logo

М О Я    О С Е Т И Я



СÆУУАЙ


Уæд, зæгъы, Борæтæ, хъæздыг нæртон мыккаг,
Авд азы дæргъы фæллой фембырд кодтой
Сæ зæронд мæрдтæн кады хист скæнынæн.
Мидхорæй, миддонæй хастой кусæрттæгтæ.
Нозтæй, хойрагæй рæвдз кодтой æппæт дæр.
Хисты бонмæ ма хъуыди æртæ азы,
Афтæ нæртон бæстæм фидиуæг арвыстой,
Æмæ ныхъæр кодта фидиуæг афтæ:
«Борæтæ хист кæнынц сæ зæронд мæрдтæн,
Сæ зæронд мæрдтæн стыр дугъ уадздзысты
Æмæ уæ срæвдз кæнæд алчи йæ дугьон бæх.
Дугъ та уыдзæнис Ахъ-денджыз æмæ
Хъара-денджызы 'хсæн цы сакъадах ис,
Уырдыгæй мæнæ нарты Хъазæн фæзмæ,
Тырыса сагьд уыдзæн нарты Хъазæн фæзы,
Уыцы тырысамæ чи æрбаразæй уа,
Уымæн фыццаджы хай— уацайраг лæппу,
Дыккаджы хай та уацайраг чызг уыдзæн.
Йннæ дугъæттæй дæр ничи баззайдзæн
Борæты стыр дугъы хæзнатæй æнæ хай».
Уый куы фехъусынц нарты дзыллæтæ —
Рæвдз кæнын байдайынц сæ уайаг бæхты,
Сæ уайаг бæхты Борæты стыр дугъмæ.
Æрмæстдæр зæронд Къандз баздæхы ныхасæй,
Бацæуы хæдзармæ мæстыйæ, æнкъардæй,
Пылыстæг бандоныл мæсты батт æркæны —
Йæ быны ныссасти къæлæтджын бандой.
Æмæ уæд Къандзы йæ ус афтæ фæрсы:
«Цы коДтай, нæ зæронд? Цæуыл та мæсты дæ?
Куы никуы дæ федтон абонау мæстыйæ».
Афтæ куы радзуры Къандз уæд йæ усæн:
«Абон ныхъæр кощта нарты фидиуæг:
Æртæ азы фæстæ фæрныг Борæтæ
Стыр хист кæндзысты сæ зæронд мæрдтæн,
Стыр дугъ уадзцзысты зæронд мæрдты номыл,
æмæ, дам, базилæи алчи йæ дугъонмæ.
Уацайраг лæппу, дам, фыццаг дутъоны хай,
Уацайраг рæсугъд чызг—дыккаг дутъоны хай,
Иннæ дугъæттæн дæр уыдзæнис лæвæрттæ.
Мæ бæхæй уайагдæр нæ уыд нæртон бæсты
æмæ фыццаджы хай мæн бæргæ уыдаид,
Фæлæ нæй мæ бæхæн йæхи аккаг барæг —
Уый у мæ маеты сæр, ууьтл дæн æрхæндæг,  
Уымæн ныммуртæ ис мæ бандой мæ быны».
Ницыуал æедзырдта Къандзмæ йæ зæронд ус,
Уайтагьд ракодта æртæ мыдамæсты,
Ронджы дурынимæ тагъд-тагъдæй суадис
Авд æттæгуæлæ бæстыхайы сæрмæ
æмæ уым зæрдиаг скуывта хуыцаумæ:
«Хуыцау, ма нæ амар æнæ байзæдтагæй!»
æрцыдис фæстæмæ æнæ ацаходæгæй
æмæ кувинæгтæ Къандзы раз 'рæвæрдта.
Баназын ын кодта ронджы дурьгаы дзаг,
Бахæрын ын кодта æртæ мыдамæсты,
Стæй Къандзы риуыл йæхи æркъул кодта.
Аиста хуыцау, зæгъынц, зæронд усы куывд
æмæ уыйадыл базæрдæхсайгæ ис.
Рæстæг куы рацыдис, афон куы 'рхæццæ ис,
Уæд иу сæумæрайсом Къандзæн фырт райгуырдис,
Лæппуйыл сæвæрдтой ном Сæууай, зæгъгæ.
Дзидзи йын куыд дардта мад чысыл Сæууайæн,
Афтæ йæ дæндæгтæй дзидзитæ ратыдта.
æндæр усы дæр та æркодтон Сæууаймæ —
Дзидзи йын дарынмæ, уæдæ цы уыдаид,
Уый дзидзитæ дæр та Сæууай ратыдта.
Къандз уый куы базоны, уæд йæ сæр ныттилы,
Ныххойы йæ урс сæр, нызгъалы цæсты сыг,
Йæхæдæг фæдзуры мæстыйæ кæсдæртæм,
Фæдзуры æмæ сын афтæ куы зæгъы:
«Цæут, фæхæссут æй цъитимæ лæппуйы
æмæ йæ цæппарут цъитийы цъассы».
Кæсдæртæ ахастой лæппйы цъитимæ,        
Ныппæрстой йæ уым цъитийы скъуыды,
æмæ йæ бирæгьтæ уыцы ран се 'хсырæй
Хæссын байдыдтой. Рæзыдис Сæууай дæр.
Тыхджынæй бахъомыл бирæгъы æхсырæй
æмæ сын уайтагьд цуан кæнын байдыдта.
Дугъ райдайынмæ ма уыдис æртæ. боны,
Афтæ та Ныхасæй æрбацыд мæстджынæй,
æнкъард—æрхæндæгæй Саумæраты Къандз,

Йæхи та! æруагъта пылыстæг бандоныл,

Пылыстæг бандой та йæ быны ныппырх ис.
— Ацы лæппу та ма мын хуыцау куы радта
Мæ зæронды бонты мæстæй марынæн! —
Загьта зæронд Къандз. Уымæн йæ хæдуæлвæд
Фийау æрбацыди æмæ радзырдта:
«Афтæ 'мæ афтæ, иу лæппу хæхты Цуангæнгæ зилы, æфсатийы фосæй Мыккаг нал уадзы».

Къандзæн æм йæ зæрдæ Фехсайдта æмæ зæгтьы йæ кæсдæртæн:

«Ацæут, æмæ йæ ардæм æркæнут Уыцы лæппуйы».

Æркодтой лæппуйы. Сæууай бадзуры уæд афтæ йæ фыдмæ:
— Цæуыл æнкъард дæ, цы кодтай, мæ фыд? —
Уæд Къандз йæ хъуыддаг йæ фырт Сæууайæн
Бæлвырд рафæзмыдта. — æмæ кæм ис дæ бæх?—
Сæууай бафарста йæ зæронд фыды.
Уæд афтæ куы зæгъы йæ фыртæн зæронд Къандз:
«Мæ бæхæй хуыздæр бæх кæмæн уыд нартæй!
Фæлæ нæ ныккæнды æнæ хицауæй,
Æнæ дон дæттæгæй æрттигътæ куы хæры.
Æнæ базилгæйæ абырыд фаджысы,
Фаджысы абырыд йæ дыууæ хъусы онг.
Бацу йæм æмæ дæ йæхимæ бавналын
КæД бауайза бæх, уæд, лæппу, æпæг дæр,
Ды æцæг уыдзынæ намысджын Къандзы фырт,
Æмæ æсбæздзынæ мæ бæхæн бадæгæн.
На уый нæй, — цы кæнон, мæ амонд афтæ у».
Ницыуал æсдзырдта Сæууай йæ фыдмæ.
Раздæхтис хæдзарæй. Ныццыдис ныккæндмæ.
Хъал бæх нырриуыгьта фæстæгтæй лæппуйы,
Сахъ лæппу ацахста бæхы фæстаг къæхтæ,
Систа йæ хойынтæ сау зæххыл, хойынтæ!
æмæ йæм куы дзуры: — фæлдысты фæуинаг!
æгьгъæд (цын нæма у фаджысы æмбийын? —
Уæд хъал бæх февнæлдта дæндагæй лæппумæ,
Систа йæ æууæрдын, зæххыл æй фæхоста.
Фæмæсты йæм лæппу, фæхæцыд йæ хъустыл.
Зæххыл æй фæхоста æмæ йæм куы дзуры:
– Дæ бындар фæуинаг, цæй хивæнд хайуан дæ,
æви нæма зоныс æз Къандзы фырт кæй дæн?—
Хъал бæх ныссабыри æмæ йæм дзуры:
«Базыдтон ацы бон, ды Къандзы фырт кæй дæ.
Мæразмæ цæуын дæр ничи ма 'рбауæндыд,
Ничи ма 'рбавнæлдта мæ къæдзилы хъисмæ,
Ды та мæ сау зæххыл, лæппу, фæхостай.
Абонæй фæстæмæ мæнæн ды барæг дæ».
Ды та мын бæхæн бæздзынæ, бæхæн,
Абонæй фæстæмæ,—Сæууай йын загьта.
Рацыдис уырдыгæй Къандзы сæрæн лæппу,
Бацыдис йæ фыдмæ æмæ йæ куы фæрсы:
—     Дæ бæх у мæн аккаг, бабæздзæн бадынæн,
Фæлæ цæй 'барæг ис æнæ хæцæнгæрзтæ?
Кæм æсты дæ гæрзтæ, уый дæр мын бацамон.—
«Мæ кардæн йæ фындз йæ фистоны сагъдæй
Лæууы хæстæввонгæй, цъæх-цъæхид арт уадзы,
Иннæ ахæм ме 'рдын — уый æмбал кæм и! —
æфсæн рæхыстæй у æфсæн цæджындзмæ баст
æмæ хæстмондагæй сырх арт куы уадзы.
Гъе, ныр хъус, лæппу: кæд дæ бон бауыдзæн,
Уæд дын, мæ хур, мæнæ авд дæгъæлы.
Бакæн дзы авд дуары. æвдæмы мидæгæй
Стыр уат фендзынæ, уым лæууынц мæ гæрзтæ.
Кæд сæ бафæразай æрбайсын дæ къухмæ,
Уæд гæрзтæ дæу сты, хицау сын уыдзынæ,
Кæд нæ бафæразай, уæд уыдзæн дæ мæлæт,—
М'аххос дын ма уæд, ма дын уæд м'аххос».
Ницыуал æсдзырдта Сæууай йæ фыдмæ,      
Райста авд дæгъæлы:, уæщæ цы уыдаид,
Гом кæнын байдыдта авд дуары фæд-фæдыл.
Куыд байгом кодта æвдæм дуар, афтæ, дын,
Кард йæ фындз фелвæста йæ æвзист фистонæй.
æфсæйнаг цæджындзыл сæмбæлди карды ком
æмæ сæнчы хуызæн ахаудис цæджындз.       
Лæппу цьфд февналы кардæн йæ фистонмæ,
Фидар ыл æрхæцы æмæ йæм дзуры:
— Цъæх пиллон ма уал уадз, мæ астæу — дæ бынат.—
æмæ кард æрзæбул Сæууайы астæуыл.
æрдынмæ февналы уæд хъæбатыр Сæууай, —
æрдын æртæ æхсты фæкæны уæларвмæ.
Йе'фсæйнаг бæттæнтæ, дын, рацæй тыдта.
Сæууай йæм февнæлдта, ратыдта рæхыстæ,
Ратыдта æмæ сæ бафтыдта йг'фцæджы.
Хæстæввонг арæзтæй раздæхтис фæстæмæ.
Къандзы бæх ахæм уыд, æмæ дон нæ нозта,
Исчи йæ цалынмæ нарты Дзыхы-донмæ,
Нарты дондарæнмæ нылластаид, уæдмæ.
Уырдæм æй ласын хъуьцд райсом сæумæ цъæхæй,
Тар æхсæв бонимæ хицæн куы фæкæнынц,
Раст гъе уыцы афон Къандзы хъал бæхы,
Уыцы афон та-иу зонынджын Сатана
Авд æттæгуæлæмæ куывды цыд алкæддæр.
Кастис-иу уырдыгæй, зæххыл æмæ арвыл
Амонццæй цы зыны, цы ис æнамондæй,
Уыдон-иу æвзæрста зонынджын Сатана.
Авд æттæгуæлæмæ куывды цыд алкæддæр.
Кастис-иу уырыдгæй, зæххыл æмæ арвыл
Амондæй цы зыны, цы ис æнамондæй,
Уыдон-иу æвзæрста зонджын Сатана
Иуахæмы та авд æттæгуæлæйæ
Фæлгæсы бæстæтыл номдзыд Сатана,
Афтæмæй куы фены нарты Дзыхы-донмæ
Къандзы бæх баласгæ, дон баназынмæ.
Бæхæн йæ тæрныхæй æрттывта Бонвæрон.
Авд æттæгуæлæйæ æрхизы Сатана
æмæ цы федта, уый дзуры Уырызмæгæн.
«Нæ цин фæдзæгъæлы,—Борæты стыр дугъы
Нал фæуыдзæни мах фьщцаджы хай:
Дзыхы-дондарæны федтон æз дон нуазгæ
Къандзæн йæ дугъоны, Къандзы номдзыд æхы.
Йæ ныхыл æрттывта Бонвæрон æстъалы.
æрмæст нæ базыдтон, чи йæ раласта, уый».
Уырызмæг бафхæрдта йе'фсин Сатанайы:
«Саумæраты Къандзæй мыккаг куы нæ уал ис,
Уæд ын Дзыхы-донмæ йæ бæх чи раласта?»
Дыккаг æхсæв дæр та авдæттæгуæлæмæ
Сатана æсхызтис, кæсы Дзыхы-донмæ,
Кæсы, дын, æмæ та Къандзы бæх фæзынди,
Саргъæй уа, идонæй, æппæтæй арæзтæй.
Ноджы бæлвырддæр базыдта бæхы,
Фæлæ Сатана нæ раиртæста,
Бæхыл чи бадтис, уый: бæхы ныхы стъалы
Афтæ æрттывта 'мæ Сæууай нæ зындис.
æрцыдис Сатана, зæгъы Уырызмæгæн:
«Нæ цин фæдзæгъæлы,—Борæты стыр дугъы
Нал фæуыдзæни мах, нал, фьщцаджы хай:
Дзыхы-доны былыл федтон æз дыккаг хатт
Къандзы номдзыд бæхы, бæлвырд æй базыдтон.
æрмæст нæ базыдтон чи уыд йæ ласæг, уый.
Тынгдæр та бафхæрдта Уырызмæг йе'фсины:
«æз зæронд лæг куы дæн, уæд мæ цæмæн сайыс,
Саумæраты Къандзæн бæхбадæг куы нæ ис!»
æртыккаг æхсæв та авд æттæгуæлæмæ
Сатана ссыдис, кæсы Дзыхы-донмæ,
Кæсы, дын, æмæ та фæзынди Къандзы бæх.
Бæлвырд æй базыдта Къандзы бæх кæй уыди,
Фæлæ та уæддæр бæрæг нæу йæ ласæг.
æрцыдис æмæ та загъта Уырызмæгæн,
Бæх бæлвырд кæй у зæронд Къандзы бæх,
Фæлæ йын йæ барæг кæй нæ равзæрста, уый.
Тынгдæр та бафхæрдта Уырызмæг йæ усы.
Уæд зæгъы Сатана афтæ Уырызмæгæн:
«Федтон æз мæ фыны: нарты Хъазæн фæзы
Фыццаджы хайыл ды дугъы сбыцæу дæ,—
Никæмæн лæвæрдтай дугъы фыццаджы хай;
Уыцы рæстæджы дыл Уас-къуыппы бæрзондæй
Сау сынт æрыскъæрдта йæхи мæсты хуызæй;
Йæхи дыл скъуырдта фатау уæд сау сынт
æмæ дын басаста фараст дæ фæрсчытæй —
Хист дæр нал бахордтай, хай дæр дæ нал фæцис.
Зæлдаг кæлмæрзæны дæу æз æрбатыхтон,
æмæ дæ нæхимæ æрхастон ме'ккойы,
Уым дæ æрæвæрдтон пылыстæг сынтæджы
æмæ тарф рынчынæй бирæ фæсадтæ.
Рынчынгæсæй æз дæ уæлхЪус лæууыдтæн.
Бадар ма дæ зæрдыл абоны ныхæстæ».
Ахъ-денджыз æмæ Хъара-денджызы астæу
Сæ фæллад куы уадзынц афæдз дугъон бæхтæ,
Сæууай дæр бавæры уæд саргъ йæ дугъоныл,
Йæ уæлæ æрбæдты йæ фыды гæрзтæ
æмæ куы бадзуры Къандзмæ уæд афтæ:
— Зæгъ-ма мын, мæ хорз фыд, балцы цæугæйæ-иу
Кæртæй куыд раст кодтай, хæрзбон-иу куыд загътай?—
Къандз афтæ куы зæгъы йæ лæппу Сæууайæн:
«Балцы цæугæйæ-иу нæ сæйраг рудзынгыл
æд бæхæй ахызтæн мæ балцы фæндагмæ».
Ныкъæрццытæ кæны Сæууай уæд йæ бæхы,
æмæ куы атæхы, бындзау, рудзынгыл.
Ахъ-денджыз æмæ Хъара-денджызы 'хсæн
Цы стыр сакъадах ис, уырдæм фæраст вæййы,
Уырдæм фæраст вæййы Борæты дугъæттæм.
Хъæдгæ 'мæ быдырты цæуы чысыл Сæууай.
Сагтæ 'мæ сæгуыттæ куы мары фæндæгтыл
æмæ сын сæ цæрттæй уадзы хуыйæндæгтæ.
Дугъы уайæн æхсæв фынæйæ баййафы
æстыр сакъадахыл Сæууай дугъæтты.
Сæ идæттæ 'мæ сын сæ сæргътæ фæхуыйы.
Саргъы базтæ æмæ 'фтаутæтæ фемпъузы
æмæ срæвдз кæны дугъæтты фæндагмæ.
Йæхæдæг ацыди дугъæттæй æттæдæр,
Гобанæн æркодта йе'фтаугæ йæ быны,
Базæн та бакодта йæ саргъ йæ нывæрзæн,
Йæ андиаг нымæт йæ уæлæ 'рæмбæрзта
æмæ æрфынæй ис Сæууай Къандзы фырт.
Къандзы бæх фæхызтис астæумæ кæрдæджы,
Гъе стæй уæд цынадта йæхи Ахъ-денджызы.
Райсом сæумæ цъæхæй дугъæттæ нæ федтой
Къандзы фырт Сæууайы æмæ фæраст æсты.
Бахæццæ уыдзысты абон нæртон бæстæм.
Афтæ, дын, бацæуы йæ хорз бæх Сæууаймæ,
Бацæуы æмæ йæм афтæ куы дзуры:
«Фест рæвдздæр, мæ барæг! Гъе ныр цæуын хъæуы,
Сæ бахæццæйьг бон у абон дугъæттæн,
Сурын сæ куы хъæуы, фыццаг мах куыд фæуæм».
Бæх уыдис ног над, айкæвдыдды хуызæн.
Йæ бæхы ныхасмæ Сæууай рæвдз фестадй,
Бæхыл саргъ баппæрста, рæвдз ыл абадти,
æмæ рараст ис нарты Хъазæн фæзмæ.
Уæд нарты фæсивæд авд æттæгуæлæйæн
Йæ сæрмæ схызтысты, уырдыгæй фæлгæсынц
Дугъæтты фæзындмæ, фæнды сæ базонын,
Кæй бæх фæуыдеæн æппæты разæй.
Фæлгæсынц æмæ, дын, хæрæмигъ фæзыны,
Хæрæмигъ фæзыны дард арвы кæронæй.
Хæрæмигъ нæ уыдис, дугъæтты рыг уыдис,
Ифтыгъд галты хуызæн уайынц, фæрсæ фæрстæм

Уырызмæджы æрфæн æмæ Хæмыцы бæх,
Æртыккаг куы уадис Сосланы дугъон бæх, 
Æппæтæй фæстæдæр Сырдоны бæх баззад.
Мæстæй йæ куы марынц фæсивæд Сырдоны:
«Акæс, гæды Сырдон, уæргътæ æрбахæссы,
Дугъæтты фæстæ дæ диссаджы бæх».
Уалынджы фæзыны дугъæттæн сæ фæстæ
Къандзы зыгьар бæх дæр, æрбаразæй кæны,
Фæлæ йыл чи бады, уый нæ иртасынц,—
Саргъы гоппæй сæм нæ зыны Къандзы фырт.
Уæд Сырдон куы дзуры нарты фæсивæдмæ:
«Æппæты фæстæдæр мæ бæх æрбацæуы,
Уаргъдзау у, фæлæ уын диссаг
Куы радзурдзынæн æз, нарты фæсивæд.
Зонут, фыццаджы хай сымах дæр нæ уыдзæн.
Суры нæ дугъæтты фæсте Къандзы бæх.
Бæхтæй кæй баййафы, уымæн йæ рахиз хъус
Дæндагæй ратоны, фехсы йæ галиуы 'рдæм,
Афтæмæй куы кæны сæ разæй нæ бæхтæн».
Сослан нал фæлæууыд Сырдоны ныхæстæм
æмæ фæгæпп кодта мæсыгæн йæ цъуппмæ.
Акаст къухаууонæй дугъæттæм Сослан.
Куыддæр ын йæ бæхæн йæ хъус срæмыгъта
Сæууайы зыгьар бæх, афтæ йæ ауыдта.
Уырызмæджы бæхы уалынмæ 'рбаййæфта,
Уый рахиз хъус дæр та дæндагæй стыдта
æмæ йæ аппæрста галиуы 'рдæм, хъусы,
Фæстагмæ атыдта Хæмыцы бæхы хъус
Къандзы зыгьар дугъон æмæ фæразæй ис.
æрхызтис æнкъардæй уæд зæхмæ Сослан.
Нарты Хъазæн фæзмæ уалынджы 'рбахæццæ
Къандзы зыгьар дугъон, уæдæ цы уыдаид!
Ныццæвы уарийау йæхи гыццыл Сæууай
Нарты тырысайыл æмæ йæ раскъæфы,
Раскъæфы тырыса Къандзы чысыл лæппу,
æмæ куы бадзуры Бурæфæрныгмæ:
—Рахæсс фыццаджы хай, нарты Бурæфæрныг!—
Иæ маст куыннæ фыхтис зæронд Уырызмæгæн.
Бурæфæрныгмæ, дын, бадзырдта афтæ:
«Ма ратт фыццаджы хай хæрæджы къæлæуæн!
Нырма йæ донгæмттæй йæ хъуымыз куы кæлы,
Уæд куыд ауадздзыстæм уымæн фыццаджы хай?»
Дзуры Уырызмæгмæ афтæ уæд Къандзы фырт:
—      Хисдæры хатыр дын фæуæд, зæронд лæг!
Ма мын едзырдтаг кæн мæ фыццаджы лæвар.—
Сæууаймæ бавзыста Уырызмæг лæдзæгæй.
Нал фæхатыр кошта Сæууай Уырызмæгæн,
Йæ бæхыл абадтис уыцы мæстæйдаагæй,
Уас-къуыппы бæрзондмæ сынты тахт æскодта,
Уырдыгæй рауагъта йæхи дæлæмæ,
Рауагъта уырдыгæй йæхи Уырызмæгыл,
Йæ бæхы сынæгæй скъуырдта зæронды
æмæ йын басаста фараст йæ фæрсчытæй.
Базгъоры Сатана зæронд Уырызмæгмæ,
Зæлдаг кæлмæрзæнæй бабæдты фæрсчытæ,
Рахæсеы рынчыны сæхимæ йе'ккойы,
Уым æй æрæвæры пылыстæг сынтæгыл.
æмæ йæм зилынтæ байдыдта, уæдæ цы!
Адæм куы 'рбадтысты хæрнæг хæрыныл,
Уæд Сæууай бацыд Бурæфæрныгмæ,
Бацыдис æмæ йын афтæ куы зæгьы:
—      Дугъы фыццаджы хай уацайраг лæппу уыд,
Дыккаджы хай та уын уацайраг чызг уыдис.
Фыццаг мæхи хай у, дыккаг—Уырызмæджы,
æмæ дыууæйæ дæр мæнæн дæптæ сты. —
Цы ма бауæндыдис зæгъын Бурæфæрныг!
Сæууай йын куыд загьта, афтæ бакодта.
Уацайраг лæппу 'мæ уацайраг чызджимæ
Йæ дугъон хæйттæ бавæрдта фæсарцы
æмæ сæ æрхаста Сæууай йæ фыдмæ:
—Мæнæ фыццаджы хай—уацайраг лæппу,
Дугъы фæразæй дæн, æмæ мын—уый лæвар.
Мæнæ—уацайраг чызг, уый та тыхæй байстон.—
Куыд нæ фæбузныг ис Къандз уæд йæ лæппуйæ!
«Фыртæн мын бæзд1зынæ абонæй фæстæмæ,
Адæм дæ хондзысты Къандзы фырт Сæууай».
Афонтæ ацыдис  уыцы боны фæстæ.
Иу бон куы уыдис, уæд бацыд йæ фыдмæ
Сæууай æмæ йын афтæ куы зæгъы:
—Балцы цæуын мæ фæнды, мæ фыды хай!—
«Цæугæ, мæ чысыл хур, нал дæ уромын,
Дæхи ма иу чысыл куы барæвдыдтаис,
Зонд æмæ хъаруйæ тыхджындæр куы суаис,
Уæд хуыздæр уыдаид дæ балцы ацыд.
На уæд куы базоной Къандзы фырт дæ, уый
Нарты тыхджынтæ, нарты гуыппырсартæ,
Уæд дын куыд фесæфтой дæ дæс æфсымæры,
Афтæ дæ сафдзысты, — дзæгъæлæй зайдзынæн!»
— Ма тæрс, мæ зæронд фыд. Уадзын дын мæ бæсты
æз лæппу æмæ чызг, ирхæфсдзысты уал дæ.
Мæныл та уæлахиз нæ фæуыдзысты нарт
Тыхæй дæр, зондæй дæр кæнæ хиндзинадæй.—
Бабады йæ бæхыл, балцы фæраст вæййы.
Фæраст вæййы балцы Къандзы фырт Сæууай.
Бирæ фæцыдаид, чысыл фæцыдаид,—
Уалынмæ æсхæццæ нарты Хъазæн фæзмæ.
Фæзæй ныхъæр кæны Уырызмæгмæ афтæ:
— Нарты Уырызмæг, цæй, цом хæтæны!—
Йæ хъæрæй барызтис Уырызмæджы хæдзар
æмæ æркалдысты йæ цары сæгтæ.
Ничи ракастис Къандзы фырт Сæууаймæ.
Дыккаг хъæр бакодта Сæууай Уырызмæгмæ,—
Хъæрæй æркалдысты сæ уæлæндгуытæ,
Фæлæ та Сæууаймæ ракæсæг нæ фæци.
æртыккаг хъæр дæр та бакодта Къандзы фырт,—
Хъæрæй æрсастысты хæдзары   уæладзæнтæ.
Уæд Уырызмæгмæ дзуры Сатана:
«Ды бад нæ хæдзары, æз уал æм акæсон».
Рацыдис Сатана, уæдæ цы уыдаид,
Адзырдта лæппумæ нарты Хъазæн фæзмæ:
«Фæлæу æм райсоммæ, ацæттæ йæ кæнон».
Хъазæн фæзы астæу айтыдта йе'фтаугæ,
Йæ саргъ нывæрзæнæн Сæууай æрæвæрдта,
И'андиаг нымæтæй йæхи æрæмбæрзта
æмæ æрхуыссыди Къандзы фырт Сæууай.
Хæдзармæ баздæхы Сатана æнкъардæй,
Бацæуы æмæ зæгъы Уырызмæгæн:
Баидзары цырен арт, гуыпп-арт кæй фæхонынц.
Бæрз уисæй акæны дыкъухыг уæхстытæ
æмæ куы райдайы физонджытæ кæнын.
Уалынджы 'рбаййæфтой лæппуйы йе 'мбæлттæ
Фæллад, æххормагæй бæхтæй æрхызтысты,
Ауагътой сæ бæхты цъæх нæууыл хизынмæ.
Хæрзад физонджытæй сæхи бафсæстой,
Сæ фæллад уадзынмæ æрхуыссыдысты.
Сеппæты кæсдæр уыд Къандзы фырт хорз Сæууай,
æмæ сын æхсæвы бæхгæс ныллæууыди,
Бæхгæс ныллæууыди, уæдæ цы уыдаид.
Райсомы куы сыстынц Сæууайæн йе 'мбæлттæ,
Уæд Сæууай бафæрсы зæронд Уырызмæджы:
— Нæртон лæг Уырызмæг, ды бирæ фæхаттæ,
Ды бирæ фæхаттæ, бирæтæ федтай.
Нарты фыдгултæн сæ тых басастай.
Цы ран нæма уыдтæ, уырдæм нæ акæн.—
Афтæ йын куы зæгъы Уырызмæг Сæууайæн:
«Дыууæ фурды 'хсæн уыдтæн æз лæппуйæ,
Фæлæ сæ басæттын нæ бафтыд мæ къухы».
Зæгьы уæд Сæууай йе 'мбæлттæн афтæ:
— Бадут уал ам, уæдæ, нарты цытджын лæгтæ,
Уæхи уал хорз уынут бур физонæгæй.
æз цæуын æскарæг дыууæ денджызы 'хсæнмæ:
Уыцы бæстæ хъуамæ æз бабæрæг кæнон. —
Исдуг æй нæ уагьта зæронд Уырызмæг,
Бæргæ йын фæдзырдта, фæндаг зын фæндаг у,
Нæй йæм денджызтæй бацæуæн, зæгъгæ.
Фæлæ кæм байхъуыста Сæууай Уырызмæгмæ! —
Абадтис йæ бæхыл æмæ араст ис.
Сур зæххыл куыд цыдис, афтæ бауад доны дæр.
Бахæццæ, уалынджы, уыцы хъæздыг бæстæм,
Кæсы 'мæ быдырты хизынц бæхрæгъæуттæ,
Бæхтæ та иууылдæр æмхуызон — хъулæттæ.
æртæ аздзыд байраг раласта рæгъауæй,
æмæ йæ фæкодта денджызы иннæ фарс.
Баздæхти фæстæмæ Къандзы фырт хорз Сæууай.
æрбатымбыл кодта йæ разæй рæгъæуттаз,
æрбатымбыл кодта æмæ сæ раскъæрдта.      
Уалынджы йæ фæдыл фæдис æрæфсæрынц,—
Уыдон дæр фæцагъта, йæхæдæг йе 'мбæлттæм
æд рæгьау 'рбахæццæ. Бирæ фæцин кодтой,
Бирæ кæрæдзиуыл. Суагьтой сæ фæллад дæр.
Гъе стæй ныффæнд кодтой сæ рæгъау баиуарын,
Сæ хисдæр каем уыдис урсзачъе Уырызмæг,
Уым æй æмхуызонæй уарæгæн равзæрстой,
Фæлæ нæ бакуымдта Уырызмæг уарæгæн.
Бирæ дзырдты фæстæ уарæгæн равзæрстой
Къандзы фырт Сæууайы, сеппæты кæсдæры,
«Рæгъау æрбатæрын ды хорз кæй базыдтай,
Уым сæ уарын дæр хъуамæ ды базонай»,
Цы ма сын загьтаид Къандзы фырт Сæууай дæр,
Рæгъæуттæ уарыныл æсразы лæппу.
Рæгъауæй раласта йæ хъулон байраджы
æмæ йæ бабаста бæласыл хицæнæй,
Иннæ рæгъауы та фондз дихы акодта.
Лæппу цы фæнд кæны, уый цæмæй æмбæрста
Урсзачъе Уырызмæг. Мает бацыд йæ зæрды.
Хæмыцæн, Сосланæн загьта сусæгæй:
«Куыд уынын, афтæмæй кæвдæсæрдты хæйттæ
æвзары не'ртæйæн, ацы куыдзы хъыбыл,
æмæ йæ амарон, æндæр гæнæн ын нæй».
Сабыр æй кæнынц Хæмыц æмæ Сослан:
«Тагъд ма бакæнæм, чысыл уал бæкæсæм,
Бæлвырддæр базонæм, куыд уарынмæ хъавы».
Сæууай куы байуæрста рæгъауы фондз хайыл,
Уæд дзы фыццаджы хай радта Уырызмæгæн:    
– Хисдæрæггаг уал дын, нæ хисдæр Уырызмæг.—
Радта дыккаг хай дæр Сæууай Уырызмæгæн:
– Уый та дын, Уырызмæг уæрсты æмбалы хай.
Радта фæйнæ хайы иннæ дыууæйæн дæр.
Дыууæ раст æмбисы бакодта йæхи хай,
æмæ сæ радта Хæмыц æмæ Сосланæн.
Иунæг хъулон байраг ныууагъта йæхицæн,
Йæхæдæг бадзырдта Сосланæн йæ хъусы:
—      Уый та Сатанайæн мады лæварæн.—
Цы бамбарын ма хъуыд нарты Сосланæн —
Уырызмæджимæ каис бакæнын
Кæй бафæнд кодта Къандзы фырт Сæууай!
Ратардтой рæгъæуттæ, уæдæ цы уыдаид,
æмæ æрцыдысты Уырызмæджы хæдзармæ.
Хъæубæсты æмбырдæй иумæ æрыййæфтой,
Сæууайы скуыхт митæ хъæуæн куы радзырдтой,
Уæд фæцинтæ кодтой лæппуйыл адæм.
Уæд Сослан бадзырдта Сатанайы хъусы:
«Куырдтой нын нæ хойы Уастырджи, зæдтæ дæр,
æндæр дауджытæ дæр æрвыстой курджытæ,
æмæ йæ нæ радтам уыдюнæй иуæн дæр.
Къандзы фырт Сæууай нын куры ныр нæ чызджы, —
Раттын æй хъæуы уыцы сахъ гуырдæн!»
Цы фау ма 'рхастаид усгурмæ Сатана.
Цы хъуамæ загътаид чызг йæхæдæг дæр!
Загътой сæ дыууæ дæр: кæд ахаем гуырд у,—
Мах дæр разы стæм, кæнæд йæ хъуыддаг.
Нарты Уырызмæг гуыпп куывд куы саразы,
æртæ боны стыр куывд йæ уазæг Сæууайæн;
æппæт нæртон хъæутæй дзыллæты æрхоны.
Цы базонын сæ хъуыд куывд цæй фæдыл у, уый,
æмæ Уацамонгæ куы раттынц Сæууаймæ.
Сæууай æнæсдзургæ йæ нуазæн ануазы.
Уый фæстæ бабады йæ зыгъар бæхыл,
Арфæтæ.ракæны адæмæн зæрдæйæ,
Арфæтæ ракæны æмæ сын куы зæгъы:
— Абонæй нымайут, афæдзы бонтæй уæм
æз иуы зындзынæн, æрмæст цы бон уыдзæн,
Уый бæрæг нæма у,— æмæ фæрастис
Йæ фыды хæдзармæ сахъ лæппу Сæууай.
Уæдæй фæстæмæ йæм кастысты æнхъæлмæ
Нарты Сатана 'мæ зæронд Уырызмæг.
Тохъыл-иу фæхастой Сæууайæн зæрæдтæ,
Фæлæ-иу нæ фæзынд Сæууай сæ хъæубæстæм.
Тохъыл-иу снард ис, цæуын нал фæрæзта,
æмæ-иу аргæвстой, тохъылы, адæмæн.
Уæд, зæгъы, Борæты зæронд Бурæфæрныг
æртæ боны куывд нартæн куы скæны,
Нарты адæмы — зæрондæй, лæппуйæ —
æрхоны йæ куывдмæ зæронд Бурæфæрныг.
Сæууай дæр уыцы бон йæ фыдæй ракуры,
Цæмæй йæ ауадза хæстæг балцы цæуын.
Цы ма йын загътаид лæппуйæн йæ фыд?
Байрæзтис афæдзмæ, хилтæ йыл рахæцыд
Къандзы фырт Сæууайыл, уæдæ цы уыдаид,
æмæ æд рихитæй рацыд нарты бæстæм.
Йæ мад дæр, йæ фыд дæр нæма зыдтой уæд,
Уарызмæджимæ каис кæй бакодта.
Уырызмæджы дуармæ æрхызтис йæ бæхæй,
Идонбос бафтыдта уым бæхбæттæныл,
Йæхæдæг бацыдис уæллаг уазæгдонмæ,
æмæ уым бандоныл йæхи æруагъта.
Хæдзары уыдысты Сатана 'мае йæ чызг,
Лæгтæ сеппæтдæр куывды бадтысты.
æнхъæлмæ фæкастис фысымты рацыдмæ,
Фæлæ йæм фысымтæй фæзынæг нæ уыдис.
Сосланы фæндыр къулæй æрисы —
Цыууадæстæноныл йæ къухтæ æрхæссы,
Йæхæдæг ныззары фæндырæн хъырнæгау:
«Цæй бын сæфт фæкодтат, нарты хæрзæджытæ?
Куы нæ уал уæ ис уазæгмæ ракæсæг!»
Сатана уазæгмæ рарвыста кæсдæрты:
«Ацæут, базонут уазæг чи у, уый!»
Бацыдысты æмæ кæсынц уазæгдонмæ:
Пыхцылрихи лæг дзы бады бандоныл,
Цыууадæстæнонæй цæгъды æмæ зары.
Рацыдысты, загтьтой Сатанайæн,
Давæрдæр хъуынджын лæг фæндырæй кæй  цæгъды.
Сызгъæрин фынгыл ын уазал хæринæгтæ
Рарвыста Сатана диссаджы уазæгæн.
Уазал хæринæгтæ куы федта Къандзы фырт,
Уæд «хъæддзау куы нæ дæн», зæгъгæ, мæстыйæ
Йæ къахы фындзæй уæд фынг афтæ ныццавта,
æмæ цыппар дихæй уынджы балæууыд.
Фынджы сæстытæ æрбамбырдтæ кодтой
æмæ сæ бахастой нарты Сатанамæ,
Бахастой æмæ йын радзырдтой хъуыддаг:
«Фынгмæ нæ бавнæлдта нæ уазæг, афтæмæй
Йæ къахæй æскъуырдта нæ фынг æд хойрагæй».
Фæмæсты Сатана, уæдæ цы уыдаид,
Бадзурын кодта уацар гуымирымæ,
Бадзырдта æмæ йын афтæ ныффæдзæхста:
«Ацу 'мæ ныппырх кæн уыцы хъал уазæджы!
Ахæм ми бакæнын ничи ма бауæндыд
Ныронг нæртон бæсты нæ бирæ уазджытæй».
Сæууаймæ бацыдис нæмынмæ гуымиры.
Кæм дзы фæтарстаид Къандзы фырт Сæууай дæр!

Уайтагъд кæрæдзимæ февнæлдтой богæлттау,
Тох кæнын райдыдтой, хæцынтæ самадтой
æмæ кæрæдзийæн разы бар нæ дæттынц.
Йæ фæстаг хъарутæ æрбамбырд кодта
Къандзы чысыл лæппу æмæ гуымирыйы
Къулыл ныццавта 'мæ лыстæг пырх ныццис.
Фæдисон арвыста уæд куывдмæ Сатана,
Рацæйхæлæф кодтой куывддзаутæ фæдисы.
Фæлæ фæхъуыдыджын кæм нæ уыд Уырызмæг, —
æмæ ныуурæдта фæдисы цæуджыты.
«Раздæр уал базонæм — чи у 'мæ цавæр у?
æнхъæлмæ куы кæсæм уазæг æрцæуынмæ,—
Кæд нæм уый фæзынди?» зæгъгæ, сын загьта.
Нарты фæсивæдæн сæ барæвзаргæтæ,
Сослан сæ раздзæуæг, афтæмæй, уазæгмæ
Уайтагъд рацыдысты, уæдæ цы уыдаид.
Сæ хъустыл  ауадис Къандзы фырты зарын:
«Фесæфат, фесæфат, ацы хæдзарвæндаг,
Дæ уазæг ма базон, чи у, цæмæн æрцыд,
Афтæмæй чи 'рвиты уымæн хъæддзауы фынг!»
Цы ма базонын хъуыд Сосланæн уазæджы
æмæ йæм бацыдис — уазæгмæ мидæмæ.
Сосланы куы ауыдта Къандзы фырт Сæууай,
Уæд дыууадæстæнон къулыл æрцауыгъта,
Йæхæдæг сиахсы лæуд æркодта фæсдуар.
«æгас нæм æрцæуай не 'сиахс!» загьта Сослан.
Хъуыддаг радзырдта Сослан Сатанайæн,
Хорзау нал фесты Сатана 'мæ чызг,
Мæнæ ныл цы 'мбисонд æрцыдис, зæгьгæ.
Уайтагьд нæртон бæстыл цины уац айхъуысти,
Адæм æрбахастой сæ куывд Уырызмæгмæ.
Бирæ цинты фæстæ тæрхæттæ райдыдтой
Нарты хæрзæджытæ Сæууайы ирæдыл.
Фæдзырдтой Сæууаймæ æмæ йын загътой:
«Нæ чызгæн йæ ирæд ахæм у, нæ уазæг:
æвзаргæдæр бæхтæй сæдæ, хæдифтонгæй,—
Саргь уа, нымæт уа, хæцæнгæрзтæ семæ,—
Цы сырды мыккæгтæ цæры нарты бæсты,
Уыдонæй алкæмæй дæр фæйнæ сæдæ сæры.
Дæ ирæд бафидын дæ хъару кæд бауа,
Тæккæ гъе уыцы бон ахæсс дæ усы».
Сразы ирæдыл Саумæраты Сæууай.
Хæрзбон сын загъта 'мæ рацыд йæ фæндагыл.
Уырызмæджы кæрты ирæд æнæхъæнæй
æрбалæууын кодта уайтагъддæр лæппу:
— Чындзхæсджытимæ уæм зындзынæн тагьд  бонты,
Фæлæ куы ракæсат уæд дæр ма фыдцæстæй,—
Хатыр уын нал уыдзæн, зæгьын уын рагацау.—
æрцыд йæ хæдзармæ уырдыгæй Къандзы фырт.
Барвыста минæвар йæ зæронд фыдмæ:
— æнæ дæу бафæрсгæ æз каис бакодтон
Нæ рагон туджджынтæ, — Уырызмæгтимæ.
Ирæд цы агуырдтой, уый дæр сын бафыстон.
Арвит чындзхæсджытæ, нал ис хуыздæр гæнæн! —
Фыд дæр сразы ис, уæдæ цы кодтаид.
Хурныгуылæны 'мæ Хурскæсæны дауджыты
Йæхи хуызæн адæм — йæ фыд фæнымадта
Йæ  сахъ фырт Сæууайæн чындзхæсджытæн,
Хисдæрæн та сын Саумæраты  Къандз
'Фсатийы равзæрста — йæ уарзон æрдхорды.
Къандзы фырт æрзылдис йæ чындзхæсджытыл,
Йæхи нæ хъæр кодта, фæлæ дзырдта афтæ:
«Саумæраты Къандз ус хæссы йæ фыртæн
æмæ уæ чындзхæссæг хоны нарты бæстæм».
Фæлæ цы зонын хъуыд, Къандзы фырт кæй уыди,
Кæд бадæн нæ уыдис йæ бæхыл æттагонæн?
Йæ  изæр бахаста Сæууай æфсатимæ.
æфсати куы федта Къандзы бæхыл барæг,—
Бирæ фæцин кодта Къандзы фырт Сæууайыл,
Сæууай æфсатимæ баминæвар кодта,
Къандз дæ чындзхæссæг хоны æмæ, зæгъ,
Ма фæзивæг кæн. Куыннæ ацыдаид
æфсати чындзхæссæг уарзон æрдхорды фыртæн!
Бирæ фæцин кодта Къандзы циндзинадыл,—
Рацыд ын чындзхæссæг, уæдæ цы уыдаид,
Йемæ ма ракодта йæ рæсугъд чызджы дæр.
Иннæ чындзхæсджытæ Уырызмæджы хæдзары
'Мбырдæй æрыййæфтой æфсати 'мæ йæ чызг.
Куы федтой 'Фсатийы чындзхæсджыты 'хсæн,
Уæд цы базонын хъуыд нарты хæрзæджытæн —
Се сиахс кæй уыд, сæ туджджын Къандзы фырт,
Фæлæ ма хъуыддагæн фехалæн кæм уыдис!
Уазджытæн загътой «æгасцуат» æмхуызонæй.
Рабадын сæ кодтой, зæгъы, дзаг фынгты раз,
Стæй фынгтыл бадджытæм Сæууай бацыдис,
Сæ разы æрлæууыд æмæ сын загъта:
— Ацы бæркад фынгтыл ныр фидыд æрцæуæд, —
Хæларæй куыд цæрæм абонæй фæстæмæ! —
æмæ фиДыд айрцыД|, уæдæ цы уыдаид!
Дыууæ мыккаджы дæр дзырдыл сразы сты.
æфсати ныууасыд сызгъæрин уадындзæй,
'æмæ уæд байдзаг ис сагтæй, дзæбидыртæй,
Алыхуызон сырдтæй Уырызмæджы кæрт:
æфсатийы лæвар йе 'рдхорд Къандзы тыххæй.
Иу иннæ абонæй, иу иннæ абонмæ
Къандзы чындзхæсджытæ куывды фæбадтысты,
Гъе стæй уæд рахастой Саумæраты чындзы —
Сатанайы чызджы — Къандзы хæдзармæ.
Сатанайы чызг Ноггæнæн суадоны
Цынадта Сæууайы зæронд ныййарджыты,—
Сног та сты дыууæ дæр. Куывдтæ, чындзæхсæвтæ
Фæкодтой ноггонд Къандзы хæдзары.
æмуд, æмзæрдæйæ цæрынтæ байдыдтой
Сатанайы чызг æмæ Сæууай Къандзы фырт.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке