæхыл дæ хæсдзыстæм», уæд куыд у хъуыддаг?—
Уæд æй сæхицæй йемæ чи рахуыдта,
Уыцы кæсдæр ын ахæм дзуапп радта:
«Гæды ныхæстæ, Сырдон, цæмæн кæныс?
«Бæхыл дæ 'вæрдзыстæм», уый дын чи загъта?»
— Ды мын загътай афтæ, — Сырдон фæкодта.
«О, Сырдон, сайыс! Афтæ дын куы загътон:
«Кæм-иу ды — фистæг, мах та-иу—бæхджын,
Кæм та мах — бæхджын, ды та-иу — фистæг».
Кæсын ам дæлæмæ æмæ æцæг дæр
Нæ балцы хъуыддаг афтæ рауади:
Ды фистæг куы дæ, мах та мæнæ — бæхджын,
Мах бæхджын æстæм,, ды та мæнæ— фистæг.
Уæд ма дзургæ та, цымæ, цæуыл кæныс?
Нæ ныхас куыд уыд, афтæ у хъуыддаг».
Сырдон бамбæрста сайд ыл кæй æрцыдис,
Йæ сæр ма ныттылдта, æндæр ницы загъта.
Дарддæр иудзæвгар куы ауадысты,
Уæд бахæццæ сты иу æстыр фурдмæ.
Сырдон катай кодта фурды бахизыныл.
Уæд æм Уырызмæг фæстæмæ дзуры:
«Фидар хæц, Сырдон, мæ бæхы къæдзилыл,
Æмæ дæ фурдæн фæфале кæнон».
Сырдон ын ныххæцыд йæ бæхы къæдзилыл,
Фурды астæумæ куы бахæццæ сты,
Уæд, дын, Уырызмæг фæрсы Сырдоны:
«Кæм фæчындæуы, кæм, къухы ныхтæ,
Къухы ныхтæ 'мæ, гъе, къахы ныхтæ?»
—  Кæм сæ 'рæмысай, уым,—загьта йын Сырдон
Уæд Уырызмæг дæр йæ бæх ныуурæдта,
Кæнын райдыдта фурды бæстастæу
Йæ къухы ныхтæ 'мæ йæ къахы ныхтæ.
Цалынмæ Уырызмæг уым йæ куыст кодта,
Уæдмæ Сырдоны доны фæйлауæнтæ
Расхой-басхой кодтой, уæдæ цы уыдаид.
Йæ къухы ныхтæ 'мæ йæ къахы ныхтæ
А-ныр Уырызмæг конд фæци, афтæ
Фурд'астæу йæ бæхы æрцæфтæ кодта,
Æмæ Сырдонимæ донæй фæфале ис.
Бирæ фæцыдысты æмæ Сырдонæн
Йæ къахыл скæнинаг ницыуал баззад.
Цæуынц æмæ иу ран обауы сæрмæ
Сырдон æсхызти æмæ радзырдта:
—  Гъе, нарты фæсивæд, иунæг хуыцау уæ
Нарты Уарæн фæзмæ фосармæй бауадзæд!
Нарты чызджытæ былæй куы ракæсой,
Уæд уæ уым сæртæй банымайдзысты,
æмæ лæг хъаджджын куы фæуат, мийаг,
Уæд уæ зæгъдзысты: сæ иуы ауæй кодтой,
æмæ йын йæ сæрмæ фос æрыскъæрдтой.—
Уæд, дын, Уырызмæг афтæ куы зæгъы:
«Ай дæр та æцæг у. Хæссын æй хъæуы!»
æмæ афтæмæй нарт сæ фæсарцты
Сырдоны радгай æвæрын байдыдтой.
Фыдбылызы Сырдон бавдæлы æмæ
Кæй фæсарц фæбады, уый арт амбæхсы.
Афтæмæй бамбæхста сеппæты æртытæ.
Уырызмæгмæ та æртæ арты уыдис:
Уыдонæй иу арт уыдис йæ фарсыл,
Дыккæгæм арт та — йæ астæубосыл,
æмæ аннæ та — йæ саргъы базы бын.
Уымæн дæр Сырдон бамбæхста йе'ртытæ.
Цæуынц та дарддæр нарты гуыппырсартæ,
Æмæ сыл иу ран  бон баизæр ис.
Сæ улæфт уадзынмæ, се'хсæв æрвитынмæ,
Гъе, стæй ма сæ бæхты фæхизынмæ дæр
Иу ран цъæх нæууыл æрлæууыдысты.
Уым, дын, Уырызмæг дзуры кæсдæртæм:
«Марадзут, лæппутæ, суайут-ма цуаны,
Кæд нын æфсати йæ сырдтæй раттид,
Кæннод æстонгæй куы нæ уал фæразæм!»
Нарты лæппутæ ауадысты цуаны,
Æмæ саджы мард уайтагьд æрдавтой.
Сугтæн сæ хустæ æрбамбырд кодтой,
Æмæ арт кæнынмæ куыддæр бавнæлдтой,
Афтæ сæхимæ кæсынц æмæ дзы
Йæ арт йæ фарсыл иуæн дæр нал ис.
Ныхас байхъуыстис уайтагьд Уырызмæгмæ —
«Неппæты æртытæ дæр ахаудтой», зæгьгæ.
Уæд сын Уырызмæг афтæ куы зæгьы:
«Алчи уæ, лæппутæ, йæ зонд ныууадзы,
Йæ зонд ныууадзы йæ усы хъæбысы,
Æмæ афтæмæй балцы рацæут!
Куыд рацыдыстут иугай æртыты 'вджид,
Мæлæты зын арæн куы нæ сты æртытæ?!
Мæнæн дзы иу мæнæ мæ фарсыл куы ис...—
«Мæ фарсыл», зæгъгæ, куыддæр фæкодта,
Афтæ йæ фарсмæ цæрдæг февнæлдта,
Æмæ дзы артæн йæ кой дæр нал уыд.
Хорзау нал фæци номдзыд Уырызмæг.
Тагъдгомау февнæлдта йæ астæубосмæ,
Йæ астæубосыл ма арт бæргæ агуры,
Фæлæ ууыл дæр ницыуал ары.
Уæд та фæдзырдта сæ фæсивæдмæ:
«Ауайут, лæппутæ, уæртæ мæ саргъæн
Йæ базы бын иу арт, æмæ йæ 'рбадавут!»
Нарты кæсдæртæ цæрдæг рауадысты
Æмæ Уырызмæгмæ уæд йæ саргъы баз,
Гогызы мардау, тымбылтæй бадавтой,
Фæлæ та уым дæр арт нæ разындис.
Сырдон уыцы афон æрхы ныббырыд,
Æмæ уыцы ран хæтæлы хустимæ
Цыдæртæ архайæг йæхи æскодта.
Бацыдысты нарт æстыр саггьæсы,
Æмæ та дзурынц сæ кæрæдзийæн:
«Цы ми бакæнæм, куыд кæнæм», зæггьгæ,
Фæлæ æртхосæн мадзал нæ ардтой.
Кæсы Уырызмæг, — ауыдта рухсы цæст
Иу фарсы'рдыгæй. Сырдонмæ бадзуры:
«Уæлæмæ рацу, уæлæмæ, Сырдон,
Кæд дæм æртхос ис, уæд нын арт акæн!»
Уырызмæгмæ, дын, Сырдон дæр дзуры, —
Уæ, нарты хъалтæ, уæ бон ныккалат!
Куыд кæсын, афтæмæй сымах уый фæнды,
Цæмæй уын уæ фæдыл æз мæ фæччийы
Цæхæры кæфой фистæгæй хæссон! —
Уæд та Уырызмæг Сырдонæн загъта:
«Бавдæл, æмæ уæлæ рухс кæцæй цæуы,
Уырдæм нын ацу æмæ нын зынг æрхæсс!»
Æмæ Сырдон дæр уæд Уырызмæгæн
Йæ ныхасыл уæлдай ницыуал загъта —
Рухс кæцæй цыдис, уырдæм арастис,
Арасти, уæдæ цы, Сырдон зынг агурæг.
Æмæ иу чысыл куыддæр ауадис»,
Афтæ фæстæмæ уайтагъд æрыздæхти
Æмæ сын ракодта гæды ныхæстæ:
— Зынг раттын нæ, фæлæ æгæр стæмæй
Мæнæн мæ хъæрмæ дæр нæ ракастысты.
Уæд иу кæсдæр нартæй араст зынгагур
Æмæ бафтыдис уæйгуыты хæдзармæ.
Ракастысты йæм уæйгуытæ уайтагьд,
Бацин ыл кодтой æмæ йæм дзурынц:
«Зынггуры махмæ дуарæй не здахынц»,
Æмæ йæ уыйадыл хæдзармæ бахуыдтой.
Æрбадьш æй кодтой фидар фæхс бандоныл,
Йæ быны та йын бурæмæдз рауагътой.
Уым, дын, нæртон гуырд бандоныл ныффидар,
Æмæ сызмæлын дæр нал бафæрæзта.
Æрæгмæ куы цыди, куы никæцæй зынди,
Уæд та нарт арвыстой кæсдæры хисдæры,
Уый дæр та ацыди кæсдæры фæндагыл.
Нарты кæсдæртæ æрæгмæ куы цыдысты,
Уæд нарты хисдæртæ сæхуыдтæг радыгай
Иуæй зынгагур цæуын райдыдтой,
Аннæмæй та — сæ кæсдæрты агурæг.
Æппæты разæй Сослан арасти,
Уый дæр та баййæфта йæ кæсдæрты 'мбисонд.
Нал баурæдта йæхи Хæмыц дæр               
Æмæ арасти йе'мбæлтты агурæг,
Фæлæ та уый дæр фæстæмæ нал зыны.
Йе'мбæлтты мæтæй тыхсы йæ зæрдæ,
Тыхсы йæ зæрдæ зæронд Уырызмæгæн,
Æмæ фæстагмæ, сæ фæдыл араст,
Уырызмæг дæр та уæйгуытæм бафтыдис,
Æмæ сæм хæдзармæ уæд куы бадзырдта:
«Гъе, хæдзаронтæ, æттæмæ ракæсут!»
Рауадысты йæм уæйгуытæ дуармæ,
Æмæ йын загьтой: «Гъы, кæй агурыс?
Кæд дæ кæсдæрты, мийаг, агурыс,
Уæд дæм уыдон дæр тагъд рацæудзысты,
Фæлæ сæм мидæмæ æрбахиз, хæдзармæ,
Æмæ нæм хъармæй иу арахъ баназ.
Уыдонæн дæр æй артьщ авæрдтой,
Æмæ фæстиат дæр уый тыххæй кæнынц!
Æфсæрмы ма кæн, рацу нæм мидæмæ!»
Йæхи нымæры зæгъы Уырызмæг:
«Ацы фæлладæй ныр иу, арахъ аназ,
Уæд уый, æвæдза, æвзæр нæ уаид!»
Уæйгуыты хæдзармæ Уырызмæг фæрасти,
Куывды бадæгау, нарты баййæфта.
Уырызмæгæн дзы иу дæр нæ сыстад,
Ракодтой уымæ мæстыгæнæджы каст,
Æмæ Уырызмæг дæр сæ уæле бандоныл
Уыцы мæсты цæф йæхи ныккодта.
Уымæн дæр йæ быны бурæмæдз рауагътой,
Æмæ та уый дæр бандоныл аныхæст.
Ныр сæм куы бакæсай, уæд фæрсæй фæрстæм,
Цавд дуртау, бадынц нарты бæлццæттæ.
Сæ хуыз фæлыгъдц, сыбыртт нал кæнынц,
Сæ дынджыр цæстытæй кæсынц æнкъардæй.
Уæйгуытæн уæларт се стыр аджы мидæг,
Дон пæлхъ-пæлхъ гæнгæ, фыцы, æхсиды.
Хъуамæ дзы нарты ныккалой 'мæ сфыцой.
Уым авд уæйыджы иу иннæмæй тынгдæр
Дзæнхъайы цæстыл сæ кæрдтæ дауынц.
Куы сæм бакæеынц нарты гуыппырсартæ,
Уæд сæ зæрдæ тынгдæр бауазал вæййы.
Уыцы рæстæджы Гæтæджы фырт
Сырдон Стыр арт бандзæрста се'рлæууæн бынаты,
Æмæ саджы мардæй физонджытæ скодта,
Уыцы физонджытæй йæхи хорз федта.
Кусарты уыргтæ æд фиутæ бафтыдта
Æмæ уыдон дæр сфизонæг кодта.
Иу дзы æрцауыгъта йæ иу рихийыл,
Иннæ та 'рцауыгъта иннæ рихийыл.
Афтæмæй уыргтæ куы басалдысты
Нарты Сырдонæн йæ дыууæ рихийыл.
Уыцы хуызæнæй Сырдон арасти,
Уæйгуыты хæдзармæ куы бахæццæ ис,
Уæд дуарæй мидæмæ куы бахъæр кодта:
— Цы фестут, уæдæ, о, нарты хъалтæ!
Сæрæй та ам дæр гуыбыны куыст кæнут,
Мæн та иунæгæй сау хъæды ныууагътат!
Йе мæ сау хъæды аре куы ныттона,
Йе мæ сау хъæды бирæгъ куы бахæра,
Уымæй мын уæддæр нæ тæрсут, æви?
Æттæмæ дæр мæм куы нæ уал зынут! —
Уæд æм уæйгуытæ рауадысты дуармæ,
Æмæ йæм дзурынц: «Уазæг, мидæмæ!
Мидæмæ рацу, ды дæр семæ абад!»
Уæд Сырдон уæйгуытæм афтæ бадзуры:
— Гъы, уæ бонæй уат, уæ бон ныккалат,
Кæд уыдонимæ мæнæн бадæн нæй!
Æз ме'лдæрттимæ куыд хъуамæ сбадон?
Уый бæсты тагъддæр ме'мбæлттæм фæдзурут:
Нæ балцы кой нæ бакæнын хъæуы. —
Фæлæ уæйгуытæ уæд не сразы сты,
Æмæ хæдзармæ Сырдоны бакодтой.
Сырдон куы федта нарты рæгъæй бадгæ,
Уæд ын цы зонын хъуыд, уайтагьд сæ  бамбæрста —
Уыдон кæй не сты уæгъды æнæзмæлгæ,
Æмæ сæ фарсмæ бадын нал бакуымдта,
Фæлæ-иу æй нарт дæр куыд уыдтаиккой,
Афтæ-иу йе'взагæй, мæстæймарæгау,
Уырг йæ рихитыл фæрсы'рдæм астæрдта.
Уæд та уæйгуытæ Сырдонмæ дзурынц:
«Ды дæр сæ фарсмæ абад, хорз уазæг!»
— Нæ, мæнæн сæ фарсмæ бадын не 'мбæлы,
Фæлæ мын, марадз,, фæнык акæнут
Иу æнæбын хуыскъаг мигæнæны,
æмæ сæ' дæле ууыл абаддзынæн,—
æз нæхимæ дæр ахæмыл фæбадын. —
Уæйгуытæ дæр ын уайтагьд æнæбын
Хуыскъаг мигæнæны фæнык акодтой,
æмæ йын йæ уæлæ бурæмæдз ауагътой.
Сырдон ыл куы'рцæй бадт, уæд æй, бадгæ бадын,
Куыддæр амалæй иуы'рдæм фенкъуыста,
æмæ æнæбын хуыскъаг мигæнæнæй
Бурæмæдз акалд, фæнык; дæр апырх.
Сырдон æрбадти æнæбын хуыскъагыл.
Уæд, зæгъы, уæйгуытæ фæрсынц Сырдоны:
«Зæгъ-ма нын, уазæг, сымахы 'рдыгæй
Кусæрттаджы нард цæмæй æвзарынц?
Сырдон фæцæрдæг æмæ сын загьта:
—  Кусæрттагыл махмæ сæ къух æрхæссынц,
æмæ кæд фæлмæн уа, уæд нарды нысан у,
Уæйгуытæ дæр уæд нарты гуыппырсартæн
Се стыр бæрзæйтыл сæ къухтæ 'руагьтой,
æмæ сæ скарынц радыгай нардæй.
Нарты Сослан уыд дынджыр бæрзæйджын,
æмæ йæ нарддæрæн уæйгуытæ равзæрстой.
Ратыдтой Сосланы уым йæ бынатæй,
Кусæрттаджы 'вæрд æй фынгыл æркодтой.
Гъа ныр Сосланыл кард æрбауадзой,
Афтæ Сырдон дæр цырд фæгæпп ласта,
æмæ уæйгуытыл сонт хъæр фæкодта:
—  Гъæй, бирæ хæрдæй номгæнæг уæйгуытæ!
Сæрæй та фестут уæ гуыбыны куыстыл?! —
Уæйгуытæ Сырдонæй тынг фæтарстысты,
æмæ бадзурынц сæ кæрæдзимæ:
«Диссаг куыд нæ у, уый куыд феуæгъди?»
æмæ мæстыйæ дзурынц Сырдонмæ:
«Гуыбыны кой кæнæм, о, гуыбыны кой;
Уæдæ нын æндæр цы кæнын кæныс?»
—  А-уазджытæ уæм цæмæн æрцыдысты,
Уымæй сæ не 'рфарстат, ницы ма базыдтат,
Афтæмæй фестут æндæр куыстытыл. —
«Гъы, дæ хорзæхæй, цæмæ 'рцыдысты,
Ды нын уæдæ! уыдон дæхæдæг радзур!»
Загьтой уæйгуытæ. — Уæдæ мæм хъусут! —
Афтæ бадзуры Сырдон уæйгуытæм. —
Куырды дзауматыл нарт фæбыцæу сты,
Чи сæ хисдæр у, зæгъгæ, æмæ уæм
Сæ фæсивæды æмæ сæ хисдæрты,
Мæнæ, фæрсынмæ куы æрбарвыстой,
æмæ сын бæстон бамбарын кæнут,
Куырды дзауматæй кæцы хисдæр у? —
æмæ уæд уæйгуытæн сæ тæккæ хисдæр
Нал фæлæууыдис æмæ сын загьта:
«Куырды дзауматæн хъæсдарæг — сæ хисдæр».
«Нæ, куынц хисдæр у!—дыккаг уæд загьта, —
Куырдадз æнæ куынцæй куыд хъуамæ куса?
Мийаг æй, исты, дзыхæй фу кæндзынæ?»
æртыккаг загьта: «æртдзыскæн куы нæ уа,
Уæд тæвд æфсæйнагыл дæ къухæй хæцдзынæ?»
Цыппæрæм уæйыг уыдон ныхæстæм
Тыхджын бамæсты æмæ сыл схъæр кодта:
«Дзæбуг куы нæ уа;, уæд тæвд æфсæйнаг
Дæ тымбыл къухæй, цæй-ма, куыд хойдзынæ?
Дзæбуг хисдæр у, дзæбуг, фехъуыстат?!»
Уæд ын Сыр дон дæр йæ ныхас ацахста,
Нал æм фæлæууыд æмæ йæм дзуры:
— Ды сеппæтæй дæр растдæр кæм загътай,
Уым ма сæ дзæбугæй æрхæфтытæ кæн,
æмæ: чи хисдæр у куырды - дзауматæй,
Уый ныр сæхиуыл уадз æмæ бавзарой! —
Дзæбуг кæмæ уыд, уыцы уæйыгмæ
Сырдоны ныхас тынг раст фæкастис,
æмæ айтæ-уйтæ уый нал фæкодта,
Фæлæ дзы иуы сæр ахъаззаг ныххафта.
æмæ уыйадыл сæ кæрæдзийыл
Уæйгуытæ хафт-хафт ралæууыдысты, —
Фæуæд уыдонау дæ балгъитæг дæр! —
Пырх кæнын райдыдтой сæ кæрæдзийы,
Кæмæн-иу ахаудта йæ цæвæн йæ къухæй,
Уымæн та-иу æй Сырдон йæ къухмæ
Уайтагьд авæрдта, æмæ-иу ын загьта:
—  Куы дæ амардта, цы йын ракодтай,
Куыд фыд-зæрдæ у, куыд, уый де'фсымæр?—
Сæ загъд, сæ замана Сырдоны ныхасæй
Цырынæй цырындæр кодта фæстагмæ,
æмæ цалынмæ сæ кæрæдзийы
Бынтон нæ ныццагътои, уæдмæ хæцыдысты.
Нарты гуыппырсартæ ныуулæфыдысты,
æмæ сæ цæстыты фæзынд рухсы цъыртт.
Сырдон æмæ Сослан уæлартæй истой
Уæйгуыты агæй тæвд дон æмæ йæ
Нарты бын уагътой, цалынмæ бынтон
Сæ бандæттæй уыдон не схицæн æсты.
Арæдывстысты сæ бадæнты цæрмттæ,
æмæ сæ бæхтыл куы рабадтысты,
Уæд фæйнæрдæмты куы ныкъултæ сты.
Раст бадын дæр сæ сæргътыл нал уыди,
æмæ сыл Сырдон худæгæй мардис.
Цæугæ-цæуын-иу сæм дзырдта, сæ фæдыл:
—  Уæ, уæ бонæй уат, нарты бæлццæттæ,    
Сæ саргъы бæхтыл раст дæр нал бадынц! —
Нарт мæоты кодтой хинæйдзаг Сырдонмæ.
æмæ иу ран бæлас æртасын кодтой,
Йæ рихитæй йæ уымæ бабастой,
Фæстæмæ бæлас æсуагътой æмæ
Сырдон йæ цъуппыл ауыгъдæй баззад.
—  Гъе, ныр мæ раны дæн, гъе, — загъта Сырдон.
Иу дзæвгар аззад бæласыл ауыгъдæй,
Афтæ Бæлгъæйы æлдары фийау
Бæласы бынты, æхситтытæ гæнгæ,
æрбацæй тардта йе стыр фосы дзуг.
Фийау Сырдоны куыддæр ауыдта,
Афтæ йæм дзуры бæласы сæрмæ:
«Хуыцауы тыххæй, уым цы ми кæныс?»
—  Ам цы ми кæнын, уый дын куы зæгъон,
Уæд мын мæ бадæн ды агурдзынæ.
Зæгъын дын фæлтау: кæн дæ цыды кой,—
Зæгълæ, фæкодта Сырдон фийауæн.
«О, дæ хорзæхæй, ницы дæ агурдзынæн,
æрмæст мын куы зæгьис — уым цы ми кæныс?»
—  Кæд мæ нал уадзыс, уæд дын æй зæгъдзынæн:
Уæлæ, кæс: хуыцау мæнæу най кæны,
Уый æз куы федтоц, гъе, уæдæй нырмæ
Мæ зæрдæ æппын ницыуал агуры:
Нал дæр хæринаг, нал дæр нуазинаг.—
«Уæлæ лæг, курын дæ, — загъта йын фийау,—
Нырма хуъщауы æз никуы федтон,
æмæ дæ курын, фенын мын æй кæн!»
— Нæ дын загътон, нæ, о, дæлæ фийау,
Ды мын мæ бадæн бацагурдзынæ?—
Фийау Сырдонæн басомы кодта,
Раст куыддæриддæр хуыцауы фена,
Афтæ йын йæ бынат кæй раттдзæн фæстæмæ.
Сырдоц, цыма йæ бæлæсы сæрæй
æрхизын нæ фæндыд, уыйау æм дзуры:
—  Мæнæ ма, уæдæ, æрхæц бæласыл,
Суадз мын мæ бæстытæ, стæй дæ мæхæдæг
Бæласы цъуппмæ фидар бабæттдзынæн,
Кæннод, мийаг, ды, хуыцаумæ кæсгæйæ,
Фидар бает куы нæ уаи, уæд рахаудзынæ. —
Фийау дæр бæлас æртасын кодта
æмæ Сырдонæн йæ бает райхæлдта.
Сырдон уæд фийауы бæласы цъуппмæ
Фидар бабаста æмæ цæсуагъта:
Фийау бæласыл ауыгъдæй баззад.
Бæргæ кæсы фийау хæрдмæ хуыцаумæ,
Фæлæ йæ кæм уыны! Дзуры Сырдонмæ:
«æз мæ цæстытæй нырмæ куыд уыдтон,
Афтæ куы нал уынын — цы мыл æрцыди?»
—  Фæлæу, мæ хæдзар, — Сырдон æм дзуры, —
Бæласы цъуппыл ма иу чысыл куы фæуай,
Уæд сæ æппындæр ницыуал уындзынæ! —
æмæ рахъæр кодта фийауы фосыл,
æрбаскъæрдта сæ Нарты уæзæгмæ.
Нарт се стыр Ныхасы, дисгæнгæ, дзурынц:
«Нæ фыдбылыз та æрцыд фосармæй,
Мах та йын уыдыстæм фесæфын æнхъæл».
Уæд сæм Сырдон дæр афтæ бадзуры:
—  Мæнæ уын фос, нарт, æмæ сæ байуарут!
Мæн сæфтыл нымайут, фæлæ сæфт сымах стут.
Бæлгъæйы быдыр æнæгæс фосæй байдзаг —
æз сæфт уый хонын, нырмæ уырдыгæй
Йæхицæн кусæрттаг чи нæ раскъæрдта.—
Нарты фæсивæд ныффæдис кодтой
Бæлгъæйы быдырæй фос ратæрынмæ.
Бæлгъæйы 'фсæдтæ дæр уæд рацыдысты
Сæ бирæ фос æмæ сæ фийау агурæг;
Нартимæ быдыры хæрхæмбæлд фееты,
æмæ кæрæдзийыл ралæууыдысты.
Нарты фæсивæд, фæстæмæ здæхгæйæ,
Сæ хизæнуæттыл ракодтой сæ фæндаг.
æмæ фыдæнæн ныллыгтæ кодтой
Гæтæджы фыртæн йæ бæхы былтæ.
Уæд уыцы хъуыддаг Сырдоны хъусты
Чидæр бацагъта. Сырдон арасти,
Бацыд рæгъаумæ йæ мает исынмæ, —
Нартæн сæ бæхтæн сæ даргъ къæдзилтæ
Ныллыгтæ кодта, йæхæдæг æрбацыд
æмæ æрбадтис нарты Ныхасы.
Нарты рæгъау сæ хизæнуатæй
Дыууæ изæр' астæу æрбацæйцыдысты;
Нарт кæсынц æмæ Сырдоны бæх дæр
Мæнæ фæзынди рæгъауы фæстæ.
Сырдоны бæхы нарт куы ауыдтой,
Уæд фыр худæгæй бакъæцæлтæ сты.        
Фæрсынц Сырдоны: «Уый, Сырдон, дæ бæх
Худгæ куы цæуы!.. Цæуыл дын худы?»
— Уый ууыл худы, — загъта сын Сырдон, —
æмæ йæ разæй уыны худинæгтæ.—
Нарты фæсивæд джихæй аззадысты,
Кæсынц æнхъæлмæ: «Цымæ, цæмæй зæгъы?»
Уалынджы, сæ бæхтæм куы бакастысты,—
Нарт бамæсты сты Гæтæджы фыртмæ.
æмæ йæ се 'хсæнæй сафынвæнд скодтой,
Фæлæ кæй бон уыд Сырдоны фесафын!
Фурды-иу æй баппар, уæд дæр-иу дзы сурæй
Уый рагæпп ласта, æмæ йæ нарт дæр
Уыдæтты тыххæй тынг бирæ уарзтой.
Гъе ахæм митæ фæкодта нартæн
Цард-цæрæнбонты Гæтæджы-фырт Сырдон.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке