Иухатт, зæгьы, нартæн сæ дзуар æргом рацыд.
Нарты устытæ йæм сæ кувинæгтимæ.
Цæуынц æмæ йын табу-лæгъстæ кæнынц.
«Хорз нывы конд мын ратт, хорз мын фæ у!»зæгьгæ.
Иннæты хынцмæ йæм Батрадзы ус дæр
Бацыди, уæдæ цы! æмæ йæм бадзырдта:
«Табу дæуæн, нæ дзуар! Мæ кувинæгтæ дын
Барст фæуæнт æмæ мын исты хæрзиуæг ракæ!»
«Тагъд цæугæ ардыгæй, дæ хуызæн устытæн,
Мондаджджын устытæн æз хæрзтæ нæ кæнын!»
Зæгъгæ, фæхъæр кодта усыл уым нарты дзуар.
Ус ма цы загьтаид,—аздæхти фæстæмæ
Æмæ мæстæйдзагæй сæхимæ бацыди.
Уыцы рæстæджы та Батрадз балцы уыд.
Ус бады хæдзары, æнкъардæй, мæстджынæй.
Уæд кæсы, æмæ, дын, зæрватыкк æрбатахт
Æмæ абадти хæдзары ердойыл.
Батрадзы ус æм уадидæгæн дзуры:
«Хорзы мын бацу — фæтæх мын Батрадзмæ:
Кæд бадгæ кæны, уæд лæугæ скæнæд,
Кæд лæугæ кæны, мауал æрбадæд,
æмæ мæм тагьд зынæд — æфхæрд мыл сæмбæлди!»
Зæрватыкк атахти; Батрадзы ссардта
æмæ йын ракодта йæ усы ныхæстæ.
Болатриу Батрадз йе 'фсургъыл абадти,
Æмæ уайтагъддæр сæхимæ 'рхæццæ ис.
Бауади йæ усмæ æмæ йæ афарста:
— Цы 'рцыди, цы кодтай, цæуыл бауынгæг дæ?—
Ус ын уæд радзырдта æрхæндæг зæрдæйæ:
«Нæ хицауты дзуар абон æргом рацыд.
Устытæ йæм цыдысты сæ кувинæгтимæ
Æмæ дзы амæндтæ куырдтой сæхицæн.
Иннæты хынцмæ йæм æз дæр бацыдтæн,
Кувинаг бахастон, кувæгау æскодтон;
Уый мыл фæхъæр кодта: «Дæ хуызæн устытæн,
Мондаджджын устытæн, æз хæрзтæ нæ кæнын!»
Гъе мæ мæ ратардта мæ кувинаджимæ».
Батрадз фæзылди» тар хъæдмæ ауади,
Бирæ тулдз лæдзджытæ сарæзта уыцы ран,
Йемæ сæ аиста, афтæмæй арастис
Бацыди дзуармæ æмæ йæм бадзырдта:
— О, нарты стыр дзуар, ракæс ма æттæмæ! —
«Æвæццæгæн та мæм куывды 'рбацыдæуыд»,
Загьта нарты дзуар æмæ рйкасти.
Батрадз йæ дæлармæй иу лæдзæг фелвæста
æмæ дзы сæ дзуарыл ралæууыд уыцы ран.
Дзуар ныййарц ис æмæ гæппæй фæлидзы.
Хæмыцы фырт дæр, дын, йæ фæстæ уайы
æмæ йæ хойы дынджыр тулдз телыгæй.
Иу лæдзæг куы асæтты, уæд та иннæ райсы,
æмæ йæ нæмы, уæдæ цы уыдаид!
Йæ уд йæ хъуырмæ схæццæ ис, афтæмæй
Баирвæзт нарты дзуар хоры Уациллатæм.
—Мæ куырммæдзæуæг хъуг сымахмæ балыгъди, —
Тагьд æй ратте кæнут, кæннод уын уæхи дæр
Ацы мæстджынæй фыдæбоны хай кæнын! —
Уациллаты дæр, дын, тас бацыдис æмæ
Ратардтой æттæмæ дзуары сæхицæй.
'Фæлидзы та дарддæр. Батрадз дæр йæ фæстæ.
Гуырæй-гуырмæ уайы æмæ йæ хорз нæмы.
Иу лæдзæг куы асæтты, уæд та иннæ райсы—
Афтæмæй йæ хойы, йе рагъдзарм ын дауы.
Сафатæм та балыгъд дзуар сæрсудзаджы;
Рауадысты 'гасæй Сафатæ Батрадзмæ:
«Ныууадз æй, Батрадз, мах æфсæрмæй абон,
Уый уæддæр, бакæс-ма, нал фервæздзæни!»
Лæгъстæ кæнын систой Сафатæ Батрадзæн.
Дзуры уæд Сафатæм Хæмыцы фырт Батрадз:
— Гъæ уæртæ саухъустæ, сымах тыххæй йæ
Нæ ныууадздзынæн æз, фæлæ йæ ратæрут,
Тагьд, кæннод тугуарæн кæны уæхиуыл дæр! —
æмæ йæ ратардтой, æндæр цы сæ бон уыд!
Лидзы дзуар дардцæр, тæрхъусау æзгъоры;
Батрадз дæр йæ фæдыл гуырæй-гуырмæ уайы
æмæ йын йе рагъдзарм тулдз-телыгæй дауы.
Дзуар йе 'взаг раласта, хуымон галы хуызæн,
Афтæмæй, фæстагмæ, Тутыртæм баирвæзт.
Уæд Тутыр рауади Батрадзы размæ
æмæ йæм бадзырдта лæтгьстæгæнгæйæ:
«Гъæйтг, нæртон Батрадз, курæджы куырдæн
Аргъ æскæн æмæ йæ ныууадз мæн тыххæй!» —
Афтæмæй йæ бæргæ нал ныууагътаин æз,
Фæлæ цы кæнон, а!—Дæуæн дæ кувинаг
Кадджын у рагæй, дæр, дæхæдæг дæр — афтæ.
Дæ ныхасæн дын, цæй, аргъ куыннæ скæнон!
Дæу тыххæй йын, Тутыр, барст уæд ацы хатт, —
Зæгъгæ, ма фæкодта Хæмыцы болат фырт
æмæ, дын, уыйадыл аздæхти сæхимæ.
Тыхæй ма улæфы, йæ цæстæй нал кæсы,
Афтæмæй адаргъ ис Тутыртæм нарты дзуар.
Дондæппал фестади йæ буар æгасæй дæр,
Тæлмытæ адардта, цъæх-цъæхид тæлмытæ.
Мардмæ бадæгау æм бадынц уым Тутыртæ,
А-ныр, а-уæд кæны, йе 'нгæс — мæрдон æнгæс.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат