logo

М О Я    О С Е Т И Я



Дзырдуат


 

A

 

А г у ы р — æвæццæгæн, туркаг адæмы хатт — огуз-огур. Иронадæмы фыдæлтæ — алантæ — огуримæ æмбæлыдысты нæ эрæйы VI—'VII æнусты.
Адайы хох — Ирыстоны хæхтæй иу, ис Зæрæмæг, Цъæй æмæ Рацъы æхсæн.
А з а, А з а – б æ л ас — кадджытæм гæсгæ, зайы «дзæнæты»; ис æм низтæ сурыны æмæ мард, æгас кæныны тых.
А л а с а — чысыл уæвгæйæ, тынг домбай чи у, ахæм бæхты мыккаг.
Алæгатæ — нарты сæйрагдæр æртæ мыккагæй иу. Кæс «æртæ Нарты».
Алæмæт — ам: тынг диссаг, стыр æмбисонд.
Аминон— ирон мифологийы — Мæрдты Бæсты дуаргæсы сæрмагонд ном.
Андиагнымæт—дагъистайнаг нымæт; анди, зæгъгæ, афтæ хуыйны иу адæмы хатт Дагъистаны.
Ангусагсаргъ— цавæрдæр бæстæйæ («Ангусæй») æфтгæ саргъ.
Арвыайдæн — аргъæуттæ æмæ кадджытæм гæсгæ — æгас дунейы, суанг зæххы бын дæр, цы хъуыддæгтæ цæуы, уыдон каем зынынц, ахæм айдæн.
Арвы р о н — арвы æрдын.
А р т — схонæй  зынг  цы  æндоны   гæбазæй   ацæгъдынц,   уый.
А р х ъ ы з ы дæндаг — кæнæ хъох-дæндаг, Хæмыцы дæн­даг; кадджытæм гæсгæ, ахæм дæндаг кæй комы уыдаид, уымæн йæ фæндоныл «нæ» никæцы сылгоймаг загътаид.
А р ц — рагон рæхойæн хæцæнгаоз; йæ даргъ хъæды кæроныл сагъд уыдис æрхуыйæ  кæнæ  та æфсæйнагæп   конд цыргъ фындз.
А р ы х ъ — Елхоттæй хурыскæсæны 'рдæм цы нæухохы рагъ ацыдис, уый сæрмагонд ном.
Арыхъытæ— лæнчытæ æмæ къуыппытæ арæх кæм ис, ахæм ран.
Арыхъ-сапон— ам: хорз сапон. Арыхъыты ранæй-рæтты вæййы фынкгæнаг цъæх æлыджы мыккаг; фыццаг заманы дзы найгæйæ æхсадтой бæхтæ.
А с т æ р д — дурæй, хъæдæй, авгæй æмæ æндæр истæмæйты цъарæвæрд.
Астæуккаг Нарт — нарты хъæуы æртæ сыхæй иу. Кæс «æртæ Нарты».
Астфисынон,цыппаркъуымонхæдзар— раджы заманы-иу йуæй-иу хæдзæрттæ кæнæ мæсгуытæ, фидардæры тых-хæй, арæзт цыдысты афтæ, æмæ дзы мидæгæй уыдис цыппар къуымы, æттæрдыгæй та — аст фисыны.
Астымгæрдæг-къуыстымхал— астымты, дурджын рæтты кæрдæг тыхджын вæййы, æмæ, ома, астымгæрдæг арæххалæй, бирæйæ; хорз, бæзджын кæрдæг.
Ахар-калак— æвæццæгæн «Ахал-калак», горæт Гуырдзы-стоны.
Ахæсты аргъ — ахст лæджы, уацайраджы суæгъдгæнæггаг фиддон.
Ахст («цæргæсы хъæр æмæ сыл уарийы ахст фæкодта») — цъæхахст, цъæхснаг тыхджын хъæр.
Аххæрæг,аххæрджытæ— хохаг хæдзары цары хъæдтæ, цæджындзтыл чи æнцайы, уыдон; аххæрджыты уæлæ æвæрд вæййынц лыстæгдæр хъæдтæ — уæладзæнтæ, уыдон уæлæ та хъилтæ — æндзæлмттæ, стæй   уæд пыхй,   хъæмп   æмæ   сыджыт.
Ахъ-денджыз—Каспийы денджыз.
А ц ц — хъæддаг бабыз (хъаз?).

 

Æ

 

Æвæдлæг — æнæцот, æнæбайзæдтаг, æвæстаг.
Æвидигæ— æнæихсигæ; цасдæриддæрдзыхъауай, уыйасногæй-ногмæ æфтгæ.кæуылкæны, ахæмисты.
Æвицогбæстæ — æнæскæрст, æнæбæрæггонд, æнæхæрд бæстæ.
Æгъуыстуайкуыдф æ д æ н — омакуыдфесæфтæн, куыд бабын дæн.
Æйкæвдылд, айкæвдылд — «бæхыуымсапонæхсад, æнкæвдылдакодта» — ома, хорз æйцындта.
Æлутон, æлутонфыхбæгæны — нронадæмыфы-дæлтæ æлутон, зæгъгæ, афтæ хуыдтойбæрæгхицæн æгъд;ауылкондбæгæны. Фæстагмæ «æлутон» æмбарын байдыдтой афтæ, ды­мауыйу цавæрдæр диссаджы хæринаг кæнæ нозт, йæ гыццыл фæхъæстæйæ дæр адæймагæн йестонг мыккагмæ чи сæтты, низтæ чи суры, марды чи æгаскæны, адæймаджы цæрæнбон даргъдæр чи кæны, ахæм.
Æлхæд— ам: æлхæд адæймаг, цагъайраг кусæг.
Æмбырддонх æдзар — кæс «Æхсæртæггаты зæронд хæдзар».
Æммадæлонтæ — иу мадæй гуырдтæ.
Æмхицхæрæн Бæрæг об а у — цавæрдæр бынаты, раны сæрмагойд ном..
Æмцег — фыццаг заманы 'иу уыдис ахæм æгъдау, æмæ æдыхдæр мыккæгтæй чи уыд, ахæм хæдзар-иу хæссынмæ иста лæппу (кæнæ чызг) тыхдл-сындæр мыккагæй. æмæ уæд уыцы дыууæ хæдзары (дыууæ мыккаджы) кæрæдзийæн уыдысты æмцегтæ. Хъомыл кæнынмæ-иу лæппу кæнæ цы чызг радтой, уый та хуындис хъан;,
Æндзалм — кæс «Аххæрæг».
Æ р в ы г — æрвгъуыз цъæх.
Æр г ъ æ у — рæсугъд æмæ зынаргъ дуры мыккаг, перламутр.
Æргъæуон цæхæ'ркæсаг — арвхуыз, перламутрхуыз цæппæрджын кæсаг.
Æрдамонгæ  хæдзар— мыккаг-иу ард, кæм хордтой, æвæццæгæн, ахæм хæдзар,
Æрдзæ («амардта сæдæ сæдæ æмæ æрдзæ сæдæ сыр-ды») — мин.
Æр м и й æ, æ р м и д а р г æ й æ æ х с ы н — хæцæнгарз къухы, армы даргæйæ, æнæ истæуыл æрæвæргæйæ æхсын.
Æртæ а б о н ы к у ы в д — æвæццæгæн, æртæ къуырийы дæр-гъы куывд.
Æртæ Нарты — нарты сæйрагдæр æртæ мыккаджы: Æхсæртæггатæ, Борæтæ æмæ Алæгатæ. Иуæй-иу варианттæм гæсгæ та Нарты хъæуы æртæ сыхы: Уæллаг Нарт, Дæллаг Нарт, Астæук-каг  Нарт.
Æрттигътæ— фæтты кæрæттыл-иу цы æртæтигъон æфсæн
фындзтæ (бырынчъытæ) конд; уыдис, уыдон.         
Æрфæн — нарты хисдæр Уырызмæджы æмбисонды бæхы сæрмагонд ном. Кадджытæм гæсгæ уый у зæххон бæхты «хисдæр», ома, дам, бæхты мыккаг зæххыл   уымæй   рацыдис. Ирд æхсæвты арвыл цы урсбын фæтæн тæлм фæзыны æмæ ирон адæм «æрфæныфæд», зæгъгæ, кæй хонынц, уый ном дæр рауадис ацы мифон бæхы номæй.        
æстæмæй-астмæ— амоны, «иннабонæй — иннабонмæ» цы амоны, уый. Кæс «Иннабонæй — иннабонмæ».
Æф с а т и — ирон   мифологийы — сион    сырдты    æмæ    цуаны  бардуаг.   Йæ   бадæн   бынатыл,   кадджытæм   гæсгæ, нымад уыд Адайы хох.
Æфсургъ— ирон мифологийы — тæхгæ æмæ æвæллайгæ, æвæлмæцгæ бæх.
Æхсæртæггатæ — нарты сæйрагдæр æртæ мыккагæй йу. Кæс «æртæ Нарты».
Æхсæртæггаты зæронд хæдзар,Алæгаты стыр хæдзар,Борæты æрдамонгæ хæдз'ар,нарты иу -мæйаг хæдзар,нарты æмбырд дон хæдзар — нарты кадджыты бирæ ис ахæм ныхæстæ; уыдон сты, æгас мыккаг ма-иу сеппæт иумæ куы цардысты, уыцы незаманты царды æгъ-дæутты бæрæггæнæн.
Æхсинæг— бæлон.
Æхснарцъы— къутæр зайæгойы мыккаг, йæ зæнг вæййы фылдæр-фылдæр æнгуылдзы стæвдæн.
Æхсын — тар бурбынхуыз уæныг-гал.

Б

Бабиагæфтаугæтæ — цавæрдæр бæстæйæ («Бабийæ») æфтгæ æфтаугæтæ.
Бадæн (Хæмыц... ныхъæр кодта нартмæ: «Тулæг кæмæ ис, уый тулæджимæ рацæуæд, бадæн кæмæ ис, уый бадæнимæ рацæ-уæд, уыдон кæмæ не сты, уый та—фистæгæй, æмæ. ахæссут уæхи-цæн сырдггы мæрдтæ!») — ам: æвæццæгæн, бæх.
Б а д ж и з   дардзæн — бахъыг дардзæн.
Б а зæрдæхсайгæ   и с — басывæрджын ис.
Бакайдта — ам: фæхъæуын кодта, фæцагъта.
Байзæдтаг — цот, зæназг, фæстагæттæ.
Балсæджы Цалх — ирон мифологийы — тыхджын уд-гаймагцалхы хуызы, цардис   уæлæрвты.
Б а л ц — кæс «Стæр», «Хæтæн».
Барастыр — ирон мифологийы    — Мæрдты Бæсты   хицау.
Бардуаг — рагон мæнгуырнындзинадмæ гæсгæ — бæрæг исты бар кæмае ис, уыцы дауæг, зæгъæм: «Абоны бардуаг», «Ры-ны бардуаг», «Бынаты бардуаг».
Б а р ы с ч ъ и — афтæ хуынди, марды тыххæй-иу фыдызгъæл æмæ урссаг куы нæ хорд'той, уæд уый.
Басмахъытæ — рагон къахы дарæс, хæдзары дарынæн. схъæл фындзтæ сын, сæ зæвæттæ та гом.
Б æ лг ъ æ — бæрæг нæу, афтæ цавæр адæм æмæ бæстæ хуындысты, уый.
Бæхæууæрдын — дугъон бæхмæ   сæрмагонд зылр| кæнын.
Бæхджынынуа'зæнтæ — «Уастырджийы гаджидау» кæнæ «фæндаггоны нуазæнтæ», зæгъгæ, кæй хуыдтой, уыдон.
Б е с т а у — Пятигорск-горæты цур цы хох ис, уый ном. Тюркаг æвзагыл «бестау» амоны — «фонда сæры», ома, фондз цъуппы цы хохæн   ис. уый.
Бидасытахъа — нарты кадджытæм тæсгæ, номдаыд Бидасы æ.мбисонды згъæр худ; хæсты коймæ-иу йæхæдæг абадти хæстоны сæрыл, æмæ-иу уыцы хæстон лæджы уæд кард дæр нал карста, фат дæр дзы нал хызти.
Б о л а т — рагон æндоны мыккаг.
Бонасадæнкæнын — хи   фæстийæттæ   кæнын.
Бонвæрнон (кæнæ Б о б р о н)—сæууон стъалы, боны 'рдæм цы стыр', ирд стъалы скæсы, уый.
Б о н ц а у — иу бон цас ацæуæн ис, уый. Фæндаджы даергъ-иу фыццагон рæстæджы нымадтой бонцаутæй.
Б о р æ т æ — нарты сæйрагдæр æртæ мыккагæй иу. Кæс «æртæ Нарты».
Бузна,бузнагнæлхуы—фыдмитæгæнаг, налат хъæддаг хуы.
Б у р æ    («бурæ нæл фыс») — хæрзхаст.
Б у р æ м æ д з — мифон сасмы мыккаг.
Быцентæ— лыстæг адæмы мыккаг. Нарты Хæмыцы каистæ. Донбеттыртæй равзæргæ; цардысты зæххы бын.

Г

Галæгон—ирон мифологийы — дымгæты бардуаг.
Г а л у а н — дурæй амад, рæсугъд стыр хæдзар, фидæрттæ-гонд, мæсгуытимæ, йæ алфамблай — æмæхкæд быру.
Г а л х а т т — дыууæ галæй иу хаттæн цы раласæн ис, уый.
Г а м х у д — аргъæуттæ æмæ кадджытæм гæсгæ, ахæм худ, æмæ-иу æй адæймаг йæ сæрыл куы æркодта, уæд-иу ын уынæн нал уыдис, йæхæдæг та уыдта алцы дæр.
Гæ бæ т — лалым.
Г æ т æ г — ирон мифологийы — суадæтты бардуаг. Сырдоны
фыд.                                                                    
Г у р æ й - г у р м æ (гуырæй-гуырмæ)—цæуын—ома, хæд фæс-тæ цæуын.
Г у р ы    ф и д а р — ис Гуры горæты, Гуырдзыстоны.
Г у ы д ы н — раджы заманты-иу бæрæг истæй тыххæй, истæй номыл кодтой, иу лæг сисын кæй нæ фæрæзта, ахæм стыр уæли-бæх; уый хуындис гуыдын; стыр кæрдзын дæр уымæ гæсгæ фæс-но.мыгæй фæхонынц гуыдын.
Гуым, Г у ы м ы быдыр — бæстæйы ном; æвæццæгæн уый у — Хъуым, Хъуымы быдыр Цæгат Кавказы, ныры Пятигорскы цур.
Гуымирытæ — ирон таурæгътæм гæсгæ, зæххыл фыццаг равзæрд Уадмеритæ, зæгъгæ, ахæм адæмы мыккаг. Уыдон уы-дысты ставд æмæ тыхджын адæм: кæмтты нæ цыдысты, зæхх сæ нæ урæдта. Уыдон фæстæ фæзынди æндæр адæм—К а м б а д а, зон-дæй дæр æмæ тыхæй дæр Уадм'ериты хуызæн, фæлæ асæй тынг къаннæг, æмæ зæххыл цæрынæн нæ бæззыдысты. Уыдон фæстæ равзæрди Г а м е р и'т æ, уыдон дæр та фесты æгæр стыр адæм, æмæ та хуьщау сфæлдыста ног адæмы мыккаг—Г у ы м и р ы т ы. Уыдон дæр зæххы аккаг нæ фесты, æмæ та уæд хуьщау сфæлдыста У æ й-гуыты. Уыдон дæр нæ фæрæстмæ сты, æмæ уæд хуьщау сфæл­дыста Нарты. Нарт рауадысты зæххы аккаг адæм.
Гуыппырсартæ—уæнгджын, домбай, æххæстзонд, æгъдау-джын æмæ номдзыд лæгтæ.

Д

Дауæг, дуаг — ирон мифологимæ гæсгæ, бæрæг исты бартæ лæвæрд кæмæ уыдис, ахæм «чысыл» хуьщау.
Дæ хал, дæ бæндæнфæхауа — æлгъыст, ома, дæ мыккаг сыскъуыйа, цот дæ ма рацæуа, дæ цард рæстмæ ма фæуа.
Дæлдæртæ — лæккадгæнджытæ, дæлдæр адæм.
Дæллаг Нарт — нарты хъæуы æртæ сыхæй иу. Кæс «æртæ Нарты».
Дæлтъур — фыццагон ирон хæдзары артдзæсты фæйнæ фарс-иу. уыдис дуртæ æвæрд æхсидæвты кæрæттæ æрæвæрынæн, æмæ ахæм дур хуындис дæлтъур.
Дæргъуæрхмæгæрста — ома, йæ фæндаг цыбыр кодта.
Догъ, донхъ — хъуг, фыс, сæгъ иу дыгъдæн цы 'хсыр æр-кæны, уый.
Догъгъæрæг,доххæр'æг— хуымтæм, уыгæрдæнтæм æмæ аф. д. дон уадзæн чысыл къанау.
Донбеттыр—ирон мифологийы—денджызтæ   æмæ стырдæт-ты бардуаг; Донбеттыртæ—Донбеттырæн   йæ хæдзарвæндаг,   ден-джызы бын цæрæг адæмьг ном, стæй сæ бæстæйы ном дæр.
Дур-дура — нарты Хæмыцы бæхы ном.
Дывæрссагæй  (дывæрццыгæн)    р а б а д т ы с т ы — дыууæ
Дыдзы   хур — ирон   мифологийы — мæрдты бæсты хур.
Дыдзы   хъарм — цъус хъарм, хъæрмуст.
Дыууæдæстæнонфæндыр — рагон ирон фæндыр.
Дыхъусыг—1) тъæпæнбын стыр    æрхуыаг (цæдджинаг); 2) дыууæхъусджын стыр дурын.

Дз

Дзаггарз— нозт, тынгдæр бæгæны, цы стыр мигæнæны ра-хæссынц бадтмæ, уый.
Дзауматухæг—фыццаг рæстæджы-иу ирон адæммæ, чындз хæсгæйæ, чындзы дзауматæ уыдысты хицæн лæджы æвджидгонд, æмæ уый хуынд|ис двауматухæг.
Дзæгъындзæг — маргъы мыккаг, гæркъæраджы хуызæн.
Дзæнхъайы    цæст— кристалл.
Дзигло, хæххон дзигло — хæххон чысыл цъиу; ам уæйгуы-тæ афтæ хонынц нарты.
Дзындз а л ас а — зæлдагхуыз, сызгъæринхуыз аласа. Кæс сАласа».
Дзыхы-дон — нарт нуазынæн цы донæй хастой, уый.

Е

Е л и а — ирон мифологийы — арвы нæрд æмæ арвы æрттывды бардуаг.
Е р д о — хуынкъ рагон ирон хохаг хæдзары цары, фæздæг æмæ рухс цæуынæн; иуæй-иу рæтты ма йæ хонынц «сæйраг», «сæй-раг рудзынг».
Ехсыхъаэд — къутæр зайæгойы мыккаг, йæ зæнг вæййы фылдæр-фылдæр ехсы хъæды стæвдæн.

З
                                                                       
Залгъæд — ныллæг къутæртæй чи зайы, ахæм зайæгойы мыккаг. Йæ зæнг у лыстæг æмæ цыбыр.
Залты мит, залтымитæмææнусы цъити—иттæг барæ миты æруард, ома, залты бæсты цы мит æруары, ахæм.
Згъæр, згъæрхæдон — фыццагон хæстон дарæс, згъæр швгтæй конд, адæймаджы буар кард æмæ фæттæй хъахъæныны тыххæй.


Зи л а х а р —нарты хъазæн фæз, нарт фат æмæ 'рдынæй, кар-дæй, дугъы уайынæй, кафын æмæ симынæй сæ хъару кæм æвзæрстой, уый.
3 о н ы н д ж ы н — цы 'рцыди æмæ цы 'рцæудзæн, уый чи зо­ны, ахæм адæймаг.
3 ы м — хъæддаг гогыз.

И

И в а з н — цæнгтæ фæйнæрдæм аивазгæйæ, иу къухы кæронæй иннæмæ, рагон рæстæджы дæргъбарæн.
И в а р — стъраф.
Иннабонæй— иннабонмæ, иу абонæйиннæ а б о н-м æ — æвæццæгæн, къуыри.
Иумæйагæмбырддонхæдзар — кæс æхсæртæггаты зæронд хæдзар».

К

Кадзитæ — кадджытæм гæсгæ — зæххы бын, денджызы бын цæрæг адæм; дæлимонтæ, зинтæ.
К а й ы н — хъауын, фæхъуаг кæнын.
К æ р а з — цæджындзтыл арæзт тапкагонд, Рагон рæстæджы-иу æрвдзæфы кæнæ æнæуый марды æвæрьшæн ныссагътой бæр-зонд цыппар цæджындзы, сæ уæлæ цæхкæрмæ кау кæнæ хъилтæ æвæрд, афтæмæй.
К æ р д и х — карст, хай исты хæринагæй.
К æ ф т ы-С æ р-Х уыйæндо н-æ л д а р — ирон мифологийы — кæфты, кæсæгты бардуаг.
Курдиат—1) кадджытæм гæсгæ нартмæ хуыцауæй уыдис ахæм лæвар, æмæ-иу сæ цы бафæндыд, уый-иу æрцыдис; 2) стыр зæрдæргъæвддзинад, стыр зонд, иттæг арæхстдзинад истæмæ; зæгъæм, фыссæджы курдиат, нывгæнæджы курдиат; 3) курындзинад.
К у ы й хъæд, к у ы й дур б а и с т ы — ома, фæйнæрдæм ныххæлиу сты, ныппырх сты.
Куырдалæгон — ирон мифологийы — уæларвон куырд, куырды куысты бардуаг. Нартæн кодта хæцæнгæрзтæ, сæрыдта нæртон адæмы.
Куырыппыбæрзонд— нæухох, ис Цæгат Ирыстоны, Куырыппы районы.
Куыф—стыр чыргъæд; хохы дзы хуымтæм фæласынц фа-джыс.

Къ

Къала-бæлас — æнæхъæн бæлас æд къалиутæ æмæ æд ундæгтæ.
Къаты   бон — кусгæ бон (бæрæг бон нæ, фæлæ).
Къæрит,къæрид — кæрцы' хæррæгъ, æвзæр кæрц.
К ъ æ с с а — цармæй конд голлаггонд.
К ъ о т и — хæф, цъæй, фаджыс. «Къоти калын» — хæлæф кæнын. зыд кæнын.
Къулбадæг ус — ирон аргъæуттæ æмæ кадджыты — си-дзæргæс ус, хибар ран цæрæг, хинтæ 'мæ кæлæнтæгæнæг, дуне-йыл цы 'рцыди æмæ цы 'рцæудзæни, уыдон зонæг.
Къусбæрттæкæныфæныкæй — фæныкæй хъазьт, фæнык бары.
Къухццæг — хъомвосæй найкæнгæйæ, цæджындзмæ æппæ-ты хæстæгдæр цы стур вæййы, уый.
Къуыстил — æнæхъæн хъæды лыггагæй конд, къахт мигæнæн.
К ъ у ы с т ы м х а л — кæс  «Астымгæрдæг-къуыстымхал».

Л

Л æ г д о н — рæстæгмæ цæрæн бынат хъахъæнджытæн, фосгæстæн æмæ аф. д.
Лæглæууæндзыхъ—ирон куырдадзы мидæг-иу хъæс-дарæг арæзт уыдис ныллæг къуыдырыл, æмæ цæмæй куырды æгæр тынг гуыбыр кæнын ма хъуыдаид, уый тыххæй-иу хъæсдарæджы фарсмæ уыдис дзыхъ къахт, гъе уый хуындис   лæглæууæн дзыхъ.
Лыстхуыд — ома, лыстæг сынкæй хуыд.

М

М а д ы б æ х — фыццаг рæстæджы-иу сиахс, ирæдæй уæлдай, чызджы   мады номыл цы бæх лæвар кодта, уый.
Мæ сæрыхицау — кæс «Хицау».
М æ р г ъ г æ — бадæн саргъы гæрз, бæхы риуыл кæнгæ, саргъ фæстæмæ цæмæй нæ быра, уый тыххæй.
Мæрдæгъдау, мардыæгъда у—фыццаг рæстæджы-иу, мардмæ бацæугæйæ. нæлгоймæгтæ хостой сæ сæртæ (ехсæй, тым-был къухæй). сылгонмæгтæ — сæ уæрдмштæ, сæ рустæ; уый хуын-дис мæрдæгъдау.
Мæ р т — фыццаг заманы хорбарæн, 6 килограммы бæрц.
Мæхæлыстыгъд— лалымыстыгъд.

Мидгъуынкъæри т—бæгънæг буарыл конд кæрц.
Миф — рагон адæмы таурæгъ, дуне æмæ адæмты равзæрды тыххæй, æрдзы фæзындты тыххæй, хуьщæуттæ æмæ хъæбатырт'ы тыххæй.
Мифологи— искæцы адæмы равзæрды тыххæй, дауджытæ, скуыхг лæгтæ æмæ æндæр ахæмты тыххæй рагон таурæгътæ, мифтæ сеппæт иумæ.
Мондаджджын— æфхæрæн дзырд, сылгоймагæнп хæлд, æдзæсгом.
М у с о н г — сырддзæрмттæй кæнæ бæласы къалиутæй конд рæстæгмæ цæрæнбынат, халагъуд.
М ы д а м æ с т ы т æ — мыдджын хыссæйæ конд кувинæгтæ.
М ы с ы р — Египет.

Н

Н а й й а г — най цы стурæй фæкæнынц, уый;   æфхæрæн дзырд.
Н а л х ъ у ы т-н а л м а с — зынаргъ дуры мыккаг, æвæццæгæн,
бриллиант.
Нæ  хицау — кæс «Хицау».
Нæрæмон— йæхиуыл хæцын, йæхи уромын чи нæ фæразы, æрхъæцмæ чи нæ хъæцы, ахæм ащæймаг.
Н о г б о н — ам: ногбоны бардуаг.
Ноггæнæнсуадон — кадджытæм гæсгæ-иу уыцы суадоны доны йæхи чи цынадта, уый-иу фестадис хæрз æрыгон адæймаг.
Ныв,  нывы  конд — амон|д, хъысмæт, ныхыфыст.
Ныккæнд— зæххы бын конд цæрæн бынат, фосы бынат, хæзна дзауматæ æвæрæн бынат:
Ныккола — ирон мифологийы — дуаджы ном.
Нымд  кæнын— æфсæрмы кæнын, æгъдау дæттын.
Н ы х ы д з у а рд ж ы н — амондджын.

П

Пысултæ— уæлæдарæс.   

Р

Реком— ирон мифологийы — стурвосы бардуаг. Рекомы кувæндæттæ Ирыстоны ис цалдæр раны. Сæ тæккæ рагондæр ис Цъæйы, комы.
Р и ф т а г — дзæкъул, хордзен.
Р о н г — Нарты нозт, тынг хæрзад æмæ карз.

С

Сагъадахъ— нарты кадджыты: иу варианттæм гæсгæ у фатдон, иннæ варианттæм гæсгæ та — хæдæхсгæ фатдон,
Саденджыз — æвæццæгæн,  Сау денджыз.
С а ф а — ирон мифологийы — артдзæсты, уæларт рæхысы, цыр-гъаджы æмæ бинонты царды бардуаг.
С а х с æ н — бæхы къæхтæбæттæн, гæрзæй конд.
Сæйраг,   сæйраг   рудзынг— кæс «Ердо».
Сæрæй исгæ æмæ бынæй ахадгæ — кадджытæм гæс­гæ, ома, уæле дзы цас исай, уыйас бынæй æфтгæ кæуыл кæны, ахæм.
Сæрджын   саг — ома.   стырсыкъаджын   саг.
Сæры   х и ц а у — кæс «Хицау».
С æ р ы н — æфсæйнаг, æндон хъæбæрдæр кæнын. Ам фылдæр вæййы нарты хъæбатырты сæрыны кой. Зæгъæм, Батрадз йæхи байсæрын кодта уæларвон куырд Куырдалæгоны куырдадзы; Сос­лан йæхи байсæрын кодта бирæгъы 'хсыры.
Сæццæйæ   аззад — джихæй,   сагъдауæй  аззад.
Сехы   гоппыл  фæхау — æлгъыст; ома, фесæф, бабын у.
Силæм— куыдзы ном; кадджытæм гæсгæ, Силæм у зæххон куыйты «хисдæр», зæххон куыйты мыккаг цы куыдзæй рацыд, уый.
С о в а х ъ — маргъы мыккаг.
Софиайы зæппадз — Батрадз Софиайы зæппадзы куыд ныгæд æрцыдис, уый фæсномыгæй æвдисы чырыстон дины фæуæ-лахиздаинад, муртаккаг диныл. Чырыстон дин цыдис Византийæ, æмæ уым та стырдæр æмæ рæсугъддæр аргъуан уыдис Софиайы аргъуан.
С с ы н — ам: цыргъ кæнын.
С т æ г г а г , сымахæй нæ стæггаг куы уаид, — ома, сымахæй нæм сылыстæг куы уаид.
Стæр— хæстон балц къордæй.
Стæрон — стæры уæвæг.
С т ы г,   «мигъы   с ты г» —мигъы цъупп.
Стыггай — къордгæйттæй, дзыгуыртæ-дзыгуыртæй.
С т ъ æ л д ы   ф æ у а й —   ома, фесæфай, бабын уай.
С у а н г («Дысон иу суангыл цуаны ацыдтæн») — фахс.
Сухы   цагъд — ома,   бындзагъд.
С ы — сыкъа.
Сылæг мигъ — бæзджын сур мигъ.

Т

Та н х ъ а — фынк. Тапка—   цауд агъуыстгонд.
Т а р а н дже л о с —ирон мифологийы — дзуар; йæ кувæндæттæ баззадысты Тырсыйы, Тибы.
Тархъы   Сындз — бæсты ном Каспийы денджызы был.
Т а х ъ а — згъæр худ (кæс Бидасы тахъа).
Тæтæртупп — ирон мифологийы — дуаджы ном.
Т е л ы г — ставд лæдзæг.
Тннты   кæрц — зынаргъ сырддзæрмттæй конд кæрц.
Т у л æ г — уæрдон.
Т у т ы р — ирон мифологийы — бирæгъты бардуаг.
Тыбауы  хох — ис Цæгат Ирыстоны, Дæргъæвсы комы.
Т ы л и ф   к æ н ы н — хи фæиуварс кæнын, фæфæливын.

Тъ

Тъæр — къонайы цур сугтæвæрæн, дур кæнæ æфсæйнагæй. Тъыфыл цæргæс — стыр цæргæс.

У

Уаддым — ирон мифологийы — уадау тагъд уайаг бæхь мыккаг.
Уаддымтæ — уад йæ мит кæмæн фæхаста, ахæм зæххь гæппæлтæ хæхты.
У а д с у р — ирон мифологийы — уад æййафæг, бæх.
Уаз, У а з а , Уазы къуыпп — хохы ном Дыгургомы. ¦    У а р б и — бæрæг нæу, афтæ цавæр бæстæ æмæ адæм хуынды сты, уый.
Уарпы фидар—уыдис ныры Кубаны облæсты. Уруппы донь был-
У а р т — фыццаг рæстæджы — карды цæфæй хи хъахъæнæ1 стыр чъиригонд, хæстон дзаума, цонгыл кæнгæ.
У а с - къуыпп — кувæн къуыпп.
Уацамонгæ, Амонгæ, Нартамонгæ — нарты диссаджы зонынджын къус, кæхц, хъæбатырты кæхц. Уыдис æм ахæм миниуæг, æмæ-иу стыр хæстон скуыхтдзинæдтæ чи равдыстаид стæй йæ хæстон скуыхтдзинæдты тыххæй æрмæст дæр æцæгтæ чи рг дзырдтаид, уымæ-иу йæхæдæг йæхи æгъдауæй бацыди; иннæтæй й« къухы никæмæн æфтыд Уацамонгæйæ бануазын.
Уæладзæн — кæс «Аххæрæг».
Уæлæндыг — зæронд ирон хæдзары-иу артдзæсты сæрмг уыдис дыууæ хъилы ауыгъд, сæ уæлæ та кау (хуынди «æндыг»)-истытæ æвæрынæн. Уыцы хъилтæ хуындысты уæлæндгуытæ.
Уæллаг Нарт — кæс «æртæ Нарты».
Удæвдз — нарты кадджыты — диссаджы уадындз, йæхæдæ
йæхи æгъдауæй алы зарджытæ чи кодта, ахæм.
У ы д и с н — дисны.
Уырдæндах — уырд — тынуафæн    дзаума;    уырдæндах — уырдтæ цы æндахæй арæзт сты, уый.
Уытъыр — доны цæрæг зулкъ.

Ф

Фалгæрæттæ — куыройы фыдæй фæлгæтæджы æхсæн цы ссады рыгтæ æрæмбырд вæййы, уыдон.
Фæлвæра — ирон мифологийы — фысфосы бардуаг.
Фæндырты уæ фæцæгъддзысты — ома, зарджытæ  уыл фæкæндзысты.
Фæринк — цирхъ кæнæ æхсаргарды мыккаг.
Фæсмæргомау лæппу — къæйныхгомау лæппу.
Ф æ с н а х — бæрæг нæу, фæлæ, æвæццæгæн, роныл ауыгъд яятытае аевæрæн; зæнгойы мидæг.
Фæтк — æгъдау, уаг.
Ф æ т ы г — бæрæг хицæнхуыз æндоны мыккаг.
Фосы конд — мулкыл фæхæст.
Франк, фæранк — тигр.
Фурд—1) денджыз, 2) сындæг чи цæуы, ахаем стыр дон.
Фыдвæд — фыд цот, æвзæр байзæдтаг.
X
Харæ хъуымац — зæлдаг хъуымацы мыккаг.
Хатиаг æвзаг — бæрæг нæу, цавæр æвзаг у, уый.
Хахнаг хæрх идон — бæрæг нæу, цавæр идон    у, уый.
X эе з м ы б ы д ы р — бæрæг нæу, цавæр быдыр у, уый.
X æ л ц о н — дзæкъул, хызын. .
Хæрзæджытæ — адæмы хæрзтæ.
Хæстбойнон     (хъæстбойнон     бац и)—басывæрджын.
Хгтаен — балц фос фæкæныны тыххæй.
Хицау — ам: фыццагон ирон æгъдаумæ гæсгæ сылгоймагæн не'мбæлди йæ лæджы ном, йæ тиуы ном, йæ лæджы фыды ном, уыдонæн сæ мыккаджы ном дзурын, фæлæ сæ-иу амыдта фæсно-мыгæй. Йæ лæджы хуыдта «мæ сæры хицау», йæ лæджы фы­ды—«нæ хицау» æмæ аф. д.
Хорасан худ — хорз цъæх уæлдзарм худ. Хорасан, зæгъ-гæ. афтæ хуыйнынц бæстæ æ'мæ горæт Ираны.
Хорæлдар — ирон мифологийы — хорты бардуаг.
Хорхор    бæх — хорæй хает бæх.
Хор-хос — хор æмæ хосæй цыдæриддæр не, уый. Ам: бирæ фæллæйттæ.
Хуыйысæр — рагон ирон хъисын фæндыр.

 

Хуындæджы бадæг — фыццаг рæстæджы ирон адæм-мæ уыдис ахæм æгъдау: ног чындзæн, йæ чындзы 'рцыдæй ца-лынмæ афæдз рацыдаид, уæдмæ йæ фыды хæдзармæ цæуын не 'мбæлди. Афæдзы фæстæ-иу ацыд йæ цæгатмæ æмæ дзы-иу дзæвгар рæстæг фæци. Гъе уыцы рæстæг хуынди «хуындæджы бадæн» рæстæг, чындз ,та-иу хуынди «хуындæджы бадæг».
X у ы с а р    х ъ у ы м а ц —¦ зынаргъ зæлдаг хъуымац.
X у ы ц а у æ г а с    загъта   —  хуыцаумæ  скуывта.
Хъ
Хъабахъ — фыццаг рæстæджы — даргъ хъил, йæ уæлæ нымæты кæнæ фæйнæджы гæбаз фидаргоцд, марды номыл мысан æхсынæн.
Хъамбул   уæраг — фидар уæраг.
X ъ а н — кæс «æмцег»-
Хъандзал— 1) æндоны хицæн мыккаг, тынг хъæбæр; 2) æн-донæй конд цъæт.
Хъандзалджын  тулæг  —  цъæтджын  уæрдон.
Хъандзалсæфтæг бæх — æндонсæфтæг бæх;
Хъара денджыз — Сау денджыз.
Хъара сапон — сау сапон.
Хъæрæу — иуцæстон, сохъыр.
Хъæргæнаг — топп (цуаноиты æвзагыл).
Хъох-дæндаг — кæс «Архъызы дæндаг».
Хъуаз — хъуг (сыл) саг.
X ъ у г о м — егъау  хуымгæнды зæхх хæхбæсты.
Хъуымбылæг — къоригонд; хъуымбылæгтæ-иу аивдæрæн кодтой карды фистоныл.
Хъуытаз — чысыл дзæнгæрæг.
ц
Ц а м — къæмдзæстыг, æгад, аххосджьш.
Цæдджинаг — стыр æрхуы аг бæгæны æмæ фыдтæ фыцы-нæк, йæ бын цыргъ. Уыдис хæэна дзаумайыл нымад.
Ц æ х г æ р — бæгæныстон стыр уæрæх гарз.
Церечы згъæр — кадджытæм гæсгæ — номдзыд лæг Церечы згъæр хæдон. Хæсты коймæ-иу йæхæдæг йæ хицауы уæ­лæ фестад, æмæ йæ уæд кард нæ карста, фат дзы нæ хызти.
Ц и р х ъ — хъамайы хуызæн æхсаргард.
Цокора, коцора —1) сæры хъуынты бындзыг сæры астæу; 2) басылыхъы, худы уæлæ къæдзилгонд.
678
с
Сагъадахъ— нарты кадджыты: иу варианттæм гæсгæ у фатдон, иннæ варианттæм гæсгæ та — хæдæхсгæ фатдон,
Саденджыз — æвæццæгæн,  Сау денджыз.
С а ф а — ирон мифологийы — артдзæсты, уæларт рæхысы, цыр-гъаджы æмæ бинонты царды бардуаг.
С а х с æ н — бæхы къæхтæбæттæн, гæрзæй конд.
Сæйраг,   сæйраг   руд.зынг— кæс «Ердо».
Сæрæй исгæ æмæ бынæй. ахадгæ — кадджытæм гæс­гæ, ома, уæле дзы цас исай, уыйас бынæй æфтгæ кæуыл кæны, ахæм.
Сæрджын   саг — ома.   стырсыкъаджын   саг.
Сæры   х и ц а у — кæс «Хицау».
С æ р ы н — æфсæйнаг, æндон хъæбæрдæр кæнын. Ам фылдæр вæййы нарты хъæбатырты сæрыны кой. Зæгъæм, Батрадз йæхи байсæрын кодта уæларвон куырд Куырдалæгоны куырдадзы; Сос­лан йæхи байсæрын кодта бирæгъы 'хсыры.
Сæццæйæ   аззад — джихæй,   сагъдауæй  аззад.
Сехы   гоппыл  фæхау — æлгъыст; ома, фесæф, бабын у.
Силæм— куыдзы ном; кадджытæм гæсгæ, Силæм у зæххон куыйты «хисдæр», зæххон куыйты мыккаг цы куыдзæй рацыд, уый.
С о в а х ъ — маргъы мыккаг.
Софиайы зæппадз — Батрадз Софиайы зæппадзы куыд ныгæд æрцыдис, уый фæсномыгæй æвдисы чырыстон дины фæуæ-лахиздаинад, муртаккаг диныл. Чырыстон дин цыдис Византийæ, æмæ уым та стырдæр æмæ рæсугъддæр аргъуан уыдис Софиайы аргъуан.
С с ы н — ам: цыргъ кæнын.
С т æ г г а г , сымахæй нæ стæггаг куы уаид, — ома, сымахæй нæм сылыстæг куы уаид.
Стæр— хæстон балц къордæй. .
Стæрон — стæры уæвæг.
С т ы г,   «мигъы   с ты г» —мигъы цъупп.
Стыггай — къордгæйттæй, дзыгуыртæ-дзыгуыртæй.
С т ъ æ л д ы   ф æ у а й —   ома, фесæфай, бабын уай.
С у а н г («Дысон иу суангыл цуаны ацыдтæн») — фахс.
Сухы   цагъд — ома,   бындзагъд.
С ы —• сыкъа.
Сылæ'г мигъ — бæзджын сур мигъ.
т
Та нх ъ а — фынк. Тапка—   цауд агъуыстгонд.
675


Т ар а н дже л о с —ирон мифологийы — дзуар; йæ кувæндæт. тæ баззадысты Тырсыйы, Тибы.
Тархъы   Сындз — бæсты ном Каспийы денджызы был.
Т а х ъ а — згъæр худ (кæс Бидасы тахъа).
Тæтæртупп — ирон мифологийы — дуаджы ном.
Т е л ы г — ставд лæдзæг.
Тннты   кæрц — зынаргъ сырддзæрмттæй конд кæрц.
Т у л æ г — уæрдон.
Т у т ы р — ирон мифологийы — бирæгъты бардуаг.
Тыбауы  хох — ис Цæгат Ирыстоны, Дæргъæвсы комы.
Т ы л и ф   к æ н ы н — хи фæиуварс кæнын, фæфæливын.

Тъ

Тъæр — къонайы цур сугтæвæрæн, дур кæнæ æфсæйнагæй.
Тъыфыл цæргæс — стыр цæргæс.

У

Уаддым — ирон мифологийы — уадау тагъд уайаг бæхь мыккаг.
Уаддымтæ — уад йæ мит кæмæн фæхаста, ахæм зæххь гæппæлтæ хæхты.
У а д с у р — ирон мифологийы — уад æййафæг, бæх.
Уаз, У а з а , Уазы къуыпп — хохы ном Дыгургомы.     
У а р б и — бæрæг нæу, афтæ цавæр бæстæ æмæ адæм хуынды сты, уый.
Уарпы фида р—уыдис ныры Кубаны облæсты. Уруппы донь был-
У а р т — фыццаг рæстæджы — карды цæфæй хи хъахъæнæ1 стыр чъиригонд, хæстон дзаума, цонгыл кæнгæ.
У а с -къуыпп — кувæн къуыпп.
Уацамонгæ, Амонгæ, Нартамонгæ — нарты дисса джы зонынджын къус, кæхц, хъæбатырты кæхц. Уыдис æм ахæ миниуæг, æмæ-иу стыр хæстон скуыхтдзинæдтæ чи равдыстаид стæй йæ хæстон скуыхтдзинæдты тыххæй æрмæст дæр æцæгтæ чи рг дзырдтаид, уымæ-иу йæхæдæг йæхи æгъдауæй бацыди; иннæтæй й« къухы никæмæн æфтыд Уацамонгæйæ бануазын.
Уæладзæн — кæс «Аххæрæг».
Уæлæндыг — зæронд ирон хæдзары-иу артдзæсты сæрмг уыдис дыууæ хъилы ауыгъд, сæ уæлæ та кау (хуынди «æндыг»)-истытæ æвæрынæн. Уыцы хъилтæ хуындысты уæлæндгуытæ.
Уæллаг Нарт — кæс «æртæ Нарты».
Удæвщз — нарты кадджыты — диссаджы уадындз, йæхæдæ
йæхи æгъдауæй алы зарджытæ чи кодта, ахæм.
У ы д и с н — диены.
Уырдæндах — уырд — тынуафæн    дзаума;    уырдæндах — уырдтæ цы æндахæй арæзт сты, уый.
Уытъыр — доны цæрæг зулкъ.

Ф

Фæлгæрæттæ — куыройы фыдæй фæлгæтæджы æхсæн цы «шын рыпае æрæмбырд вæййы, уыдон.
Фæлвæра — ирон мифологийы — фысфосы бардуаг.
Фæндырты уæ фæцæгъддзысты — ома, зарджытæ уыл фæкæндзысты.
Фæринк — цирхъ кæнæ æхсаргарды мыккаг.
Фæсмæргомау лæппу — къæйныхгомау лæппу.
Ф æ с н а х — бæрæг нæу, фæлæ, æвæццæгæн, роныл ауыгъд яятытае аевæрæн; зæнгойы мидæг.
Фæтк — æгъдау, уаг.
Ф æ т ы г — бæрæг хицæнхуыз æндоны мыккаг.
Фосы конд — мулкыл фæхæст.
Франк, фæранк — тигр.
Фурд—1) денджыз, 2) сындæг чи цæуы, ахаем стыр дон.
Фыдвæд — фыд цот, æвзæр байзæдтаг.
X
Харæ хъуымац — зæлдаг хъуымацы мыккаг.
Хатиаг æвзаг — бæрæг нæу, цавæр æвзаг у, уый.
Хахнаг хæрх идон — бæрæг нæу, цавæр идон    у, уый.
X эе з м ы б ы д ы р — бæрæг нæу, цавæр быдыр у, уый.
X æ л ц о н — дзæкъул, хызын. .
Хæрзæджытæ — адæмы хæрзтæ.
Хæстбойнон     (хъæстбойнон  баци) —басывæрджын.
Хгтаен — балц фос фæкæныны тыххæй.
Хицау — ам: фыццагон ирон æгъдаумæ гæсгæ сылгоймагæн не'мбæлди йæ лæджы ном, йæ тиуы ном, йæ лæджы фыды ном, уыдонæн сæ мыккаджы ном дзурын, фæлæ сæ-иу амыдта фæсно-мыгæй. Йæ лæджы хуыдта «мæ сæры хицау», йæ лæджы фы­ды—«нæ хицау» æмæ аф. д.
Хорасан худ — хорз цъæх уæлдзарм худ. Хорасан, зæгъ-гæ. афтæ хуыйнынц бæстæ æ'мæ горæт Ираны.
Хорæлдар — ирон мифологийы — хорты бардуаг.
Хорхор    бæх — хорæй хает бæх.
Хор-хос — хор æмæ хосæй цыдæриддæр не, уый. Ам: бирæ фæллæйттæ.
Хуыйысæр — рагон ирон хъисын фæндыр.
Хуындæджы бадæг — фыццаг рæстæджы ирон адæм-мæ уыдис ахæм æгъдау: ног чындзæн, йæ чындзы 'рцыдæй ца-лынмæ афæдз рацыдаид, уæдмæ йæ фыды хæдзармæ цæуын не 'мбæлди. Афæдзы фæстæ-иу ацыд йæ цæгатмæ æмæ дзы-иу дзæвгар рæстæг фæци. Гъе уыцы рæстæг хуынди «хуындæджы бадæн» рæстæг, чындз та-иу хуынди «хуындæджы бадæг».
X у ы с а р    х ъ у ы м а ц — зынаргъ зæлдаг хъуымац.
X у ы ц а у æ г а с    загъта   —  хуыцаумæ  скуывта.

Хъ

Хъабахъ — фыццаг рæстæджы — даргъ хъил, йæ уæлæ нымæты кæнæ фæйнæджы гæбаз фидаргоцд, марды номыл мысан æхсынæн.
Хъамбул   уæраг — фидар уæраг.
X ъ а н — кæс «æмцег»
Хъандзал— 1) æндоны хицæн мыккаг, тынг хъæбæр; 2) æндонæй конд цъæт.
Хъандзалджын  тулæг  —  цъæтджын  уæрдон.
Хъандзалсæфтæг бæх — æндонсæфтæг бæх;
Хъара денджыз — Сау денджыз.
Хъара сапон — сау сапон.
Хъæрæу — иуцæстон, сохъыр.
Хъæргæнаг — топп (цуаноиты æвзагыл).
Хъох-дæндаг — кæс «Архъызы дæндаг».
Хъуаз — хъуг (сыл) саг.
X ъ у г о м — егъау  хуымгæнды зæхх хæхбæсты.
Хъуымбылæг — къоригонд; хъуымбылæгтæ-иу аивдæрæн кодтой карды фистоныл.
Хъуытаз — чысыл дзæнгæрæг.

Ц

Ц а м — къæмдзæстыг, æгад, аххосджьш.
Цæдджинаг — стыр æрхуы аг бæгæны æмæ фыдтæ фыцы-нæк, йæ бын цыргъ. Уыдис хæэна дзаумайыл нымад.
Ц æ х г æ р — бæгæныстон стыр уæрæх гарз.
Церечы згъæр — кадджытæм гæсгæ — номдзыд лæг Церечы згъæр хæдон. Хæсты коймæ-иу йæхæдæг йæ хицауы уæ­лæ фестад, æмæ йæ уæд кард нæ карста, фат дзы нæ хызти.
Ц и р х ъ — хъамайы хуызæн æхсаргард.
Цокора, коцора —1) сæры хъуынты бындзыг сæры астæу; 2) басылыхъы, худы уæлæ къæдзилгонд.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке