Уæд, зæгъы, Нартæн, стыр Нартæн, мæ хур,
Сæ хæхты куы фæзынд Хъулонзачъе Уæйыг;
Сæ фос сын хизынмæ нал уагъта æттæмæ:
Цагъды куы кодтой нартæн сæ бирæ фос;
Уынгæг бон куы 'ркодта разагьды нартыл.
Уæд нарты хисдæртæ -бауынаффæ кодтой:
«Уæдæ, куывд саразæм, куывд, æгас Нартæн,
Уырдæм æрхонæм æппæт адæмы дæр
Æмæ равзарæм нæхицæн фосгæс,
Æмæ ма афтæмæй нæ амонд бавзарæм».
Зæронд Уырызмæг, дын, арвыста хонджытæ,
Хонджытæ, уæдæ цы, æппæт нартæм дæр.
Æрæмбырд, дын, сты æппæт нарт'адæм,—
Стырæй, чысылæй куывдмæ 'рцыдысты.
Уырызмæл скуывта. стæй уæд фæзæгъы:
— Нарты адæмæн фосгæс ацæуын
Йæ ныфс чи хæссы, уый кувæггаг айсæд! —
Иу дæр нæ бахаста бадты адæмæй йæ ныфс,
зæгъы, йæ ныфс, кувæггаг райсынмæ.
Дыккаг хатт та 'рвиты Уырызмæг хонджытæ:
— Ацæут, азилут Нарты бæстæтыл.
Æмæ фылдæр адæм æрхонут нæ куывдмæ.
Цъиуызмæлæг дæр мауал ныууадзут
Нарты бæстæты, кæрæй-кæронмæ.—
Дыккаг хатт дæр та æрхуыдтои адæмы.
Уырызмæг скуывта, загьта йæ ныхас,
Фæлæ та кувæггаг ничи исы уæддæр.
Уæд зæронд Уырызмæг бафарста хонджыты:
— Исчи ма баззади адæмæй æтте? —
Хонджыты хисдæр дзуры Уырызмæгмæ:
«Уæлæ ма иу лæппу, иу чысыл лæппу,
Бæгънæг, бæгъæввадæй фæныкæй хъазы».
Хъæрæй радзырдта Уырызмæг хонджытæм:
— Ацæут æмæ йæ тагъд ардæм ракæнут! —
Хонджыты хисдæр æссыди лæппумæ
Æмæ йæ 'рбахуыдта нарты стыр куывдмæ.
Нарты цытджын хисдæр лæппуйы куы федта,
Уæд та 'ртыккаг хатт радзырдта дæлæмæ:
— Йæ ныфс чи хæссы, уый ацаходæд! —
Нæ бамбæрста Батрадз Уырызмæджы ныхас.
Радзырдта ноджыдæр Уырызмæг хъæрдæрæй.
Ацы хатт дæр та нæ фехъуыста Батрадз:
Лæппутимæ къуымы хъазыныл фæци.
Уæд Уырызмæг бавдæлд, æмæ лæмбынæгæй
Радзырдта дæлæмæ, бадты адæммæ.
Адæм фæкастысты иууылдæр хисдæрмæ.
Батрадз дæр байхъуыста ацы хатт, уæдæ цы!
— Нарты адæмæн фосгæс ацæуын
Йæ ныфс чи хæссы, уый кувæггаг, айсæд! —
Радзырдта фæстаг хатт нарты Уырызмæг.
Батрадз фестъæлфыд, бауад Уырызмæгмæ,
Райста кувæггаг: æртæ гуыдыны
Æмæ галы скуы. Йæ комы къулы сæ.
Тагъдгомау баппæрста æмæ сæ ахордта.
Дыккаг бон раскъæрдтой нарт сæ фос лæзгьæрма
Рахаста Батрадзæн алчи йæ лæвар:
Чи худ, чи хызьш, чи та дзабыртæ.
Æд уис, æд лæдзæг сæм Батрадз дæр рацыди,
Йæ фыццаг æскодта нарты стыр дзугтæ
æмæ сæумæцъæхæй балæууыд сæрвæты,
Фæрсы 'рдæм аздæхта хизæнты фосы дзуг.
Мерс кæнынц стонг фос æртæхджын цъæх кæрдæг.
Йæхæдæг ауади, сæгуыт æр'бамардта,
Йæ цармæй йын уайтагьд мусонг ацарæзта,
Фыдты дзæбæхтæй та—бур, сой физонæг.
Хъулонзачъе Уæйыг балцы уыд уыц' афон,
Хъуыддаг æм фехъуысти, æмæ æрбацæуы,
æрбахæццæ ис Батрадзы размæ.
Футтытæ кæны, алы фыдтæ калы:
«Чи куыдз, чи хæрæг, чи æрбауæндыди
Мæнæн мæ зæхмæ фос æрбаскъæрын!»
— Куыдз дæр дæхæдæг, дæхæдæг — хæрæг дæр,
Кæд дæ сæт цы калыс, æвзæр смаггæнаг! —
Афтæ фæхъæр кодгга Уæйыгыл фосгæс.
Бамбæрста уæд Уæйыг, Хъулонзачъе Уæйыг,
Батрадзыл кæй сæмбæлд, болатриу Батрадзыл.
Йæ знæт хуыз фендæр ис нарты тыхгæнæгæн,
Фæлмæстæй бацыди Батрадзы размæ
æмæ йæ фæрсы, къахæгау, афтæ:
«Нарты Батрадзы нæ зоныс, лæппу?»
— Багуыдæр æй зонын! —дзуапп радта Батрадз.
«Зæгъ-ма мын, уæдæ, цы хуызæн хъæзтытæ
Фæкæны сæхимæ болатриу Батрадз?»
— Мæнæ цы хуызæн,— зæгъгæ, фæкодта уæд
Болатриу Батрадз æмæ йæм фездæхти.
Йæ быны æркодта тыхгæнæг Уæйыджы,
Цъиуы къубалау ын йæ къубал æстыдта.
Бакодта лæдзæгыл Уæйыджы хъулон сæр,
Бæрзонд æй систа, рараст ис Нартмæ.
Изæрæй йæ размæ нарт рацыдысты.
Лæдзæгыл куы федтой Уайыджы хъулон сæр,
Уæд фæтарстысты — стырæй, чысылæй—
Уæйыг та 'рбацæуы тых кæнынмæ, зæгъгæ.
æрбахæстæг ис уалынмæ Батрадз дæр —
Нарт хъуыддаг бамбæрстой, уæдæ цы уыдаид!
Сæ тарст æрцыди, æмæ цингæнгæ
Рацыдысты хъæуæй Батрадзы размæ.
Уæдæй фæстæмæ нарты рæгъæуттæ
æдасæй хызтысты уæрæх хизæнты.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат