Уæд та, дын, иу хатт нарты гуыппырсартæ —
Урсзачъе Уырызмæг, болатрихи Хæмыц
æмæ ноджы Сослан, сусдурæй гуырд
Сослан, Араст сты иумæ дард ранмæ цуаны.
Бирæ фæцыдысты, бирæ фæхаттысты,
Æмæ, зæгъы, сырд цæстæй дæр нæ федтой.
Тыхсын райдыдггой нарты гуыппырсартæ —
Тынг хъуаг сысты хæлцæй, дарæсæй, —
Æмæ сфæнд кодтой фæстæмæ раздæхын.
Цæуынц, æмæ сыл тар хъæды кæрон
Иу урс саг фембæлди, иу урс саг, зæгъы.
Нартæн сæ фæндаг разæргæвст æркодта
Диссаджы урс саг, æмæ, дын, фæлидзы.
Сæ номдзыд хотыхтæ фелвæстой нарт'адæм,
æмæ йæ, афтæмæй, сурынтæ райдыдтой.
æхстбæрцмæ æрлæууы саг нартмæ иу цъусдуг,
Стæй та байдайы лидзынтæ дарддæр.
Нарт дæр æй сурынц, уæдæ цы уыдаид!
Басайдта сæ урс саг авд хохы фæстæмæ,
Æмæ уым æвиппайд цыдæр æрбаци.
Бон йæ бартæ суагъта, æмæ сæнт-сау æхсæв
Йæ сæнт-сау къабæзтæ зæххыл æрытыдта.
Нарт æххормагæй тыхсын байдыдтой.
Сæхимæ цæуой —æмæ байрæджы ис,
Уым лæууой —- æмæ цы хос скæндзысты,
Цы хос сæхицæн æхсæвæрæн, зæгъы!
Уæд кæсынц æмæ иу ранæй рухс кæлы.
Сарæзтой сæхи нарт уыцы рухсмæ
Æмæ йæм цæуынц, цæуынц, уæдæ цы!
Бахæццæ, дын, сты иу ран иу мæсыгмæ —
Мæсыг та амад уыд сыгъдæг дойнаг дурæй —
Æмæ бахъæр кодтой дуарæй мидæмæ.
Уыцы мæсыджы та кæд цард авд уæйыджы,
Авд сау æфсымæры, амæй-ай дынджырдæр.
Тынг бацин кодтой авд сау уæйыджы,
Хæххон дзиглотæ нæм мæнæ сæхи къахæй
Æрцыдысты, зæгтьгæ, — хуыцау нын радта!
Мидæмæ бахуыдтой нарты гуыппырсарты,
Артмæ сæ хæстæг рабадын кодтой
æмæ сæ цæстытæ кæрæдзимæ ныкъулынц.
æртæ дзы бавнæлдта уæхстытæ кæнынмæ,
Иннæ цыппар та артыл архайынц.
Нарты гуыппырсартæ хъуыддаг бамбæрстой.
æмæ фæтарстысты, уæдæ цы уыдаид!
Уæд Хæмыц дзуры уæйгуыты хисдæрмæ:
— Не сæфт кæй æрцыд, уый ныр базыдтам,
Фæлæ ма нын уæддæр зарыны бар раттут —
Нарт кæддæриддæр сæ мæлæты афон
Заргæ фæкæнынц, заргæ, уæйгуытæ!—
Уæйгуытæ хъæрæй ныххудтысты иумæ;
йаргæ ут, заргæ, хæххон дзиглотæ,
Уæддæр уæ ныртæккæ хæргæ кæндзыстæм!»
Нарт сæ тых, сæ бонæй ныззарыдысты,
æмæ сын сæ зарæг фехъуыста уæларвмæ
Нарты Хæмыцы фырт болатриу Батрадз.
Уыцы иу зыввытт ракодта йæхи;
Хохыл сæмбæлди; йе 'ндоны зæлангæй
Ныййазæлыдысты хæхтæ 'мæ быдыртæ.
Батрадз кæй фæзынди, уый нарт бамбæрстой,
æмæ, дын, æмхуызон, хъæрæй ныххудтысты.
«Худут уал, худут, хæххон дзиглотæ!»
Зæгъгæ, сæм дзурынц æдылы уæйгуытæ.
Гъа, ныр, зæгъгæ, нарты уæхстытыл бакæнæм
Куыд загьтой иууылдæр хинымæр уæйгуытæ,
Афтæ сæ мæсыгæн йæ фарс æрбакалди
æмæ Хæмыцы фырт æрбасæррæтт ласта.
Болат тымбыл къухæй ралæууыд уæйгуытыл.
Кæй дзы нырриуыгъы, уый йæ къах атилы,
æндæр хъыпп скæнын нал бафæразы,
æмæ афтæмæй йæ уд фелвасы.
Бын цагъд сын ныккодта, сухы, цагъд, уæйгуытæн;
Ракодта Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сосланы,
Дуне сырдтæ сын ныццагъта фæндагыл
æмæ сæ цинимæ рарвыста Нартмæ.
Йæхæдæг фæстæмæ уæларвмæ сфардæг ис
æмæ та уым йæхи бааууон кодта.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат