logo

М О Я    О С Е Т И Я



АЦÆМÆЗ ÆМÆ АГУЫНДÆ-РÆСУГЪД


 

Нарты Ацæйæн æртæ фырты уыдис.
Ацæ куы базæронд, уæд йæ хæс бафыста –
Кад æмæ радæй ацыд Мæрдты Бæстæм.
Чи зоны цас рацыд, цал мæйы, цал азы
Ацæйы амардыл, Ацæйы бафснайдыл,
Афтæ йæ лæппутæ — Ацæйы 'ртæ фырты —
Уарынвæнд скодтой сæ фыды фæллæйттæ,
Уарджытæ æрхуыдтой нарты хæрзæджытæй;
Арæхст ныхæстæ куыннæ фæкодтой!
Зондджын уынаффæтæ куыннæ фæхастой!
Уæддæр сæ байуарын нæ бафæрæзтой
Нарты хæрзæджытæ Ацæйы фырттæн.
Авд ныхасмæ сын рахастой сæ хъуыддаг,
Фæлæ нæ. бафидыдтой Ацæйы фырттæ:
Алы хатт дæр-иу ныббыцæутæ сты.
Фæстагмæ сфæнд кодтой æртæ æфсымæры
Нартæн сæ тæккæ хисдæрмæ арвитын —
Уый та зæронд чъиуцæст Мæгуираг уыд.
Мæгуирагæн балæгьстæ кодтой,
Зæгхгæ, нын уарæг ныллæу, дæ хорзæхæй.
Бирæ фæхатыдтой æртæ 'фсымæры,
Æмæ сын, фæстагмæ, Мæгуираг сразы ис,
Æмæ рараст ис Ацæйы хæдзармæ,
Ацæйы бынтæ йæ фырттыл уарынмæ.
Ныхъуыды кодта зæронд Мæгуираг,
Ацæйы фæллæйттыл йæ цæст ахаста,
Æмæ рацыди Ныхасы астæумæ
Æмæ загъта уым: «Нарты хæрpæджытæ,
Ацæйы фырттæ мæ æрхуыдтой уарæгæн
Æмæ мын байхъусут мæ уынаффæмæ:
Йæ фосы дзугтæ — Дыууæ хисдæрæн,
Йæ’нусон уадындз та — чысыл Ацæмæзæн».
Хъуддаг алыги. Сразы сты хисдæртæ,
Дыууæ нал загьтой зæронды ныхасыл,
Сызъгæрин уадындз райста Ацæмæз дæр.
Зæронд Мæгуираг уæд ахъуыды кæны,
Æмæ бацæуы чысыл Ацæмæзмæ,
Йæ сæр ын асæрфы йæ дæрзæг къухæй,
Бацин ыл кæны, барæвдауы йæ,
æмæ йæм уый фæстæ афтæ бадзуры
Зæронд Мæгуираг чысыл Ацæмæзмæ:
«Æнусон уадындз сызгъæрин куы у,
Дæ фыды хæзнатæн сæ ахъаззагдæр.
Дæ фыды хорз æрдхорд — урсзачъе Æфсати
Ацæмæ уыди иу хатт уазæгуаты
Ныккола æмæ Уастырджиимæ.
Зæронд Ацæ сæ хорз куыннæ суазæг кодта:
Саджы фыдæй сын скодта физонæг,
Нал сæ ауагьта æхсæвы сæхимæ,
Ныххуыссын сæ кодта тинтычъи хуыссæнты.
Райсомæй басидти урсзачъе Æфсати
Йе 'рдхорд Ацæмæ, æмæ йын загьта:
«Мæ зæрды дын ис лæвар бакæнын:
Зæгъ мын дæхæдæг, цы лæвар дæ хъæуы,
Цы лæвар дын бакæнон æхсызгондæрæн?»
Æмæ Æфсати — бæрзондыл бадæг —
Ацæйæн фæнымадта йæ бирæ хæзнатæ,
Фæлæ дзы иу дæр Ацæ нæ бакуымдта.
Афтæ загьта уый зæронд Æфсатийæн:
«Бузныг, дæ лæвæрттæй, ме 'рдхорд Æфсати!
Фæлæ дын уыдонæй никæй райсдзынæн.
Кæд мын лæвар кæныс, уæд мын ратт дæ уадындз!»
Æфсати дæр ын ницыуал загьта,
Балæвар ын кодта йе 'нусон уадындз.
Кадджындæр ницы каст дæ фыд Ацæмæ
Æнусон уадындзæй, сызгъæрин уадындзæй, —
Йæ хуыздæр хæзнайыл уадындзы нымадта,
Æргьæу чырыны йæ дардта арф æфснайд,
Уæлæмæ дæр-иу æй арæх нæ иста.
Гъе ныр, Ацæмæз, Ацæйы фæстæ    
Æрхауди дæумæ йе стырдæр хæзна.
Хайыр дын уæд, мæ хур, фæрнæй йæ фæдар!»
Фæци йæ ныхас чъиуцæст Мæгуираг.
Ацæмæзы цæсгом хурау ныррухси.
Уæд, иуахæмы, чысыл Ацæмæз
Куы бафæнд кодта балцы фæцæуын,
Балцы фæцæуын Сау хохы сæрмæ.
Йемæ рахаста йæ сызгъæрин уадындз.
Чысыл Ацæмæз афтæ фидыдта,
Æмæ Ныхасы цы адæм бадти,
Уыдон, дисгæнгæ, афтæ дзырдтой:
«Уæлæ фæсрагъæй Бонвæрнон скасти!»
Уæд Ныхасы лазлтæй иннæ бадзуры:
«Уый Бонвæрнон куы нæ у, Ацæмæз куы у
— Ацæйы чысыл фырт нæртон Ацæмæз».
Уæд та Ныхасы лæгтæй иутæ куы зæгъынц:
«Уæртæ-ма акæсут хурыскæсæны 'рдæм, —
Скасти уырдыгæй Кзердæджы стъалы!»
Уæд иннæтæ дæр афтæ куы бадзурынц:
«Кæрдæджы стъалы нæу — уый Ацæмæз у,
Ацæмæз фæцæуы Сау хохы сæрмæ,
Йе 'нусон уадындз йемæ фæхæссы,
Кæд ын бакомид Сайнæг-æлдары чызг!»
Сау хохы сæрмæ Сайнæг-æлдар царди,
Æмæ æлдарæн уыдис иунæг чызг,
Тасгæ-уасгæ чызг Агуындæ-рæсугъд.
Зæнæгæй æрмæст уыцы чызг уыдис
Сайнæг-æлдарæн, æмæ йæ кодта
Æнæкæрон уарзт йæ сау рæсугъды.
Йæ  цыллæ дзыкку — йæ фадхъулты онг,
Йæ цæсты ракаст — фæскъæвда хур бон,
Йæ мимæ бавнæлд — бирæгъы лæбурд;
Денджызы хъазау — йæ къахы равæрд.
Райсом раджы-иу куы рацæйцыди,
Йæ нарæг астæу тасгæ-уасгæйæ,
Сау хох рæбыæй цъитц-дон хæссынмæ —
Цыма-иу касти мæй йæ гогонæй,
Сæнт хур та, цыма, касти йæ цæсгомæй.
Йæ цæстыты фæзылд — раст арвы ферттывд,
Нæ йæм лæууыди лæппуйы зæрдæ
Æнæбахъазгæ, æнæныссæххæтт.


Куыннæ тадысты нарты фæсивæдæн
Сæ цæсты фиутæ Агуындæ-рæсугьдмæ.
Нарты кæедæртæй — сагсур лæппутæй —
Ахæм нал баззад, чи нæ барвыста
Агуындæ-рæсугьдмæ йæ минæвары.
Нарты лæппутæн сæ уайгæ бæхты фынк
Калдис алы бон нарты стыр фæзы
Агуындæ-рæсугъды цæстмæ хъазынæй,
Фæлæ сæм уæддæр Агуындæ-рæсугъд
Никуы ракасти Сау хохы сæрæй;
Сæ минæвæрттæн баихсыдысты
Сæ галдзарм уæфстæ Сау хохмæ цæуынæй.
Уæддæр нæ комы Агуындæ-рæсугъд
Нарты сагсуртæй сæ иуцæгæн дæр.
Ныр, дын, Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз
Рахаста йемæ йæ 'фыды хæзна —
Сауæфтыд уадындз. Схызти Сау хохмæ,
Уым бацагуырдта бæрзонддæр къæдзæх,
Æмæ æрбадти къæдзæхы тигъыл,
Æмæ йæ уадындзæй зарынтæ байдыдта.
Аца%æзы зардмæ уæд сæрджын сагтæ
Уасын байдайынц сæ галхъæлæстæй,
Сæ къалиуджын сыкъатæ бæрзонддæр сисынц
Æмæ афтæмæй лыстæг расирынц.
Сау хъæды сычъитæ, чъыллиппытæ гæнгæ,
Бавнæлдтой кафынмæ Сау хъæды æрдузы, —
Бафæлладысты, се 'взæгтæ раппæрстой,
Фæлæ уæддæр, зæгъы, Ацæмæзы цагъдмæ
Нал æфсæстысты кафынæй æрдузы.
Сау хохы сæрæй уæд сау нæл сæгътæ
Æзгъорын байдыдтой, кæрæдзийы сургæ,
Æмæ Сау айнæгыл систой, мехъ гæнгæ,
Диссаджы хъæзтытæ, диссаджы кæфтытæ,
Стæй уырынсыкъа галдзæбидыртимæ
Рог симды иумæ куы бацыдысты.
Лыстæгзæнг хъуазтæ бур сæгуыттимæ
Уыцы дугъ сисынц Туацъæйы былмæ,
Уым амбырд вæййынц æмæ цъæх фæзыл
Куы байдайынц, куы, сыкъайæ хъазын.
Тæппуд тæрхъустæ сæ дарггь фæстæгтыл
Алæууыдысты, цъусдуг айхъуыстой,
Уыдон дæр сæхи нал баурæдтой
Æмæ быдырты сисынц уайынтæ.
Хины рувæстæ куы нæуал фæлæууынц,
Бæрзонд куы сисынц сæ хæмпус къæдзилтæ
æмæ куы расирынц тæрхъусты фæстæ,
Фæтæн быдырты дугътæ куы самайынц, 
Уым тæрхъустимæ схæцынц кафыныл,
Сæ сиргæ кафт та симдмæ куы аздæхы.
Æфсатийы фос уæд дзуттæ-дзугтæй
Айнæджы бынмæ куы рамбырд вæййынц,
Алы хъæлæсæй алы уаст гæнгæ.
Фæлвæрайы фос фæтæн быдырты
Куы рацæуынц стыр дзуттæ-дзугтæй
Чысыл Ацæмæзы диссаджы цагъдмæ.
Ацæйы фырт та — чысыл Ацæмæз —
Куы ныззары, куы, ноджы зæрдиагдæрæй,
Хуссары æрсытæ куы райхъал æсты,
Хъуырхъуыргæнгæ, ныууагътои сæ хъарм хуыссæнтæ,
Куы 'рхæцыдысты кæрæдзййы дзæмбытыл,
Æмæ уæззаугомау лæпп-лæпп симд самадтой
Сау хъæды астæу, Сау хохы рæбын.
Уæд та Ацæйы фырт — чысыл Ацæмæз —
Ноджы куы ныззары зæрдиагдæрæй.
Æнæхъæн дуне æрыхъал вæййы
Ацæйы фырты рæсугъд зарджытæм:
Æнусон цъититæ тайын байдыдтой,
Ихы фæзгьæртæ, фæрчытæ хаугæ,
Æрызгъæлдысты хохы бæрзæндтæй.
Уынгæг кæмтты та цырд хæххон дæттæ,
Хъазгæ, хæлхæлгæнгæ, сæ урс фынк калгæ,
Уæрæх быдыртæм сисынц уайынтæ.
Ацæмæз ныззары ноджы зæрдиагдæрæй:
Сау хъæд тъыфылтæй хæрдмæ хауын байдайы, —
Гæмæх къуылдымты, гæмæх æрдузты,
Æппын кæм нæ зад кæрдæджы хал дæр,
Уым ныр куы равзæры зæлдаджы хуызæн.
Гæмæх быдырты рæсугъд дидинджытæ
Сæ хъулон сыфтæ уæд куы радардтой,
Æмæ гуывгуыв гæнгæ, мыды бындзытæ
Дидинджыты мыд цъирын байдыдтой.
Сау хъæды мæргътæ алы хъæлæстæй,
Къуыззитт уаст лæнгæ, сау хъæд сæ сæрыл
Исын байдайынц, — нарты Ацæмæзæн
Расугъд ныхъырнынц, йæ рæсугъд зарджытæн.
Зарджытæ та, зæгъы, ахæм рæсугъд куы сты,
Æмæ сæм хъусынæй лæг куы нæ 'фсæды;
Уалдзыгон хур-та йæ худгæ цæстæй,
Сау талынг къæдзæхтæм, саудалынг лæгæттæм
Хъарм фæлмæн тынтæ уæд куы барвиты.
Æмæ йе  уæнгтæ рог куьв айвазы
Алы адæймаг дæр сыгъдæг уæлдæфы.
Гуымы быдырты цъæх дудахъытæ
Сау совахъытимæ, сæ фæтæн базыртæ
Бæрзæндтыл сисгæйæ, рæсугъд фæтæнты
Симынтæ сисынц, кафынтæ — инн' ахæм.
Уыдоны симдмæ, уыдоны  кафтмæ
Куы ‘ркæсынц, дунетæ, куы 'ркæсынц адæмтæ.
Уæд та Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз
Куы баифтындзы йæ диссаджы уадындз,
Йæ фыды хæзна, Æфсатийы лæвар,
Æмææ куы байдайы тыхджындæр зарын,
Ноджы рæсугъддæр, ноджы дæсныдæр, —
Мигъы цъуппытæ кæрæдзийы фæдыл,
Урсцагьд къуымбилтау куы рарæнхъ вæййынц,
Сæ хъарм цæсты сыг зæлдаг кæрдæгыл
Сау хъæды рæбынты куы æрызгъалынц.
Ныннæрыди арв æмæ ферттывта,
Сæрдыгон хур бавнæлдта йæхи найынмæ,
Цъæх кæрдæджы хал фæлмæн къæвдамæ
Йæхи бацагъта. æнусон къæдзæхтæ
Ацæмæзы зарджытæм хъырнынтæ систой.
Зау хох æмæ Урс хох кафын байдыдтой
Чысыл Ацæмæзы диссаджы зарджытæм:
Сау хох лæбырд фæци, Урс хох та змис фестад.
Чысыл Ацæмæз та йе 'нусон уадындз
Куы баифтындзы йæ аст æвзагæй,
Адæмæн æмбисонд уæд куы фæвæййы:
Æрыхъусынц æм æгас дунетæ, —
Йæ рæсугьд цагъдмæ, йæ рæсугъд зарджытæм
Сау хохы айнæг куы фегом вæййы,
Кы фегом вæййы раст дæр дуары йас.
Агуындæ-рæсугъд' куы нæуал бафæразы,
Куы нæуал бафæразы йæхи бауромын,
Йæхи бауромын Ацæмæзы зарджытæм.
Рæсугъд зарджытæ йын йæ зæрдæ сагайынц,
Агуындæйы зæрдæ сæхи куы бакæнынц.
Йæ митæ фæуадзы, кæртмæ рауайы,
Ацæмæзы зарæгмæ зæрдиаг байхъусы,
Хурау сæрттивынц йæ ирд цæстытæ,
Тагъд-тагъд рацæуы айнæджы тигъмæ,
Йæ  цæст ахæссы бæрзонд къæдзæхтыл
Æмæ куы ауыны нæртон Ацæмæзы,
Йе 'нусон уадындз йæ къухы, афтæмæй.
Куы йæ ауыдта чысыл Ацæмæз
Агуындæ-рæсугъды, уæд дисыл бафтыд,
Æмæ йæхи нымæры афтæ куы загьта:
«Ау, ай цы хъуыддар уа, цæмæн афтæ уа?
Сайнæг æлдары чызг Агуындæ-рæсугъды
Хур куы никуы федта, мæй дæр — иннæ ахæм,
Æдзухдæр куы бады Сау хохы мæсыджы,
Йæхи  куы никæмæ æвдисы адæмæй,
Уæд ныр цæмæн кæсы айнæджы былæй?!»
Ацæйы фыртæн судзгæ уарзондзинад
Йæ уæнгты ахъардта, йæ зæрдæ ссыгьди,
Уарзондзинадæй куы бадыздыз кодтой
Чысыл Ацæмæзæн йæ рæзгæ къабæзтæ.
Агуындæ-рæсурьд дæр хорзау куы нал вæййы,
Лæппуйы ауынгæйæ йе 'рыгон зæрдæ
Уарзондзинадæй куы базырзыр кæны,
Йæ уарзондзинад, арф æмбæхсгæйæ,
Айнæджы былæй Ацæйы зараг фырт
Чысыл Ацæмæзмæ афтæ куы æрдзуры:
«Уæ, дæлæ лæппу, нарты дзæбæх кæсдæр, —
Ацæйы сæрæн фырт чысыл Ацæмæз!
Дæ ныййарджыты фæндиаг куы фæцæрис,
Мæн та куы уаид дæ сызгъæрин уадындз!»
Нарты Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз,
Æрбамæсты ис уыцы ныхæстæм,
Сау хохы тигъыл йæ сызгъæрин уадындз
Ныццавта æмæ базгъæлæнтæ ис.
Йæхæдæг уыцы мæстыйæ фездæхти
Æмæ сæргуыбырæй, стæй уæнтæхъилæй,
Сæхимæ рараст Сау хохы сæрæй.

Сау рæсугъд хъал чызг, Сайнæг æлдарæн
Йæ иунæг бындар Агуындæ-рæсугъд,
Æрхызтис айнæгæй, æрæмбырд кодта
Уадындзы сæстытæ, æмæ сæ бахаста
Йæ фыды хæдзар — Сау хохы мæсыгмæ,
Æрцавта сæ уым нымæтын ехсæй,
Æмæ фæстæмæ аныхæстысты —
Сызгьæрин уадындз цы уыд, уый фестади.
Агуындæ-рæсугъд æй йæ сырх дариты
Дзæбæх батыхта æмæ йæ бафснайдта
Иæ чындздзон рæсугьд æргьæу чырыны.
Ацæмæз та уæд сæргуыбыр, æнкъардæй
Рацыд сæхимæ. Уыцы рæстæджы
Гакъон фæндагыл æрцæйцыдысты
Ныккола æмæ бæрзонд Уастырджи,
Сæ бæхты рухсмæ цæст нæ лæууыди:
Сæ бæхтæ уыдысты æфсургьы мыккаг,
Стыр Лæгтыдзуары стыр бæхрæгъауæй,
Сæ цæфхæдты конд — сыгъдæг болатæй,
Кадджын уæларвон Куырдалæгоны сагъд.
Хохы рагъыл-иу, схон-дуры хуызæн,
Цæхæртæ калдтой сæ болат цæфхæдтæ.
Алы'рдæм фæлгæсгæ куы рацæй цæуынц,
Сæ размæ куы ис тъæпæн быдыртæ,
Сæ галиу фарсмæ — Бестауы бæрзонд.
Æмæ бадзурынц уæд сыгъдæг дауджытæ
Ацæйы чысыл фырт нæртон Ацæмæзмæ:
«Дæ фæндаг раст уа, чысыл Ацæмæз!


Кæдæм фæцæуыс дæ къæхтæ къуыргæ,
Дæ сæр — гуыбырæй, де уæнтæ — хаудæй?
Кæм ныууагътай, кæ, де 'нусон уадындз?»
Ацæмæз сæм, зæгъы, уæд куы фæлæууы,
Йæ худ фелвасы æмæ сæм бадзуры:
— Табу уæхицæн, зæдтæ 'мае дауджытæ!
Нæ сагсур фæсивæд куы нæуал фæразынц
Агуындæ-рæсугьды сæрыстыр ныхæстæм.
Фæлæ мын уæддæр, нæ хорз дауджытæ,
Куы бацæуиккат Сайчæг-æлдармæ
Йæ  чызджы тыххæй мæнæн минæвар.
Бæргæ нал цæуин мæ къæхтæ къуыргæ,
Сæргуыбыр æмæ уæнтæ хаудæй дæр.—
Куы сразы вæййынц минæвар цæуыныл
Ныккола æмæ бæрзонд Уастырджи,
Куы араст  вæййынц Сайнæг-æлдармæ.
Сæ бæхты цæфхæдтæ цæхæртæ калынц,
Æмæ сæ цæхæртæ æмбæлынц Сау хохыл,
Сайнæг-æлдар сæ æрвæрттывд фенхъæлы.
Куы бахæццæ сты Сау хохы сæрмæ,
Уæд уым се 'фсургътæй уайтагьд куы 'рхизы
Æмæ ехсы хъæдæй дуар куы бахойынц
Сау хохы æлдар Сайнæджы хæдзармæ.
Сайнæг-æлдар сæм уайтагьд рауади,
Æмæ йæ уазджыты мидæмæ бахуыдта.
Уым æрбадтысты къæлæтджын бандæттыл,
Сайнæг-æлдар дæр семæ æрбадти.
Бæрзонд Уастырджи раныхас кæны
Сайнæг-æлдарæн; афтæ йын зæгъы:
«Мах дæм æрцыдыстæм хъуыддаджы фæдыл.
Мах Ацæйы фыртæн минæвæрттæ стæм.
Дæ чызг Агуындæйы мах аккаг кæнæм
Ацæйы фæдон — чысыл Ацæмæзæн.
Минæвар лæгæн та, — куыд фæзагъдæуы,—
Æдзух дæр йæ хæс йе'ккойы вæййы.
Ацæйы фырты дын ничи рафаудзæн:
Йæ фыд уыд нартæн сæ хæрзæджытæй, .
Ацæйæ нымаддæр бирæ нæ уыди;
Йæхæдæг та, уæдæ — лæппуты хуыздæр.
Йæ уадындзы зард зæрдæ куы 'лхæны.
Хæстæгæн дæр дзы, уæдæ, цы загъдæуа, —
Уыдзæн хæстæгæн æфсымæры хуызæн,
Æнæзæрдæхудт, ныхыдзуарджын.
Дæ хорзæх нæ куы уаид, Сау хохы æлдар,
Уæд дæттæг саразид курæджы хъуыддаг».
Æлдар байхъуыста уазджыты ныхасмæ,
Хатыр куы ракуырдта йæ буц уазджытæй,
Йæ къæлæтджынæй уæззаугай сыстади
Æмæ бацыди йæ иунæг бындармæ.
Агуындæ-рæсугъд йæ фыдæн куы зæгъы:
«Ацæйы чысыл фырт нæртон Ацæмæз
Иу аз гуырд сагтæй кæд сæдæ æртæра
Мæ фыды кæртмæ, уæд мын аккаг у!»
Сайнæг-æлдар, зæгъы, йæ чызджы ныхасмæ
Сисы йе 'рфгуытæ, — йæ цæсгом фæрухс ис,
Æмæ куы 'рбацæуы фæстæмæ уазджытæм,
Æмæ сын рафæзмы йæ чызджы дзуапп.
Ныккола æмæ бæрзонд Уастырджи
Раздæхынц фæстæмæ сæргуыбыр, æнкъардæй —
Кæм хъуамæ ссара чысыл Ацæмæз
Иу азы гуырд сагтæй æнæхъæн сæдæ?
Ацæмæзæн, зæгъы, куы радзурынц хъуыддаг
Æмæ Ацæмæз куы фæмæсты вæййы,
Фыр мæстæй дзургæ дæр куы нæуал скæны,
æмæ куы сфæнд кæны йæ сæр фесафын.
Ацæмæз Сау хъæдмæ куы араст вæййы,
Æмæ йæхи нымæры афтæ куы дзуры:
«Ныр сæдæ саджы 'рцахсин сæ къæхтæй
Фæлæ иу азы гуырдтæ кæм разындзысты?!»
Йæ зæрдыл куы 'рлæууы йæ фыды хæзна,
Куы æрæмысы йе'нусон уадындз,
Æмæ фырмæстæй куы фæлæбуры
Чысыл Ацæмæз йæ къухты фыдтæм.
Бирæ фæхатти тар хъæды мидæг
Чысыл Ацæмæз сагтæ агурæг,—
Фæлæ йæ къухы ницы бафтыди,
Æмæ нал цыди сæ хæдзармæ дæр.
Ацæмæз æрæгмæ куы цыдис, уæд ыл
Тыхсын байдыдтой нарты фæсивæд —
Сæ зæрдæ йæм тынг æхсайын байдыдта.
Иу бон куы уыдис, уæд нарты фæсивæд
Куы бафæнд кæнынц агурæг фæцæуын
Ацæмæзы фæдыл фаттæ 'мæ 'рдынтимæ.
Бирæ фæцыдыстыу бирæ фæзылдысты—
Хæхты дæр баскæрстой, дæтты дæр баскæрстой
Фæлæ Ацæмæз никуыцæй разынди.
Уалынмæ сау хъæдмæ куы бафтыдысты, —
Стыр бæласы бын æрфысым кодтой,
Сагтæ 'мæ сæгуыттæ амардтой хъæды,
Æд къала бæлæстæй стыр арт скодггой,
Æмæ куы фыхтой бур физонджытæ,
Уæд сыл æрбамбæлди чысыл Ацæмæз дæр.
Сæргуыбыр æмæ, зæгъы, уæнтæ хаудæй.
Нарты фæсивæд сæ чысыл æфсымæрыл
Зæрдиаг цинтæ куыннæ фæкодтой!
æмæ, дын, Ацæмæз нарты фæсивæдæн
Уæд куы радзуры — цæуыл у йæ маст.
Нарты фæсивæд лæмбынæг байхъусынц,
Хъыг сæм æркæсы Агуындæйы дзуапп,
Æмæ куы сфæнд кæнынц нарты фæсивæд
Сайнæг-æлдары фидармæ ныббырсын.
Куы рараст вæййынц, уæд, нарæг комы
Сайнæг-æлдары фидæрттæм бырсынмæ.
Комы фæндагыл куы 'рбацæйцыдысты,
Уæд сыл Куы фембæлд фæндаггон Æфсати,—
Ацæмæзæн уый йæ' фыды 'рдхорд уыди, —
Æмæ сæ куы федта, уæд тыйг ныццин кодта.
Ацæмæз уымæн йæ хъуыддаг радзырдта,
Æмæ сырдты бардуаг — хъуынкъах Æфсати,—
Йе 'рдхорды фырты афтæ бафæрсы:
«Чысыл Ацæмæз, рауай-ма ардæм,
Кæдæм фæбырсут, цы уыл æрбамбæлд?
Нарты сагсуртæн чи цы ракодта?»          
Уæд ын Ацæмæз афтæ куы зæгьы:
— Сайнæг-æлдары чызг Агуындæ-рæсугъд
Ирæдæн агуры раст сæдæ саджы,
Æмæ уымæй дæр — иуазыккæттæ.
Уыдоны ссарын нæ хъару куы нæ у;
Сæдæ саджы ахсгæ бæргæ æркæниккам,
Фæлæ иуазыккæттæ кæм разындзысты? —
«Уый тыххæй цы' тыхсыс, йе 'рдхорды бындар!
Сæдæ саджы дын иуазыккæттæ
Фæуæд мæ быгьдуан, чысыл Ацæмæз:
Дæс лæгæй бацæут Адайы коммæ
Æмæ уæ бацыдмæ уым сагтæ уыдзæни —
Лæгæн дæс саджы — иуазыккæттæ,
Æмæ-иу сæ 'рцахсут сæ фæстаг къæхтæй».
Нарты фæсивæд Адайы коммæ
Æнæ къуылымпыйæ куы бацыдысты,
Æмæ куы баййæфтой иу лæгæты цур
Раст сæдæ саджы иу азы гуырдтæ.
Куы сæм февнæлдтой нарты фæсивæд
Æмæ куы рацахстой фæйнæ дæс саджы —
Фæйнæ дæс саджы сæ фæстаг къæхтæй.
Сагты сæ разæй ратымбыл кодтой
Адайы комыл раст Нарты хъæумæ.
Бирæ фæцин кодтой нарт Ацæмæзыл,
Æмæ йын скодтой бæркад нæртон куывд.
Сæ куывды фæуагътой бирæ гаджидаутæ
Чысыл Ацæмæзы цæрæнбоны тыххæй;
Æмæ ныффæнд кодтой чындзхæссæг фæцæуын
Сау хохы сæрмæ, Агуындæ-рæсугьдмæ.
Райсом раджы, зæгъы, чысыл Ацæмæз
Куы фæгæпп ласы йæ хъарм хуыссæнæй,
Йæ бæх куы раласы сау фурды былмæ
Æмæ йæ куы ныхсы арыхъ сапонæй,—
Бæхы буар сæрттивы арвы стъалыйау.
Хур куы скасти, уæд куы рараст вæййынц
Сайнæг-æлдармæ Агуындæйы хæссынмæ.
Нарты фæйнæгфарс хорз Сослан, зæгъы,
Йæ нæртон æфсургъыл, арæхст бадгæйæ,
Ацæмæзы рахиз фарс цыдис хисдæрæн.
Сæ чындзхæсджытыл сæ фæндаг ракодтой:
Куы рахæццæ сты æрджы-Нарæгмæ,
Уæд бацыдысты урс Тæтæртуппмæ,
Бæрзондмæ ссыдысты Быдыры зæдмæ,
Уый дæр рахонынц æмæ баздæхынц
Тыбауы хохмæ — рухс Елиамæ,
Уазайы бæрзондмæ — хорз Ныкколамæ,
Адайы цъуппмæ — кадджын Æфсатимæ,
Хъæриуы хохмæ — фосы Фæлвæрамæ,
Уæларвæй ракодтой бæрзонд Уастырджийы.
æмæ афтæмæй куы рараст вæййынц
Сау хохы бадæг Сайнæг-æлдармæ.
Урссæр Тæтæртупп уыдис сæ хисдæр
æмæ цыд разæй; йæ галиу фарс цыдис
æрвнæрынгæнæг æхсарджын Елиа,
Йæ рахиз фарс та цыд зæронд Уырызмæг.
Уыдонæн сæ кæсдæр Уастырджи уыди,
æмæ йæ цъæх бæхыл цыди сæ фарсмæ.
Хисдæрты фæстæ та кæсдæртæ цыдысты—
Нарты фæсивæд, нарты сагсуртæ —
Фæйнæгфарс Сослан сæ разæй, афтæмæй.
Хæхтæ рызтысты сæ бæхты хуыррыттæй,
Сæ бæхты комы тæф цъæх мигъау куы сбады,
Цъæх мигъау куы сбады барджыты сæрмæ.
Бонрæфты худгæ хур хъазы сæ идæттыл,
Сæ бæхты цæфхæдтæ калынц цæхæртæ —
æмæ-иу фæзынынц арвы ферттывдау.
Зæдтæ, дауджытæ æмæ нарты 'взæрст адæм
Уынаффæ байдыдтой сæ даргъ фæндагыл:
«Къорд сайды фæкодта зæронд Сайнæг-æлдар
Нæ усгур лæппуты, ныр дæр та, мийаг,
Куы нæ разы кæна, куы та ныххивæнд уа,
Уæд нæ уынаффæ цæуыл ахицæн уыдзæн?»
Уæд бæрзонд Уастырджи афтæ куы зæгъы:
«Ацæйы фыртæн æз къухылхæцæг дæн,
æмæ уæ курын, ме 'мхуызон адæм:         
Кæд нын Сайнæг-æлдар фæндонæй радта
Йæ иунæг бындар Агуындæ-рæсугъды,
Уæд хъуыддаг ацæудзæн æнæ быцæуæй с. 519
Куы ныффæрсмæ уа — йæхицæн фыддæр:
Ацы æмбырдæй зæронд хивæндæн
Йæ рæсугьд чызджы тыхæй рахæсдзыстæм».
Уæд урссæр Тæтæртупп афтæ фæзæгьы:
«Сау хохы айнæг æгæр бæрзонд у,
æгæр фидар у; Агуындæ-рæсугьд та
Сайнæг-æлдарæн йæ иунæг чызг у,—
Зын раскъæфæн уыдзæн йæ фыды цурæй».
Мæнгæрдты сурæг,— рухс тыхджын Елиа
Афтæ бадзуры уæд Тæтæртуппмæ:
«Нæ къорды хисдæр, хуыцауы уарзсн!
Ды нын æрмæстдæр æврагъ ракур хуыцауæй,
Стæй уæд мæхæдæг æз бавзардзынæн
Сау хохы айнæгæй кæнæ ме 'хсарæй
Чи у фидар дæр, чи у тыхджындæр!»
«Нæ рухс Елиа! Сау хох фехалын
Фæуæд дæ быгьдуан. Сайнæг-æлдары чызг
Агуындæ-рæсугъды раскъæфын та уæд
Мæнæ Уастырджи æмæ мæ быгьдуан»,
Афтæ фæзæгьы бæрзонд Ныккола.
Уыдонмæ хъусгæйæ кадджын Æфсати дæр
Куы нæ уал фæлæууы æмæ куы бадзуры:
«æз дæр уын, уæдæ, лæгау фæуыдзынæн —
Йæ рахæссынмæ авд сæрджын саджы
æвзист уæрдоны рæсугъд ифтыгьдæй
æнхъæлмæ кæсдзысты Сау хохы рæбын».
«æз та уын разæй фæндаг амондзынæн»,
Афтæ бадзуры Быдыры зæд дæр.
«æз та уын мæ фосæй, цас уæ бахъæуа
Йрæдæн, зæгъат, æмæ чындзæхсæвæн,
Уый бæрц раттдзынæн», загьта Фæлвæра.
«æз дæр бакæндзынæн Сау хохы бадæг —
Сайнæг-æлдарæн— нæртон лæджы ми:
Мийаг нæ фæстæ фæдисы куы рацæуа,
Уæд ын йæ фæрстæ сыхырнайы хуызæн
Фестын кæндзынæн ме 'рдыны фæттæй;
Йæ фæдисæттæй йын æз иунæджы дæр
Нæ рауадздзынæн къæсæрæй дарддæр»,
Афтæ куы бадзуры фæйнæгфарс Сослан
Зæдтæ 'мæ дауджытæм, нарты гуыппырсартæм.
Уалынмæ чындзхæсджытæ, уынаффæ гæнгæ,
Бахæстæг вæййынц Сау хохы размæ,
æрфистæг вæййынц кæрдо бæласы   бын,
æмæ сæ бæхты хизынмæ ауадзынц,
Сæхæдæг та уæд бæласы аууон
Фæтæн æрытауынц сæ урс нымæттæ,
æмæ уыдоныл сæхи æруадзынп.
Комы рог дымгæ сын сæ даргъ зачъетæ
Фæлмæн рафæйлауы хицæн æрдугай.

Сайнæг-æлдармæ баминæвар кæнынц
Бæрзонд Уастырджи æмæ Ныкколайы.  
Ныккола æмæ бæрзонд Уастырджи
Сæ разæй баскъæрынц Сайнæджы кæртмæ
Сæдæ рæсугъд саджы — иу азы гуырдтæ.
Сайнæг-æлдары æвзыпъд кæсдæртæ
Куы фæлæбурынц, хæлæфгæнæгау,
Дыууæ уазæджы бæхты идæттæм;
Уазджытæ бæхтæй æрфистæг сты.
Сайнæг-æлдар сæм уæд куы ракæсы,
æмæ куы ауыны йæ кæрты астæу
Раст сæдæ саджы иу азы гуырдтæ.
Уæд Сайнæг-æлдар тынг фенкъард вæййы:
Уазджытæм рацæуы æлхынцъæрфыгæй,
Сау хохы бадæг урс цыллæзачъе,
Фæтæнуæхск æмæ нарæгастæу лæг;
Рæсугьд  хуыдæй йыл уыд теуайы хъуынæй
Фидауиджын цухъа, йæ галиу къухы та
æвзист лæдзæг уыд. Афтæ радзуры:
«æгас нæм цæуат, æгас, уазджытæ!»
«Буц уæд дæ зæронд!» загътой уазджытæ,
æгъдау ын радтой. Сайнæг-æлдар сæ
Уæд куы бахуыдта йæ уазæгдонмæ.
Бæрзонд Уастырджи æмæ Ныкколайы
Куы сбадын кæны пылыстæг къæлæтджынтыл,
æмæ йын радзурынц сæ цыды хъуыддаг.
Сайнæг-æлдар сын уæд афтæ зæгъы:
«О, сыгъдæг удтæ — мæ зынаргъ уазджытæ.
æз абоны бон мæ цæрæн бонтæй
Уæлдай рухсдæрыл банымайдзынæн.
Уæхи куыд фæнды, афтæ бакæнут;
Сымах ныхæстыл зæгъинаг ницы дæн.
Фæлæ æркæсут, нæ рухс дауджытæ,
Мæгуыр зæронд лæгмæ, мæгуыр зæронд фыдмæ: Фыццаджы хъару ма кæм ис ныртæккæ?!
Ме уæнгтæ æмпылынц, ме стæг фæхырыз,
Фæчиудта мæ зонд, мæ хъару фæцæуы —
Куы мыл æрзылди мæ царды зымæг,
Бирæ мæ нал хъæуы ингæны былмæ,
Бонæй бонмæ йæм фæхæстæгдæр кæнын,
Устыты хъарджытæ уайынц мæ хъустыл.
Хъуынтъыз бон ма мын хуры бæсты вæййы,—
Табу уæ фарнæн,—мæ чызджы ракаст.
Мæ иунæг хъæбулы æз куыд æмбарын,
Афтæмæй йæ фыды нæ ныууадздзæни
Зыбыты иунæгæй, æнæ ныгæнæгæй;
Нырма æрыгон у лæгмæ фæцæуынæн».
Ницыуал загьтой минæвæрттæ дæр
Сайнæг-æлдары æмбаргæ ныхасмæ;
Арфæ ракодтой æмæ фæстæмæ
Куы фездæхтысты, æмæ се'мбæлттæм
Уыцы хуызæнæй куы рараст вæййынц.
Уæд нарæгастæу гуырвидауц Агуындæ
Иæ фыдмæ рацыдис æмæ йæ бафæрсы:
«Нарты минæвæрттæ куыд ацыдысты,—
Цы дзуаппимæ, цы ныхасимæ?»
Цыллæзачъе зæронд уæд куы рафæзмы —
Цы дзуапп радта нарты минæвæрттæн.
Куы йæм байхъусы Агуындæ-рæсугъд,—
Иæ даргъ æрфгуытæ куы фелхынцъ кæны,
Йæ сау цæстытæ доны куы разилы,
Пылыстæджы хуызæн урс-урсид къухæй —
Дуар фегом кæны, хæдзарæй рацæуы
æмæ дуар йæ фæстæ мæсты тъæпп ныккæны.
Уæд Сайнæг-æлдар дæр йæ чызгмæ раздуры:
«Кæдæм мын лидзыс, мæ иунæг бындар?
Куы нæма запътон мæ ныхас кæронмæ,
Уæд цæмæн æфхæрыс дæ зæронд фыды?
Дæ ныфсæй куы цæрын æз ацы дунейыл».
Агуындæ-рæсугъд уый куы фехъусы,
Уæд куы баздæхы фæстæмæ хæдзармæ
æмæ куы 'рлæууы йæ зæронд фыды раз,
Йæ къæхты бынмæ æдзынæг кæсгæйæ.
Бамбæрста, уæдæ цы, фыд йæ чызджы зæрдæ,
Бахудт йæ мидбылты æмæ йæм дзуры:
«О, мæ хивæнд чызг, мæ иунæг бындар,
Дæ зæрдæйы уаг дын ныр куы бамбæрстон:
Куъщ уынын, афтæмæй ды бирæ уарзыс           '
Рæсугъд цæгьдтытæ, рæсугъд зарджытæ,
Ды бирæ уарзыс æнусон уадындз,
æнусон уадындз сау нывæфтыдæй,
Ды бирæ уарзыс сæрджын сагтæ дæр,
Фæлæ уыдонæй тынгдæр та, мæ чызг,
Ды куы бауарзтай Ацæйы фырты,
Ацæйы хорз фырт чысыл Ацæмæзы.
Мæ сæр — уæ фæхъау! Нымайдзынæн æй
Нырæй фæстæмæ нæ хорз хæстæгыл».
æмæ Сайнæг-æлдар куы фæхъæлдзæгдæр,
Хонæг арвиты йæ буц уазджытæм.
Сайнæг-æлдары цæрдæг кæсдæртæ
Куы абадтысты сæ уайаг бæхтыл,
Куы рахæццæ сты кæрдойы бынмæ,
æмæ куы бадзырдтой сæ буц уазджытæм:
«Сайнæг-æлдар уæм хонæг рарвыста —
Аккаг скæнут йæ фæрныг хæдзармæ!»
Уæд чындзхæсджытæ сæ бæхтыл абадынц
æмæ бацæуынц Сайнæг-æлдармæ.
Сайнæг-æлдар сыл куы бацин кæны,
æмæ куы бадзуры уазджыты хисдæртæм:
«æгас нæм цæуат, нæ буц уазджытæ!
Арфæйаг фæуæд уæ къах æрбавæрд!
Сымах хатырæй мæ иунæг бындары
æз аккаг кæнын ме 'мсæр адæмæн —
Гуыппырсар нартæй Ацæйы фыртæн».
Хæдзармæ бахуыдта йæ буц уазджыты
Урсхил Сайнæг-æлдар; хонджытæ арвыста
Хæстæг уа, зонгæ уа — бирæтæм й'алыфарс.
æвзисткъах фынгтæ æрæвæры дауджытæн,
æвзисткъах фынгтæ нартæн æрæвæры.
Хæрзарæхст кæсдæртæ цæрдæг февналынц
æмæ уазджыты раз фынгтыл авæрынц
æртыгай чъиритæ— дзаджджын уæлибæхтæ,
æхсырфæмбæлттæ æфсæйнаг уæхстытыл,
Фарсфизонджытæ бæрзуис уæхстытыл,
Дыхъусыг дурынты — сæнт сау бæгæны,
Сæнт сау бæгæны æлутон фыхæй.
Саджы сæртæ æмæ саджы бæрзæйтæ
Буц хисдæрты раз уæд куы равæрынц.
Рахæссынц сивырты къуыдыр-фых фыдтæ,
Сæ хъарм тæф цæуы сæууон цъæх мигьау.
Урссæр Тæтæртупп бадти хисдæрæн
Сеппæты уæле, æмæ сыстади,
Систа йæ сæрæй йæ урсурсид худ,
Райста йæ къухмæ фарсыфизонæг,
Фарсыфизонæг бæрз уæхстыл кондæй,
Иннæ къухы та систа ронджы сыкъа
Афтæмæй скуывта. Уый фæстæ кувæгтаг,
æгъдаумæ гæсгæ, урссæр Тæтæртупп
Куы радæтты, зæгъы, сеппæты кæсдæрмæ—
Ацæйы фæдон — чысыл Ацæмæзмæ.
Чысыл Ацæмæз дæр рæвдз куы 'рбауайы
æмæ кувæггалæй куы ацаходы.
Уый фæстæ рабадынц сæ бæркад фынгткл
æмæ куы бавналынц минас кæнынмæ.
Уырдыглæуджытæ — цæхæрцæст лæппутæ —
Егъау дзæбидыртæ уазджытæм бадæттынц:
Уазджытæ бакувынц, арфæтæ ракæнынц,
Ануазынц нуазæнтæ; афтид дзæбидыртæ
Кæсдæртæм раппарынц; цæрдæг кæсдæртæ
Афтид дзæбидыртæм сыхырна бадарынц,
æмæ сæ рацахсынц. Ног рæгъ та рацауы.
Чи зоны, цас дзы уыд сидтытæ, арфæтæ,
Цас радтой нуазæнтæ фысымтæ уазджытæм!
УалынМæ адæм тынг хъæлдзæг баисты
æмæ сæ зæрдæтæ зарын æрцагуырдтой;
Бирæ фæкодтой диссаджы зарджытæ,
Фæлæ сæ, фæстагмæ, бафæндыд хъусын
Ноджы рæсугъддæр, хъæлдзæгдæр зарджытæм.
æмæ Сайнæг-æлдар уæд куы фæсиды
Кæсдæрты астæу йе сиахс Ацæмæзмæ:
«Йе, мæ ног сиахс, æнкъардгомау дæ,
Цæуылнæ цæгьдыс дæ сызгъæрин уадындзæй?
Кæдмæ ма ауæрдыс дæ фыды хæзнайыл?
Сау хохы сæрæй куы ныззарыдтæ,
Хъал чызджы зæрдæ уæд куы басастай!
Ау, уæд ныр цæуылнæ исты ацæгъдыс?!
Хæлæг нын ма кæн дæ рæсугъд зарджытæ».
Нарты Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз
Сайнæг-æлдармæ уæд куы бадзуры:
— Раджы фæцухи 'мæ лæппуйы зæрдæ
Уадындзы зардæй. Сызгъæрин уадындз
Хохыл ныццавтон æмæ бамуртæ.
Уæдæй фæстæмæ куы нырхæндæг дæн, —
Зарæджы мыртæм мæ зæрдæ нал райы.—
Уый куы фехъуыста Агуындæ-рхсугъд,
Уæд куы базгъоры йæ æргъæу уатмæ,
Куы фегом кæны йæ чындздзон чырын,
æмæ куы сисы, дарийы тыхтæй,
Чысыл Ацæмæзы æнусон уадындз.
Рахæссы Агуындæ сызгъæрин уадындз
æйæ йæ барвиты Ацæйы фыртмæ.
Уæд Ацæйы фырт чысыл Ацæмæзæн
йæ цæсгом хурау куы фæрухс вæййы,
æмæ куы райсы йæ фыды хæзна,
Йæ фыды хæзна, йе 'нусон уадындз;
Куы йæ сифтындзы раст аст æвзагыл,
æмæ куы байдайы, куы, мæ хур, зарынтæ.
Иæ зарджытæм та дуне æрыхъусы,
æрдз та базмæлы, райхъал та вæййы.
Уазджытæ ныхъырнынц бæзджын хъæлæстæй.
Сæдæ саджы дæр, сæдæ иуазыкконы
Кæрты бæстастæу кафынтæ сисынц,
Сæ сытæ фæйнæрдæм ныппака кæнгæйæ.
Нарты гуыппырсартæ уадындзы цагъдмæ
Сæ тымбыл фынгтыл кафынтæ байдайынц,
Кафынтæ байдайынц кæхцыты былтыл,—
Сау бæгæныйæ се дзаг сты, афтæмæй.
Уый фæстæ адæм кæртмæ куы рацæуынц
æмæ уым, цъæх нæууыл, симд куы саразынц,
æнгом хæцгæйæ, уæззау нæртон симд.
æмæ афтæмæй нарты чындзхæсджытæ
Хорз куы фæзарынц, куы фæминас кæнынц
Иу иннабонæй иннæ иннабонмæ.
Уый фæстæ уазджытæ арфæ ракæнынц
Сæ буц зæронд фысым Сайнæг-æлдарæн.
Бæрзонд Уастырджи æмæ Ныккола
Уатæй ракодтой Агуындæ-рæсугъды,
Сбадын æй кодтой, дæларм хæцгæйæ,
Æфсатийы лæвар æвзист уæрдоны,—
Уыдис дзы ифтыгъд авд сæрджын саджы.
Ехсы ныкъæрццæй сагтæ фæцагайдтой
æмæ, дымгæйау, тæхынтæ байдыдтой.
Иннæ чындзхонтæ дæр сæ уайаг бæхтыл
Фæтъæбæртт кодтой сагты хæд фæстæ,
Уыдоны фæстæ та авд цъуппдзаг, уæрдоны —
Сайнæджы буц чызджы чындздзон дзаумайæ —
Уæззаугай тылдысты Сау хохы сæрæй.
Агуындæ-рæсугъдæн йæ къухылхæцæг —
Бæрзонд Уастырджи — йæ рахиз фарс цыд,
Бæрзонд Ныккола — йæ галиу фарс цыд,
Урссæр Тæтæртупп æмæ Уырызмæг та
Нарты чындзхæсджытæн сæ разæй цыдысты;
Быдыры зæд та сын тырысахæссæг уыд.
æхсарджын Елиа чындзхæсджыты раз
Йæ уадсур æфсургъыл рог хъазт куы 'ркæны,—
Йæ ехсы къæрцц у арвы нæрынау,
Йæ арцы цæхæр та у арвæн йæ ферттывд,
Йе 'фсургъы къæхты фæя — æнæхъæн адаг,
Йе 'фсургъы комы тæф—зымæгон тымыгъ.
Афтæмæй цыдысты, æмæ бахæццæ сты
Нарты чындзхæсджытæ Нарты стыр хъæумæ.
Агуындæ-рæсугъды, зæрдæхъæлдзæгæй,
Бахизын кодтой нæртон хæдзармæ,—
Къæсæрыл куы хызти,—йæ сæрæй акуывта
Нарты хорз æфсин бæркадарм Сатанайæн.
Уæд чындзхæсджытæ æмбисонды хъæлæстæй
Рæсугъд куы ныккæнынц амонды зарæг
Нарты хорз æфсин хорз Сатанамæ:
«Нæртон æфсин Сатана,
Ой, нæ буц æфсин Сатана,
Мах дæумæ куы зарæм,
Ой, дæумæ, не 'фсин Сатана!
Ой, кæд сойджын у дæ къæбиц,—
Ой, бæркадджын та дæ къухтæ.
Ой, рахæссьма нын сау бæгæны,—
Сау бæгæны 'мæ бур физонæг,
Ой, сау бæгæны сыр-сыр гæнгæ,
Ой, бур физонæг цæх-цæх гæнгæ.


Ой, нæ буц æфсин Сатана!
Ой, хъæздыг царды Сатана!
Ой, рахæсс-ма нын уæлиоæхтæ —
Ой, цæрвджын æмæ дзаджджынæй.
Ой, рахæсс-ма нын ронджы дурын,
Ой, рахæсс-ма нын, уæдæ, рахæсс,
Ой, дæ цыхтытæн сæ бинаг.
Ой, нæртон æфсин Сатана,
Ой, хъæздыг æфсин Сатана!»

Стыр чындзæхсæв та куыннæ скодтой, куы,
Гуыппырсар нартæ сæ рæсугъд чындзæн! —
Алы минасæй фынгтæ 'ртасыдысгы,
Уазджытæй алкæй раз уыд дзæбидыры мард,
æнæхъæнæй фыхæй, æнæ уæнгтæ кондæй,
Фарсыфизонджытæ — бурбурид фыхæй,
Ронджы дурынтæн нымæц дæр нæ уыдис.
Тулдз мигæнæнты — сæнт сау бæгæны,
æлутон фыхæй фынчытæ хаста.
Урссæр Тæтæртупп хисдæрæн бадти —
Рæсугъд гаджидæуттæ уагьта бадджытæн:
Рауадзы гаджидау Агуындæйы тыххæй,
Рауадзы гаджидау Ацæмæзы тыххæй.
Фæстагмæ Тæтæртупп сидты бар куы ратты
Нарты буц хисдæр — зæронд Уырызмæгæн.
Нарты буц хисдæр — зæронд Уырызмæг —
Куы сисы йæ худ æмæ куы бакувы:
«О, хуыцæутты хуыцау, табу дæхицæн!
Ды та, Уастырджи, хуыцауы раз дæ
Рæстыл цæуæг æмæ рæстмæ аразæг,—
æмæ нын раст араз нæ алы хъуыддаг!
О, хуыцæутты хуыцау, æз кувын дæумæ:
Нæ кæсдæртæй-иу чи кæна цардфæлварæн,
Уымæн ралæвар кæн фарн æмæ рухс цард!
Нæхиуыл та нын тыхфæлварæн чи кæна,
Уымæн мах тыхæй йæ тых цы сæтта!
Цардфæлварæн кæнут, сагсур фæсивæд!»
Куы фæци йæ куывд зæронд Уырызмæг,
Уæд урссæр Тæтæртупп афтæ куы ныззары:

«Хорз хæдзар, уæдæ, хæдзар,
Астфисынон, цыппæркъуымон —
Ахæм, ахæм фидаргонд у.
Цæджындзтæ Донбеттыртæй суадзгæ,—
Ахæм хорз хæдзар у;
Аххæрджытæ Хъæздыг комæй æрласгæ,
Уæладзæнтæ Фарны комæй рауадзгæ,
йæ рæхыс та уæларвæй æруадзгæ.
Нартæн сæ хисдæр Уырызмæг у,
Се 'фсин та Сатана у,
Уырдыглæууæг Сослан куы у.
Сæ фæсивæд сагсур фæсивæд.
Уой, уастæн, бирæ фæцæрой,
Арсау дзæмбыджын уой,
Сау хъæды- сагау сыкъаджын уой!
Каркау та бæдулджын куыд уой
æмæ хъæлдзæгæй фæцæрой,
О, нæ уарзон фæсивæд!»

Урссæр Тæтæртуппæн нарты кæсдæртæ
Рæсугъд хъæлæсæй айв куы бахъырнынц.
Фæйнæгфарс Сослан Уацамонгæйы былтыл
Кафын куы байдайы, къахфындзтыл кафтæй.
Нарты гуыппырсартæ симд куы саразынц,
Нæртов рæсугъд симд, дывæлдахæй симд.
æмæ иннабонæй уæд иннабонмæ
Куы фæцин кæнынц стырæй — чысылæй
Нарты Ацæмæзы бæркад чындзæхсæвы.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке