logo

М О Я    О С Е Т И Я



ÆХСАР ÆМÆ ÆХСÆРТÆДЖЫ МÆЛÆТ


Дзерассæ æхсары йæхи лæг фенхъæлдта:
Дыууæ 'фсымæры — æхсар æмæ æхсæртæг —
Æмхуызон уыдысты асæй дæр, уындæй дæр:
Бурхил, дæргъæлвæс æмæ фæтæн риу
Цæхæрцæст гуырдтæ — цыкурайы фæрдгуытау.
Чи сæ кæцы у, уый ничи зыдта
Æрмæст зæхх æмæ хуыцауы йеттæмæ.
Мусонджы дуарæй æхсар куы бакаст,
Æмæ куы федта Дзерассæ-рæсугъды,
Уæд йæхи нымæры афтæ бакодта:
«Хуыцауты хуыцау, нæ амонд-иу нын
Ма фесаф фæндагыл æмæ бынаты дæр!
Уый æнхъæл та ма æз кæцæй уыдтæн,
Æмæ æхсæртæг бинонтимæ ссæудзæн?»
Дзерассæ-рæсугъд фæкаст æхсармæ,
Фæкаст æмæ йæ афтæ бафæрсы:
— Цæй æрæгмæ цыдтæ, куыд мæ ныууагьтай? —
Фæлæ йын æхсар ницы дзуапп радта.
— Уаих æрбауай, куыд нал мæ зоныс?
Афæдзæй-афæдзмæ æнæ зæрдæхудтæй
Доны бын иумæ куы фæцардыстæм.—
Уæд æй æхсар дæр бæлвырд базыдта,
Кæй у йе'фсымæр æхсæртæджы ус.
Ус йæхи ласын лæппумæ байдыдта,
Фæлæ йæм æхсар йе'ргом нæ лæвæрдта.
Изæры, хуыссын афон куы 'рцыд, уæд æхсар
Дзерассæйы бын йæ нымæт бакодта,
Куы ныххуыссыдысты, уæд сæ уæлæ та
Байтыдта æхсар æхсæртæджы нымæт.
Æмæ цæмæй хæстæг ма уыдаиккой
Сæ кæрæдзимæ, уый тыххæй æхсар
Фелвæста, зæгъы, йæ кард йæ кæрддзæмæй
Æмæ йæ нывæрдта сæ дыууæйы астæу.
Ус фæмæсты ис, хуыссæнæй фестадис
Æмæ бустæгондæй хицæнæй сбадтис.
Уалынмæ æхсæртæг æрхæццæ фæстæмæ,
Æрхаста саджы мард æд къала бæлас.
Æмæ куы федта йæ ус Дзерассæйы
Бустæгондæй æмæ æнкъардæй бадгæ,
Уæд æхсæртæгæн йæ зæрдæ фехсайдта,—
Афтæ фенхъæлдта, æмæ йын æхсар
Йæ бинойнагæн батых кодта, зæгъгæ.
Æхсæртæг æваст йæ хъама фелвæста,
Ныццавта хъамайæ йæ тых, йæ бонæй,
Æмæ дзы йе 'фсымæр æхсары амардта.
Ус куы радзырдта хъуыддаг æхсæртæгæн,
Уæд ма æхсæртæг фæсмон фæкодта,
Фæлæ цы 'рцæуы, уымæн хос куы нал вæййы:
Йæ хъама фелвæста Уæрхæджы кæсдæр фырт
Æхсары риумæ йын йæ фистон сарæзта,
Йæхи зæрдæмæ та — хъамайы цыргь фындз,
Æмæ йыл афтæмæй йæхи æруагъта.
Хъама сфардæг ис йæ тæккæ зæрдæйы,
Æмæ æрхаудта мардæй æхсары цур.
Дзерассæ нынниуы, нырдиаг кæны,
Ныккæуы æмæ ныддодой кæны,
Зæрдæ ныккæрзы йæ судзгæ хъарджытæм,
Ныххойы йæ сæр æмæ йæ уæрджытæ:
«Ай мыл æмбойны цæй æбуалгъ ми сæмбæлд!
Мæнæ мæн тыххæй, æнæ аххосæй,
Дыууæ æфсымæры куыд бабын æсты!»
Йæ дзыккутæ тоны, йæ рустæ рæдувы,
Иунæгæй ныккæны сау марой хъарæг
Æмæ йæ хъарæгæй хæхтæ арауынц,
Сырдтæ ныхъус æсты хъæды арф хъыгæй;
Æнæвгъау нызгъалы Дзерассæ-рæсугъд
Дыууæ æфсымæрыл йæ хъарм цæсты сыгтæ,
Сæ астæу æрбадтис æмæ фæкуыдта
æмбисæхсæвмæ æхсары мардыл,
Уырдыгæй бонмæ та — æхсæртæджы мардыл.
Йæ тæригъæдæй дыууæ марды сæрмæ
Сау мылазон мигъы сыг сбадт кæуындзастæй.
«Цæй, ныр сын, уæдæ, цы ми бакæнон?
Ам сæ дзæгъæлæй ныууадзин, æмæ сын
Сæ хъамбул уæрджытæ, сæ цæхæр цæстытæ
Сæ сырх уадултæ — мæ бон бакæла! —
Мийаг куы бахæрой сынтытæ, рувæстæ, —
Уæд сæ куыд ныууадзон, мæ бон бакæла!»
Раст уыцы афон бæрзонд уæларвæй
Уастырджи ратахт йе 'ртыкъахыг бæхыл,
Йæ егар куыдз дæр йемæ, афтæмæй;
Дзерассæйы уæлхъус æрбалæууыди,
Æмæ Дзерассæмæ афтæ бадзуры:
— Уæ, хурты хур æмæ арвы фидауц,
Уæ, мæ рухс дуне æмæ бæсты рæсугъд!
æз рагæй нырмæ дæ фæдыл куы зилын,
Уæд цæуыл хъыг кæныс, цы дыл æрцыдис? —
Дзуапп ын радты уæд Дзерассæ-рæсугъд:
—  Куыд нæ хъыг кæнон, куыд нæ маст кæнон,
Кæд æмæ ацы дыууæ 'фсымæры
æдзард ныртæккæ мæн тыххæй фесты.
æмæ сæ гъе ныр куыд баныгæнон,
Уымæн æз амал куы ницы арын.—
Уæд æм Уастырджи афтæ куы бадзуры:
—  Усай, уыдон æз бæргæ баныгæнин,
Ды мæнæн усæн куы рацæуис, уæд.—
Ныхъуыды кодта Дзерассæ-рæсугъд,
æмæ йын загъта: «Ацæудзынæн дын,
æрмæст уал мæрдты куыд баныгæнæм».
Бæрзонд Уастырджи цы нæ бакæндзæн! —
Йæ ехсы фындзæй зæхх æрцъыкк ласта
æмæ, уый адыл, дыууæ 'фсымæры
Марды ингæны уæд фестадысты.
Сæ ингæныл та фæзынд рæсугъд цырт,
Цыртæн йæ алыфарс — диссаджы галуан,
Диссаджы галуан чъырдурæй амад.
Уæд Уастырджимæ Дзерассæ дзуры:
—  Цæй, уæдæ, уæртæ денджызы былыл
æз мæхи ахсон, асыгъдæг кæнон,
Кæннод тугæрхæмттæй демæ куыд фæцæуон!
Ды уал ам абад, багæдзæ мæм кæн,
æз дæм фæстæмæ тагъд фездæхдзынæн.—
æмæ Уастырджи баууæндыд усыл.
Дзерассæ-рæсугъд денджызы былмæ
Куыддæр бахæццæ, афтæ денджызы
Йæхи баппæрста æмæ ныффардæг ис
Арф Донбеттыртæм, йæ фыды бæстæм.
Ныр æрбацæудзæн, уæд æрбацæудзæн,—
Зæгъгæ, Уастырджи æнхъæлмæ кæсы
æмæ йæхи нымæры кæны хъуыдытæ.
Фæлæ ма цæй ус æмæ цæй цыдæр! —
Фыдæнхъæлæй уым баззади Уастырджи.

Йæ зæрдыл бадардта уыцы сайд. Загъта:
«Гъе, сар дæ сæр кæндзæн, додой — дæ къона!
Уæлæуыл ма дыл кæм фæхæст уыдзынæн,
Фæлæ мын мæрдты та кæдæм ирвæздвынæ?»
Уастырджи абадт йе 'ртыкъахыг бæхыл
æмæ мæстæйдзагæй денджызы былтыл,
Цуан гæнгæ, рафардæг йæ егаримæ.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке