logo

М О Я    О С Е Т И Я



УЫРЫЗМÆДЖЫ ФÆСТАГ БАЛЦ

Базæронд ис тынг нарты Уырызмæг,
Бынтондæр сурси, йæ тых басасти,
Æппыи нал цыдысты йæ быны уæрджытæ,
Æрдынбос аивазын йæ хъару нал уыди,—
Афтæ йын бадомдтой азтæ йе стыр тых.
Нал цæуы стæры; зондæй йæ нал фарстой
Нарты хъал фæсивæд бахъуаджы сахат,
Фæцис-иу ахæм дæр нарты фæсивæдæй.
Зæронд Уырызмæгыл худгæ чи кодта
æмæ дзы чи дзырдта: «Ницыуал пайда у».
Рацыд-иу Ныхасмæ Уырызмæг райсомæй
æмæ-иу уым фæбадт хуры ныгуылдмæ,
æрвыста йæ рæстæг ныхæстæм хъусгæйæ.
Нарты фæсивæд-иу хъазын куы рдйдыдтой,
Нарты Хъазæн фæзы фат æмæ 'рдынæй,
Уæд сæм-иу Уырызмæг, кастис æнкъардæй,
Æмæ-иу мысыди йæ лæппуйы бонтæ:
Фатæй нæ ивгъуыдта тæхгæ цæргæсы цæст,
Зылдис-иу маргъау йæ диссаджы
Æрфæныл Нарты гуыппырсарты разæй
Уырызмæг Тохы фæдисы бон, кæнæ, та стæры.
Арвы нæрынау — йæ карды цъыччытæ,
Арвы æрттывдау — йæ карды цæхæртæ.
Никуы йыл ничи фæуæлахиз хæсты.
Ныр сæ Ныхасы зæронд æрæмысы,
Стыхсы йæ зæрдæ, баздæхы хæдзармæ,
Æмæ æнкъардæй хъуыдыгæнгæ бадзуры:
«Гъæй джиди, искуы ма фæ у фосы конды, —
Знаджы норттыл ма æрсæрф дæ карды ком,
Фыдгулы стæджытыл фæттæ ацыргъ кæн,
æмæ гъе уый фæстæ дæ ингæн æссар!
Мæ фæстаджы бонты, мæ зæронды бонты
æгады номхæссæн нал уаин адæмæн!»
Нарты фыдгултæй ма æнæсаст чи баззад,
Гъе уымæн æнусмæ куыд и басæттæн,
Ууыл хъуыдытæ фæкодта Уырызмæг,
æмæ йæм фæстагмæ æрцыди иу хъуыды.
Иу изæр рацыди нарты стыр Ныхасмæ.
Ныхасы бадтысты нарты скуыхт фæсивæд,
æмæ сын цадæггай дзуры Уырызмæг:
— О, нарты фæсйвæд, чысылæй зæрондмæ
Нæ бахæлæг кодтон мæ зонд æз сымахæн.
Нæ бахæлæг уын кодтон мæ хъару, мæ тыхтæ.
Фæлæ ныззæронд дæн, мæ тых басасти,
Уынаффæ кæнын уын мæ бон куы' нæ уал у.
Нал бæззын уæ разæй æетæры цæуынмæ.
Фыдæбон йеттæмæ сымахæн ницыуал дæн.
æмæ уæ курын, нарты фæсивæд,
Райсом мын скæнут егъау æнгом чырын,
Уым мæ-иу нывæрут æмæ мæ баппарут
Фурдæн йæ арфдæры, дард мæ куыд ахæсса;
Дард мæ куыд аласа, мæ райгуырæн бæстæй.—
Нарты фæсивæд сæ сæртæ æруагътой.
Сагъæс сæ бацыдис Уырызмæджы ныхасæй.
Загътой дзы иутæ, сæ зæрдæ рисгæйæ:
«Уырызмæг куы нæ уа нартæн сæ уæле,
Уынаффæ куы нæ кæна, зонд куы нæ амона,
Куы нæ сæ æрвита ныфсджынæй æстæры,
Уæд ницы бакæндзæн цæрынæн фæсивæд».
Загътой дзы иннæтæ, сæ зæрдæ рисгæйæ:
«Фарстам æй алкæддæр зондæй тыхст рæстæджы.
æмæ кæд базæронд æмæ нæ нал хъæуы,
Уæддæр ын æппарæн нæй фурды уылæнтæм.
Цы бонтæ ма йын ис нысангонд цæрынæн,
Уыдон æрвитæд æнæ маст, æнæ мæтæй.
Цæрæд æнцой цардæй зæрондæй мах æхсæн».
Фæсивæд не сразы Уырызмæджы фæндыл,
æмæ æрхæндæгæй аздæхт йæ хæдзармæ
Нарты зондамонæг, урсзачъе Уырызмæг.
Дыккаг изæры дæр та рацыдис Ныхасмæ
Уырызмæг æмæ та фæсивæдæн загъта:
— Цæмæй уæ бауагътон уый бæрц маст, мæ хуртæ,—
Мæ тухийы бонтæ мын цæмæн фылдæр кæнут?
Чырын мын саразут æмæ мæ баппарут
Фурдæн йæ уылæнтæм, æмæ мæ фæласой.—
Гæнæн нал уыдис нарты фæсивæдæн,—
æмæ æртыккаг бон скодтой æнгом чырын:
Лыстæи дзы бакодтой арсы фæлмæн хъуынæй,
Рувасыцæрмттæй лыстæны бамбæрзтой,
æрхастой чырыны фурды тæккæ былмæ.
Стыр Нарты бæстæй уырдæм æрцыдысты
Алыхуызон фæсивæд — чызгæй уа, лæппуйæ.
Разагъды зæрондæн, номдзыд Уырызмæгæн
Уыцы фæстаг сахат фæндараст зæгъынмæ.
— Хæрзбон ут„ фæсивæд, — загъта сын Уырызмæг.—
Цæрут-иу кадимæ, цæрут æхсаримæ.
Фыдæлты кæрдтæ-иу æзгæйæн ма раттут,
Фыдæлты 'рдынбостæ рæмпæг ма бахæрæд,
Фыдæлты намыс æгад ранмæ ма 'руадзут.
Хæддзу-тыхгæнæг уын тых макуы бакæнæд.
Кадджын мæлæт-иу æгад цардæй баивут.
Хæрзбон ут фæсивæд! Цæуын æз уе 'хсæнæй! —
Загътой йын фæндараст æмдзыхæй фæсивæд
æмæ йæ уый фæстæ нывæрдтой чырыны,
Къуыриваг ын йемæ хæринаг нывæрдтой.
Дон куыд нæ бахъара чырынмæ мидæмæ,
Афтæ йæ байсæрстой æнæдон сасымæй
æмæ йæ уый фæстæ фурдмæ баппæрстой.
Галæгон рауадзы фурдмæ йæ тыхджын уад,
Тызмæгæй банкъуысынц урсбарц фæйлауæнтæ,
Хъуысы сæ масты хъæр, хъуысы сæ дзыназын.
Хæссынц æмæ скъæфынц чырыны уылæнтæ,
Дæттынц æй кæрæдзимæ, хъавгæ 'мæ узгæ.
Чи зоны, цас æй фæхастой сæ уæлныхты!
Гъе стæй йæ раппæрстой Саденджызы былмæ,
æлдары рæгьæуттæн дондарæн кæм уыдис,
Раст уыцы ранмæ, иу æмбисæхсæв.
æлдары рæгъæутты райсомæй раскъæрдтой
Йæ бирæ 'ххуырстытæ дон бадарынмæ.
Дон-былмæ бацæуынц дон мондаг бæхтæ,
Сисынц хуыррыттытæ, фæстæмæ фесхъиуынц,
Фесхъиуынц фæстæмæ, фæйнæрдæм алидзынц.
«Ай та цы диссаг у?» загътой æххуырстытæ,
æмæ бацыдысты донмæ бæрæггæнæг:
Дондарæны, дын, уынынц егъау чырын,
Раппæрстой донбылмæ тыхæй чырыны,
Йæ сæр ын сæппæрстой уайтагъд уираг дурæй.
Чырыны хуыссыди цавæрдæр зæронд лæг.
Фæрсынц æй: «Цавæр дæ? Чи дæ? Кæцы 'рдыгон?
Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста нæ бæстæм?»
Загъта уæд зæронд лæг æлдары 'ххуырстытæн:
— Бæстагæй куы фæрсат — уæд дæн Нæртон бæстаг,
Мыккагæй куы фæрсат — дæн æхсæртæггатæй,
Номæй мæ куы фæрсат—мæ ном у Уырызмæг.
Цæмæн уæм фæзындтæн, уымæй мæ куы фæрсат —
Уый дæр уын зæгъдзынæн æнæ басусæгæй;
æз цардтæн нарты 'хсæн кад æмæ радимæ,
Фæлæ ныззæронд дæн, хъаруйæ слæмæгъ дæн.
æдыхæй цæрын та кадджын нæу нарты 'хсæн,
Мæ зæронды бонты мæ цардæй батыхстæн
æмæ баппарын кодтон мæхи уæд фурды.
Кæуылты мæ хастой уылæнтæ, — нæ зонын,
Кæдæм мæ æрластой, цы ран, цы бæсты дæн,
Кæй бар мæ бакодтой, уый дæр нæ хатын. —
Чи уыдис зæронд лæг, уый куы базыдтой,
Уæд сæ иу азгъордта æлдармæ уацхæссæг.
Балæууыд æлдармæ æмæ йын загъта:
«æлдар, дæ фыдæхæй фесæфон, байхъус мæм.
Саденджызы былыл, нæ дондарæны
Ссардтам мах абон егъау æнгом чырын.
Байгом æй кодтам æмæ дзы разынди
Нартæн сæ бæгуыдæр — разагъды Уырызмæг».
æлдарæн йæ зæрдæ фыр цинæй скафыди,
æмæ фæхъæр кодта æххуырстытыл дзыхыдзаг:
«Цæугæут, ракæнут ардæм Уырызмæджы!»
Бакодтой æлдармæ зæронд Уырызмæджы.
«Гъе ныр, гъе, Уырызмæг, бахаудтæ мæ къухты!
Нарты фæсивæды нал арвитдзынæ
Абонæй фæстæмæ æстæры ныфсджынæй.
Дæ зæронд цæстытæй хур нал фендзынæ,
Дæ домбай къабæзтыл уыдзæн къуыдыртæ 'фтыд!»
Загъта сæрыстырæй Саденджызы æлдар.
æнцад æм фæхъуыста зæронд Уырызмæг,
Худтис йæхи мидæг сæрыстыр æлдарыл.
Уæззау къуыдрыртæ йыл бакодтой уый фæстæ
Нарты Уырызмæгыл æлдары 'ххуырстытæ
æмæ йæ баппæрстой сау талынг мæсыгмæ.
æфсæн дуæрттæ йыл фидар рахкæдтой,
æрмæст ма ныууагътой иу къулы гыццыл хуынкъ,
Ахст зæронд лæгæн хæринаг дæттынæн.
Цас рæстæг рацыди, чи зоны, фæлæ, дын,
Бадти уацары зæронд Уырызмæг...
Кæрдзын та лæвæрдтой иу бон Уырызмæгæн,
æмæ кæрдзындзаумæ афтæ радзырдта:
— Куыд уынын, афтæмæй  уе 'лдар æдылы у.
Цы пайда йын уыдзæн, ам талынг мæсыджы
Уацайраг зæронд лæг куы амæла, уæд?
Уый фæлтау æркурæд мæ сæрмæ ахæстаргъ.—
Кæрдзындзау бацыдис æлдары галуанмæ,
Зонгуытыл æрлæууыд æмæ йын радзырдта:
«Уастæн дæ фыдæхæй фесæфон, хорз æлдар,
Байхъус мæм. Диссæгтæ дзуры нæ уацар.
Кæрдзын æм лæвæрдтон. Уый мын афтæ зæгьы:
«Уе 'лдар æдылы у, куыд уынын, афтæмæй.
Цы пайда йын уыдзæн, талынг мæсыджы
Уацар зæронд лæг куы амæла, уæд?
Уый бæсты æркурæд мæ сæрмæ ахæстаргъ».
æлдар уæд загъта йæ лæккадгæнджытæн:
«Ацæут, рафтаут ахстæн йæ къуыдыртæ
æмæ йæ ракæнут тагъддæр мæ галуанмæ!»
Лæккадгæнджытæ дæр къуыдыртæ рафтыдтой
æмæ Уырызмæджы бакодтой галуанмæ,
æлдары бадæнмæ. æлдар æй бафарста:
«Гъы, нарты Уырызмæг, цы мын бафиддзынæ
Ахæсты аргъмæ, куы ницы дæм ис?
—Куы зоныс дæхæдæг, чи дæн, тыхджын æлдар!
Бавдæл æмæ арвит мæ райгуырæн бæстæм.
Хъæу æмæ бинонтæ мæ уавæр куы базоной,
Уац сыл куы сæмбæла сæ хисдæр æгас у,
æмæ сын ахсты ис Саденджызы 'лдармæ, —
Уæд Нарты бæстæ хъæздыг цæмæй æсты,
Уыдонæй йицæуыл бацауæрддзысты.
Нарты бæстæ та, зоныс æй дæхæдæг,
Йæ хъæздыгдзинæдтæй хъуыстгонд у дунетыл.
Цæуыл не сæххæссой мæхи бирæ фæллой,
æртæ ахæмы та хъæубæстæ раттдзысты. —
«Уæддæр цы раттдзынæ, уый радзур бæлвырддæр!»
æлдар та бафарста зæронд Уырызмæджы.
Загъта Уырызмæг æлдарæн уæд афтæ:
— Нæ зонын, цы зæгъдзæн, æлдар, дæ зæрдæ,
Фæлæ дæм мæ фидтæн кæд аккаг фæкæса,
Уæд дын æз раттдзынæн бар æвзаргæ фосæй:

Сæдæ сæдæйы иусиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы дысиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы æртæсиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы цыппæрсиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы та фæндзсиуон галтæ.
æрмæст дæр фехъусæнт мæ фиддон æстыр Нарт, —
Утæппæт рæгъæуттæ дæ кæрты уыдзысты. —
Куыннæ ма уыдаид æлдарæн æхсызгон
Зæронд лæджы сæрмæ уый бæрц рæгъау райсын!
Загъта Уырызмæгæн: «Арвит сæм ныртæккæ
Дæ хъæу, дæ бинонтæм, æмæ куы 'рбатæрой,
Цы фос мын нымадтай, уыдон æнæхъæнæй,
Уæд тæккæ уыцы бон сæрибар уыдзынæ».
Загъта уæд æлдарæн урсзачъе Уырызмæг:
—  Ратт мын дыууæ лæджы мæ хъæу, мæ бинонтæм
Мæ уац чи фæхæсса, æмæ дæ бæстæм
Фæндаг чи амона рæгъæуттæ скъæрджытæн.
Иу лæг дзы саухил уæд, иннæ та бурхил уæд.—
Цæмæй йын æмбæрста æлдар йæ хъуыдытæ
Нарты зондамонæг зæронд Уырызмæгæн!
Арвыста уайтагъддæр æлдар агурджытæ,
Йæ бирæ хъæутæ 'мæ йæ бирæ бæстæтыл,
æмæ æрбакодтой ахæм дыууæ лæджы:
Иуæн дзы йæ хилтæ саусауид, æхсæвау,
Йннæмæн — бурбурид, фæззыгон фæсалау.
Нарты хъæумæ сын фæндаг бацамыдта
Нарты Уырызмæг æмæ сын загъта:
— Цæугæут, фæхæссут мæ уац Нæртон бæстæм.
Зæгъут-иу мæ хъæуæн: «Уæ хисдæр Уырызмæг
Уацары бахаудта Саденджызы 'лдармæ,
æмæ йын цалынмæ ахæстаргъ бафидат,
Уæдмæ йæ дардзæни сау талынг мæсыджы,
Уæззау къуыдыртæ йæ уæлæ, афтæмæй.
Ахæсты аргъæн уæ бирæ нæ бахъæудзæн:
Сæдæ сæдæйы иусиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы дысиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы æртæсиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы цыппæрсиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы та фæндзсиуон галтæ.
Сау галы æмæ-иу бур галы сæ разæй
æскæнæнт æмæ сын фæндаг амондзысты.
Кæд уын раст нæ цæуой, фæндаг уын н'амоной,—
Ралыг-иу, зæгъ, кæнут уæд сау галы сæр,
æмæ йæ бафтаут бурталы æфцæджы.
Уæд уын раст цæудзысты Саденджызы бæстæм
æмæ уæ 'ркæндзысты Саденджызы 'лдармæ».
Фæндараст сын загътой æмæ фæраст сты
Дыууæ уацхæссæджы Уырызмæджы хъæумæ.
æхсæвы сатæджы 'мæ боны æнтæфы
Хастой Нæртон бæстæм Уырызмæджы уацхъуыд.
Цас фæцыдаиккой, чи зоны, фæлæ, дын,
Уалынмæ иу изæр бахæццæ виййынц
Дыууæ бæлццоны Уырызмæджы хъæумæ.
Нарты гуыппырсартæ Ныхасы бадтысты,
Уырызмæджы сæфты кой уыд сæ дзырды сæр.
Раст уъщы рæстæг сæм уазджытæ сæмбæлди.
«Уæ изæр хорз æмæ фарн уæ ныхасы!»
Загътой уазджытæ Ныхасы адæмæн.
«Хорз цæрат, уазджытæ! æгас нæм æрцæуат!"—
Дзуапп сын радтои нарты хисдæртæ. —
Чи стут? Кæцон æстут? Дардæй æви хæстæгæй?
Цы хур, цы къæвда уæ æрхаста нæ бæстæм?»
Загътой уæд уазджытæ нарты гуыппырсартæн:
«Гъе, уæ рын бахæрæм, нарты тыхджын адæм,
Мах æстæм дардбæстаг, Саденджызы бæстаг.
Бахаудис йæ къухы Саденджызы 'лдарæн
Нæртон лæг Уырызмæг. Цæры йæм уацарæй
æмæ нæ рарвыста ахæсты аргъмæ».
Уырызмæг æгас у, уый нарт куы фехъуыстой,
Уæд кæрон над уыдис сæ хъæлдзæгдзинадæн,
Цины уац айхъуысти уайтагъд æгас хъæуыл.
Уæд нарты хисдæртæ уазджыты бафарстой:
«Уæ, нæ хорз уазджытæ, уæ, нæ буц уазджытæ,
Зæгъут нын бæлвырддæр, цы фидтæн агуры
Саденджызы æлдар зæронд Уырызмæгæй?»
Бадзырдтой уазджытæ: «Фæдзæхста Уырызмæг:
«Зæгъут мæ бинонтæн, зæгьут мæ хъæубæстæн:
æхсæв, бон ма хынцæнт, афтæмæй рарвитæнт
Саденджызы 'лдарæн ахæсты аргъæн:
Сæдæ сæдæйы иусиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы дысиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы æртæсиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы цыппæрсиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы та фæндзсиуон галтæ.
Сау галы æмæ-иу бур галы сæ разæй
æскæнæнт æмæ сын фæндаг амондзысты.
Кæд уын раст нæ цæуой, фæндаг нæ амоной,
Ралыг, зæгъы, кæнут уæд сау галы, сæр
æмæ йæ, бафтаут бур галы æфцæджы —
Уæд уын раст цæудзысты Саденджызы бæстæм
æмæ уæ 'ркæндзысты Саденджызы æлдармæ».
Лæмбынæг. байхъуыстрй нарт уацхъуыдмæ,
Фæдзырдтой хисдæртæ уæд сæ фæсивæдмæ:
«Кæсдæртæ, акæнут уазджыты 'хсæвуатмæ,
Дардæй фæцыдысты, фæллад уыдзысты».
Кæсдæртæ акодтой уазджыты 'хсæвуатмæ.
Нарты бæркадæй, дын, хорз федтой уазджыты,
Фæлмæн хуыссæнтыл сæ бахуыссын кодтой.
æмæ уæд Ныхасы тæрхæттæ байдыдтой
Нарты хисдæртæ, фенаджындæр адæм:
Галтæн сæ иугай сыкъатæ фæсæтдзыстæм,
Иусиуон галтæ афтæмæй ссардзыстæм.
Дысиуон галтæ та цас хъæуы, уый бæрц ис.
Фæлæ а 'ртæсиуонтæ, а цыппæрсиуонтæ,
Ноджы фæндзсиуонтæ—уыдон кæм æссарæм —
Ахæм галты кой куы никуы фехъуыстам?»
Сагъæс сæ бацыдис, катайтæ байдыдтой.
Дзырдтой хисдæртæ, фендджындæр адæм:
«Бирæ фæцыдыстæм арвæн йæ кæрæтты,
Бирæ фæхаттыстæм алы ран хæтæнты,
Нæртон лæг кæм нæ уыд, ахæм ран нал баззад,
Кæй галтæ нæ федтам, ахæм дæр нал баззад,
Фæлæ мах нæ федтам бæстæтæй иу ран дæр,
Ничи нæ фехъуыста, уæдæ, ныхасæй дæр,
æртæсиуон  галтæ, цыппæрсиуон галтæ,
Фæндзсиуон галтæ ис дунейыл, зæгъгæ».
Бирæ тæрхæттæ фæкодтой нæртон адæм,
æмæ æрæджиау уæд ныллыг кодтой:
«Афтæ кæм æрвиты нарты зондамонæг,
Уым нын фæсномыгæй цыдæр зонд амоны,
æмæ йæ рахатын нæ бон нæу махæн.
Цомут, фæцæуæм, Сатанайы бафæрсæм,
æмæ нын зæгъдзæни, цы бакæнæм, уый».
Алцы дæр æмбары арвы хин Сатана,
Фæзоны рагацау цы 'рцæудзæн фидæны,
Дæларвæй, уæларвæй иу ран дæр ахæм уац
Нæй, æмæ Сатана кæй нæ равзардзæни.
Бацыдысты æмæ Сатанайæн загьтой:
«Никуы хæлæг кодтай дæ зонд дæ адæмæн,
Зондагур цыдысты дæумæ кæддæриддæр,
æмæ та дæм дзурæм ацы тыхст сахат дæр.
Нæ зæронд Уырызмæг, куыд хъусæм, афтæмæй
Бахаудта уацары Саденджызы 'лдармæ.
Ахæсты аргъмæ нæм уырдыгæй æрвиты.
Ахæсты аргъ та йын ахæм фидын хъæуы:
Сæдæ сæдæйы иусиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы дысиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы æртæсиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы цыппæрсиуон галтæ,
Сæдæ сæдæйы фæндзсиуон галтæ.
Галтæн сæ иугай сыкъатæ фæсæтдзыстæм,
Иусиуон галтæ афтæмæй ссардзыстæм.
Дысиуон галтæ та цас хъæуы, уый бæрц ис.
Фæлæ а 'ртæсиуонтæ, а цыппæрсиуонтæ,
Ноджы фæндзсиуонтæ — уыдон кæм æссарæм?
Бирæ фæцыдыстæм арвы кæрæтты,
Бирæ фæхаттыстæм алы ран хæтæнты,
Нæртон лæг кæм нæ уыд, ахæм ран нал баззад,
Фæлæ мах нæ федтам бæстæтæй иу ран дæр,
Ничи нæ фехъуыста, уæдæ, уацæй дæр
æртæсиуон галтæ, цыппæрсиуон галтæ,
Фæндзсиуон галтæ ис дунейыл, зæгъгæ».
Уайтагъд дæр бамбæрста зонынджын Сатана
Цы амонынц Уырызмæджы фæлхатæг ныхæстæ.
Ныххудт йæ дзыхы дзаг, уый фæстæ радзырдта:
«Уыцы зæронд лæг уе 'хсæн куы нæ уа,
Зонд уын куы нæ амона, уæд фесæфдзыстут.
Кæмдæр та æссардта æнæхæрд знаг бæстæ
æмæ та уæ кæны гъе уый сæттынмæ.
Иусиуон галтæ уын фистæг æфсад хоны,
Дысиуон галтæ та — бæхджын æфсад æсты.
æртæсиуонтæ — æрцджын æфсад æсты,
Цыппæрсиуонтæ — æзгъæрджын æфсад,
Фæндзсиуонтæ та уын хоны уæ хисдæр
Алцы 'ппæт хотыхтæй хæрз æххæст æфсады».
Ноджы та бафарстой зонынджын усы:
«æрвиты афтæ дæр нæ зæронд Уырызмæг:
«Сау галы æмæ-иу бур галы рауадзут
Рæгъæуттæн сæ разæй æмæ уæ 'ркæндзысты
Саденджызы бæстæм, Саденджызы 'лдармæ.
Кæд æмæ нæ комой рæгьауы разæй цæуын,
Фæндаг уын нæ амоной Саденджызы бæстæм,
Тагъддæр, дам, ракæнут йæ сæр уæд сау галæн
æмæ йæ бафтаут бур галы æфцæджы,
Уæд уын уый амондзæн фæндаг Саденджызмæ».
Уый та ма цы хоны нæ зæронд Уырызмæг?»
Ноджы та бахудти Сатана 'мæ загъта:
«Уый та уый амоны, уæ, æнæ'рхъуыды нарт,
Утæппæт æфсадæй куы цæуат æстæры,
Уæд фæндагамонæг уæ разæй акæнут
Саухил лæджы æмæ ноджы бурхил лæджы.
Уыдон куы бамбарой хæстмæ сæм кæй цæут,
Уæд уын нал цæудзысты, иу ран ныллæудзысты.
Ракæнут-иу уæд саухил лæджы сæр
æмæ йæ бафтаут бурхилы æфцæджы:
Марынæй куы стæрса йæхицæн бурхил лæг —
Саденджызы бæстæм уæ разæй цæудзæни,
Фæндаг уын амондзæн Саденджызы 'лдармæ».
Арфæтæ фæкодтой зондджын Сатанайæн
Нарт æмхуызонæй — хисдæрæй, кæсдæрæй.
Ныххæррæтт, дын, кодтой, гъай-да-гъа, уый фæстæ,
Цæгъдынтæ райдыдтой базырджын фæттæ,
Хæххон къæртт æзмисæй ныссæрфтой се 'рцытæ
Сæ фæтæн цирхъытæ фæрсыссад бакодтой,
Тыбар-тыбур кодтой рухсмæ сæ уартытæ,
Барæвдзытæ кодтой хæстæввонг се згъæртæ.
Сæ бирæ рæгъæуттæм кæсдæрты фервыстой,
æмæ сын æрластой æнæбадт æвсургътæ.
Хæххон сыгьдæг донæй байрæгты ныннадтой,
Саргъæй, идонæй — æппæт æсрæвдз кодтой,   
æмæ æртæ бонмæ æфсад цæттæ уыдис
Саденджызы бæстæм æстæры цæуынмæ.
Нызмæлыдысты æстæрон адæм,
Рыг, мигъау, æсбадтис уæд арвы кæрæтты,
Сæ бæхты къæхты бын сау зæхх æнкъуысти,
Сæ бæхты улæфтæй тухгæ уад сыстадис,
Арвы нæрынау уыд сæ хотыхты зыланг.
Фæндаг амонæг акодтой сæ разæй
Уырызмæджы æрвыст саухил æмæ бурхилы.
Хъæуæн йæ кæронмæ куыддæр рацыдысты,
Афтæ сын нал куымдтой саухил, бурхил лæг,
Нал цæуынц размæ дæр, нал цæуынц фæстæмæ.
Уæд саухил лæджы сæр ракодтой нарты 'фсад
æмæ йæ 'рцауыгътой бурхилы æфцæджы.
Марынæй йæхицæн фæтарстис бурхил лæг,
æмæ сын райдыдта уæд фæндаг амонын.
Урсзачъе Уырызмæг бадти мæсыджы,
æнхъæлмæ кастис нарты фæзындмæ.
Уæд иу бон фæдзырдта æлдармæ Уырызмæг:
— Цом-ма, цытджын æлдар, дæ мæсыджы сæрæй
Акæсæм алы 'рдæм, фæндæгтæм, цæуæнтæм.
Мийаг кæд фæзындысты дæ бирæ рæгъæуттæ. —
Бæрзонд мæсыгæн йæ сæрмæ æсхызтысты,
æмæ уырдыгæй фæлгæсынц алы 'рдæм
Фæндæгтæм, цæуæнтæм, быдыртæм, къуыбыртæм.
Уалынджы 'рбазынди быдыры кæронæй
Сауæндæрг, рыг бады йæ сæрмæ сау мигъау,
Йæ дымгæ æнкъусы бæлæсты, тар хъæды.
Уырызмæг базыдта — нарт æрхæццæ сты.   
—Гъе, гъе, æрхæццæ ис мæ аргъ, акæс-ма,
Зæхх сæ нæ уромы!—дзуры Уырызмæг.—
 Фæлæ сын сæ размæ арвит, тыхджын æлдар,
Дæ къухы хæцынхъом чи у, уыдоны.
æрмæст сын бафæдзæхс, куыд ничи ахæсса
Йемæ хæцæнгарз,—уис, лæдзæг йеттæмæ,
На уæд æзнæт у нарты фосы мыккаг,
Хæцæнгарз куы ауыной — фæйнæрдæм лидздзысты,
Ныппырх дын уыдзысты хъæдты 'мæ быдырты.
Уæд дын уый мæ аххос ма фæуæд, æлдар. —
Арвыста фидиуæг æлдар йæ адæммæ,
Галуаны алыфарс уайтагъд æркъорд æсты
Хæцынхъом чи уыдис æлдары адæмæй.
Загъта сæрыстырæй æлдар йæ адæмæн:
«Кæсут, æрбаскъæрынц Уырызмæджы сæрмæ
Ахæстаргъ, уартæ, æстыр Нарты бæстæй.
Сæ размæ цæугæут æмæ сæ 'рбатæрут.
Фæлæ уæ хæцæнгарз куыд ничи ахæсса,
æрмæст дæр уис æмæ лæдзæджы йеттæмæ!»
æлдары адæм, дын, уистæ — лæдзджытимæ
Куы араст вæййынц рæгъæуттæн сæ размæ.
Куы бахæстæг æсты, уæд кæсынц æмæ, дын,
Рæгъæуттæ нæ, фæлæ 'фсæдтæ — сæ разы,
Сыкъатæ нæ, фæлæ æндон цыргъ æрцытæ,
Хуры тын хъазыдис æзгъæртыл, уартытыл.
Цыдис сæ разæй та сæргуыбыр бурхил лæг,
Саухилы сæр æфтыд йе 'фцæджы, афтæмæй.
Хорзау уæд нал фесты æлдары адæм.
Бæргæ ма æскодтой лидзынвæнд фæстæмæ,
Фæлæ, дын, уыцы ран цæгъдынтæ райдыдтой
Нарты æфсæддонтæ æлдары адæмы:
Кардæй сæ карстой, фатæй сæ цавтой,
Бæхты къæхты бын сæ байдыдтой ссæндын.
Ноджы тыхджындæр рыг сæ сæрмæ сыстадн —
Сау мигъау бамбæрзта хъæдтæ 'мæ быдыртæ.
Касти сæм дардмæ Саденджызы 'лдар,
Бацыд дзы тас æмæ фæрсы Уырызмæджы:
«Акæс-ма, зæронд лæг, ахæстаргъ рæгъауæн
Цы сбадт уый сæ сæрмæ, сау мылазон мигъау?»
Дзуры уæд Уырызмæг Саденджызы 'лдармэе:
— Тæрсгæ сæ ма фæкæн: уæззау фос æрцæуынц,
Уый сæ комы тæф æмæ къæхты рыг у. —
Уартыты зыланг, фæринкты цъыччытæ,
Тæхгæ фæтты æхситт — арвнæрдау сиу сты,
Рызтысты уынæрæй хæхтæ 'мæ кæмттæ.
Хъусы арвнæрынмæ Саденджызы 'лдар;
Хъусы, 'мæ куы фæрсы зæронд Уырызмæджы:
«Хæсты хъæры хуызæн мæ хъустæ куы ахсынц,
Уæд уый та цавæр у, зæгъ-ма мын, Уырызмæг?»
—  Тæрсгæ дзы ма фæкæн, — загъта та Уырызмæг. —
Уæззау фос æсты 'мæ уый сæ къæхты хъæр у. —
Уæдмæ йын йе 'фсæдты Саденджызы 'лдарæн
Сухы цагъд ныккодтой нарты хъæбатыртæ:
Цæндтæй лæууыдысты сæ, мæрдтæ быдырты,
Фурдау фæйлауæнтæ куы кодта сау туг.
Уый, дын, куы федта зæронд Уырызмæг,
Уæд дардыл фæхаста йæ уæззау нæртон къух
æмæ дзы æлдарæн йæ уадул ныццавта.
Цæхæртæ акалдтой æлдары цæстытæ,
Ныццудыдта æмæ æрхауд йæ уæрджытыл,
æмæ йæм дзуры разагъды нæртон лæг:
—  Нарты зæронды мæсыджы бакодтай,
Йæ зæронд къабæзтыл къуыдыртæ бафтыдтай,
Стæй ма æрцагуырдтай йæ сæрмæ ахæстаргъ.
Хæсмæ хæс агурын нартæн фæткæн баззад.
Акæс-ма дæ цæстæй, быдыртæ бамбæрзтой
Д'адæмæн сæ мæрдтæ, сæ сæрты къуыдыртæ.
Тас рæгътæ сæвзæрди мæрдты цæндамадæй,  
Фурдау фæйлауы сæ туг сæ бынæй.
Нарты цы фефхæрдтай ды бирæ азты,
Уый дын хорз куы 'рхастой! Акæс-ма дзæбæхдæр:
Уый дын мæ сæры аргъ, уый дын ме'фхæрæггаг! —
Йæхæдæг фæхæцыд æлдары къабазыл
æмæ йæ раппæрста мæсыджы бæрзондæй.
Нарты æфсæдтæ мидæмæ бацыдысты,
Зæронд Уырызмæг сыл худгæйæ сæмбæлди,
Кæрон ма кæм уыди сæ цин, сæ хъæлдзæгæн!
Дзуры Уырызмæг нарты фæсивæдмæ:
«Мæ зæронд фæлтæрд сæр куы нæ уа уемæ,
Уæд уæ фæхæсдзæнис халон йæ ахстонмæ.
Саденджызы 'лдар махæн тыхгæнæг уыд
æмæ мæ нæ фæндыд мæ фæстæ баззайа.
Ныр цæут æмæ йын йæ бынтæ ахæссут.
Систой æмбырд кæнын Саденджызы 'лдарæн
Йæ бирæ ис-бон нарты сахъ фæсивæд.
Чи сæ фæнымайдзæн уый бирæ хæзнатæ:
æлутон, сызгъæрин, æвзист — уæрмы дзæгтæ,
Сыгъдæг æндон кæрдтæн, цирхъытæн, уартытæн,
æппæт хæцæнгæрзтæн нымæц дæр нæ уыди.
Фосдзугты, рæгъæутты зæхх дæр нæ урæдта,
Утæппæт рæгъæуттæ, утæппæт хæзнатæ
Нарты сахъ фæсивæд иумæ 'ртымбыл  кодтой,
æмæ рацыдысты сæ райгуырæн бæстæм.
Бирæ фæцин кодтой Уырызмæджы фæзындыл,
Бирæ фæцин кодтой се 'ннæ бæлццæттыл дæр,
Уæлахиз, дзагармæй 'гас хæдзар кæй ссардтой.
Цы фæллой рахастой, цы ис-бон æркодтой
Саденджызы 'лдарæй нарты æстæрдзаутæ,
Уый æртæ Нарты 'хсæн æмхуызон байуæрстой.
Цы фос дзы ратардтой Саденджызы 'лдарæй,
Уыдонæй фæкодтой афæдзæй афæдзмæ
Номы куывдтæ æмæ номы хæрнæджытæ.
Афтæ уыд, мæ хуртæ, нарты Уырызмæгæн,
Зæронд Уырызмæгæн йæ фæстаг фосы конд.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке