logo

М О Я    О С Е Т И Я



БАТРАДЗЫ РАЙГУЫРД


Бон-иу Быценты чызг хæфсы цъары бадти,
Æхсæв та-иу рахызт, афтæмæй Хæмыцимæ
Цæрынтæ-хæрынтæ райдыдтой иумæ.
Æрхъæцмæ нæ хъæцыд Хæмыц йæ хорз усыл:
Кæдæм-иу цыдаид, уырдæм æнæ хæсгæ
Нæ уагъта йæ усы болатрихи Хæмыц.
Уæд та, йуахæмы, рараст ис Ныхасмæ,
Нарты стыр Ныхасмæ 'мæ дзуры йæ усмæ:
— Быценон, абон дын нарты стыр Ныхасмæ
Æнæ хæсгæ нал ис, æнæ хæсгæ мемæ!—
Лæгъстæтæ кæны Быценон Хæмыцæн:
«æз дæ мæрдты уазæт, æз де 'гæсты уазæг,
Ма бакæн афтæ — ма мæ хæсс демæ,
Кæннод дын мæнæй пайда нал уыдзæн».
Нæй, нæ йæм байхъуыста йæ усмæ Хæмыц
Æмæ йæ ахаста йæ дзыппы Ныхасмæ..
Сырдон рагæйдæр   фыдбылыз кæм нæ уыд!—
Уайтагьд бамбæрста Гæтæджы гæды фырт,
Хæмыцæн йæ ус йемæ кæй ис, уый.
Фæсивæдмæ бацыд, нарты фæсивæдмæ,
Нæмут мæ, зæгьгæ, сæ йæхиуыл сардыдта,
Фæсивæд дæр æй нæмынтæ райдайынц.
Уæд Сырдон бавдæлы, æмæ ныхъæр кæны:
«Гъе, уæ хуыздæр амæла, уæ хуыздæр, нартæн!—
Сæ кæсдæртæ, кæсут, нæмынц сæ хисдæрты,
Сæ хисдафтæ та кæд байдыдтой хæссын
Сæ налат устыты алы ранмæ семæ!
Кæм бадæм, кæм, уæдæ, нарты зæрæдтæ?
Ай лæгты ныхас у, æви устыты?
Цæмæн æрхаста Хæмыц Быценоны
Разагьды нартæн се стыр Ныхасмæ?
Нæ цæсгом бахордтам, æфсарм нæм нал ис.
Хорз нарты æгъдæуттæ байдыдтой сæфын!»
Нарты болатрихи Сырдоны куы айхъуыста,
Уæд цæдджинагау куыннæ сæхсыстаид!
Фестад йæ' бынатæй, Сырдонмæ бауади,
Тымбыл къухæй йын йæ риу ныххафт ласта.
Уæлгоммæ ахауди Гæтæджы гæды фырт,
Йæ къæхтæ хæрдмæ хъилæй аззадысты.
Бауадзыг ис Сырдон, уæдæ цы уыдаид!
Йæ хъæлæсæй скалди туджы къуыбæрттæ.
Цы гæнæн ма уыди Хæмыцæн дæр, уæдæ? —
Йæ ус Быценон æм уæд дзуры, Хæмыцмæ:
«О, бæргæ дын загътон, о, бæргæ дын дзырдтон:
«Ма мæ хæсс æттæмæ, ма мæ 'вдис æттæмæ!»
Ныр мæн дæр байсæфтай, дæхи дæр байсæфтай:
Уыцы 'фхæрды фæстæ мæнæн нал ис цæрæн
Демæ, хæдзары, дæхæдæг æй зоныс.
Фæсмонæй пайда нæй, хъынцъымæй дæр афтæ,
Фæлæ ды бавдæл, æмæ мæ фæхæсс,
Кæцæй мæ æрхастай, уырдæм фæстæмæ!»
Цы зæгъын ма уыд йæ бон Хæмыцæн дæр:
Ахаста йæ усы, æндæр цы кодтаид.
Быценты дуармæ куы бахæццæ сты,
Уæд дзуры Быценон нарты Хæмыцæн:
«æртæ хорздзинады уыд мæнæн мæ зæрды
Дæуæн бакæнын, æртæ хорздзинады;
Фæлæ дзы мæ къухы ныр иунæг йеттæмæ
Нал бафтдзæн бакæнын, æмæ цы чындæуа!
Мæ уæззау тæригъæд, дæ уæззау тæригъæд
Фæхæссæд уæлæуыл, фæхæссæд мæрдты дæр,
Ацы ми махæн чи бакодта, уый!
Дæуæй мæнмæ фæзынд нæлгоймаджы гурдз.
Мæхи дзидзийæ дын куы схъомыл уыдаид,
Уæд нæ разындаид ахæм гуырд дунейыл:
Фат дзы нæ хызтаид, кард æй нæ карстаид,
Фæлæ ма ныр цы, гъа! æрбадар де уæнтæ,—
æмæ дын гурдз уырдæм ныуулæфон!»
Кæм разы кодта, кæ, Хæмыц исдугмæ,—
Дæхæдæг кæм цæуыс, дæхæдæг кæм нал дæ,
Уым ма дын уымæй дæр цы кæнын, цы, зæгъгæ.
«Нæй мæнæн фæхæссæн уыцы гурдз мемæ»,
Дзуры уæд тынгæй Хæмыцмæ Быценон.
Ницыуал сдзырдта ныр Хæмыц æппындæр.
Бадардта йе уæнтæ, йæ бæзæрхыг уæнтæ,
æмæ сæм Быценон ныуулæфыди.
Хæмыцы уæнты 'хсæн февзæрди стыр сынкъ,
Стыр сынкъ февзæрди Хæмыцы уæнты 'хсæн.
«Ацу ныр æмæ-иу Сатанайæн радзур
Дæ хъуыддаг сыгъдæгæй, суанг кæрæй кæронмæ.
Уый. дын уæд заегъдзæни йæ къæртт кæнын афон»,
Зæгъгæ ма Быценон Хæмыцмæ бадзырдта.
Йæхæдæг уыйадыл сæхимæ ныццыди.
Хæмыц ма иу цъусдуг алæууыд сæццæйæ,
Стæй уæд фæстæмæ раздæхти Нартмæ
Æмæ Сатанайæн радзырдта йæ хъуыддаг.
Сатана райдыдта уæд бонтæ нымайын,
Бонтæ нымайын, мæйтæ хынцын ноджы.
Афон куы 'рхæццæ ис, бавдæлд, æмæ дын,
Хæмыцы фæсонтыл стыр сынкъ куы 'ркъæртт кæнид
Зонынджын Сатана, Уырызмæджы хорз ус.
Сынкъæй, дын, сырх зынгæй лæппу куы рахауид,
æрдæгæй уæлæмæ æндон чи уыд, ахæм,
æрдæгæй дæлæмæ болат чи уыд, ахæм.
æмæ куы асхъиуид цъæх-цъæхид денджызмæ.
Цъæх-цъæхид денджыз мигь фестад æгасæй,
Мигъ фестад, фæцыди уæлæмæ, арвмæ,
æмæ уым тар фæлмæй хуры цæст бахкæдта.
Денджызы цæрджытæ хуыскъыл куы аззайынц,

Хуыскъыл куы аззайынц сисджын дзыгъуыр кæфтæ,
Сисджын дзыгъуыр кæфтæ, авджынцæст кæсæгтæ.
Хъылдымтæ ма кæнынц денджызы сырх змисыл.
Сидтвос куы фестынц, куы, нарты сывæллæттæн.
Фæлæ 'руазал ис мигъ арвон уæлдæфы,
Уæд та тыгъдызæйæ афуарыд дæлæмæ,
æмæ та денджыз дæр фæстæмæ айдзаг ис,
Акалди йæ былтæй денджыз фæйнæрдæм,
Сæ уд та сæ мидæг æрцыдис кæсæгтæн
Авджынцæст кæсæгтæн, сисджын дзыгъуыр  кæфтæн:
Арф-арфид денджызы ленчытæ байдыдтой.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке