logo

М О Я    О С Е Т И Я



УÆРХТÆНÆДЖЫ ФЫРТ  НÆРТОН  СЫБÆЛЦ


Нарты 'хсæн фæцарди йæ зæронды бонтæм
Æмæ ус не 'рхаста нарты Уæрхтæнæг;
Нæ равзæрд йæ номыл бындар-байзæттаг.
Уæд нарты фæсивæд ныууынаффæ кæнынц:
«Уæрхтæнæгæн нæй байзæттаг йæ фæстæ
Æмæ йын ракурæм ус зæрондæй дæр;
Куы нæ разы кæна, коммæ куы нæ кæса,
Уæд æй амарæм æхсæны, дуртæй».
Минæвæрттæ йæм барвыстой зæрондмæ,
Æмæ йын загътой афтæ Уæрхтæнæгæн:
«Нæ хисдæр Уæрхтæнæг, нарты 'хсæн фæцардтæ
Кæд æмæ радимæ дæ зæронды бонтæм,
Фæлæ ус не'рхастай, фæдон дын нæ рацыд.
Ныр цæмæй дæ фæстæ байзæттаг рацæуа,
Уый тыххæй сылыстæг бацагур дæхицæн,
Сæ коммæ бакæс нарты фæсивæдæн».
Цы ма сын загьтаид? Сразы ис Уæрхтæнæг,
Æмæ афтæ зæгъы нарты минæвæрттæн:
«Рæвдзæй мæм æрцæут иннæ майрæмбсны—
Уæд уын æз зæгьдзынæн, кæдæм хъæудзæни
Усгур фæцæуын, о, нарты фæсивæд!»
Иннæ майрæмбоны æмхуызон ифтонгæн
Иууыл æрцыдысты нарты фæсивæд.
Къордтæ-къордтæ сæ фæкодта Уæрхтæнæг:
Хицæн къорд фæкæны фæндырдзæгъдджыты,
Хицæн къорд фæкæны дæсны кафджыты дæр,
Бæхыл хъазджыты дæр хицæнæй æвзары,
Хицæн къорд фæкæны дæсны зарджыты дæр,
æмæ сæ рæвдз кæны балцы цæуын æввонг.
Усгур фæраст сты, уæдæ цы уыдаид;
Сæ бæхты къæхты бын зæхх рызт æмризæджы,
Сæ фæндыры цагъд хъуыстис æппæт нартыл,
Сæ зардæй хæхтæ 'мæ быдыртæ арыдтой.
Авд æттæгуæлæйы сæрæй, дын, ракæсы,
Хæмыцы рæсугъд чызг сæ цагъдмæ, сæ зардмæ;
Уымæй размæ дæр ма зыдта Уæрхтæнæг
Хæмыцы рæсугъды; фæлæ ныр куы ауыны
Нарты болатрихи Хæмыцы буц чызджы,
Уæд афтæ бадзуры нарты фæсивæдмæ:
«'Рбаздахут уæ бæхтæ Хæмыцы хæдзармæ!»
Цы гæнæн ма уыдис нарты чындзхæсджытæн!
Сæ бæхтæ баздæхтой Хæмыцы хæдзармæ.
Фынгтыл фæбадтысты уыцы ран, дзаг фынгтыл,
Фæминас дзы код той; зарынæй, кафынæй
Хъуаг нæ баззадысты Уæрхтæнæджы адæм,
Стæй уæд рахастой усæн Уæрхтæнæгæн
Хæмыцы буц чызджы, уæдæ цы уыдаид.
Цас фæцардаиккой Хæмыцы чызг æмæ
Зæронд Уæрхтæнæг — чи зоны, фæлæ сын
Уалынмæ райгуырди, иуафон, лæппу.
Лæппуйыл сæвæрдтой ном Сыбæлц, зæгьгæ.
æхсæвы райгуырди Уæрхтæнæджы лæппу,
Райсомы куы сбои ис æмæ Хур куы 'рбакаст,
Уæд кæсы рудзынгæй Сыбæлцмæ Хур æмæ
Сыбæлцы цæстытыл йæ тынтæ хъазынц —
Сыбæлцæн йæ цæсгом ныррухс æгасæй.
Уый дын, куы ауыдта нарты Уæрхтæнæг,
Уæд бахудт мидбылты æмæ йæ ус фæрсы:
«Афтæ зæрдæбынæй цæуыл худыс, нæ лæг?»
Уæд ын Уæрхтæнæг радта ахæм дзуапп:
«æз ма тæрегæ. кодтон хъуыддаг не суæвынæй,
Фæлæ ныр хорз рауад, тæссаг дзы ницы ис.
Дысон æмбисæхсæв Хурæн дæр чызг райгуырд,
æмæ ныр рудзынгæй Сыбæлцмæ бакасти,
Лæппуйы бауарзта — гъе ууыл ныххудтæн».
Сыбæлц фæхъомыл ис, æмæ уæд райдыдта
Хуры хъæуы лæппутимæ сабийы хъæзтытæ.
Иу хатт æй аскъæфтой, «мæнæ нæ сиахс», зæгьгæ,
Хуры хъæуы лæппутæ, æмæ, йæ бахуыдтой
Хуры рухс хæдаармæ. Уым Хуры чызгимæ —
Адæдзæ-рæсугъдимæ кæрæдзи базыдтой.
Хур радта йæ чызджы нæртон гуырд Сыбæлцæн.
Нарты Сыбæлц æмæ Хуры чызг Адæдзæ
Цæй бæрц фæцардысты, чи зоны, — уæд Сыбæлц
æнкъард кæнын систа æмæ уæд Адæдзæ
Бафæрсы йæ мойы: «Цæуыл æнкъард кæные,
Цы маст дæ бацыди, уый мын уæддæр зæгъ?»
Ахæм дзуапп куы радты Сыбæлц уæд йæ усæн:
—Ам мæ цард æвзæр нæу, ницы дзы хъаст кæнын,
Фæлæ мæ мад æмæ мæ фыд зæххыл цæрынц,
Мæ зæрдыл æрлæууынц; нæхимæ мæ 'рфæндыд.—
«Уæдæ хуыздæр кæсы мæнмæ дæр дæ фæндон.

Хъæздыг цæгатæй — мæгуыр хæдзар хуыздæр, æмæ дæ кавд фæнды, уæд цом дæ бæстæмæ,

Дæ фыды хæдзармæ», загьта Адæдзæ.
Нарты Сыбæлц æмæ Хуры чызг Адæдзæ Сæхимæ цæуынвæнд æскодтой, уæдæ цы!

Уæд афтæ куы зæгъы йæ фыдæн Адæдзæ: «Мæ зæронд хицауæн цы лæвар фæхæссон?»

«Мæнæ йын ацы згьæр ахæсс. Хуыздæр лæвар Никуы ссардзынæ!» æмæ йæм радты згьæр. Згьæр та ахæм уыд, æмæ йе 'фцæгготæй Заргæ куы кодта, йæ тæрттæй'—хъырнгæ, Йæ дыстæй æмдзæгъд, фæччитæй — кафгæ.
Нарты Сыбæлц æмæ Хуры чызг Адæдзæ Се згъæр куы рахæссынц æмæ куы рацæуынц Зæронд Уæрхтæнæджы хæдзармæ, Нартмæ, æмæ чындзæхсæвтæ фæкæнынц, уæдæ цы! Цæрынтæ байдыдтой иумæ сæ хæдзары Нарты Сыбæлц æмæ Хуры чызг Адæдзæ.
Цас фæцардаиккой—чи зоны, фæлæ, дын, Афæдз балцы ацыд иу афон Сыбæлц. Уæд нарты Уæрхтæнæг згъæр скæны йæ уæлæ — Йæ чындзы лæвар, Ныхасмæ рацæуы; Згъæр йе 'фцæгготæй зарынтæ байдайы, Фæхъырны йæ тæрттæй, дыстæй — æмдзæгъд кæны, Кдфы йæ фæччитæй; æмæ уæд райдайынц Нарт æмбырд кæнын зæронд Уæрхтæнæгыл, Диссагмæ кæсæгау згъæрмæ кæсынмæ.
Уæд иу хатт куы кæсынц Соппары 'ртæ фырты Уалыппы бæрзондæй нарты Ныхасмæ:

Нарты стыр Ныхасы бады иу зæронд лæг, Йæ диссаджы згъæр йæ уæлæ, афтæмæй. «Цæй диссаджы згъæр ис æвзæр Уæрхтæнæгыл! Цомут-ма, æмæ йын байсæм уыцы згьæр, æмæ йын рауадзæм йе рагъæй гæрзытæ!» Афтæ ныффæнд кæнынц Соппары фырттæ.
Нартмæ æрцыдысты Соппары 'ртæ фырты, йæ диссаджы згьæр байстой Уæрхтæнæгæн æмæ йын йе рагьæй гæрзытæ рауагътой, Сæхæдæг хъæлдзæгæй æмæ сæрыстырæй Сæ фыды хæдзармæ уайтагъд сфардæг æсты. Уæрхтæнæг, мæгуыр, бацыд гуыбыр-гуыбыр æмæ ныттымбыл йæ уаты иу къуымы.
Рацыди иу афæдз, уæдæ цы уыдаид, Уæдмæ æрбахаста йæ бæх Сыбæлцы дæр. æхсæвы 'рбахæццæ Уæрхтæнæджы фырт Сыбæлц, Уаты дуар бахоста йæ усмæ æмæ йæм Йæ ус Адæдзæ уæд афтæ радзырдта: «æз дæуæн нæ дуар нæ байгом кæндзынæн, Цалынмæ мын радтай нæртон лæджы дзырд, Цы дын зæгъон, уый кæй бакæндзынæ, ууыл». — Дæттын дын нæртон дзырд, фæлæ тагьд бакæн дуар, Науæд мæлгæ кæнын! — зæгъгæ йæм бадзырдта. Адæдзæ-рæсугъд дуар фегом кодта æмæ Сыбæлц уæд фæмидæгдуар ис.
Сыбæлц йæ дзауматæ тагьдгæнгæ раласта — Фæттæ йæ фæрстæй астæрдмæ 'ркалдысты, Уæд дзуры йæ усмæ: «Мæлын дын мæ фæрстæй». Адæдзæ-рæсугъд уайтагъд фæгæпп кодта, Абырыд Сыбæлцæн йæ цармæй фыды 'хсæн æмæ йын раппæрста уырдыгæй йæ фæттæ, Адзæбæх æсты уайтагъд йæ цæфтæ.

Æмæ бафарста уæд Сыбæлц йæ усы:
— Цы дзырд мæ агуырдтай, зæгъ-ма мын æй ныр? •
Адæдзæ-рæсугъд ын уæд афтæ куы зæгъы:
«Цавæр дзырд, куы зæгъай, мæ сæры хицау, уæд
Соппары 'ртæ фырты ардæм æрцыдысты,
Дæ зæронд фыдæй дын хынджылæг фæкодтой,
йе згьæр ын байстой, сæ хъал бон ныккалой,
Дыууæ гæрзы йын йе рагьæй рауагьтой
æмæ ныр йæ уаты хуыссы тымбылæй.
Райе дæ фыды 'фхæрд, æрмæст дæ уый курын».
Райсомæй фестади Сыбæлц сæумæцъæхты,
Арæвдзытæ кодта йæ гутон æмæ, дын,
Соппары зæххытыл хуым кæнын райдыдта.
Соппары 'ртæ фырты Уальшпы бæрзондæй
Кæсынц сæ быдыртæм æмæ сæ зæххытыл
Хуым кæнгæ куы фенынц, уæд афтæ куы зæгьынц:
«Диссаг у, нæ зæххыл хуым кæнын чи уæнды
Не 'вастæй, уый чи у?» æртæ 'фсымæрæй йæм
Хæстæг æрцыдысты æмæ йæм бадзурынц:
«Уый нарты æвзæр Уæрхтæнæджы фырт куы дæ!
æвæццæгæн æмæ дæ фыды 'фхæрд исыс?»
æмæ сæ кæсдæрæн загътой йæ хисдæртæ:
«Марадз ды, æмæ йын цы хъæуы, уый бакæн!
Мах та уал искуы чысыл ацуан кæнæм».
Ацуан, дын, кодтой хисдæртæ; кæсдæр та
æрцыдис Сыбæлцмæ æмæ йæм бадзуры:
«Куыдзæй цы куыдз райгуырд! Кæй зæхмæ уæндыс
Ды, æнæ бафæрегæ, афтæ æрбацæуын?»
Хъæбысæй-хъæбысмæ фесты Сыбæлц æмæ
Соппары кæсдæр фырт; хæцынтæ райдыдтой,
Райдыдтой хæцынтæ   тызмæг, мæстыгæрæй
Æмæ дыууæ дæр куы бафæлладысты,


Уæд ацыдысты фæйнæрдæм. Фæлæ та
Сæ фæллад куы ссыди, уæд хæцын райдыдтой.
Бирæ хæсты фæстæ Соппары кæсдæры
Сыбæлц абырста æмæ йæ амардта.
Цуанæй раздæхтысты уалынмæ хисдæртæ
æмæ, астæуккагмæ хисдæр бадзуры:
«Марадз-ма, базон, нæ кæсдæр цы бакодта
Уæрхтæнæджы фырт нарты Сыбæлцæн?»
Сæ кæсдæр цы фæци, уый бæрæг кæнынмæ
Рацыдис астæуккаг. Уыимæ дæр, дын,
Хъæбысæй-хъæбыемæ фæци нæртон
Сыбæлц. Хæцын та райдыдтой, хæцын, мæлæтдзаг хæст!
Куы бафæлладысты, уæд сæ хæст ныууагътой
æмæ та фæйнæрдæм рацыдысты.
Йæ фæллад куы 'рцыди Уæрхтæнæджы фыртæн,
Уæд йæхи ныццавта Соппары фыртыл
æмæ. йæ амардта, уæдæ цы уыдаид!
Уалынмæ æрцыди хисдæр йæхæдæг,      
æмæ та фесты хъæбысæй-хъæбысмæ.
Хæцынтæ байдыдтой, байдыдтой хaelig;цынтæ;
Цас фæхæцыдысты, чи зоны, фæлæ та
Бафæлладысты. Сæ бон куы нæ уал уыд,
Уæд та фæцыдысты дыууæ дæр фæйнæрдæм
æмæ фыр фæлладæй зæххыл ахаудтой.
Уæд мæрдтæм фехъуыст Хæмыцмæ сæ хабар.
«Соппарæн йæ фырттæй сæ дыууæ кæсдæры
Амардта карз хæсты уæ сæрæн хæрæфырт,
Фæлæ сæ хисдæрæн ницы амал ары,
Кæрæдзи 'рдæг мæрдтæ фæкодтой æмæ ныр
Хуыссынц мæрдты хуызæн зæххыл сæ бынæтты».
Болатрихи Хæмыц райста нымæтын ехс
æмæ афтæмæй Мæрдтæй рацыди.
Уайтагъд æрбалæууыд Сыбæлцы уæлхъус,
Нымæтын ехсæй, дын, Сыбæлцы ракъуырдта,
æмæ цы уыди Уæрхтæнæджы фырт Сыбæлц,
Уымæй фестади авд халы тыхджындæр,
Авд халы дзæбæхдæр, афтæмæй рабадтис.
Соппары  хисдæр фырт зæххыл дæргъæй лæууыд,
Лæууыд æрдæгмардæй; Уæрхтæнæджы фырт
æрлæууыд йæ разы æмæ йæм дзуры:
— Зæгь мын, цы ран сты мæ фыды æндон згъæр,
Стаей йын йе рагъæй цы гæрзытæ руагътат,
Уыдон, æмæ дæ уæд нал амардзынæн. —
Афтæ йæм дзуры уæд Соппары хисдæр фырт:
«Дæ фыды згъæр æмæ йе рагьы гæрзытæ
Тар-комы дымæгмæ Соппары лæгæты
Цæвæрдтон æмæ сæ рахæсс уырдыгæй».
Сыбæлц куы базыдта йæ фыды згъæр æмæ
Йе рагъæй рауадзгæ гæрзытæ кæм сты,—
Уæд амардта хисдæр æфсымæры дæр,
йæхæдæг бацыди Тар-комы дымæджы
Соппары лæгæтмæ. Уырдыгæй рахаста
йæ фыды згъæр æмæ дыууæ гæрзы дæр.
Уæд Хæмыц дзуры: «Цом, цуаны фæцæуæм!»
Сыбæлц дæр сразы ис, уæдæ цы уыдаид.
æмæ рацуан кодтой фæйнæ фæндагыл.
Болатрихи Хæмыц цуаны æфсон
Бацыд Мæрдты Бæстæм фæстæмæ, уæдæ цы.
Сыбæлц сæ бынатмæ-æрхаста саджы мард,
Бирæ ма æнхъæлмæ фæкасти Хæмыцмæ,
Фæлæ куы нæ зынди, уæд ын цы 'мбарын хъуыд,
Хæмыц Мæрдты Бæстæм кæй аздæхт, уый?
æмæ нæртон Сыбæлц рамбырдтæ кодта
Йæ фыды  згъæр æмæ рагъæй уагъд гæрзытæ,
Раисы нымæтын ехс æмæ йæ саджы мард,
æмæ бафардæги йæ фыды хæдзармæ.
Йæ фыды рагъæй йын Соппары фырттæ
Цы дыууæ гæрзы рауагьтой фыдæнæн,
Уыдон фæстæмæ йæ фыды фæсонтыл
Арæхстгай авæрдта, ракъуырдта, дын, сæ,
Нымæтын ехсæй, — фыццаг куыд уыдысты
Йæ  фыды уæнтæ, афтæ фестадысты.
Радта йæ фыдæн йæ диссаджы згъæр дæр.
Ус дæр фæцин кодта, уæдæ цы уыдаид!
æгайтма бафхæрдтай дæ фыды 'фхæрджыты,
æмæ йын райстай йæ уæззау æфхæрд.
Нарты Сыбæлц æмæ Хуры чызг Адæдзæ
Цæргæ баззадысты дзæбæхæй нарты 'хсæн.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке