Нарты Сырдонæн йæ мæлæт æрхæццæ
Æмæ йæ усæн афтæ ныффæдзæхста:
— Мидгьуын кæрц-иу мын сæрд макæд бадар.
Тæвд дзул та-иу мын зымæг макуы бахæр,
Стæй мын уазал дон макæд бануаз,—
Нартæн дæр загъта: — Адæмы хъæлæба
Æмæ фосы уасын цы ранмæ хъуыса,
Ахæм ран-иу мæ ма баныгæнут. —
Сырдон куы амард, уæд уый фыдæнæн
Йæ ус сæрдыгон мидгъуын кæрц дардта,
Зымæг та хордта æдзухдæр тæвд дзул,
Йæ фæстæ та-иу уазал дон банызта.
Æмæ йæ дæндæгтæ азгъæлдысты.
Нарт Сырдоны мард бавæрдтой Ныхасы,
Æмæ-иу кæрæдзимæ куы фæмæсты сты,
Уæд-иу, сæ иу иннæйы афтæ фæлдыста:
«Махæй мæнг чи зæгъы, уый бæх уæд Сырдонæн!»
Уæд нарты адæм сæхицæн загътой:
«Амæн нын йе'гасæй йæ мард фыддæр у.
Бавдæлæм æмæ йæ скъахæм фæстæмæ
Æмæ йæ уæртæ фурды баппарæм!»
Скъахтой йæ æмæ йæ фурды баппæрстой.
Хин Сырдон уыдис Донбеттыры хæрæфырт,
æмæ куыддæр йæ мард фурды бахауди,
Афтæ райгаси æмæ та фæстæмæ
Уайтагъд балæууыд нарты Ныхасмæ.
Нарт æй куы федтой, уæд дисгæнгæ загътой:
«Сырдонæн мæлæт дурты бын дæр нæй!».
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат