logo

М О Я    О С Е Т И Я



ÆХСАР ÆМÆ ÆХСÆРТÆДЖЫ РАЙГУЫРД


 

Нартæн сæ хисдæр уæд Уæрхæг уыдис.
Уæрхæгæн райгуырдис дыууæ лæппуйы,
Дыууæ лæппуйы — дыууæ фаззоны.
Иу дзы райгуырдис фыццаг кæркуасæны,
Иннæ та райгуырдис дыккаг кæркуасæны,
Бонвæрноны скастмæ. Уæрхæджы зæрдæмæ
Рухс хуры тынтæ уæд ныккастысты —
Хъæбулы ад Уæрхæг фыццаг хатт базыдта.
Йæ фыртты райгуырды стыр боны фарнæн
Нæртон куывд æскодта сыгъдæг сырды фыдæй, —
Æрхуыдта уæларвæй Куырдалæгоны,
Нартæй — Борæйы йæ кæсдæртимæ,
Донбеттыры та — стыр фурды бынæй.
Зæронд Уæрхæджы уарзон лæппутыл
Буц нæмттæ сæвæрдта уæларв Куырдалæгон:
Хисдæрыл — æхсар, кæсдæрыл — æхсæртæг.
Радта Куырдалæгон номæвæрæггаг
Уæрхæгæн удæвдз йæ куырдадзы фæтыгæй,
Удæвдз уыд арæзт болат æндонæй.
Нарт уыцы удæвдз сæ фынгыл сæвæрдтой,
Æмæ сын кодта диссаджы зарджытæ,
Диссаджы зарджытæ уадындз хъæлæсæй:

Айс æй, аназ æй хуыцауы хæларæй,
Айс æй, аназ æй ронджы нуазæн!
Æмæ иннабонæй уæд иннабонмæ
Минас фæкодтой Уæрхæджы уазджытæ.
Стæй уæд фæскуывд фæфардæг æсты:
Куырдалæгон абадт цæхæр уады хъисыл
Æмæ уæларвмæ ныппæррæст ласта,
Ныппæррæст ласта Пакъуындзæйау.
Донбеттыр та фестад æргъæуон кæсаг,    
Æмæ фурды бынмæ ныцъыллинг кодта,
Нарт дæр фæфардæг сты хæтæны, стæронтау.
Айрæзтысты уайтагьд æхсар æмæ 'Хсæртæг:
Бон уылынг рæзтысты, æхсæв та — уыдисн.
Фæлæ тынг фыдуаг рахастой дыууæ дæр:
Сарæзтой сæхицæн фаттæ 'мæ æрдынтæ,
Æмæ маргъ тæхын нæ уагътой арвыл, —
Æрмийæ-иу æй æрæппæрстой.
Айхъуысти дунейыл: нарты Уæрхæгæн
Рахъомыл дыууæ хъæбатыр фырты,
Дыууæ фаззоны — æхсар æмæ æхсæртæг.—
Æхсар, мæ хуртæ, æхсарджын уыди,
Æхсæртæг та ноджы æхсарджындæр уыд.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке