logo

М О Я    О С Е Т И Я



УАСТЫРДЖИ ÆМÆ НÆРТОН ÆНÆФЫНДЗ МÆРГЪУЫДЗ


Уастырджийæн, зæгъ, уыдис дыууæ усы.
Дард балцы фæцæуын сфæнд кодта Уастырджи
Æмæ ныффæдзæхста йæ дыууæ усæн:
— æрцæттæ мын кæнут рæвдздæр фæндаггæгтæ,
Хæссынæн рог чи уа, хæрынæн — адджын,
Стæй мын ахуыйут ног дзауматæ дæр. —
Цы ма загътаиккой устытæ сæ лæгæн!
Уайтагьд дæр февнæлдтой дзауматæ хуыйынмæ.
Уæд дзуры хисдæр ус кæсдæрмæ афтæ:
«Ахуый рæвдздæр, мæ бон, нæ лæг тагьд цæудзæни».
Уæд, бустæгæнæгау, кæсдæр ус загьта:
«Нæртон Мæргъуыдз, мийаг, дын, куы нæ у нæ лæг,
Уæд дзы цæй тынг тæрсыс?» Хисдæр ус загьта:
«Нæ лæгæй ард хæрынц адæм кæрæдзййæн,
Адæмы хæрзтæ нæ лæджыстæн кæнынц,
Нæ лæгмæ фæкувынц æдзухдæр бæлццæттæ,
Уæд чи у Мæргъуыдз та, йæ кой хъуыст куы нæ у?»
Хисдæр ус фæмæсты кæсдæры ныхасмæ
æмæ йæм æппындæр дзыхæй дæр нал дзырдта.
Изæры Уастырджи куы 'рбацыд сæхимæ,—
Уымæ дæр нал дзырдта. Фæрсы йæ Уастырджи:
—Цæуыл фæтæргай дæ? Цæуылнæ мæм дзурыс? —
Афтæ йæ бафарста фæндагсар Уастырджи.
æмæ йын хисдæр ус радзырдта афтæ:
сКуыд ма дæм дзурон, кæд зæххыл цæрджытæй
Дæуæй хуыздæртæ ис, дæуæй сæрæндæртæ?!
Рæвдздæр æвнал, зæгъгæ, загътон дæ усæн,
Нæ лæг цæугæ кæны, тагъд æй фæрæвдз кæнæм.
Афтæ мын бакодта уæд дæ уарзондæр ус:
«Нæртон Мæргъуыдз, мийаг, дын, куы нæ у нæ лæг,
Уæд. дзы цæй тынг тæрсыс? Уымæн дæм нæ дзурын».
Ницыуал æсдзырдта фæндагсар Уастырджи,
Бацыди йæ уатмæ, схуыссыд йæ хуыссæны.
Райсомы бабадтис Уастырджи йе 'фсургъыл,
Тызмæгæй фæдзырдта йæ кæсдæр усмæ:
—Зæгъ-ма мын, æнаккаг, знон та цытæ дзырдтай? —
«Фæдзырдтон бæгуыдæр! — загьта йын кæсдæр ус. —
Фæлæу æмæ дын сæ дæкицæн радзурон».
Нал æм фæлæууыдис фæндагсар Уастырджи,
Фенкъуыста йе 'фсургъы, йæ балцы араст ис.
Цæуьгатæ райдыдта, цæуынтæ, Уастырджи.
Иу æвицог бæстæм бафтыдис иу афон,
Кæсы, 'мæ быдырты нæ цæуынц рæгъæуттæ,
æмхуызон цъæх бæхтæ иууылдæр рæгъау,
Нæ уыдис рæгъауы хæццæ фос æппындæр —
Йе къах æндæрхуызон, йе'хъус æндæрхуызон.
Хинымæр хъуыдыты бацыдис Уастырджи:
«Иу лæджы уаиккой уытæппæт рæгъæуттæ,
Фæлæ кæм уыдзæни иу лæгмæ уый бæрц?»
Бацыди бæхгæстæм æмæ сæ бафæрсы:
—Адон кæй бæхтæ сты, иу мады гуырдтау? —
«Нарты Мæргьуыдзы сты атæппæт рæгъæуттæ»,
Уастырджийæн загътой афтæ рæгъаугæстæ.
Тынгдæр ныддис кодта фæндагсар Уастырджи: —
«Йæ хуыздæр амæла, уый цавæр лæг уыдзæн?,
Дауджыты; 'хсæн дæр æй æз куы никуы федтон,
Йе та йыл зæххыл дæр куы никуы сæмбæлдтæн!»
Ацыдис уырдыгæй, уæдæ цы кодтаид!
Иу тыгъд быдырмæ та бафтыди уалынджы —
Нæ цæуынц быдырты кæйдæр гал-рæгьæуттæ,
Иууылдæр æмхуызон урсдзых æхсынтæ.
«Иу лæджы уаиккой ацы рæгъæуттæ дæр,
Фæлæ кæмæ уыдзæн уый бæрц. урсдзых галтæ?»
Галгæстæм бацыдис æмæ сæ бафарста:
—Зæгъут-ма, хорз лæгтæ, адон кæй галтæ сты? —
«Нарты Мæргъуыдзы сты ацы гал-рæгъæуттæ»,
Загътой та уыдон дæр афтæ Уастырджийæн.
Хъуыдыйы бацæуы фæндагсар Уастырджи:
«Цавæр лæг уыдзæнис, уагæр, нæртон Мæргъуыдз?
Дауджыты æхсæн æй æз куы никуы федтон,
Йе та йыл зæххыл дæр куы никуы сæмбæлттæн!»
Ацыд та Уастырджи уыцы рæгьæуттæй дæр.
Уый бæрц фысты дзугтыл бафтыдис уый фæстæ,
æмæ нæ цыдысты æнæхъæн тъæпæнтыл,
Иууылдæр æмхуызон саукъæхтæ, саусæртæ.
Бацыд та фийæуттæм æмæ сæ бафарста:
— Адон кæй фос æсты, кæмæ ис уый бæрц фос?—
Загътой та уыдон дæр афтæ Уастырджийæн:
«Нарты Мæргъуыдзы сты ацы фосы дзугтæ».
Тынгдæр ныддис кодта фæндагсар Уастырджи:
«Цавæр лæг уыдзæнис уыцы нæртон Мæргьуыдз?
Кæцæй йæм æрцыдис уый бæрц фосы дзугтæ?
Куы никæмæ уынын, куы никæмæ зонын
Уый бæрц рæгъæуттæ, уæларв-дауджытæй дæр».
Ацыдис уырдыгæй, фæцыдис иу бонцау,
æмæ та бафтыдис æстыр хъуг-рæгъæуттæм. 
æмхуызон фæздæттæ хъуццытæн иууылдæр.
Бацыдис хъомгæстæм æмæ сæ бафарста:
—Зæгъут-ма, хорз адæм, адон кæй хъомтæ сты!—
Загьтой та хъомгæстæ Уастырджийæн афтæ:
«Нæртон Мæргъуыдзы сты ацы хъуццытæ».
Рацыд та дисгæнгæ, Уастырджи уырдыгæй,
Цæуынтæ райдыдта, фæцыд та иу бонцау.
Иу цавæрдæр хъæумæ уалынджы баввахси.
Кæсы, 'мæ хъæуы сæр бадынц дыууæ лæджы:
Сæ иу родгæс уыд, се'ннæ та уæлыгæс.
Бацыдис зæрæдтæм фæндагсар Уастырджи.
—Уе 'зæр хорз уа! — зæгъгæ, загьта зæрæдтæн.
«Хорз изæртæ дыл фæцæуæд, хорз уазæг!»
Загьтой зæронд лæгтæ афтæ Уастырджийæн.
—Бахатыр мын кæнут, — зæггьы та Уастырджи, —
Бацамонут ма мын Мæргъуыдз кæм цæры, уый. —
Дыууæ зæронд лæджы бирæ фæдис кодтой:
«Нарты Мæрлъуыдзы зæххыл чи нæ зоны,
Ахаем лæг куы нæ ис, уæд æй куыд нæ зоныс?»
Зæгъы уæд Уастырджи зæрæдтæн афтæ:
—Ныххатыр мын кæнут, дард бæстæй цæуæг дæн.
Уæд загьтой хинымæр дыууæ зæронд лæджы:
«Ис ма, æвæццæгæн, дунейыл бæстæтæ,
Мæргьуыдз кæм нæма уыд, кæдæм нæ бахæццæ».
Уастырджийæн дзурынц дыууæ зæронд лæджы:
«Кондæй сæрæн лæг дæ, дзæбæх дæ уындæй дæр,
Уæдæ фау æрхæссæн нæй дæ бæхмæ дæр.
Хъæуæн йæ астæуты ссу сæйраг уынгыл;
Фендзынæ хъæуы астæу авд уазæгдоны,
æппæты уæллаг у дауджыты уазæгдон,
Дыккаг та уыдзæнис æлдæртты уазæгдон,
Фæрссаг адæмы у æртыккаг уазæгдон.
Уымæй дæлæмæ та цыппар уазæгдоны
Кæвдæсæрдты æмэ& æндæр адæмы сты.
Дауджыты бынатæн бæхбæттæн — сызгъæрин,
Уазæгдонмæ фæндаг уыдзæнис цъæхавгæй;
æлдæртты бынатæн — бæхбæттæн æвзистæй,
Уазæгдонмæ фæндаг æргъæуæй астæрд у;
Фæрссæгты бæхбæттæн уыдзæнис æрхуыйæ,
Уазæгдонмæ фæндаг — нæзы фæйнæджытæй;
Кæвдæсæрдты æмæ иннæты бæхбæттæн
Уыдзæнис хъæдæй конд, хъæмп тыд сæ фæндагыл.
Дæ бакастмæ гæсгæ дæ бынат уыдзæнис
Дауджыты уазæгдон. Сфардæг у уырдæм».
Ацыдис Уастырджи Мæргъуыдзы хæдзармæ;
Йæ бæстыхæйттæм куы 'ркастис Мæргъуыдзæн,
Уæд загьта йæхицæн фæндагсар Уастырджи:
«Мæхи растауын мæ нæ хъæуы ацы ран,
Уый бæсты æрлæууон кæвдæсарды ран».
Бабаста йæ бæхы хъæдын бæхбæттæныл,
Хъæмпæмбæрзт  фæндагыл   бацыд  уазæгдонмæ,
æрбадтис бандоныл фæндагсар Уастырджи.
Мæргъуыдзы кæсдæртæ уазæгмæ разгъордтой,
Бæхæн йæ цæфхæдтæ сыгъдæг сызгъæринæй,
Алы зынаргъ дуртæ æрттивынц йæ саргъæй.
Бирæ фæдис кодтой,—диссаг куыд нæ уыдис!
Ныфс сæм нал æрцыдис уазæгмæ цæуынæн.
Радыдысты æмæ Мæргъуыдзæн радзырдтой:
Ныббар нын, нæ хисдæр, фæлæ нæм байхъус:
Дæллаг уазæщюны рахызтис иу уазæг.
Лыстæг фæкастыстæм уазæгæн йæ бæхмæ—
Ничи ма нæм уъцдис уæларв-дауджытæй дæр
Ахæм хæрзконд æмæ хæрзарæзт æфсургъыл».
Загьта йæ кæсдæртæн уæд афтæ Мæргъуыдз:
«Ацæут æмæ йæ бафæрсут уазæджы,
Кæцæй нæм æрцыдис. Цы у 'мæ цавæр у».
Бæргæ рацыщысты уазæгмæ кæодæртæ,
Фæлæ йæм мидæмæ бацæуын кæм уæндынц!
Бирæ фæкастысты уазæгмæ рудзынгæй,
æрттывтой, стъалытау, уазæджы дзауматæ
Цырагъæн йæ рухсмæ уазæгдоны мидæг.
Рацыдысты 'мæ та загътой Мæргъуыдзæн:
«Йæ размæ бацæуын нæ ныф.с нæ бахастам,
Бакастыстæм æмæ бады æнтъыснæгæй».
Нарты Мæргъуыдз дæр уæд дисы бацæуы:
«Зæдтимæ фæцæуынц бирæ мæ кæсдæртæ,
Уæд кæмæ нæ уæндынц, уый цавæр уыдзæни?
Йæ кой ма фæкæнынц адæм Уастырджийæн.
Уый та мæхæдæг дæр никуы-ма федтон.
Цæй, фæдас фæкæнон, — фæдисы цæуаг у,
Куыд дзурынц афтæмæй, уæларвон Уастырджи.
Кæд цæуа фæдисы, уæд уыдзæн Уастырджи».
æнæфындз Мæргъуыдз уæд рауадзы сау рувас.
Иæ алы æрду дæр хурау худт рувасæн,
Кодта тыбар-тыбур Бонвæрнон стъалыйау.
Фæсивæд асырдтой рувасы быдырмæ,
Рлъас æрбалыгъди хъæуæн йæ кæрæтты,
Сабиты, зæрæдты' йæ фæдыл асайдта;
Асырдтой уцыккаг хатт рувасы быдырмæ, —
Рувас та 'рбалыгьдис хъæуæн йæ астæуты,
Къæйных сылгоймæгтæ   афтæ ныхъæр   кæнынц'
«Фæдис, нæ фæйивæд! Мæнæ ис сау рувас!
Не 'рра фæсивæд та хъæугæрон быдырты
Рауай-бауай кæнынц хуыцауы дзæгъæлы!»
Фæдисхъæр   фехъуыста   фæндагсар   Уастырджи.
«Ай цавæр фæдис у?» дзуры йæхи нымæр,
Разгъоры æттæмæ, абады йæ бæхыл.
Дзуры йæм уæд иу ус æнахуыр барæгмæ:
«Уæ, уаих æрбауай, уæртæ дзæбæх лæппу!
Адæм быдырмæ фæдисы'аивгъуыдтой,
Рувас та мæнæ ис. Цæуылнæ йæ ахсыс?
Кæд дæ ныфс нæ хæссыс, уэвд айс мæ кæлмæрзæн!»
Дзуры уæд Уастырджи уыцы усмæ афтæ:
— Багъæц уал, мæ хæдзар, тагъд ма кæ 'фхæрыныл.
Амал куыд амона, æз афтæ кæндзынæн. —
Бæхы фæцагайдта, атахтие цæргæсау.
Рувасы фелвæста йæ арцы бырынкъыл
æмæ йæ рахаста, уæдæ цы уыдаид!
Адæмтæ йæ фæдыл цæуынц, дис кæнгæйæ.
Бирæ фæдис кодта æнæфындз Мæргъуыдз дæр
Уазæджы арæхстыл, йæ сæрæндзинадыл.
Бацыдис уазæгмæ, загъта йын «æгасцуай!»
Ныхæстæ кæнгæйæ уынгты ссыдысты,
Уынгты ссыдысты, сæ бæхтæ 'рурæдтой.
Аивæй уазæджы дауджыты бынатмæ
Мæргъуыда куы барвиты, йæхæдæг ацæуы.
Дауджыты бынатмæ кæй бафтыд рæдыдæй,
Уый бæргæ фембары Уастырджи æрæджиау,
æмæ ма хъавыдис фæстæмæ здæхынмæ,
Фæлæ йæ кæсдæртæ куы нæ уал рауагътой.
Уæллаг уазæгдоны, дауджыты бынаты,
æрынцад Уастырджи, уæдæ цы кодтаид.
Бæркад фынг рахастой уазæгæн кæсдæртæ.
Уæд дзуры кæсдæртæм фæндагсар Уастырджи:
—Кæд нырма лæппу дæн, уæддæр мын ныббарут.
Цалынмæ мæ размæ Мæргъуыдз æрбацæуа,
Уалынмæ уæ фынгмæ æз нæ бавналдзынæн —
Нарты Мæргъуыдзæн загътой йæ кæсдæртæ:
«Нæ уазæг æнæ дæу не 'вналы йæ фынгмæ».
Пылыстæг басмахътæ йæ къæхтыл акæны,
Тинты кæрц баппары ноджы йæ уæхсчытыл,
Афтæмæй Мæргъуыдз уазæгмæ рацæуы.
«Де 'зæр хорз, мæ уазайг!» зæгьгæ, йын загьта,
Уый фæстæ 'рбадтысты дыууæйæ сæ фынгыл.
Уæд ныджджих Уастырджи, дис кæны хинымæр:
«Йе дзы уынд куы нæ ис, йе дзы конд куы нæ ис,
Цæй бирæ амонд дзы ныттымбыл ис уæд?»
Бахордтой алы хæрд, банозтой алы нозт.
Уæд загьта уазæгæн афтæ нæртон Мæргъуыдз:
«Хæтæны цæуын мæ демæ бæргæ фæнды».
Уазæг дæр сразы ис хæтæны цæуыныл.
Рæвдз кæнын райдыдтой дард балцы цæуынмæ.
Загьта йæ кæсдæртæн афтæ нæртон Мæргъуыдз:
«æрхæццæ мын кæнут боны æрбацъæхмæ
Хæстæгдæр рæгъауæй дыууæ 'взаргæ бæхы».
Кæсдæртæ уайтагъддæр бæхты æрбакодтой.
Дзуры уæд уазæгмæ æнæфындз Мæргъуыдз:
«Дард бæстæй фæцыдтæ, дæ бæх фæллад уыдзæн,
Дард нæ цæуын хъæуы, искуы дын бастайдзæн,—
Мæ бæхтæй искæуыл рацу хæтæны».
Загьта Уастырджи уæд нæртон Мæргъуыдзæн:
—Хæтæны фæцæуын æрмæст мæхи бæхыл,
æмæ æндæр бæхыл ныр кæм сарæхсдзынæн? —
«Курын дæ, хорз уазæг, дæ бæх фæллад уыдзæн,
Уадз æй мæ хæдзары йæ фæллад æссæуа.
Рацу уал мæ бæхыл», запъта нæртон Мæргьуыдз.
Уастырджи акает Мæргъуыдзы бæхбæттæнмæ,
Федта дзы гæбæрбарц, лæгуындымæг бæхы.
Уæд загьта хинымæр фæндагсар Уастырджн:
«Уытæппæт рæгъæуттæй йæ цæст куы нæ уарзы
Дард балцы цæугæйæ хуыздæр бæх равзарын,
Цавæр бæх раттдзæнис уæд мæнæн уагæры?»
Уыцы бæхыл цæуыс? — бафарста Мæргъуыдзы.
«О, уыцы бæхыл», загьта йын Мæргьуыдз дæр.
Зæххыл куы нæ цæуынц дæ бæхты рæгъæуттæ,
Бирæ дзы куы федтон хæрзкондтæ, хуыздæртæ,
Куы нæ сæ ныййардта бæхты дæ мад мийаг,
Уæд! цæмæн равзæрстай ацы гæбæр бæхы? —
Зæгъы нæртон Мæргьуыдз уæд афтæ уазæгæн:
«Уæу, мæнæ цы лæг ис! Куыд нæма базыдтай,
Конд æххуыс кæй нæ у иу ран дæр хъаруйæн?»
—Мæнæ диссаджы лæг! — зæгъы йын Уастырджи, —
Мемæ дæ чи фена ахæм гæбæр бæхыл,
Уый ныл фæхуддзæни махыл дыууæйæ дæр.
æппын куыд Нæ уыдис иу мады байрæгтæй
Дæ рæгьæутты æхсæн хъаруйæ уый хуызæн?—
Кæм фæцыдаиккой Мæргъуыдзы зæрдæмæ
Уазæджы ныхæстæ, æмæ йын куы зæгъы:
«Сæрды бæрæг астæу—сусæны мæй куы у,—
Ауæрдын хъæуы бæхтæн сæ хæрзтыл».
Цы ма йын загьтаид! фæндагсар Уастырджи?
Сæ бæхтыл бабадынц æмæ фæраст вæййынц.
Иу æртæ бонцауы ацæуынц иу цыдæй,
Уый фæстæ бадзуры Мæргъуыдз йе 'мбалмæ:
«Куы нæ фæхæццæ уæм бынатмæ афоныл
Хурныгуылды размæ, уæд нæ балц фехæлдзæн:
Дæ бæхы бацагай, нæ цыд фæтагьд кæнæм!»
Систой та цæуынтæ бæлццæттæ тагьд цыдæй.
æмæ, дын, бафæллад Уастырджийы æфсургъ,
æстайын байдыдта, йæ хъару нал уыдис.
Бæргæ ма фесхойы Уастырджи йæ бæхы,
Бæргæ расæпп кæны тыхæйты æфсургъ дæр,
Фæлæ та уайтагъддæр фæсте аззайы.
Мæргьуыдзы гæбæр бæх уайы цыппæрвадæй,
Дымгæйау атæхы, цæст дæр ыл нæ хæцы,
Уæд дзуры фæстæмæ Мæргъуыдз йæ уазæгмæ:
«æрцæфтæ ма йæ кæн дæ хъаруджын бæхы,
Куы нæ йæ ныййардта дæуæн дæ мад мийаг!
Цæмæн ыл ауæрдыс? Тагьд цæуын куы хъæуы!»
æрбамбырдтæ кæны Уастырджи йæ бæхы,
Иу чысыл азгъоры, бæргæ, æнæбары,
Фæлæ та фæсте аззайы уайтагъддæр.
Уæд дзуры уазæгмæ афтæ нæртон Мæргъуыдз:
«Гъæ, уæ бындар фæуат, нæ дуджы фæсивæд,
Афтæ чи ауæрды балцы дæр йæ бæхыл!
Уæвгæ цы бакæной? Нæй сын хуыздæр гæнæн:
Бæхтæй кæуыл вæййы сызгъæрин цæфхæдтæ,
Хæлынвад разынынц уыдон, хæфсы хуызæн».
Уæд йæ сæр ныттилы   фæнд'агсар Уастырджи,
Йæ сæр ныттилы 'мæ афтæ куы дзуры:
«Ай цы мыккаг æсты бæхæй уа, лæгæй уа?
Ахæм нæ^ма федтон дауджыты æхсæн дæр».
Уайынц æнæ'дзургæ дарддæр сæ фæндагыл.
Бахæццæ, дын, æсты уалынджы иу донмæ.
Катайы бацæуы фæндагсар Уастырджи:
«Кæд ацы арф доны иннæ 'рдæм цæугæ у,
Уæд мæ бæх бастади æмæ мæ дон ласдзæн!»
Мæргъуыдз доны бацыд йæ лæгуынбарц бæхыл,
Иæ бæхы   сæфтæг  дæр нæ   фæныгъуылд доны.
Бæргæ багæпп кодта доны Уастырджи дæр, —
Мæргьуыдз æм фæкасти: «Дон æй фæласы!»
Раздæхт æм фæстæмæ, уæдæ' цы кодтаид.
Байста йæ фæсарцмæ йæхи Уастырджийæн,
Аласта бæхы дæр доны, хъæдласæгау,
æмæ куы бадзуры афтæ Уастырджимæ:
«Уæ бындар фæуат, нæ дуджы лæппутæ!
Доны, гæдыйау, пыррыкк куы кæнут!»
Цæуын та райдыдтой дарддæр сæ   фæндагыл,
Бахæццæ, дын, вæййынц изæрæй иу бæстæм.
Дзуры йæ уазæгмæ Мæргъуыдз уæд афтæ:
«Фæлæу уал ацы ран, æз бæстыл акæсон».
Цæргæсау стахти иу бæрзонд айнæгмæ,
Йæ къухы аууонæй акасти бæстæтыл,
Кæугæйæ æрыздæхт фæстæмæ айнæгæй.
Уæд дзуры Уастырджи æнæфындз Мæргъуыдзмæ:
— Дæ кæуын куы дарыс æдзух дæ былалгьыл.
Цæмæн афтæ кæныс, уый мын зæгь, мæ фысым. —
«Зæгъ мын, куыд нæ дарон мæ кæуын былалгьыл?
Акæс ма бæстæтæм уæлæ уыцы! тигъæй;
æрмæст кæс дæхимæ, дæхи тынг ма авдис».
æсхызт бæрзонд цъуппмæ фæндагсар Уастырджи,
Йæ худы аууонæй фæлгæсы бæстæтæм.
Фæлгæсы бæстæтæм, дисы бацæуы:
«Ай цавæр диссаг у, не сфæлдисæг хуыцау!
Хур ныры йеттæмæ зæххыл нæма федтон».
Радзырдта Мæргъуыдзæн цы федта, уый.
«Уый хур нæу, мæ уазæг,—загьта йын Мæргъуыдз дæр, —
Хур нæу, цæдджинаг у, диссаджы цæдджинаг.
Иу хатт æй куы сфыцынц йе дза'гæй цæдджинаг,—
Авд азы фаг вæййы уæд æгас адæмæн.
Сæ зæрдæйы фаг двы фæнуазынц алы бон,
Гъе уæддæр цæдджинаг дзагæй-дзагдæр кæны.
Ис ма йæм ноджы дæр иу ахæм миниуæг:
æмæ дзы авдæнмæ йæ ных куы байсæрдынц
Ноггуырд сывæллонæн, уæд ын нал фæхъæуы
æнæхъæн афæдз дæр дзидзи бадарын.
Уый уыди махæн нæ фыдæлты хæзна
æмæ йæ ахастой тыхæй Донбеттыртæ».
Зæгъы уæд Уастырджи Мæргъуыдзæн афтæ:
— Ц'амал уа нæ къухы, уый йын бакæндзыстæм,
Ныр та уал бахуыссæм, суадзæм нæй фæллад.—
Райсом бон æрбацъæх, бæстæ æрбарухси;
Уастырджи фестади диссаджы сау рувас,
Хъуытазау уасыди йæ алы æрду дæр,
Кодта мырмырæгау диссаг рæсугъд зæланг.
Донбеттырты хъæуæн æрлыгьд йæ кæрæтты,
æрлыгъди сау рувас хъæугæрæтты æмæ
Фæсивæды хæрзты йæ фæдыл асайдта.
æрлыгьдис дыккаг хатт хъæуæн йæ астæуты,
Зæрæдты, сабиты йæ фæдыл асайдта.
Мæргьуыдз дæр фестади уæд диссаджы цæргæс.
Уыдйс йæ иу базыр барæджы нымæты йас,
Бæрз бæласы стæвдæн уыдысты йæ къæхтæ,
Йæ сæр та егъаудæр куырдадзы хъæсдарæгæй.
Дзыллæтæ куы фесты рувасы   сурыныл,
Уæд йæхи ауадзы бæрзондæй Мæргъуыдз дæр
Зилгæ 'мæ здухгæйæ нарты цæдджинагыл.
Йæ ныхтæй ныххæцы цæдджинаджы хъустыл,
Сисы йæ уæлæмæ æмæ йæ рахæссы.
Уалынджы рувас дæр, æвзаг ластæй æмæ
Лæф-лæф кæнгæйæ, æрбахæццæ вæййы.
æмæ та фæстæмæ лæгтæ фестадысты.
Бæхтыл æсбадтысты, рахастой цæдджинаг,
æмæ та цæуынтæ байдыдтой, цæуынтæ.
æрбахæццæ та сты иу афон донмæ.
Мæргъуыдз Уастырджийы 'рбайста йæ фæсарцмæ,
Доны йын йæ бæхы хъæдау æрбаласта,
Идадзæй йæ аиста, йæ тæнрæбынтæ йын
Ехсæй æрдзæхст ласта, æмæ сæ фæстæ
Гæпп байдыдта æфсургъ, уæдæ цы уыдаид.
Доны фаллаг фарс Мæргъуыдз фæкодта:
«О, хуыцау, мае зæрдæ куыд, риссы мæнæн
Гъе ныр мæ уазæгыл, адæм лæг кæй хонынц,
Уый зæрдæ дæр афтæ риссæд кæддæриддæр
Цы уазæг æм-иу уа, гъе уыцы уазæгыл».
Мæргъуыдзы бæхæй æрхызтис Уастырджи
æмæ йæхи бæхыл бабадтис фæндагсар,
æмæ та сæ фæндаг радардтой, уæдæ цы!
æрхæццæ, дын, æсты иу бæрзонд обаумæ,
Бæхтæй æрхызтысты обауы рæбыны,
Быдыры ауагътой сæ бæхтæ хизынмæ.
Уастырджи æрбадтис цъæх-цъæхид кæрдæгыл,
Мæргъуыдз та ссæуы обауы бæрзондмæ,
Обаумæ ссæуы, кувынтæ райдайы,
Кæлы йæ цæсты сыг, суадонау, обауыл.
Фæкуывта, фæкуывта æнæфындз Мæргъуыдз.
Ногæй та бабадынц сæ бæхтыл бæлццæттæ
æмæ та райдайынц цæуын йæ фæндагыл.
Сæхимæ фæнддгыл рацыд нæртон Мæргъуыдз,
У æларвмæ фæндагыл ара ста Уастырджи.
Уазæг буц у, зæгъгæ, балæвар кæны
Мæргъуыдз йæ цæдджинаг Уастырджийæн.
Дис кæны фæндагыл хинымæр Уастырджи;
«Цавæр хъарудЖьш у ацы æнæфындз лæг!
Дауджыты æхсæн дæр ахæм нæма федтон,
Нæма сæмбæлдтæн зæххыл дæр ахæмыл.
Уый бæрц хъаруджынæн йæ фындз цы кодтаид?
Хæсгæ мард куыд фæдæн, куыд нæ йæ бафарстон!»
Раздæхта йе'фсургъы Уастырджи фæстæмæ,
Байнæфта Мæргьуыдзы æмæ йæм дзуры:
— Фæлæу-ма иу чысыл, фæлæу, мæ хорз фысым,
æртæ хъуыддагæй мæ фæнды дæу бафæрсын:
Ай дæ конд конд куы у, уæд дæ фындз цы фæцис?
Уый у мæ фыццаг фарст. Дыккаг та ахæм у:
Хæрз зæронд куы бадæ, ус дын цæуылнæ ис?
æртыккаг фарст та дæ уымæй  бакæндзынæн:
Ацы стыр обаумæ куы 'рбахæццæ вæййæм,
Уæд куы æрлæууыс æмæ куы фæкæуыс,—
Уагæр цы мает дарыс обауæй дæ зæрдыл?—
«Цæмæн мæ бафарстай уыдæттæй, хорз уазæг?
Цæмæн мын æскъахтай мæ зæрдæйы 'рхæмтæ?
Афтæ дæ кæд фæнды бæлвырд сæ базонын,
Уæд дын сæ зæгъдзынæн, уæдæ цы бакæнон!
Фындзæй базонынмæ мæн хуызæн кæм уыди?
Сырд-иу кæм ацыдис, уый дæр иу базыдтон.
æртæ хорзы уыдис зæххыл уæды рæстæг,
Уыцы æртæ. хорзæй иу уыд мæ бинойнаг,
Дыккаджы ахаста уæларвон Уацилла,
Фæндагсар Уастырджи ахаста 'ртыккаджы.
Рагæй кæм нæ уыдтæн нæртон хæтæг-барæг!
Иу хатт та ацыдтæн Дард бæстæм хæтæны.
Иу ран мыл бахсæвис æмæ æрхуыесыдтæн.
Мæ   фындзыл сæмбæлди уайтагъддæр диссаг тæф:
Цыдис мæ хуыесæнæй кæйдæр лæджы  тæф.
Уыцы мæстыйæ, дын, мæ бæхыл абадтæн,—
Ацы бæхты мыккаг хæйрæджы тугæй у,—
æмæ нæ. хæдзармæ уайтагъд æрхæццæ дæн.
Бацыдггæн хæдзармæ, бакастæн хуыссæнмæ,
Хуыссынц ус æмæ лæг иумæ мæ хуыссæны,
Мæ мает рафыхтис, мæ кард фелвæстон,
Лыстæг сæ скарстон уым сæ! дыууæйы дæр,
Мæхæдæг рацыдтæн, кæрты ныххуыесыдтæн.
Райсом, сæумæцъæхæй æппæт нæртон дзыллæ
Къордгæйттæй цыдысты мæ кæртмæ кæугæйæ.
Бафарстон адæмы, цæуыл кæут, зæгъгæ.
«Дысон дæ ус æмæ дæ фырты куы скарстай,
Уæд ма цæуыл кæуæм?» зæгъгæ, мын загътой.
æз балцы куы цыдтæн дард бæстæм хæтæны,
Уæд райгуырд мæ усæн лæппу, 'мæ байрæзти.
МæрдТы баныгæдтам, æндæр цы гæнæн уыд?
Уæлмæрдтæй куы 'рцыдтæн мæ уазал хæдзармæ,
Уæд бацыд зæрдæйы ноджы тыхджындæр маст.
Куы нæ мын уыдаид ахæм æсмудаг фындз,
Уæд нæ фæкодтаин уыцы æстыр рæдыд.
Мæстæй фæлыг кодтон мæ фындз сæрдасæнæй.
Кæугæ кæм фæкæнын æз бæрзонд обауыл,
Уый та сæ ингæн у мæ уарзон бинонтæн.
Афтæ у мæ хъуыддаг», загьта нæртон Мæргъуыдз.
Уастырджи дзуры уæд æнæфындз Мæргъуыдзмæ:
— Хъыгаг у дæ рæдыд, хъыг дæр ма цы уыдзæн,
æмæ сын, цом æмæ. рухсаг уæддæр зæгъæм!—
Раздæхтой сæ бæхтæ, обаумæ ссыдысты,
Ракъахтой ингæнæн йæ сыджыт иу чысыл.
Обауы рæбыны йæ нымæт айтыдта
Фæндагсар  Уастырджи. Дзуры Мæргъуыдзмæ.
— Марадз, мæ хорз фысым, рахæсс-ма дæ мæрдты
æмæ сæ ацы ран нымæтыл æрæвæр.—
Йæ мæрдты рахаста йнгæнæй Мæргъуыдз дæр;
Уым сæ æрæвæрдта уазæджы нымæтыл;
Уастырджи æрцафта йæ нымæтын ехсæй
Мæргъуыдзы ус æмæ Мæргъуыдзы лæппуйы.
Цыма, хуысгæ кодтой, афтæ фехъал æсты.
Мæргъуыдзы фындзыл дæр æрхаста нымæт-ехс.

Мæргъуыдзы фындз дæр та абадт йæ бынаты.
Фæрсы уæд Уастырджи нæртсн лæг Мæргъуыдзы:
Сæрæй, ды нæ зоныс, æз чи дæн, уый, Мæргъуыдз? —
«Чи дæ, уый нæ зонын», загьта йын Мæргъуыдз дæр.
Уæдæ дæ уазæг уыд уаларвон/ Уастырджи.—
Загьта йын афтæ 'мæ атахти уæларвмæ.
Бирæ фæцин кодтой дауджытæ се'мбалыл,
Бацыд хисдæр усмæ æмæ: йын загьта:
—Хъыг дæм ма уал кæсæд дæ кæсдæры ныхас.
Мæргъуыдз зæххон лæг у, адæмæй райгуырди,
Фæлæ йæ хъаруйæ, йæ зонды ахастæй
Нæу æнæсæрæндæр уæларвы дауджытæй. —
Йæ  кæсдæр усæн дæр загьта Уастырджи:
—Бирæ фыдæбæттæ бавзæрстон дæу тыххæй,
Фæлæ бузныг дæн дæуæй, мæ бинойнаг.
Дæу тыххæй сæмбæлдтæн æз хъаруджын лæгыл.—
Загьта йын кæсдæр ус уæд!, Уастырджийæн:
«Нæртон Мæргъуыдзы ус мæ хисдæр хо уыдис.
æнæбары рæдыд сæмбæлди Мæргъуыдвыл
æмæ йæ амардта æнæ æрхъуыдыйæ.
Хос кæмæн не скæнай, ахæм нæй дунейыл,—
Исты хос кæд уаид уымæн дæр дæ къухы,
Зæгьгæ, дын загьтон æз уый тыххæй мæ ныхас».
—Дæ зæрдæ 'рынцайæд,—райгас дын кодтон
Дæ хо 'мæ йæ фырты, — зæгьы уæд йæ усæн
Уæларвон Уастырджи, рæвдаугæ ныхасæй.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке