logo

М О Я    О С Е Т И Я



ÆХСÆРТÆГГАТЫ ÆМÆ БОРÆТЫ ХÆСТ


Æхсæртæггатæ 'мæ Борæтæ уыдысты
Дыууæ стыр мыккаджы. Уыдысты сыхæгтæ.
Дардтой кæрæдзийæ фæйнæ авд туджы.
Иу бон куы уыдис, уæд æхсæртæггатæн
Сæ чысыл лæппутæ къорийæ хъазгæ
Æрбацæйцыдысты. Сæ къори батылди
Борæты куырдадзмæ, æмæ сæ иу лæппу
Йæ фæдыл бауади. Борæты куырдтæй иу
Йæ  куырдадзы уыд,— лæппуйы рацахста
Æмæ йæ рамардта, стæй йæ ныппæрста
Лæг лæууæн дзыхъы, цæмæй нæ зындаид
Уæлæмæ, уый тыххæй. Уæд æхсæртæггатæ
Агурын райдыдтой лæппуйы, фæлæ йæ
Нарты æмгæрæтты никуы æссардтой.
Æмæ фæцыдысты арвы кæрæттæм
Зонынджын Уырызмæг, болатрихи Хæмыц
æмæ нарты Сослан лæппуйы агурæг.
Хуыскъ хъуг уыдис, зæгъынц, Нарты Уырызмæгмæ.
Æмæ Гæтæджы фырт нарты хин Сырдон
Куы базоны, зæгъынц, Уырызмæджы ацыд,
Уæд бавдæлы æмæ хуыскъ хъуджы сæргæвды;
Æмæ дзы æхсæвæр йæхицæн сæвæры,
Йæхæдæг рацæуы нарты Ныхасмæ.
Авд лæппуйы уьщис Сырдюнæн æмæ йæм
Сæ иу рацыдис Ныхасмæ. Дзуры йæм:
«Баба, нæ сау гал нæ комы хос хæрын».
Уæд ын афтæ зæгьы нарты гæды Сырдон:
«Рамбырдтæ йын кæнут хосы згъæлæнтæ,
Æрæвæрут ын сæ кæвдæсы, мæ хуртæ,—
Кæд хæра, уæд хæрæд, на уæд та хистаг фод!»
Йæ дæлгом ныхасæй афтæ зæгъинаг уыд:
«Лыстытæ рауидзут æмæ сæ бавæрут Аджы бын.
Кæд фыца, уæд, æсфыцæд», зæгъгæ.
Йæ дæлгом ныхæстæ Сырдонæн фембæрстой
æхсæртæггаты къæрцхъус лæппутæ.
Ауылты-ууылты акодтой æмæ, дын,
Уайтагъд фæкуыси сты Сырдоны хæдзары.
Бакастысты æмæ уæларт пæлхъ-пæлхъгæнгæ
Фыцы сæ хъуджы фыд, Баздæхтысты, æмæ
Сырдоны лæппуты рацахстой авдæй дæр
æмæ сæ ныппæрстой фыцгæ цæдджинаджы —
«Уым нæ хуыскъ хъуджимæ æсфыцут!» зæгъгæ.
Сырдон йæ хæдзармæ куы бацыд, уæд дзуры:
«Кæм стут, лæппутæ, иу дæр уæ   мауал уа!»
Куы ничи йæм зынди, уæд агмæ нывнæлдта
æмæ дзы фыдисæй сласта йæ лæппуты:
æхсæв бонмæ сыл сау æрдиаг фæкодта,
æрдиаг фæкодта йе дзард лæппутыл.
Рансомæй рацыди, мæстджынæй, къæсæрмæ
æмæ ныхъæр кодта афтæ йæ дзыхы дзаг:

«Куыйтæ— æхсæртæггатæ, цы уæ уæндын хъæуы Мæнмæ та, фæлæ, уын, дæлæ стыр Борæтæ
Уæ лæппуйы мард куырдадзы куы дарынц.
Лæг лæууæн дзыхъы, уыцы ран куы 'мбийы,
Уæд цæуылнæ 'взарут уыдоныл уæ хъару?»
Куыд нæ сын уыдаид хъыг æхсæртæггатæн?—

Фæлæ нæ уыдысты сæ лæгтæ сæхимæ,
Лæппутæ та, зæгъы, цы бакодтаиккой?
Лæг сæм кæй нæ уыдис æхсæртæггатæм,
Уый тыххæй Борæтæ ницæмæй тарстысты.
æмæ 'Хсæртæггатæй хынджылæг райдыдтой;

Бацыдысты æмæ Сырдоны бафарстой:
«Цы хъыгдæр ма уыдзæн, уæдæ, 'Хсæртæггатæн?»

Æмæ сын Сырдон дæр уæд афтæ куы зæгъы:
«Цæут уæ куырдадзмæ æмæ сын сæ марды
Скъахут, йæ сæр ын ракæнут æмæ йæ
Михыл æрсадзут мысан æхсынæн.
Уый куы базоной, уæд уый æппæтæй дæр
Хъыгдæр уыдзæни стыр æхсæртæггатæн».
Борæтæ, æцæгдæр, раст афтæ бакодтой.
Зонынджын Уырызмæг, болатрихи Хæмыц
'Мæ нæрæмон Сослан æртæ азы дæргъы
Цы къуым нæ баскæрстой лæппуйы агурæг,
Ахæм нал баззад, фæлæ йæ не ссардтой.
æртæ азы фæстæ Уырызмæг раздæхти,
Хæмыц 'мæ Сослан та агуырдтой лæппуйы Зæрдæхсайгæ рæтты.

Уырызмæг сæ хъæумæ Куы 'рцæйхæццæ кодта, уæд ауад йæ хъустыл Фаты 'хситтытæ.

Байхъуыста Уырызмæг.
Æгæр куы цыдис фаты 'хситтытæ,
Уæд йæ бæх фесхуыста, тагьддæр рацыди:
«Чидæр наем тыхгæнæг æрбафсæрста æмæ
Мæнæн худинаг у, фæдисы куы нæ уон».
Хъæумæ куы 'рбахæстæг, Борæты куы федта,
Уæд уайтагъд базыдта сæ марды сæрæй сын
Кæй хынджылæг кæнынц, æмæ сæ бафарста:
«Уый цы ми кæнут? Кæй сæры стæг æхсут?»
«Иу куыдзы сæры стæг фæттæй бæргæ æхсæм,
Фæлæ йæ нæ иу дæр нырма нæ акъуырдта:
Нæ иуы фат дæр æм æмгæрон нæ цæуы».
Уæд сæм бадзырдта урсрихи Уырызмæк
«Мæнæн дæр бар раттут, æмæ æз дæр фехсон!»
«Марадз, фехс!» зæгъгæ йын зæгъынц Борæтæ.
Уырызмæг æскуывта: «Уæ, хуыцæутты хуыцау!
Кæд ацы сæры кæхц мах лæппуйы сæр у,
Уæд мæ фаты фехстмæ фестæд мæ хъæбысы!»
Уырызмæджы куывд хуыцаумæ фехъуыстис,
Æмæ куыд æскуывта, раст афтæ рауади:
Нарты зондамонæг йе 'рдынбос айвæзта,
Айвæзта йе 'рдынбос æмæ ныхъавыди.
Уайтагъдцæр сæры кæхц фесхъиудгга æмæ, дын,
Нарты Уырызмæджы хъæбысы абадтис.
Сæ балцæй 'рцыдысты Сослан æмæ Хæмыц,
Борæты фыдмитæ уыдон дæр базыдтой:
Хъыг та сын куыд нæ уьщ, уый хуызæн фыдми!
Дыууæ мыккаджы 'хсæн адæм бацыдысты.
æрыздæхтысты, дын,' æхсæртæггатæм
æмæ сæ агуырдтой фидыд Борæтимæ.
Бæргæ схæцыдаиккой стыр æхсæртæггатæ,
Фæлæ зынгæ къаддæр уыдысты Борæтæй,
Æмæ нæ бахастой сæ ныфс хæцынмæ.


Сæхи чызг дæр сæм бирæ фæхатыдта,
Уæддæр не сразы сты бафидауыныл.
Æнæфидаугæ сæ кæй нæ ныууадздзысты,
Уын жуы бамбæрстой æхсæртæггатæ,
Уæд сæ разагъддæртæ: зæронд Уырызмæг,
Болатрнхи Хæмыц 'мæ нæрæмон Сослан
Рæвоз бабадтысты сæ бæхтыл æмæ
Кæфга-Сæр Хуыйæндон-æлдармæ 'фсад курæг
Хъал Борæты уынгты уæлæмæ сивгьуыдтой.
Уæд сæ куы ралгъиты сæхи мыккагæй чызг:
«Уæ, хуыцæутты хуыцау, авд азы дæргъы
Сæ арæхстдзураг дзых дзургæ куыд нал кæна,
Сæ кæрдаг цыргъ кард кæрдгæ куыд нал кæна,
Сæ уайаг хъал бæх уайгæ куыд нал кæна,
Уыцы фарн саккаг кæн, кæд нæ фидауынц, уæд!»
Куы, дын, бахæццæ сты æхсæртæггатæ
Кæфты-Сæр Хуыйæндон-æлдары хæдзармæ,
Уæд æм барвыстой æмæ сæм рацыдис.
Пыхæстæ йын кæнынц, фæлæ йын цы дзурынц,
Уый æлдар не 'мбары: сæ дзырд ныггалиутæ.
Пæ лæккадгæнджытæм уæд дзуры æлдар:
«..Марадзут æмæ сæ кæркдонмæ акæнут,
Дзæбæх сæ бафсадут, æндæр сæ цы хъæуы?!»
Æрцæрын сæ кодтой кæркдоны, уæдæ цы!
Иу бон æлдармæ туджы тæрхон уыди
æмæ барвыстой нартæй дæр иу лæгмæ.
Рацыдис Уырызмæг, уæдæ цы уыдаид!
«Радзур ды дæр исты», зæгъгæ йæ бафарстой.
Уырызмæг дæр бæргæ раныхас кæны,
Фæлæ йын йæ дзырдтæй иу дæр нæ бамбæрстой,
æмæ йæ ныууагътой, æндæр цы гæнæн уыд!
Иу ран та дугъ уыди æмæ æхсæртæггатæм
Барвыстой: «Уæ бæхтæй иу дугъы рауадзут»,
æмæ Уырызмæджы Хъулоны арвыстой.
Рауадысты, зæгъынц, æвзаргæ дугьæттæ,
Уырызмæ'джы бæх хист дæр нал æрæййæфта,
Гъе уый бæрц фæстæдæр баззадис иннæтæй.
Дугъы фæстæ, зæгъынц, хъабахъ сарæзтой,
æмæ та барвыстой æхсæртæггатæм дæр:
«Рацæут сымах дæр, хъабахъ фехсут», зæгъгæ.
Хæстон Сослан æмæ æфсæнрихи Хæмыц
Фæйнæ цалдæр æхсты фæкодтой хъабахъы,
Фæлæ се 'хст хъабахъмæ хæстæг дæр нæ бацыд.
Иу хатт та райстой гал æргæвдынмæ
Нарты Сосланы кард. Бирæ фæцархайдтой,
Фæлæ нæ ратыдта иунæг æрду дæр
Сосланы номдзыд кард галæн йæ хурхæй.
Кæфты-Сæр Хуыйæндон-æлдар уæдæй фæстæмæ
æхсæртæггатæм кæсгæ дæр нал кодта,
Ницæмæ у ал дардта нарты хæрзæджыты.
Авд азы ахицæн, уæд Сослан фырмæстæй
Цыргъ кæнын райдыдта йæ кард сигæцыл,
Йæ цæссыг æзгъæлдис сигæцыл доны бæсты.
«Гъе-уæу-уæй! Фæлтау нæ хуыцау куы фесафил!..
Фæлæ Кæфты-Сæр Хуыйæндон-æлдарæн
æнæ бафхæргæ нал ис ныууадзæн,
Кæй ныл не 'рвæссы, уый тыххæй! Багъæцæд!»
Йæ кард йæ цæссыгтæй ныхсадта æмæ дзы
Фырмæотæй æрцавта дзæнхъа дур æмæ
Фæцис дыууæ дихы, кард йæхæдæг та
Йæ фистоны онг зæххы аирвæзт.
Сосланы Номдзыд кард дзæнхъайыл акалдта
Ахæм цæхæр, æмæ Арыхъы фæсæлттæ
Ссыгвдысты цæхæртæй, суагътой сырх æвзæггæ.
Сослан йыццйн кодта, уæдæ цы уыдаид!
Хуынæндоны хъæуы та уыд туджы тæрхон
æмæ та акодтой уырдæм Уырызмæджы:
«Зæронд лæг, ды дæр ма ракæн дæ ныхас»,
Загьтой Уырызмæгæн, æмæ радзырдта.
Адæм æгуыппæгæй хъуыстой Уырызмæгмæ.
Ныхасгонд куы фæци, уæд ын йæ ныхæстыл
Ницыуал бафтыдтой, ницы дзы аппæрстой,
Афтæ хорз радзырдта нарты зондамонæг.
Уæд та æндæр хатт радтой дугьы дæр
Бæх рауадзыны бар æхсæртгеггатæн.
Уырызмæджы номдзыд Хъулоны арвыстой.
Рауадысты та, дын,- дугъæттæ, уæдæ цы!
Уырызмæ'джы Хъулон кæй куыд æрбаййафы
Дугьæттæй фæндагыл, афтæ рæмудзы
Иутæн сæ къæдзилтæ, иннæтæн сæ хъустæ.
æмбис фæндагыл дæр нæма уыдаиккой
Иннæ дугъон бæхтæ, афтæ æрхæццæ ис
Нысангонд бынатмæ Уырызмæджы Хъулон.
Хистæн гал æргæвстой æмæ та ракуырдтой
Нарты Сосланы кард. Цæсты фæныкъуылдмæ
Фæхицæн галы сæр. Кард дарддæр аирвæзт
æмæ фæлыг кодта галæргæвдæджы зæнг.
æхсæртæггаты та уый фæстæ рахуыдтой
Хъабахъ æхсынмæ дæр. йæ бæхыл бабадтис
Нарты хæстон Сослан, афтæмæй ацыди.
Йæ бæхыл хъазгæйæ, фæхъавьщ хъабахъмæ,
Фехста йæ, уæдæ цы, æмæ йæ акъуырдта.
Дунейыл айхъуысти æхсæртæккаты кой:
«Ахаем адæм æсты æхсæртæггатæ
æмæ сæ лæгимæ ныхасы дзурæн нæй,
Дугъы та уайæн — сæ дугъон бæхтимæ,
Ничи сæ амбулдзæн мысан æхсынæй дæр, —
Афтæ гæрзарæхстæй равдыстой сæхи».
Сæ кой байхъуысти Хуыйæндон 'лдармæ дæр.
æлдар сæм рацæуы æмæ сын куы зæгьы:
«Ныххатыр мын кæнут! Ахæм адæм стут,
Уый раздæр нæ зыдтон. æмæ уæ ныр фæрсын:
Цавæр адæм стут? Цы агурæг   æстут?»
Ахæм дзуапп ын ратгынц æхсæртæггатæ:
«Мах дæм æрцыдыстæм дард бæстæй æфсадгур.
Куы дæм рараст стæм, уæд нæ иу чидæр
Фыд æлгъыст ракодта, æмæ гье уый тыххæй
Фæхъизæмар кодтам авд азы ацы ран».
Уæд сæм радзуры Хуыйæндоны æлдар:
«Чи нæ сын базона сæ нымæц ме 'фсæдтæн,
Уымæн сын нæй дæттæн.
Ноджы уын  зæгьдзынæн,—
Сæ хæцыны хъуыддаг афтæ у ме 'фсæдтæн:
æзнаджы куы фенынц, уæд сæхи аскъæрынц
Бæхджынтæ иууылдæр. Раздæр сæ чи фæуа,
Фыццаг чи ныццæва йæ кардæй кауы дуар,
Уымæн лæвар хъæудзæн уæ хисдæры усы.
Дыккаг чи ныццæва кауы дуар, уымæн та
Балæвар кæндзыстут уæ хисдæры бæх».
Бакатай кодтой нарт сæхи мидæг,
Бахъынцъым кодтой æмæ æсфæнд кодтой:
«Цом æмæ бафæрсæм нарты Сатанайы,
Уый куы нæ схос кæна, уæд нæхæдæг ницы».
æмæ Уырызмæджы рарвыстой сæхимæ.
æрхæццæ сæхимæ урсрихи Уырызмæг,
Мæстыйæ æрбадтис пылыстæг бандоныл.
Йæ размæ рауади зонынджын Сатана,
Рауади æмæ йæ афтæ куы бафæрсы:
«Цы кæныс, нæ зæронд,  цæй мæсты хуыз дæ?»
—      Фыддæр ма цы кæнон? æфсад бæргæ ссардтам,
Фæлæ чи ныццæва раздæр Борæты дуар,
Уый мын дæу куры. Дыккаг чи ныццæва,   
... Уый та мын агуры мæ номдзыд Хъулоны.
Бæхыл нæ мæт кæнын, уый цы фæнды уæд,
Фæлæ дæу куыд раттон, куыд дæ фæхицæн уон?
Фæндагыл æвзæрстам уайынæй нæ бæхты,
Фæлæ дзы æртæйы мæ Хъулон не 'ййафы,
æмæ цы бакæнон, уымæн ницы зонын.—
«Уымæй мын æпнындæр ма фæтæрс, нæ зæронд.
Уымæн дын мæхæдæг æз æсхос кæндзынæн».
Зæгъгæ, йын куы зæгьы зонынджын   Сатана,
—      æлдар ма ноджы иу хъуыддаг агуры:
«Чи нæ базона ме'фсадæн сæ нымæц,  
Уымæн сын дæттæн нæй», зæгъгæ, нын зæггьы,
æмæ сын сæ нымæц цы хуызы базоназм?—
Зæгъы та уæд афтæ зонынджын Сатана:
«Ма фæтæрс уымæй дæр, уый дæр зынгæнæн нæу.
Райсом куы 'рбабон уа, уæд æй базондзынæ.   
Ныр та уал схуысс æмæ дæ фæллад æруадз».
Бахуыссын, дын, кодта Сатана йæ лæджы,
Йæхæдæг хуыйыныл æрбадт æхсæвыгон.
Уайтагъддæр акарста æртыкъахыг хæлаф
æмæ йæ ахуыдта, уæдæ цы уыдаид!
Боны 'рдæм куы фæци, уæд рауад Сатана,
æртыкъахыг хæлаф сæ мæсыджы къулыл   
Ацауыгъта æмæ йæхæдæг амбæхсти.
Уæд нарты Сырдон хæйрæг кæм нæ уыд!
Мæсыджы цурты райсомæй æрцæуы,
æртыкъахыг хæлаф мæсыгыл куы федта,
Уæд дисы бафтыд æмæ афтæ зæгъы:
«Оу, мæнæ диссæгтæ! Мæнæ æмбисæндтæ!
Сæдæ сæдæйы сты Борæты æфсад,
æхсæртæггатæ та— дыууæ уый бæрцы сты.
Ис дзы къуылыхтæ дæр, ис дзы цæнкуылтæ дæр,
Фæлæ дзы нæ федтон æртыкъахыгтæ,
æмæ цæмæн хъæуы нарты Сатанайы
æртыкъахыг хæлаф, уый диссаг куыннæ у?»
Сатана фехъуыста Сырдоны ныхæстæ,
Бацыдис æмæ сæ дзуры Уырызмæгæн.
Уырызмæг йе 'мбæлттæм рацыдис æмæ сын
Хъуыддæгтæ дзырдта, уæдæ цы уыдаид.
Уæд сæм афтæ дзуры Хуыйæндон æлдар:
«æсбадут, уæдæ, ныр уæ бæхтыл æмæ-иу Фæстæмæ ма кæсут, афгæмæй ацæут.

Куыддæр уæ фæстæмæ фæкæса иунæг дæр,

Афтæ нал цæудзысты уæ фæстæ ме 'фсæдтæ».
Зонынджын Уырызмæг, болатрихи Хæмыц,
Дурæйгуырд Сослан еæ бæхтыл сбадтысты
æмæ фæцагайдтой сæхи 'рдæм, уæдæ цы!
Куы рауадысты фæндагыл иу дзæвгар,
Уавд фæкаст фæстæмæ нарты Уырызмæг,
Хуыйæндон æлдар нæ куы фæсайа, зæгъгæ.
Кæсы, 'мæ сæ фæстæ сатæгсау адардтой
æлдары æфсæдтæй   æлдары быдыртæ.
«Цæмæн фæкастæ фæстæмæ», зæгъгæ,
Уырызмæгмæ уæд иу æфсæддон сдзырдта.
Уæд йæ дуар ахкæдта æфсад кæцæй цыди,
Гъе уыцы мæсыгæн, æмæ чи аззади
Мидæгæй мæсыджы, уыдонæн рацæуæн
Нал уыди сæ фæдыл. Уæд нарты
Уырызмæг Дзуры йæхи мидæг: «æгъгъæд нын уыдзысты
Атæппæт æфсæдтæ Борæты ныхмæ!»
Бахæццæ, дын, æсты иу афон Борæтæм.
Фыццагдæр бахæццæ æлдары æфсадæй
Иу барæг Борæтæм, æмæ уый ныр
Кардæй ныццæва, афтæ уайтагьддæр
Хуыцаумæ скуывта зонынджын Сатана:
«О, хукцауты хуыцау, разæй чи 'рбацæуы,
Уыцы 'ртæ барæджы æмкалд иы фæкæнынц,
Сæ удтæн мацы уæд, афтæмæй, æмæ Урсрихи
Уырызмæг сæ разæй цы фæуа!»
Зонынджын Сатана куыд æскуывта, афтæ,
æртæ барæджы æмкалд куы фæкæнынц,
Уырызмæг йæхæдæг каумæ æрбаразæй,
Скъуырдта йæ æмæ каудуар фегом ис.
æлдары æфсæдтæ фæцагътой Борæты.
Сывæллонæй æмæ сылгоймагæй дарддæр
Борæты мыккагæй бынаты чи уыди,
Уыдонæй иуы дæр æгас нал ныууагътой.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке