logo

М О Я    О С Е Т И Я



УЫРЫЗМÆДЖЫ ÆНÆНОМ ЛÆППУ


Фыд аз ныккодта Нарты адæмыл:
Фыдмæ сыл рахаттис царддæттæг зæрин хур, —
Басыгъта быдыртæ, басыгъта хизæнтæ,
Иу хоры нæмыг дæр хуымты не'рзади,
Кæрдæджы хал дæр не схæцыд сæрвæтты,—
Сæфтмæ æрцыдысты адæмæй, фосæй.
Сæ хъару басастис, сæ зæрдæ амардис,
Уый бæрц æдзæллагмæ, уый бæрц æгуыдзæгмæ
Æрцыдис фæсивæд, нарты скуыхт фæсивæд,
Æмæ-иу райсомæй хуры нынныгуылдмæ
Хуысгæ куы баззади нарты; стыр Ныхасы.
Сырдоны гацца-иу рацыд уæд Ныхасмæ,
Нарты адæмæн-иу кодта æвзæр митæ:
Рахиз-бахиз кодта адæмæн сæ сæрты,—
Кæмæн-иу асдæрдта йæ уадул, йæ былтæ,
Кæмæн-иу бахордта йе 'рчъийы бæттæнтæ,
Кæмæн-иу баууылдта йæ рон йæ астæуыл,
Æмæ йæм февзидын сæ хъару нал уыди.
Уымæй тæригьæддагдæр цы фенæн уыдис!
Уæд иу хатт рацыдис Ныхасмæ Уырызмæг,—
Кæсы 'мæ Ныхасы нарты скуыхт фæсивæд
Дæрæнтæй куы лæууынц цагъды мæрдты хуызæн —
Сырдоны гацца та сæ сæрты куы хизы
Æмæ сын куы кæны æнæуаг митæ.
Бацыд маст йæ зæрдæйьг нарты Уырызмæгæн,
Фехста уæд куыдзыл йæ пылыстæг лæдзæг:
Лæдзæг дыууæ дихы фæцис йæ астæуыл.
Лæдзæджы сæстытæ систа Уырызмæг
Æмæ æрхæндæгæй баздæхт йæ хæдзармæ.
Лæдзæджы сæстытæ баппæрста иу къуыммæ,
Мæсты бадт æркодта пылыстæг бандоныл,
Къæлæтджын бандоныл нарты зондамонæг, —
Бандон йæ быны ныкъæскъæс кодта.
Рæвдаугæ ныхасæй фæрсы уæд Сатана
Йæ сæры хицауы, зæронд Уырызмæджы:
«Дæ къæлæт æрфгуытæ цæмæн ныттар кодтай?
Пылыстæг бандоныл дæхи цæмæн цæвыс?
Уагæр цы маст бацыд дæ фæлтæрд зæрдæйы?
Цæуыл æсмæсты дæ? Зæгъ, чи дæ бафхæрдта?»
æдзæмæй фæбадтис иу дзæвгар Уырызмæг,
Гъе стæй йæ риуыдзаг мæстæй ныуулæфыд,
æмæ Сатанайæн афтæ зæгъы:
— Цæмæй ма фæрисса тынгдæр лæджы зæрдæ?
Арв нæрын нæ уæндыд нарты фæсивæдæй,
Дымгæ-иу æздæхтис сæ фæрсты, ног чындзау,
Уайсадгæ сæм кодтой хъæргæнаг дæттæ дæр.
Ныр, акæс, дæргъытæй хуыссынц Ныхасы, —
Нарты фæсивæдæн куыд не 'мбæлы, афтæ,
Сырдоны гацца та рахиз-бахиз кæны
Сæ сæрты æмæ сын æсдæры сæ былтæ.
Кæмæн дзы бахæры йе 'рчъийы бæттæнтæ,
Кæмæн дзы баууилы йæ рон йæ астæуыл, —
Куыдзмæ февзидын нал у сæ хъару.
Сæфынц æххормагæй æппæт нæртон адæм!..
Мæ бæркадарм æфсин, куы ма сæ бафсадин,—
æндæр бирæ цардмæ бæргæ нæ бæллын,—
Сæ туг та базмæлид нарты фæсивæдæн,
Фæфидар та уаид сæ зæрдæ, сæ хъару.
æмæ та сæ тыхы уайтагъд бацæуиккой.—
Бæркадарм Сатана уæд зæгъы йæ мойæн:
«Ууыл цы мæт кæныс, ме стыр сæры хицау!
Арвит сæм хонджытæ. Рахон сæ хæдзармæ:
Нартæн сеппæты дæр, æстырæй-чысылæй,
Иу лæджы хуызæн сæ суазæг кæндзынæн».
—  Уый бæрц хæринаг куы нæ уа дæ къæбицы,—
æххормаг адæмы фыдæнхъæл ма фæкæн.—
Акодта Сатана йæ сæры хицауы,
æрзилын æй кодта йæ хъæздыг къæбицтыл:
Фыццаг къæбицмæ йæ бакодта Сатана —
Рагъамадæй дзы уыдысты чъиритæ.
Дыккаг къæбицмæ йæ бакодта Сатана —
Къæбиц уыд йе'мыдзаг алы нуæзтытæй.
æртыккаг къæбицмæ йæ бакодта Сатана —
Цæндтæй дзы уыдысты базгуытæ, скуытæ.
«Уыдон мын фервыстой мæ ном æссарынæн
Нарты стыр куывдтæй», загъта Сатана.
Йæ цæсгом хурау фæрухси Уырызмæгæн,
—  Уæдæ, барæвдз кæн дæхи стыр куывдмæ,
Иу иннæабонæй иу иннæабонмæ
æртæ Нарты адæм цас фæхъауой, уымæй
Фылдæр хойрæгтæ ис, не 'фсин, дæ къæбицты..—
Уырызмæг сæхимæ фæсидт фидиуæгмæ,
Дзæбæх æм базылди хæрд æмæ нозтæй
æмæ йæ фервыста æртæ Нартмæ хонæг:
— Цæугæ 'мæ ныхъæр кæн Нартæн сеппæтыл:
«Цæуынхъом чи у — йæхæдæг рацæуæд,
Цæуынхъом чи нæ у — хæсгæ йæ ракæнут,
Авдæны сывæллон кæмæн ис устытæй —
æд авдæн рацæуæд. Иууылдæр æрцæуæнт,
Сабийæ, зæрондæй, æппæт нæртон адæм
æхсæртæггаты Уырызмæджы хæдзармæ —
Нартæн абон уый стыр куывд кæны».
Ацыди фидиуæг æмæ ныхъæр кодта:
«Байхъусут, байхъусут, Нарты хорз адæм!
Цæуынхъом чи у — йæхæдæг рацæуæд,
Цæуынхъом чи нæ у — хæсгæ йæ ракæнут,
Авдæны сывæллон кæмæн ис устытæй —
Рахæссæд йæ авдæн. Рацæут иууылдæр,
æхсæртæггаты Уырызмæджы хæдзармæ —
Нартæн абон уый стыр куывд кæны».
Нарт куы фехъуыстой —ныххæррæтт кодтой:
Чи дзы йæхæдæг цыд, кæй та хæсгæ кодтой,
Се 'ккойты хастой сæ авдæнтæ устытæ.
Бацæуæн нал уыдис Уырызмæджы хæдзары —
Уый бæрц дзыллæтæ æрæмбырди куывдмæ.
Фынгтæ дæргъæй-дæргъмæ рæгъытæй равæрдтой.
Алы хæрд, алы нозт фынгтыл æрæвæрдтой,
æмæ æрбадтысты хисдæрæй-кæсдæрмæ.
Иу иннæабонæй иу иннæабонмæ
Фынгтыл фæбадтысты æртæ Нарты дæр.
Хастой Сатанайы диссаджы къæбицтæй
Фыдызгъæл, фæхсынтæ, сау-сауид бæгæны.
Уæд, дын, иуахæмы арт æрмынæги.
Уый куы бафиппайдта, уæд сыстад Уырызмæг,
æмæ, дын, аивæй рацыди æттæмæ
Сугдонмæ. Сугтæ ныссаста æгас рæгътæ.
«æрбамбырд кæнон ныр мæ сугтæ», куыд загъта,
Афтæ æвиппайды дуне æрбатари,
Тухгæ дымгæ рацыд Сау хохы 'рдыгæй, —
Уый ратахт Сау хохæй сау тъыфыл цæргæс.
æмæ йæ базыртæй бамбæрзта хуры рухс,
Тухгæ дымгæ та уыд йæ базырты дымгæ,—
Ныццавта сау цæргæс йæхи Уырызмæгыл,
Систа йæ ныхты хæрдмæ гуыппырсары,
Хæссын æй байдыдта æврæгъты сæрты,
Арвы цъæх быдырты — цæргæсты хæтæнты.
Цас æй фæхастаид, чи зоны, фæлæ йæ
Денджызы астæу дурыл æрæвæрдта
æмæ фæстæмæ Сау хохмæ атахтис.
Дуне та куы фæрухс, уæд акаст фæйнæрдæм
Дардуынаг цæстытæй нарты хъæбатыр лæг —
Й'алы фарс сиу сты арв æмæ доны цъæх,
Армы тъæпæны йас нæ зыны сур зæххæй.
Нырдиаг кодта разагъды Уырызмæг:
— Цæй æнамонд фæдæн! Ныр цы уыдзынæн?
Ацы тыгъд денджызы цæмæй цæрдзынæн?
Куы нæ уал хох зыны, куы нæ уал бæлас —
Бады, æрхæндæгæй, сау дуры сæрыл.
Уалынджы æрныгуылд хур денджызы кæрон,
Бæстæ æрталынги. Уæд кæсы Уырызмæг,
æмæ, дын, доны бын, дуры хæдрæбыны,
Денджыз ныррухси, цыма дзы хур æскаст.
Дисы бацыдис Уырызмæг: «Цы уыдзæн!..
Цыдæриддæр куы уа, сæфгæ дзы куы кæнон,
Уæддæр цалынмæ баскарон уыцы рухс,
Уæдмæ йын ныууадзæн нæй», зæгъгæ, загъта
Йæхи дурæмбуар ауагъта дæлдонмæ,
æмæ ныфтыдис тынг æстыр дуармæ,
Банцад ыл йе уæхскæй æмæ дуар байгомис.
Уырызмæджы размæ уæд рауадысты,
Уыцы стыр дуарæй æртæ рæсугъд чызджы,
Амæй-ай рæсугъддæр, амæй-ай хæрзконддæр.
«æгас цу, Уырызмæг, æгас нæм цу, не'мцег!
Мидæмæ, мидæмæ, фысым нæм бакæн!»
Загътой чызджытæ нæртон Уырызмæгæн,
æмæ йæ бакодтой диссаджы галуантæм.
Кæсы 'мæ мидæгæй бады иу зæронд ус.
— Фарн уæд дæ хæдзары! — загъта йын Уыры.
«Фæрнæйдзаг у, мæ хур, æгас нæм цу, мæ бон!»
Загъта зæронд ус номдзыд Уырызмæгæн.
æрбадын æй кодтой къæлæтджын бандоныл.
Акæстытæ кодта Уырызмæг альГрдæм,
Афæлгæсыдис диссаджы. хæдзарыл:
æрттивгæ æргъæуæй — йæ къултæ хæдзарæн,
Йæ бын уыд диссаджы æрттиваг цъæх авгæй,
Йæ цар та конд уыдис сæууон стъалыйæ.
Донбеттыртæм ныфтыд, уый ма цы зонын хъуыд!
Хæдзары хъазыди чысыл рæууæнг лæппу.
Иуы ‘рдæм азгъоры, иннæ'рдæм азгъоры.
Цæст ыл нæ хæцыдис; худтис æнæ мæтæй,
Хъазыдис йæхицæн саджы лæппынау.
Бахæлæг кодта лæппумæ Уырызмæг,
Кæсгæ йæм баззади. Загъта йæхи нымæр:
«Денджызы цæрджытæй ды кæй тугæй дæ,
Уымæн тæхудиаг йæ абон, йæ фидæн:
Абон ын уыдзынæ зæрды рухс, царды цин,
Йæ намыс хæссæг та уыдзынæ фидæнбон».
Дзуры уæд зæронд ус нарты Уырызмæгмæ:
«Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста нæ бæстæм?
Кæмæй фæбузныг уæм, кæмæн арфæ кæнæм
Мах ацы сахат дæ сæмбæлды тыххæй?
Рагæй бæллыдыстæм ам дæ фенынмæ».
Фæфидар йæ зæрдæ зæронд Уырызмæгæн:
«Кæд ам дæр разындмс мæ уындмæ бæлджытæ,
Кæд ам дæр разындис мæнæн æмцегтæ,
Бынтон сæфт нæ дæн уæд», загьта йæхицæн.
æмæ сын радзырдта лæмбынæг йæ цаутæ.
Дзуры йæ чызджытæм афтæ уæд зæронд ус:
«Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста нæ уазæг,
æххормаг уыдзæнис, фæллад-фæлмæст уыдзæн
Цырддæр ын акæнут хæринаджы кой».
Чызджытæ райдыдтой зилæнтæ кæнын.
Бурæ хæсгæ нæл фыс хæдзармæ 'рбакодтой.
Загътой Уырызмæгæн: «Аргæвд, æй дæхæдæг».
Бурæ нæл фысы Уырызмæг аргæвста,
Цæсты фæныкъуылдмæ астыгъта кусарты,
Ауæнгтæ йæ кодта уайтагъддæр, уæдæ цы!
Хæринаг кæнынмæ бавнæлдтой чызджытæ,
Бæркадджын фынг ьш йæ разы авæрдтой.
Сыстади бандонæй нарты Уырызмæг,
Физонæджы кæрдих цирхъыл акодта,
'æгъдаумæ гæсгæ дзæбæх бакуывта,
Куывд куы фæци, уæд фæдзырдта лæппумæ:
— Лæппу, рауай-ма, ацаход, мæ хур! —
Лæппу Уырызмæгмæ тагъдгомау базгъордта,
æмæ фындзкы раз цæуылдæр фæкалди,
Бахаудта цирхъыл уыцы хуызæнæй,.—
Цирхъ йæ зæрдæйы ахызти иннæ'рдæм.
æрхаудта лæппу рæсугъд кæркусæгау,
Бацагъта йæ гæндзæхтæ, систа йæ уд.
Нырхæндæг Уырызмæг, сагъæсы бацыди.
«Кæцæй мæм фæцис ацы фыдбылыз та?»
Загъта Уырызмæг уæд йæхи нымæр.
Уæд æм зæронд ус афтæ бадзуры:
«Ма уал ыл хъыг кæн. Рухсаг уæд амæлæг!
Цы 'рцыдис, уымæн ныр нал ис фæрæз.
Хуыцау ын йæ адзал гъе нырмæ æрхаста.
Цы гæнæн ма йын ис... Рухсаг уæд амæлæг!..
Ды та, Уырызмæг, дæ сагъæс ныууадз,
Фынгмæ æрæвнал, исты дзы ахæр».
Бады сæргуыбырæй нарты зондамонæг —
Гуыппырсар Уырызмæг, фынгмæ дæр не'вналы,
Маст кæны йæхицæн: «Цæй æнамонд фæдæн?
Кæцæй мæм кастис ацы фыдбылыз та?
Цæмæн мæм æрхаудта сабийы тæригъæд?»
Сыстади йæ фынгæй æнкъард, æрхæндæгæй,
Ус æмæ чызджыты ныууагъта хæдзары
Сабийы уæлхъус, кæугæ, дзыназгæйæ,
æмæ та дуры сæр фæстæмæ фестади.
Уæд та æвиппайды фæзынд тъыфыл цæргæс.
Систа та йæ ныхты нарты Уырызмæджы,
Хæссын æй байдыдта цæргæсты хæтæнты,
Гъе стæй йæ æрæвæрдта фæстæмæ сугдоны.
æрбамбырд кодта уым сугтæй хъæбысы дзаг
æмæ сæ бахаста хæдзармæ æнкъардæй.
Нарты дзыллæ ма бады бæркад фынгтыл,
Уадзынц ма рæггьытæ хисдæрæй кæсдæрмæ,
Уадзынц ма рæгъытæ кæсдæрæй хисдæрмæ,
Фынгты бæркад та фылдæрæй-фылдæр кæны.
Бацыд туг сæ буары, сæ тых фæфылдæр ис,
Бахъæлдзæг сæ кодга сау-сауид бæгæны,
Ронг сын фæрухс кодта иууыл сæ зæрдæтæ.
Хъуыды дæр не 'ркодтой Уырызмæджы бацыд.
æрбадт йæ бынаты æнкъардæй Уырызмæг,
æмæ уæд бафарста куывды бадджыты:
—  Рагон таурæгъ уын ракæнон, хорз адæм,
æви уын радзурон æрыгон таурæгъ? —
Куывды бадджытæ загътой Уырызмæгæн:
«Рагон таурæгъ ма фехъуыстаиккам,
Радзур нын уый бæсты æрыгон таурæгъ».
Дзурын сын райдыдта йæ таурæгъ Уырызмæг.
—  Ацыдтæн уе 'хсæнæй сугтæ сæттынмæ,
Арт, зæгъын, бакæнон цæдджинæгты бын.
Сугтæ ныссастон, уæдæ цы уыдаид!
«æрбамбырд сæ кæнон мæ сугтæ», куыд загътон,
Афтæ æвиппайды дуне æрбатар и,
Тухгæ дымгæ рацыд Сау хохы бæрзондæй,—
Уый сау тъыфыл цæргæс Сау хохæй ратахти,—
Йæхи мыл ныццавта æвиппайды цæргæс,
Систа мæ йæ ныхты, хæссын мæ байдыдта
Уæлæрвты, уæлмигъты, цæргæсты хæтæнты.
Цас мæ фæхастаид, чи зоны, фæлæ мæ
Уалынмæ æруагъта денджызы астæу,
Уым мæ æрæвæрдта иу дынджыр дурыл,
Йæхæдæг атахти фæстæмæ Сау хохмæ.
Дурыл лæугæйæ баззадтæн иу дзæвгар,
Цы кæнон, куыд кæнон, ууыл мæт кæнгæйæ.
Хур куы æрныгуылдис, æхсæв куы æрлæууыд,
Гъе уæд кæсын æмæ дуры бын иу ран
Денджыз ныррухси, цыма дзы хур касти.
Диссаг куыд нæ уыдис? Тынг ыл фæдис кодтон...
Нартæн фæткæн баззад ахæмтæ баскарын:
«Цыдæриддæр куы уа, сæфгæ дзы куы кæнон,
Уæддæр цалынмæ баскарон ацы рухс,
Уæдмæ йын ныууадзæн нæй!» загътон мæхицæн.
Дурæмбуар ауагътон мæхи дæлдонмæ,
Ныфтыдтæн доны бын иу æстыр дуармæ,
Уæхскæй йыл банцадтæн,—байгом ис дуар.
Мæ размæ, дын, рауад уым æртæ чызджы,
Амæй-ай рæсугьддæр, амæй-ай хæрзконддæр,
Сæ конд, сæ уындæн æмбал кæмæн нæ уыд,
Ахæм æртæ чызджы. Бацинтæ мыл кодтой,
æмæ мæ бакодтой диссаджы хæдзармæ:
æрттиваг æргъæуæй—йæ къултæ хæдзарæн,
Йæ астæрд хæдзарæн—æрттиваг цъæх авгæй.
Конд уыдис йæ цар та сæууон стъалыйæ.
Бадтис хæдзары урс дадалиджын ус,
æмæ дзы хъазыдис иу къаннæг цырд лæппу,—
Иуы'рдæм азгъоры, иннæ'рдæм азгъоры,
Уалдзыгон гæлæбу куыд фæтæхы, афтæ.
Цæст ыл нæ хæцыдис, худтис æнæмæтæй.
Нæ бахæлæг кодтон диссаджы галуантæм,
Нæ бахæлæг кодтон цъæх авгæй астæрдмæ,
æрттивгæ æргъæумæ, сæууон стъалымæ, —
Бахæлæг дзы кодтон æрмæст дæр лæппумæ.
Батæхуды кодтон уый кæй уыдис, уымæ.
Ныхæстæ дард цæуынц, даргъ æсты таурæгътæ:
Тынг мыл фæцин кодтой, се 'мцег мæ рахуыдтой
Денджызы цæрджытæ — зæронд ус, чызджытæ.
Акусарт мын кодтой хæсгæ бурæ нæл фыс.
Авæрдтой мæ разы тымбыл бæркадджын фынг,
Физонæджы кæрдих акодтон цирхъыл,
æгъдау куыд амоны, афтæ, дын, бакуывтон.
Фæдзырдтон лæппумæ: «Ацаход, мæ хур!»
Лæппу æрбазгъордта, фæкалди фынджы раз,
Бахауди мæ цирхъыл æмæ йæ зæрдæйы
Цирхъ ахызт иннæ'рдæм. Лæппу фæмарди.
Кæй зæрдæ ма загъта фынгмæ æрæвналын? —
Ныууагътон бинонты мардыл хъынцъымгæнгæ,
Рацыдтæн æттæмæ стонг, æрхæндæгæй,
Фæстæмæ фестадтæн дуры сæр денджызы.
Сау тъыфыл цæргæс та фестади мæ разы.
Систа мæ йæ ныхтæй. Уæлмигъ, уæлæрвты мæ
Рахаста æмæ мæ сугдоны 'рæвæрдта. —
Уый, дын, куы фехъуыста нарты Сатана,—
Ныххоста уæрджытæ, рустæм фæлæбурдта,
Ныттыдта бындзыггай йæ хъуымбыл дзыккутæ,
æмæ зæрдæбынæй ныхъарæг кодта:
«Нарты хæрзæджытæ, ма мыл фæхудут,
Уæ разы дзыххæлдæй кæй кæуын, уый тыххæй.
Иунæг æвæрæн ма фæдардтон сусæгæй
Мæ дард цæгаты — Донбеттыртæм.
Балцы «куы уыдис уæ хисдæр Уырызмæг,           
Лæппу уæд райгуырд æмæ йæ нæ зыдта.
Фæлæ йæ ссардта æмæ йæ йæ разæй
æдзардæй барвыста, мæгуыр, Мæрдты Бæстæм.
Кæй ныфсæй ма цæрон? Чи ма нæ дардзæни?
Чи ма нын уыдзæни зæрондæй удæнцой?»
Адæм нынкъард сты, бирæ фæхъыг кодтой,
Иууылдæр фæкалдтой мардыл сæ цæсты сыг,
Тæфæрфæс ракодтой зæронд ныййарджытæн,
æмæ фæцыдысты 'нкъардæй сæ хæдзæрттæм.
Йæхи ныттар кодта урсрихи Уырызмæг,
Худæгмæ нал худти, дзурæгмæ нал дзырдта,—
Уæнтæбæрзондæй æмæ-иу сæргуыбырæй
Нарты Ныхасмæ рацыд æмæ-иу
Ныххуыссыд дæлгоммæ Фыд Рохгæнæн дурыл.
Афтæмæй фæцарди цасдæр рæстæджы.
Куы нæ уал фæрæзтой кæсын йæ тухимæ
Нарты хæрзæджытæ, нарты хисдæртæ,
Уæд-иу æрхаттысты зæронд Уырызмæгмæ,
æмæ-иу ын дзырдтой, уайдзæф гæнгæ:
«Уырызмæг, хъынцъымæй дæхи цæмæн марыс?
Цы 'рцыд, уый ферох кæн, ныссæрф дæ цæсты  сыг,
Дæуыл, мийаг, не'рцыд фыццаг хатт ахæм фыд!»
æрхудти йæхиуыл зæронд Уырызмæг дæр,
Йæхи та равдыста, фыццагау, хъæлдзæгæй,
Райдыдта та кæнын куывдтæ æртæ Нартæн.
Йæ зæрдыл нал лæууыд йе 'нæном лæппу дæр.
æгæр мæгуыр ын йæ ном дæр не ссардта.

***

Лæппуйы марды бавæрдтой Донбеттыртæ,
Йæ уд та атахти дард Мæрдты Бæстæм,—
Уыдис ын бадæн Барастыры уæрагыл.
Кастис-иу æнхъæлмæ: «Кæд мæ æрæмысдзæн,
Кæд мын ссардзæни мæ ном мæ фыд», зæгъгæ.
Æрхъуыдыгæнæг куы нæ уыд лæппуйы,
Йæ фыд Уырызмæг ын йæ ном куы нæ ардта,
Уæд тыхсын æмæ 'нкъард кæнын байдыдта.
Лæппуйы зæрдæ Барастыр бамбæрста,
Æмæ йæ иуахæмы афтæ бафæрсы:
«Цæуыл æнкъард кæныс? Цы маст ис дæ зæрды?
Загъта Барастырæн лæппу уæд афтæ:
«Ацал-ауал азы рацыд, Мæрдты Бæстæм
Æз куы 'рбацыдтæн уæдæй фæстæмæ,
Æмæ мæ иу мысæг нæй зæххыл цæрджытæй,
æцæгæлæттæн дæр кæны бæркад куывдтæ,
æцæгæлæтты дæр мысы Мæрдты Бæстæм
Мæ хорз фыд Уырызмæг. æз та дзы рох фæдæн.
Нæй мын марды кæнд иннæ мæрдты æхсæн.
Барастыр, курын дæ, ракæн мын уый бæрц хорз,—
Мæрдты Бæстæй мæ ауадз рæстæгмæ:
æз куы нæ бакæнон мæхæдæг мæхи кой,
Уæд мæ рохуаты ныууагъта Уырызмæг.
Баууæнд мыл, Барастыр, дæттын дын фидар дзырд:
Афæдзы #кæндæн мæ цы чысыл бахъæуа,
Уый куыддæр ссарон мæхи фæллойæ,
Афтæ фæстæмæ ам æмбæлдзынæн».
Барастыр загъта æнкъардæй лæппуйæн:
«Бæргæ мæ нæ фæнды дæ зæрдæхудт райсын,
Фæлæ дын уымæн фæрæз не 'рцæудзæн.
Рагæй фæлмæцынц адæм Мæрдты Бæсты,
Фæнды сæ иууылдæр ардыгæй ацæуын,
Тыхæй сæ уромæм ныр дæр ацы ран.
Дæу Мæрдтæй ауагътон, уый куы базоной,
Уæд дзы иуæн дæр ам нал ис фæлæууæн».
Бадзуры лæппу уæд афтæ Барастырмæ:
«Кадджын Барастыр, цæмæй дын ма лидзой,
Уымæн æз мæхæдæг амал ссардзынæн:
Мæ Аласайæн æз ныссадздзынæн
Цæфхæдтæ фæстæрдæм — фæд уыдзæн мидæмæ.
æвæдза, адæм ныр мæ фæдыл фæцæуынц,
Уæд-иу сæ мæ бæхы фæдмæ æркæсын кæн.
Зæгъ сын-иу афтæ: «Куы никæй ауагътон.
æркæсут æмæ кæд фæд у Мæрдты Бæстæй,
Уæд цæут уеппæт дæр, нал уæ уромын.
Кæд нæ, уæд дзæгъæлы змæнтут, æмæ уын
Мæ коммæ нæ кæсын аив нæу, мæ хуртæ».
Сразы Барастыр лæппуйы ныхасыл,
æмæ йæ ауагъта. Лæппу дæр ацыди,
Ныссагъта фæстæрдæм цæфхæдтæ йæ бæхæн,
Идон ыл афтыдта, саргъ ыл авæрдта,
Абадтис йæ уæлæ, ехсæй йæм февзыста
æмæ Мæрдты Бæстæй рафардæг ис.
Иннæ мæрдтæ йæ куы федтой лæппуйы,
— Гъæйда-гъа! — иууылдæр базмæлыдысты.
Дзуры сæм дуаргæс: «æрлæуут! Кæдæм?!»
«Мах дæр ам нал лæууæм!—дзуапп радтой мæрдтæ. —
Иуы куы ауагътат, — ауадзут мах дæр!»
Дуаргæс Аминон дуæрттæ æрæхкæдта,
Уый фæстæ радзырдта мардудтæм афтæ:
«Иу дæр нæ ацыдис цардмæ Мæрдты Бæстæй, —
Хъуыддаг куыд у, уый уал бамбарут рагацау,
Уый фæстæ дзурут. æркæсут ма фæдмæ:
Кæд æттæмæ уа — нал уæ уромдзынæн,
Кæд нæ, уæд дзæгъæлы ма кæнут хъаугьа!»
Мæрдтæ æркастысты, — фæд уыд Мæрдты Бæстæм,
Алчи дæр æрынцад гъе уæд йæ бынаты.
Нарты Уырызмæджы æнæном лæппу та
Уарийау тахти уæд йæ Аласайыл
Хæхтæ 'мæ быдыртыл йæ фыды бæстæм.
Бахæццæ иу афон Нэрты хъæубæстæм,
Бадзырдта мидæмæ Уырызмæджы номæй
æмæ йæм ракастис нарты Сатана:
«æгас нæм цу, уазæг! æрхиз дæ бæхæй!
Чи дæ, цы бæстаг дæ, уымæй дæ нæ фæрсын.
Мидæмæ саккаг кæн чидæриддæр дæ».
«Бузныг дæ ныхасæй, — загъта йын лæппу дæр,—
Бахатыр кæн, хорз ус, уый бæрц мæ не 'вдæлы,
Кæд ис амал, уæд мын бадзур Уырызмæгмæ,
Мæн фæнды ахæтын бæстæтыл йемæ.
Уымæн уæм фæзындтæн ацы æнафон дæр.
æз æм æмхицхæрæн Бæрæг обауыл
Банхъæлмæ кæсдзынæн, рацæуæд тагъддæр».
Лæппу февзыста ехсæй йæ бæхмæ
æмæ фæтары ис æхсæвы талынджы.
Сатана баздæхтис фæстæмæ хæдзармæ, —       
Дзуры æнкъардæй йæ сæры хицаумæ:
«Лæгай, дæ зæрондмæ фæцардтæ кадимæ,
Намыс дын лæвæрдтой æппæт нæртон адæм,
Фæлæ дæ зæронд сæр фæци ныр хъазинаг:

Иу æнæнтыст лæппу, — асæй уылынджы бæрц,—
Саргъæн йæ гоппæй нæ зыны уæлæмæ дæр,
Ахæм æрлæууыд нæ дуармæ, дæу агуры,—
Ахæтиккам, зæгъы, иумæ бæстæтыл.
Уый дæм æмхицхæрæн Бæрæг обауыл
æнхъæлмæ кæсдзæн, куыд загъта, афтæмæй».
Ныссагъæс кодта нарты зондамонæг—
Ахæм сабиимæ балцы куыд фæцæуа!
Фæстагмæ баздæхти зæндджын Сатанамæ:
— Уыимæ цæугæ мæ чи фена стæры,
Уый мыл   фæхуддзæни, зæгъдзæни: «Уырызмæг
Ноггуырд сабитимæ хъазы гæлæмытæй».
Фæлæ мын рагæй дæр фæткæн баззади —
Никуы ма аздæхтон, хæстмæ мæм чи сидти,
Уыдонæй иуы дæр, — чи фæнды уыдаид.
Нал фехалдзынæн ныр ме 'гъдау зæронды 'рдæм,
Цалынмæ мæ цæст кæса, уæдмæ йæ кæндзынæн.
Барæвдзытæ мæ кæн балцы цæуынмæ.
Хæссынæн рог чи уа, хæрынæн та — адджын,
Ахæм хæринаг мын фæндагмæ арæвдз кæн.—
Йæ лæджы уынаффæ зын уыд Сатанайæн,
Уыцы лæппуимæ æстæры ацæуа
Разагъды Уырызмæг, уый йæ нæ фæндыди.
Изæры ракодта æртæ мыдамæсты
æмæ сæ хуыцаумæ скуывта зæрдæбынæй:
«Хуыцауты стыр хуыцау, ме сфæлдисæг хуыцау!
Кæд мæ истæмæн зæххыл æсфæлдыстай,
Уæд авд азы дæргъы цы мит уаринаг у,
Уый рауар ацы 'хсæв нæ хæхтыл, нæ бæстыл!
Авд азы дæргъы цы къæвда рауары,
Уый ахсæв рауарæд тыгъды зæй, сау сыгæй!
Зилгæ дымгæ æмæ тухгæ уад сыстын кæн,
Кæд уыцы æнæнтыст ацы 'хсæв фесæфид,
æмæ йæ хæдзары баззаид Уырызмæг».
Йæ куывдмæ байхъуыстой уæларвы дауджытæ:
Арвыл æрбахкæдтой уайтагъддæр сау мигътæ,
Талынг нæртон æхсæв ноджы фæтардæр ис,
Худы йас тъыфылтæ уарын райдыдта,
Уарын райдыдта сау æхсæв бонмæ.
æнусты цъити 'мæ залты мит ныууарыд,
Зилгæ дымгæ æмæ тухгæ уад сыстади,
Миты фæлдзæгъдæнтæ хаста æмвæтæнæг,
æнусон бæлæстæ фæлдæхта æд уидæгтæй,
Денджызтæ фæйлыдта, калдта къæдзæхтæ.
Акæсæн нал уыди хæдзарæй хæдзармæ.
Уæддæр, æдæрсгæйæ, хъæбатыр Уырызмæг
Цæуынвæнд скодта лæппуимæ балцы.
Сæударæй рабадти зæронд Уырызмæг,
Йæ хъулон æрфæныл бавæрдта саргъ æмæ
Фæндагмæ цы хъæуы — айста алцы дæр.
æмхицхæрæн Бæрæг обаумæ арасти.
Бырста йæ зилгæ дымгæ æмæ тухгæ уад,
Миты тымыгътæ йын калдта йæ цæсгомыл,
Уæддæр æдæрсгæйæ цыд размæ Уырызмæг.
Арф миты лæгæрста æрфæн риуæмбæрц,
Иæ комы тæфæй уад æздæхта Уырызмæг,
Афтæмæй тырныдта йæ нысан бынатмæ.
æмхицхæрæн Бæрæг обаумæ бахæстæг,
Кæсы, 'мæ цъæх-цъæхид дары Бæрæг обау.
Обауыл фынæйæ хуыссы чысыл лæппу —
Йæ саргъ йæ нывæрзæн, йе 'фтаугæ йæ быны,
Хъæццулы бæсты та йæ нымæт йæ уæлæ.
Фæйлауы й' алыфарс авд мусы бæрц кæрдæг,
Астæумæ кæрдæджы хизы йæ Аласа.
— Ай та цы диссаг у? — загъта уæд Уырызмæг.
æгас Нæртон бæстыл залты мит ныууарыд,
Барæджы бæрзæндæн бæстæтæ бамбæрзта,
Хæссы бæстæты зилгæ дымгæ, тухгæ уад,
Ам та цъæх куы дары астæумæ уыгæрдæн,
Уалдзæгау куы кæны дидинæджы тæф?
Кæд мийаг зæдтæй у, æмæ мæм æххуысмæ
Фæзынд уæларвбæстæй ацы къаннæг лæппу?
æви мæм фæзынди дæлдзæх-дæлимонтæй?
æмæ мын æгады мæлæт йемæ схаста?
Цы мыл цæуинаг у, нæй уымæй фæлидзæн».
Загъта йæхи нымæр зæронд Уырызмæг.
Хъулон æрфæны йæ къæхтæй фæцагайдта,
Цæсты фæныкъуылдмæ обауыл алæууыд,
Лæппуйы уæлхъус йæ бæх æрурæдта,
æмæ бадзуры нарты Уырызмæг:
— Лæппу, цы фæдæ, рабад уæлæмæ,
Нæ фæндаг, даргъ у, бон та цыбыр у,
æмæ нæ нæ фæндаг цыбыр кæнын хъæуы. —
Фестади лæипу, асæрфта цæстытæ,                  I
Бæхыл саргъ авæрдта æмæ йыл бабадт.
«Рæвдз дæн æз, цом уæдæ!» загъта Уырызмæгæн,
æмæ фæраст сты дард бæстæм балцы.
Разæй цыд Уырызмæг йæ хъулон æрфæныл,
Йæ фæстæ цыд лæппу цола Аласайыл.
Ноджы фæтыхджындæр кодтой сæ фыдмитæ
Зилгæ дымгæ æмæ тухгæ уад бæлццæттæн,
Миты фæлдзæгъдæнтæ хастой æмвæтæнæг,
Денджызтæ фæйлыдтой, къæдзæхтæ фæлдæхтой,
Хостой сæ кæрæдзи зæхх æмæ арв,
Уырызмæджы æрфæн мит гæрды мæргъгæйæ,
Цæуын нал фæразы, хаттæй-хатт æрхауы,
Афсæры йæ былтæ арф миты Хъулон,
Фæлæ йæм февзиды барæг йæ быд ехсæй,
æмæ та лæгæрды бæх йæ риуæмбæрц.
Цæуы йæ хæд фæдыл къаннæг лæппуйы бæх,
Астæумæ кæрдæджы хизгæ, æнæмæтæй,
Мидбылты худгæйæ кæсы уæд йæ фæдыл
Нæртон Уырызмæгæн йе 'нæном лæппу.
Фæстагмæ бастади Уырызмæджы Хъулон,
Йæ къæхтæ айсын дæр æрфæн нал фæрæзта,
Иæбылтæ нал иста арф митæй уæлæмæ.
Лæппу, дын, гье уæд дзуры Уырызмæгмæ:
«Цы фæнды худинаг уæд, нарты Уырызмæг,
Уæддæр дæ разæй æз цæуын ацы бон.
Ардыгæй фæстæмæ ма уал уæд худинаг
Дард балцы кæсдæрæн хисдæры разæй цæуын!»
Радта йын фæндаг нарты Уырызмæг дæр.
Лæппу фæцагайдта къахæй йæ Аласа,
Уырызмæджы разæй цæуынтæ байдыдта.
Авд мусы бæрц урс мит сау кодта йæ разæй,
Зæхх та-иу ахуси бæхы комы тæфæй,
æмæ дзы æвзæрыд бæзджын бæрзонд кæрдæг.
Уырызмæджы Хъулон цыдис, æвæлмæцгæ,
Аласайы фæдыл цъæхнæу фæндагыл.
Бирæ фæцыдысты дыууæ бæлццоны,
Фæлæ цы бæстæм цыдысты балцы,
Уый сын бæлвырдæй лыг нæма уыди.
Уæд дзуры лæппумæ нарты зондамонæг:
— Лæппу, цæуæм мах дард ранмæ хæтæны,
Нæ мард дæр, не 'гас дæр, нæ цин дæр, нæ хъыг дæр
Нæ балцы кæронмæ æмхуызон уыдзысты,
Бакæнæм уынаффæ — æмзонд, æмвæнд куыд уæм:
Цы бæстæм фæцæуæм, нæ фысым чи уыдзæн? —
Ахæм дзуапп радта лæппу йæ хисдæрæн:
«Нартæн ма знаг-бæстæ кæд искуы баззади,—
Фæкæн мæ уæд уырдæм, кадджын Уырызмæг!»
Уæд афтæ бадзуры Уырызмæг лæппумæ:
— æнæ састæй ма нын баззад знаг-бæстæ.
Уыцы бæстæ у Терк-Турчы бæстæ:
Алкæй фестыгъта æмæ схъæздыги,
Йæ фыс-фосы дзугтæ зæххыл дæр нæ цæуынц,
Стур-фос, бæхрæгъæутты зæхх дæр нæ уромы,
Здахын дæр ма сæ нæ фæразынц гæстæ.
Фæлæ æнцон нæу ныфс бахæссын уырдæм —
Ахизын æм хъæуы Сау денджызы сæрты.
Ноджы рæгьæуттæ хъахъæнынц цырддзастæй:
Сыгъдæг æфсæнæй конд, ихдоны æхсыст уырс,
æфсæндзых цъæх бирæгъ, æфсæндзых хъæрццыгъа.
Уырдæм бабырсыныл бирæтæ фæлтæрдтой —
Никæй бон баци, никæмæн бантысти
Уыдоны æхсæнæй далыс дæр рахæссын. —
Загъта уæд лæппу нарты Уырызмæгæн:
«Уæдæ нæ фæндаг у Терк-Турчы бæстæм, —
Нæ амонд бавзарæм, чи зоны æмæ сын
Исты тых бакæнын нæ къухты бафта».
Цæуынтæ райдыдтой уæд Терк-Турчы бæстæм.
Бахæццæ вæййынц иуафон денджызмæ,
Денджызы кæрæттыл цæст дæр не 'ххæсти;
Йæ иу кæронæй иннæ кæронмæ
Тъыфыл цæргæс дæр тæхын нæ фæрæзта,
Йæ арф ын адæмæй ничи ма баскæрста.
Бæхтæ фæцарæзтой денджызмæ бæлццæттæ,
æмæ дзы ленк кæнын байдыдтой иннæ 'рдæм;
Денджызы кæсæгтау архайдтой сæ бæхтæ.
Фастой сæ мæргъгæтæй бæхтæ уылæнты,
æрфæны фæдау урс фæд зад сæ фæстæ;
Хаста фæйлауæнтæ фæйнæрдæм цъæх денджыз,
æмæ йæ иннæ фарс фесты уалынмæ.
æрынцадысты уым тæккæ былгæрон.
Сæ фæллад уадзынмæ, аходæн хæрынмæ.
Лæппу хорз ныннадта йæ Аласайы,
Фелвæста хордзенæй æнæдон сасым
æмæ йæ бæхы уымæй байсæрста;
Стулын æй кодта уый фæстæ лыстæг уырыл.
Байеæрста дыккаг хатт йæ бæхы сасымæй,
Стулын та йæ кодта дыккаг хатт уырыл,
æмæ Аласа сси раст хохы йас.
Бахордтой аходæн, сæ фæллад æруагътой,
Бæхтæ фæхызтысты астæумæ кæрдæджы.
Сæргътæ та бавæрдтой сæ бæхтыл бæлццæттæ.
Бæхтыл та сбадтысты лæппу 'мæ Уырызмæг,
Терк-Турчы бæстæм та цæуынтæ байдыдтой.
Цас ма фæцыдысты, чи зоны, фæлæ
Уалынмæ рæгъæуттæм бахæццæ сты.
Зæххыл нæ цыдысты, зæхх сæ нæ урæдта
Терк-Турчы рæгъæутты, нымæц сын нæ уыдис.
Бæхтæй æрхызтысты лæппу 'мæ Уырызмæг.
Лæппу дыууæ уæрмы уыцы ран ракъахта,
Иу дзы уыд къаддæр уæрм — уый уыди йæхицæн,
Иннæ — Уырызмæгæн æмæ йæ бæхæн.
Загъта уæд лæппу зæронд Уырызмæгæн:
«Уæрммæ ныххиз æмæ дæхи бахъахъæн» —
Ныртæккæ мæ бæх бацæудзæн карз хæсты
Терк-Турчы бæстæйы рæгъаугæс уырсимæ.
Райдианы хæцдзысты бæхтæ зæвæтæй:             
Сæ болат цæфхæдтæ калдзысты цæхæртæ,
Уыцы цæхæртæй судздзæн æгас бæстæ,
Арв æмæ зæххы 'хсæн цъæх пиллон уадздзæни.
Уæлæмæ ма скæсай уæрмæй сæ хæцынмæ —
Фыдбылыз сæмбæлдзæн дæуыл, мæ хисдæр.
Уый фæстæ хæцдзысты бæхтæ армаццагæй,
Сæ кæрæдзимæ дæндагæй лæбурдзысты.
Сæ комы тæфæй-иу дымгæ сыстдзæни,
Зæххы цъар хæсдзæни уылынджы бæрц.
Ноджы дын фæдзæхсын: уæлæмæ ма скæсай —
На 'мæ дæ дымгæ йемæ айсдзæни,
æмæ дæ куый-дур, куый-хъæд бакæндзæн.
Афон куы уа, уæд дæм мæхæдæг дзурдзынæн».
Уæрммæ ныххызт æд бæх зæронд Уырызмæг,
Уæрммæ ныххызтис чысыл лæппу дæр.
Уалынмæ фæзындис Терк-Турчы æфсæн уырс,
Хæхтæ мæ быдырты йæ мырмыр арыдта,
Зæхх рызт йæ къæхты бын, рызтысты хæхтæ дæр,
Цæстытæй цæхæр калд кæфойæ калæгау.
Бæхтæ зæвæтæй хæцынтæ байдыдтой,
Цæфхæдты цæхæртæй ахæм арт сыстади,
æмæ дзы зæххы цъар сыгъд нæзы цырагъау;
Цæфхæдты зыланг бæстæтæ арыдта.
«Сæфгæ дзы куы кæнон, уæддæр сæ хæстмæ
Нæй æнæ бакæсгæ» — загъта Уырызмæг.
Йæ сæр сдардта арф уæрмæй цадæггай:
æмæ ныггуыпп ластой йæ даргъ зачъетæ,—
Пиллон арт ссыди зæронды цæсгомыл.
«Ма дын ныббарæд хуыцау дæ хивæнд ми!»
Лæппу фæхъæр кодта зæронд Уырызмæгыл,
Йæхæдæг февнæлдта зæронды зачъетæм,
Ахуыссын сæ кодта цæсты фæныкъуылдмæ,
æмæ Уырызмæгæн загъта уæд афтæ:
«Амæй фæстæмæ фæтк уæд нæртон бæстæн,
Цæй бæрц ма баззад æнæ сыгъд дæ зачъетæй,
æрмæст дæр уый дæргъæн зачъетæ дарын».
Бæхтæ, дын, фесты уæдмæ зæвæтæй хæст,—
Армаццагæй æмæ дæндагæй бавнæлдтой:
Тухгæ уад сыстади бæхты комы тæфæй,
Хаста уылынджы бæрц зæххы цъар йæ разæй,
æнусон бæлæсты рæмыгъта уидæгтæй,
Бындзарæй фæлдæхта хæхтæ 'мæ къæдзæхтæ,
Денджызтæ калдысты сæ былтæй фæйлаугæ.
Нал та сæм фæлæууыд зæронд Уырызмæг:
«Уыцы хæст 'нæ фенгæ нæй гæнæн!» зæгъгæ,
Уæрмæй та сдардта йæ сæр цадæггай.
Дымгæ атыдта Уырызмæджы сæры кæхц,
Тулгæ йæ ахаста быдырты йæ разæй.
«æгъуыстуай куыд фæдæн!—лæппу фæхъæр кодта. —
æнæ сæры кæхцæй зайдзæн мæ зæронд фыд!»
Уæрмæй фæгæпп кодта, сурын æй байдыдта —
Дымгæйæ тагъддæр уадис сæры фæстæ —
Тулгæ-тулын æй рацахста лæппу,
Ногæй йæ æркодта Уырызмæджы сæрыл,
æмæ та загъта лæппу зæрондæн:
«Амæй фæстæмæ нарты сæры кæхцытæ
Сисгæ мауал уæнт!»  Уый размæ нартæм
Афтæ уыд, æмæ-иу лæгтæй кæй бафæндыд,
Уый-иу йæ сæры кæхц йæхæдæг систа,
Адаста æмæ-иу æй дзæбæх ныхсадта,
æстæй та-иу æй фæстæмæ ныккодта.
Хæст нæма фесты бæхтæ, афтæ сыл
Йæхи рауагъта æфсæндзых бирæгь,—
Раст цыргъ æрцытау æрттывтой йе ссыртæ,
Пиллон арт калдис йæ фындзы хуынчъытæй,
Фыр зыдæй цыдис йæ дæндæгты къæскъæс.
Фатæй фæхъавыди лæппу бирæгъмæ,
æрдынбос аивæзта йæ тых, йæ хъаруйæ —
Фехста, æмæ фат сæмбæлдис бирæгъыл,
æмæ — дæ балгъитæг уыйау! — йæ бынаты
Адаргъ ис бирæгъ, æдзæм мард фæцис.
Лæппу йæм бауадис æмæ йын кардæй
Слыг кодта йæ хъус æмæ йæ афснайдта.
Уалынджы ратахт æфсæндзых хъæрццыгъа.
Лæппу йæм фæцырд ис, фатæй йæ фехста —
Хъæрццыгъа зæххыл йæ базыртæ батылдта.
Лæппу та уымæ дæр уайтагъд базгъордта,
Йæ сæр ын ракъуырдта æмæ йæ афснайдта.
æфсæн уырс æмæ лæппуйы Аласа
Кæнынц сæ хæсты кой. Уырс фæлæбуры  
Аласамæ, фæлæ йæ дзых байдзаг вæййы
Дур æмæ хуырæй. Фæстагмæ байдыдта
Тынгдæр æнтысын лæппуйы бæхæн,
æфсæн уырсæн та уæд йæ хъару саст.
Уалынмæ зæххы афсæрста йæ зонгуытæ.
Уыцы хуызæнæй йыл лæппу саргъ авæрдта
æмæ йе рагъмæ уайтагъд балиуырдта.
«Цы фæдæ, Уырызмæг? — лæппу йæм дзуры,—
Терк-Турчы рæгъæуттæ тæргæ æвæстиатæй!
æз та цæуын æмæ зæгъон сæ хицæуттæн,
Нæртон адæм сын сæ фос кæй фæтæрынц».
Уæд афтæ бадзуры лæппумæ Уырызмæг:
— Нæ, фæлтау дарæм нæ фæндаг æнæ фыдæй,
Сурæг нæ куы нæ ис, тыхгæнæг инн'ахæм,
Цы сæрæн къахæм фыдбылыз нæхицæн? —
«æз уый мæ сæрмæ нæ бахæсдзынæн,—
Загъта йын лæппу.— æнæ хæст фосы конд
Атæрын махæн уыйас кадджын нæу».
Базмæлын кодта лæппу æфсæн уырсы,
Терк-Турчы дзыллæ куывды кæм бадтысты,
Уыцы ран балæууыд æмæ сæм дзуры:
«Фæдис, фæдис, Терк-Турк! Сæр уæ бахъуыди:
Уæ рæгъæуттæ уын фæтардæуы!»
Кæсдæртæ  хисдæртæм уацхъуыд бахастой,
æмæ хисдæртæ кæсдæртæн загътой:
«Уый хæрд, нозт кæй хъæуы, ахæм бæлццон у.
Ацæут æмæ йæ рахонут ардæм,
æмæ йæ фæкæнæм мах уазæджы уынд».
Хонæг рацыдысты кæсдæртæ лæппумæ,
Дзурынц æм афтæ хисдæрты фæдзæхстæй:
«Терк-Турчы рæгъæуттæн мацæмæй тæрс, уазæг,
Ничи ма бахаста йæ ныфс уыдонмæ.
Рацу уый бæсты, мидæмæ саккаг кæн —
Мах дын фæкæнæм уазæджы уынд».
Уæд æфсæн уырсæй æрхызти лæппу,
Бафтыдта идонбос саджил бæхбæттæныл
æмæ бацыди хисдæрты размæ.
Хъæрццыгъайы сæр систа йæ иу дзыппæй
æмæ йæ баппæрста хисдæрты фынгмæ.
«Хисдæртæ, уынын уæ, сæрхъуаг уыдыстут,
æмæ уын мæнæ сæр! — Йе'ннæ дзыппæй та
Фелвæста лæппу бирæгъы къуыбыр хъус
æмæ йæ баппæрста сæ размæ кæсдæртæн:
— Хисдæртæн сæр кæм ис, уым хъус та—сымахæн!»
Загъта сын лæппу, мидбылты худгæ.
«æфсæн уырсыл дæр уæ зæрдæ ма дарут, —
Уый дæр уын баст у — дæлæ йæм акæсут!»
Ныфс сæ кæмæй уыдис, уыдон нал æсты,
Уый куы базыдтой Терк-Турчы адæм,—
Хорзау нал фесты, се 'мбырд фехæлди,
Сæ кæрдтæм февнæлдтой, фаттæм фæлæбурдтой.
Фæлæ уалынмæ лæппу рауади,
Бæхмæ сгæпп кодта, февзыста ехсæй —
Уырс йæ фæстæгтыл уырдыг ныллæууыди,
Ныммыр-мыр кодта, гъе стæй асхъиудта —
Фатау атахти,—цу 'мæ йæ аййаф!
Хъæуы кæронмæ лæппу куыд рахæццæ,
Афтæ кæсы æмæ æхсæз обауы 'хсæн
Урсхил зæронд ус бады, дзыназгæ,
Радыгай обæуттæм кæны хъарджытæ.
«Ай та цы диссаг у? Цы кæны ацы ус?» —
Загьта йæхй мидæг лæппу дисгæнгæ.
Дзуры йæм зæронд ус йæхæдæг уалынмæ:
«æруай, дæ дзыхы мын акæн мæ дзидзи,
Нырма фæдисæй уый бæрц тас нæма у,
Тагьд не срæвдз уыдзысты нозтджын фæдисæттæ?
Фæлæ дæм кæй дзурын, уый дæм дис ма кæсæд.
Авд фырты мын уыди амæй ай хуыздæртæ —
Уæларвы уаритæ, дæлдзæхы уæйгуытæ —
æмæ сæ æхсæзæй бавдæлон дæн,
Терк-Турчы рæгъæуттæ тыхгæнæг куы тардта,
Уæд уыдоны фæдыл фæдисы цæугæйæ.
Цæудзысты фæдисы, уынын, дæ фæдыл дæр,
Тыхджын дыл кæндзæнис Терк-Турчы стыр фæдис,
Мæ, фырт та уыдзæнис сеппæты разæй, —
Ахæм фæтк баззади мæ авд хъæбулæн дæр.
Тыхсын дæ кæндзæнис мæ фырт æгæр-æгæр,
Хæстæг дæм бабырсдзæн, фатæй дыл хæцдзæни —
Кæд зоныс мады ад, мады дзæбæхдзинад,
Уæд-иу мæ лæппуйæн бакæн мады хатыр,
Сидзæргæсы хатыр, зæронд усы хатыр».
Лæппу æргæпп кодта уайтагъд æфсæн уырсæй,
Йæ дзыхы акодта зæронд усы дзидзи,
æмæ йын радта нæртон лæджы дзырд:
«Абонæй фæстæмæ æмтуг, æмыстæгыл
Нымайын дæ фырты, дæ дзидзи бадаттон,
æмæ йæм мæ къух дæр нæ сисдзынæн.
æрмæст мын бацамон йæ хуыз дæ лæппуйæн —
Куы нæ йæ базонон, мæ дзырд куы фæсайон».
Бацамыдта йын йæ фырты зæронд ус.
æмæ та лæппу абадтис йæ бæхыл,
Ехсæй йæм февзыста, къахæй йæ фесхуыста,—
Цæсты фæныкъуылдмæ лæппу баййæфта
Нарты разагъды — зæронд Уырызмæджы.
Денджызы баскъæрдтой Терк-Турчы рæгъæуттæ,
æмæ йæ иннæ фарс фесты уайтагъддæр.
Уалынмæ зæхх ныррызт фæдисæтты хъæрæй,
Иу барæг фæхицæн иннæ сурджытæй —
Батымбыл кодта нарты йæ разæй.
Дзуры уæд лæппу афтæ Уырызмæгмæ:
«Цæугæ, Уырызмæг, ды фосы кондимæ,
æз та æрлæудзынæн фæдисы ныхмæ».
Уалынджы барæг йæ уæлхъус батæлфыд,
æмæ тызмæгæй лæппумæ дзуры:
«Гъæ, куыдзæй чи райгуырд, уыцы куыдз! Багъæц ма!
Кæй фос фæтæрыс, кæ? Нал мын фæцыдтæ!»
æмæ байдыдтой лæппуйы алыфарс
Барæджы фæттæ бындзытау тæхын.
Дзуры уæд лæппу фæстæмæ барæгмæ:
«Дзырд радтон дæ мадæн, ма мæ тыхсын кæн!»
Лæппуйы коммæ барæг нæ бакасти,
æгæр тыхсын кæнын куы систа лæппуйы,
Уæд лæппу февнæлдта йæ тыхджын æрдынмæ,
Фат ыл æрæбæрдта æмæ ныхъавыди,
Айвæзта æрдынбос æмæ фат атахтис,
Суадис барæгæн дарæсæй буары 'хсæн;
Бумбулийау æй йæ бæхæй айста
æмæ йæ зæхмæ нывдызта фидар.
Бæргæ ма фæкодта схæц-схæц фæдисон,
Фæлæ нæ бакуымдта змæлын дæр фат.
Уыцы хуызæнæй йæ фæдис æрбаййæфтой,
Фæкодтой уыдон дæр тухитæ, ацаутæ,
Фæлæ йæ сæфтауын нæ бафæрæзтой.
Уæд баздæхтысты Терк-Турк æмæ йын
Куы ныллыг кодтой цирхъæй йæ дарæс,
Афтæмæй суагътой се 'мбалы фатæй.
Лæппуимæ та хæцынтæ байдыдтой:
Бындзытау сæ фæттæ тахтысты, 'хситтгæнгæ,
Быдыр æгасæй кæрццыгау адардта
Фæдисонты фæттæй, фæлæ нæртон лæппу
Хохау ныллæууыд фæдисонты ныхмæ:
Разæй сæ чи цыди, уыдон цæгъдгæ кодта,
Фæсте чи цыди — ласта сæ туджы зæй.
Афтæмæй фæдисы фæкодта æрдæг.
Чи ма сæ баззади, уыдон куы базыдтой
Сæ бон лæппуйæн кæй ницы бауыдзæн, —
Уый, уæд фæстæмæ фæцыдысты.,
Уалынмæ 'рбатардтой Нартмæ сæ фосы конд
Хъæбатыр лæппу æмæ зæронд Уырызмæг.
Уарæн фæзы сæ рæгъау æрурæдтой,
æмæ бадзуры лæппу Уырызмæгмæ:
«Хисдæр дæ, Уырызмæг, хъуамæ ды байуарай.
Дæ зæрдæ куыд зæгъы, афтæ нæ фосы конд».
— Нæ сæ байуардзынæн, — дзуры йæм  Уырызмæг, —
Фос ды фæкодтай, байуар сæ дæхæдæг.—
«Хорз», зæгъгæ, загъта лæппу Уырызмæгæн.
Рæгъауы астæуæй раласта иу урс гал,
Зæлдаг бæндæнæй йæ хицæнæй бабаста,
Уый фæстæ рæгъæутты лæмбынæг байуæрста,
æртæ æмхуызон дихы сæ акодта,
æмæ бадзырдта зæронд Уырызмæгмæ:
«Мæнæ дын фыццаг хай,— дæ хисдæрæггаг,
Ай та дын дыккаг хай,— уый та дæхи хай у.
Мæнæ æртыккаг хай,— уый та дын мæ лæвар.
Ацы урс галæй та де 'нæном лæппуйæн
Ахицæн кæндзынæ йæ афæдзы кæнд.
æгас дунеты дæр хыгътай Мæрдты Бæстæм,
æрмæст ма мæ ном — дæ æдзард фырты ном,
Никуы ма ссардтай дæ бирæ фæллойæ».
Йæхæдæг фесхуыста бæх, æмæ арасти
Нæртон чысыл лæппу Барастыры бæстæм.
Бæргæ ма адзырдта Уырызмæг йæ фæстæ:
— Фæкæс ма иунæг каст мæнмæ фæстаг хатт! —
«Хур фæсхох æрныгуылд, рæстæг мын нал баззад»,
Загъта йын лæппу æмæ нал фæкаст.
Бирæ ма фæкасти, йæ цæсты сыг калгæ,
Лæппуйы фæдыл зæронд Уырызмæг,
Уый фæстæ æнкъардæй ратардта рæгъæуттæ.
Кæртмæ сæ баздæхта, бацыд йæ хæдзармæ.
Йæ размæ рауадис Сатана, цингæнгæ,
Йæ цæсгом хурау уыд, цæстытæ — стъалытау.
Уæд, дын, афтæ зæгъы нарты зондамонæг,
Сылгоймæгты хуыздæр нарты Сатанайæн:
— Не 'фсин, хъыг ыл кæнай, æви йыл цин кæнай,
Фæлæ дын зæгъдзынæн диссаджы уац:
Йæ уындæй а-зæххыл кæмæн нæ бафсæстæ,
Мæхи къухæй дын мæрдтæм кæй барвыстон,
Уыцы лæппуимæ уыдтæн æз балцы. —
Сатана фæуагъта лæугæ Уырызмæджы,
Афтæмæй лæппуйы сурынтæ байдыдта,
Байдыдта сурынтæ 'мæ йæм куы бахæстæг,
Уæд æм ныхъæр кодта афтæ Сатана:
«Уæ, кæй цинæй цардтæн, кæй уындæй нæ бафсæстæн,
Ма мын бахæлæг кæн дæ уынд, зæрдæ лæууæн,
Фездах мæм дæ цæсгом, иу каст дæм бакæнон!»
Лæппу нæ фæкастис йæ мадмæ фæстæмæ,
Фæлæ йæм радзырдта, Сатанамæ, афтæ:
«Мæрдты цы 'гъдæуттæ ис, цы фæтк æвæрд дзы ис,
Уымæ гæсгæ мын нæй фæстæмæ кæсæн».
Уæд зондджын Сатана скуывта хуыцаумæ:
«Уæ, хуыцауты хуыцау, ме 'сфæлдисæг хуыцау,
Кæд мады зæрдæйы ды кæсын зоныс,
Уæд ма дыдзы хур хæхтыл æркæсын кæн!»
Уайтагъд фæлурс тынтæ цъититыл ферттывггой,—
Ракастис дыдзы хур, Мæрдты хур кæй хонынц,
Уалынджы бахæццæ лæппу Мæрдты дуармæ,
Бадзырдта дуаргæсмæ:  «Бакæн мын дуæрттæ!»
Радзырдта лæппумæ дуаргæс мидæгæй:
«Дуар кæнын афон нал у Мæрдты Бæстæн, —
Раджы аныгуылди, акæс, хур фæсхохы». —
Нæ, нырма раджы у, хæхтæм ма хур кæсы,—
Дзуры та дуаргæсмæ мидæмæ лæппу.
Дуаргæс акастис хæхты бæрзæндтæм,
Дыдзы хур куы федта, уæд бакодта дуæрттæ.
Мидæмæ бахизон, куыд загъта сахъ лæппу,
Афтæ ма фæкодта иу каст Сатанамæ.
Йæ цæсгом æмæ ма фæччитæ ауыдта
Сатана лæппуйæн. Сдзырдта йæм афтæ:
«Мæнæ мæ къухдарæн ахæсс æвдисæнæн!»
Йæхæдæг фехста къухдарæн лæппумæ —
Абадтис къухдарæн лæппуйы æнгуылдзыл
æмæ йæ бахаста йемæ Мæрдты Бæстæм,
Уым та Барастыры уæрагыл сбадти.
Сатана раздæхти фæстæмæ уырдыгæй,
Урс гал аргæвстой, стыр хист дзы скодтой
Се'нæном фыртæн; иннæ фосы та
æмхуызон байуæрстой нарты адæмæн.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке