logo

М О Я    О С Е Т И Я



АЦÆМÆЗ ÆМÆ НАСРАН– ÆЛДАР


Иу райсом раджы хуры фыццаг тынтимæ
Хуын æрбацыди Насран-æлдармæ.
Йæ хуыны цы уыди? Уыди йæ хуыны
Урс фыры хъуынæй уæйлаг урс нымæт.
Насран-æлдар ыл тынг фæцин кодта,
Фæлæ йæ цин бирæ куы нæ ахаста —
Йæ хуыны фæстæ йыл фыдуац сæмбæлди:
«Уæ, Насран-æлдар, сæр дæ бахъуыди —
Дæ рæсугьд усы дын куы фескъæфтæуы,
Йе скъæфæг та дын Мысыры æлдар у!»
Уæд Насран-æлдар фидиуæг арвыста,
Æмæ фидиуæг нартыл ныхъæр кодта:
«Нарты хæрзæджытæ, фæдисы рацæут!
Насран-æлдары уæ сæр бахъуыди,
Алы хæдзар дæр æфсæддон рарвитæд.
Чи нæ рарвита, уыцы хæдзарæн
Куы аргæвддзыстæм йæ гал иварæн,
Йæ артыл та йын дон ауадздзыстæм,
Ныддардзыстæм ын йæ къæрмæг дымгæмæ...
«Нæ фехъуыстон, зæгъгæ, мачи зæгъæд!»
Æмæ нарт сеппæт дæр Насран-æлдарæн
Рацæттæ кодтой сæ фæдисонтæ.
Хур уыди арвастæу, афтæ Насран-æлдар
йæ бæхыл рацыди, Обауыл алæууыд,
Фæлæ нæ федга йе 'фсæддонты 'хсæн
Йæ мады 'рвадæлтæ — Ацæтæй лæг.  
Ацæтæй нал уыдис мыккагау мыккаг:
Ацæ йæхæдæг хæрз зæронд баци,
Йæ фырт Ацæмæз та ма дзидзидай уыди.
Дыууæ мады уыди чысыл Ацæмæзæн:
Иу—йæ ныййарæг,, иннæ—йе схæссæг.
Дыууæ мады йæ авдæны бабастой,
Æрбадтысты, дын, авдæны фæйнæ фарс,
Æмæ йæ куы узынц, заргæ-зарын:

Ало-ло кæн, ало-ло, —
Дæ мадæлтæ — дæ фæхъау.
Ало-ло кæн, ало-ло,
Рынтæ мах хай, дæу фæлтау.
Сау болатæй — дæ авдæн,
Цъæх болатæй — дæ авдæн.
Ало-ло кæн, ало-ло,
Дæ мадæлтæ — дæ фæхъау.
Ало-ло кæ, ало-ло —
Рынтæ мах хай, дæу фæлтау.
Уæйыг-рагъдзарм гæрзытæй —
Д'авдæнбæстæ, нæ хъæбул!
Ало-ло кæн, ало-ло,
Дæ мадæлтæ—дæ фæхъау.
Ало-ло кæн, ало-ло —
Рынтæ мах хай, дæу фæлтау.
Абон махæн нæ сау гал
Аргæвддзысты иварæн.
Ало-ло кæн, ало-ло,
Дæ мадæлтæ—дæ фæхъау.
Ало-ло кæн, ало-ло —
Рынтæ мах хай, дæу фæлтау.
Нæ фæнычы къæрмæг нын
Ныддардзысты дымгæмæ.
Ало-ло кæн, ало-ло,
Дæ мадæлтæ — дæ фæхъау,
Ало-ло кæн, ало-ло,
Рынтæ мах хай, дæу фæлтау.
Нæ артыл нын дон, нæ бон,
æгъатырæй уадздзысты.
Ало-ло кæн, ало-ло,
Дæ мадæлтæ — дæ фæхъау,
Ало-ло кæн, ало-ло,
Рынтæ мах хай, дæу фæлтау.
Нæ къона нын халдзысты,
æгъатырæй халдзысты.
Ало-ло кæн, ало-ло,
Дæ мадалтæ — дæ фæхъау.
Ало-ло кæн, ало-ло,
Рынтæ мах хай, дæу фæлтау.
Насран-æлдары рæсугъд усы
Абон райсом аскъæфтæуыд.
Ало-ло кæн, ало-ло,
Дæ мадæлтæ— дæ фæхъау.
Ало-ло кæн, ало-ло,
Рынтæ мах хай, дæу фæлтау.
Насран-æлдары фæдисы
Махæй ничи ацыди,
Ало-ло кæн, ало-ло,
Дæ мадæлтæ — дæ фæхъау.
Ало-ло кæн, ало-ло,
Рынтæ мах хай, дæу фæлтау!
Уæд чысыл Ацæмæз авдæнæй сдзырдта:
— æз ацæудзынæн йæ фæдисонтимæ. —
«О, дæ рын бахæрæм, нæ рæзгæ хъæбул,
Ды нын уый хъом куы уаис, уæд нæ кæуиккам»,
Дзурынц лæппумæ æнкъардæй мадæлтæ.
Чысыл Ацæмæз авдæны мидæг
Йæхи айвæзта æмæ, авдæнæн
Йæ иу фарс денджызы сæмбæлди, мæ хуртæ,
æмæ денджыз дæр ацис хæрз хуыскъ.
Йе 'ннæ фарсы фæйнæг хъæды сæмбæлди
æмæ хъæд уайтагъд цъæх арт суапьта.
Нывæрзæнвæйнæг Сау хохыл сæмбæлди
æмæ, дын, Сау хох фæлæбырдтытæ ис.
Дæлфæдты фæйнæг Урс хохыл сæмбæлди
æмæ Урс хох дæр фæлæбырдтытæ ис.
Уæд чысыл Ацæмæз рабадтис. Дзуры:
— æриут мын ныр бæх æмæ хæцæнгæрзтæ!
Мæ хæцæнгæрзтæ цъæх болат куыд уой,
Бæх та мын ахæм бæх, æфсæнтæ чи хæра, —
æмæ баййафон нæ фæдисæтты.—
Уæд дыууæ мады зæронд Ацæмæ
Цингæнгæ фæраст сты. Афтæ йын загьтой:
«Дæ фырт Ацæмæз æфсадмæ цæуы,
Йæхицæн агуры бæх æмæ гæрзтæ».
«Ау, æмæ нырма авдæны куы ис!»
Зæгъгæ, бадзуры, Ацæ устытæм.
«Афтæ æмæ афтæ,—авдæн ныппырх кодта,
æмæ агуры бæх, хæцæнгæрзтæ»,
Ахæм дзуапп радтой Ацæйæн устытæ.
«Марадзут, уæдæ йæм, дæлæ, раттут идон,
æмæ фæцæуæд уартæ Обауы сæрмæ.
Обауы сæрæй идон ныттилæд,
Идоны ныттилæд — бæх æрбацæудзæн
æмæ йыл сбадæд», загъта Ацæ.
Мадæлтæ радтой идон сæ лæппумæ.
Чысыл Ацæмæз идон куы райста,
Уæд рацыд Обаумæ, йæ идон ныттылдта,
Идоны хъæрмæ бæх уым балæууыд,
Бæх та ахæм уыд—хъæмпы рагьы йас.    
Саргъ ыл сæвæрдта чысыл Ацæмæз,
æхтæнгтæ балвæста, бакодта идон,
æмæ йын йе рагъмæ багæпп кодта.
Ацæмæзы бын бæхы астæу асаст.
Бамæсты, уæдæ цы, нæртон гуырд саби,
Астæусаст бæхы идонæй ныххоста
æмæ ралгъыста йæ фыд Ацæйы:
— Мæ фыд куы амæла, уæд ын ацы бæх
Мæрдты Бæстæйы фæлдыстæй фæцæуæд,
Кæд ын хуыздæр оæх нæ уыди, гъе уæд. —
Чысыл Ацæмæз мæстыйæ ныккуыдта,
æмæ баздæхти фæстæмæ сæхимæ.
Ацæмæзы хъуыддаг базыдтой мадæлтæ,—
Фехъусын æй кодтой зæронд Ацæйæн:
«Дæ лæппу ацыди Обауы сæрмæ,
Обауы сæрæй идон ныттылдта,
Бæх æм æрбацыди? - фæлæ йыл куы абадти,
Уæд бæхы астæу йæ быны фæсаст.
Ныр æрбацыдис æмæ афтæ зæгъы:
«Кæд æмæ, мæ фыдæн хуыздæр бæх нæ, уыди,
Уæд ын ацы хæдмæл афтæ'мæуфтæ».
«Бæргæ ис хуыздæр бæх — мæхи' бæх ныккæнды
Бастæй куы лæууы, æрттигътæ хæргæйæ!
Фæлæ йæ уыцы бæх йе'мгæрон не'руадздзæн,
Нæ дæр æм нæ лæппу йæхæдæт бауæнддзæн»,
Зæронд Ацæ сæм афтæ куы радзуры.
Уый куы фехъуыста чысыл Ацæмæз,
Уæд бацыд йæ фыдмæ æмæ йæм дзуры:
— Дада, æри-ма мын ныккæнды дæгъæлтæ,
Фенон дын дæ бæхы, уагæр цавæр у! —
Цы ма загътаид зæронд Ацæ дæр!
Радта лæппумæ ныккæнды дæгъæлтæ.
Чысыл Ацæмæз дуар байтом кодта,
Федта ныккæнды йæ фыд Ацæйы бæх:
Йæ дыууæ хъусы ма зынынц фаджысæй.
Ацæмæз февнæлдта бæхæн йæ къахмæ,
æмæ йæ радавта ныккæнды дуармæ —
Цыма йын мæнæ чысыл сæныкк: уыд.
Арыхъ-сапонæй йæ æхсынтæ байдыдта,
æмæ бæхы-буар хурау сæрттывта.
Хахиаг хæрх идон бæхыл бакодта,
Цæрдæг ыл сæвæрдта ноджы, мæ хуртæ,
Бабийаг арæзт авд æфтаугæйы,
æмæ ангусаг саргъ, æхтонг æлвæстæй.
Абадти бæхыл, чысыл Ацæмæз,
Бæх æй иу зыввытт уæларвмæ фæкодта,

Фæлæ нæртон саби фестад хæсты нæмыг
æмæ бæхы дæларм йæхи амбæхста;
Дыккаг зыввытт æй дæлзæхмæ фæкодта —
Лæппу амбæхсти саргъæй базы астæу.
Бæх фæлæууыди æмæ йæм дзуры:
«Цы фæдæ, лæппу?»—Мæнæ дæн—дæ уæлæ!—
Дзуапп радта Ацæмæз йæ фыды бæхæн.
Зæронд Ацæйы бæх загьта лæппуйæн:
«Уæдæ мын барæгæн сбæздзынæ ды»,
Дзуапп радта Ацæмæз: — Ды дæр мын сбæздзынæ
Цъыфты тæрынæн цалынмæ бæх арон.
«Ох, ох, мæ хъару мын æмбис куы фæкодтай
Дæ уыцы ныхасæй!» сдзырдта йæм бæх.
Зæгьы йын Ацæмæз: — æмæ сывæллон
æвзалы хæрынæй фылдæр та цы кæны!
Хъыг дæм ма фæкæсæд мæ уыцы ныхас.
Мæн дæуæй хуыздæр бæх куы нæ хъæуы.—
Чысыл Ацæмæз йæ фыдмæ барвыста:
—Дада, дæ бæхыл дын бадгæ бæргæ скодтон,
Фæлæ-иу фæдисон канд бæхæй нæ вæййы:
Ратт-ма мын æххæст дæ хæцæнгæрзтæ дæр. —
Ацæ йын загьта: «Куы ницы сæ бакæнай!»
Уæд æм бадзуры чысыл Ацæмæз:
— Ды уал мын сæ ратт, стæй, фендзыстæм,
Цы амал сын хъæуа — мæхæдæг зондзынæн.—
Цы ма загьтаид зæронд Ацæ дæр
Йæ чысыл лæппу — сауцæст Ацæмæзæн?
Радта йын йе згьæр, йæ фат æмæ йе'рдын,
Йе 'ртæ егары, йе 'ртæ хъæрццыгьайы.
Бафтыдта, уæдæ цы, чысыл Ацæмæз
Фат æмæ æрдын йæ фидар уæхскыл;
Йемæ рахаста æртæ хъæрццыгъайы,
Йæ фæдыл ракодта æртæ егары.
Болатсæфтæг бæхыл фидар бабадти
Чысыл Ацæмæз; ифтонг æфсæддонæй
Хъазгæ рацыди сæ кæрты астæумæ,
æмæ бадзырдта йæ дыууæ мадмæ:
— Ракæсут-ма мæм, куыд уын фидауын? —
Йæ дыууæ мады сæ рухс цæстытæй
Уæд ракастысты чысыл Ацæмæзмæ,
æмæ йæм радзырдтой, зæрдырайæ:
«Нæ хæхтыл мæйрухс куы 'рбаныдзæвы,
æмæ уый хæхтыл куыд фæфидауы,
Бæхыл раст афтæ фидауыс ды дæр».
— Уæдæ цæуын ныр æз æфсады фæдыл,
æмæ мын бадзурут мæ фыды зæрондмæ, —
Загьта Ацæмæз йæ дыууæ мадæн.
Зæронд Ацæ уæд лæппумæ басидтис,
Урс зачъе адаудта, æмæ йын загьта:
«Рацу-ма хæстæгдæр, бацамонон дын
Цæуын куыд хъæуы, — цы хуызы, цы уавæры.
æз базæронд дæн, —. æфсады нал цæуын.
Фæлæ бирæ федтон, бирæ бавзæрстон
æфсады, зæгъай, фæдисы — иннæ ахæм!
æз-иу рагзаман куы цыдтæн æфсады—
æфсæддонтæн-иу сæ алкæмæн дæр
Мемæ ахастон фæйнæ ног ехсы.
Стæй-иу сын радтон алы артæн дæр
Авд физонæджы бур-бурид фыхæй.
Гъе ныр, цæугæ, мæ хур, æмæ афтæ бакæн:
æфсæддонтæ цал уой, уал ехсы сараз.
Куы сæм бахæстæг уай, уæд-иу бæхæй рахиз
æмæ-иу æфсæдтæм æрынцай дардгом'ау,
Бакæс сын се 'ууæлтæм: æртытæ куы скæной —
Банымай æртыты, æмæ уал арты
Акæн ды дæр, мæ хур; алы артæн дæр
Ныссадз йæ фарсмæ авд физонæджы.
Банымай уый фæстæ барджытæн сеппæты —
Алкæмæн дæр дзы бæхбæттæн æрсадздзынæ.
Цу ныр, фæндараст дæ фæкæнæд хуыцау!»
Араст ис Ацæмæз, нарты Ацæйы фырт,
Йæ фæндаг адардта тар хъæдыл, цуангæнгæ,
Саг уæд, сæгуыт уæд — кæй ардта, мардта сæ.
Уагъта сын Ацæмæз сæ цæрмттæй гæрзытæ,
Гæрзытæй та, зæггьы, ехсытæ быдта:
Ехсытæ сбыдта æппæт æфсады фаг.
Цал боны, цал азы фæцыди — чи зоны!
Угалынмæ тар хъæдæй рахызти быдырмæ.
Бирæ быдыртæ фæуагьта йæ фæстæ,
Емæ, дын, мæнæ æфсæдтæм баввахс.
Рахызт йæ бæхæй, алы'рдæм акасти,
æфсæддонтæ йæм зындысты хæрз дзæбæх.
Мусонг æрцарæзта, уым æрынцадис.
Насран-æлдарæн ма- лæууыдис йе 'фсад
Тæккæ денджызы былгæрон, стыр фæзы.
æфсæдты хъуыди денджызыл ахизын,
Фæтæн денджызæн йæ бæстастæуты,
Фæлæ сын денджыз фæндаг нæ лæвæрдта.
Катайтæ кодтой, тухитæ æвзæрстой:
Мил-рихи лæппуйæ фæдисы чи рацыд
Насран-æлдары бирæ æфсадимæ —
Урс-сæр, урс-рихи сысты сеппæт дæр,
Тухитæ гæнгæ, уыцы денджызы был.
Насран-æлдарæн уыдысты йе'фсадимæ
Цъæх хæйрæджытæ, иуцæстон уæйгуытæ,
Иууыдоны бæрц та — зæдтæ 'мæ дауджытæ,
Уæддæр нæ ардтой денджызыл фæндаг,
Ацæйы чысыл фырт нæртон Ацæмæз
Лæмбынæг фæкасти дардæй æфсадмæ:
Банымадта сын сæ хыгъд, се'ртытæ,
æмæ цал сыгьди æртытæ уыдонмæ,
Уал арты скодта уæд йæхæдæг дæр.
Изæр куы фæмилтæ— акаст Насран-æлдар,
Ауыдта быдыры æртыты æвзæгтæ,
æмæ радзырдта йе'фсæддонтæм:
«Ау, ай цы диссаг уа: мах æнæнымæцæй —
Уæйыгæй, хæйрæпæй, зæдæй уа, нартæй —
Мысыры æлдары бæстæм куы цæуæм,
æмæ нын денджыз фæндаг куы нæ дæтты,
Куы ницы нæ бон у йæ сæрты хизынæн,
Уæд ма уыцы 'фсад кæй у, кæдæм цæуы? 
Марадз-ма, ацæут, бабæрæг сæ кæнут,
Цавæр æфсæдтæ сты, уыдон, цымæ?»
Авд бæхджын-барæджы фæтъæбæртт кодтой
Ацæмæзы'рдæм, бæрæг кæнынмæ.
Куы бахæццæ сты, уæд æй фæрсынц:
«Цы дæ, цавæр дæ, цы бæстаг адæймаг, —
Уал арты куы скодтай, уæд дæ цæмæн хъæуынц, Дæхæдæг зыбыты иунæг куы дæ, и?» —
æз дæр уе'мбал дæн!—загьта сын Ацæмæз.

Барджытæ фæстæмæ куы раздæхтысты,
Насран-æлдарæн хъуыддаг куы радзурынц:
«Афтæ æмæ афтæ... иунæг лæг у, иунæг;
Нæй йæм æфсад дæр, нæй йын æмбал дæр».
Насран-æлдар-уæд дзуры барджытæм:
«Ацæут æмæ йæ ардæм ракæнут!»
Фæтъæбæртт та кодтой фæстæмæ барджытæ,
æмæ Ацæмæзæн афтæ куы зæгъынц:
«Насран-æлдар нæ фæстæмæ рарвыста,
Хоны дæ йæхимæ æмæ саккаг кæн».
Дзуапп та сын радта чысыл Ацæмæз:
—         Бузныг уе'гъдауæй, бузныг уе 'рбацыдæй
Фæлæ мын уæ хатыр, мæнæ буц уазджытæ, —
æз нæ ацæудзынæн, уый мæнмæ рацæуæд. —
Аздæхтысты та фæстæмæ барджыта
æмæ Ацæйы фырт Ацæмæзы дзуапп
Насран-æлдарæн рафæзмыдтой.
Насран-æлдар уæд йæ бирæ 'фсадимæ
Сыстадис æмæ бацыд лæппумæ.
Ацæмæз рауади æфсæдты размæ,
æгьдау сын радта, æмæ сын зæгьы:
—         æгас мын цæуат! æрхизут уæ бæхтæй!
Йæ бæх уæ алчи дæр бæттæныл бабæттæд,
Алчи дæр ацæуæд йæ арты фарсмæ,
Алкæмæн дæр уæ йæ бынат цæттæ у! —
æфсæдтæ æртытыл къордгай фæпырх сты,
Алы арты фарсмæ авд лæджы сбадтис
æмæ æртытæ сысты сеппæты фаг.
æфсæддонтæй алчи дæр райста физонæг,
Бур-бурид физонæг, цъыс-цъыс кæнгæйæ.
Ацæмæз азылди æртытæн се'гасыл,
Алы 'фсæддонæн дæр радта йæ ехс.
Бауазæг сæ кодта, уæдæ-иу куыд вæййы!
Уый фæстæ бацыди Насран-æлдармæ
æмæ йæм дзуры: — Ме стыр хæрæфырт,
Ды, æвæццæгæн, мæн нæ базыдтай —
æз Ацæйы фырт Ацæмæз дæн.
æрæджиау фехъуыстон фæдисы хъуыддаг.—
Ныррухси йæ зæрдæ Насран-æлдарæн,—
Тынг фæцин кодта Ацæйы фæдоныл:
«О, бирæ фæцæрай, бирæ фæцæрай!
æз та ма, уæдæ, сагьæс куы кодтон —
Ме'фсады Ацæтæй кæй ничи уыд, ууыл».
Уæд ын Ацæмæз афтæ куы зæгьы: —
Бахатыр мын кæн, нæ хорз Насран-æлдар,
Фæлæ мын куы зæгъис дæ дарддæры фæндтæ:
Цы кæнинаг дæ, кæдæм у дæ фæндаг,
Цавæр лæгдзинад ис дæ фæдисæттæм?
Уæд Насран-æлдар зæдты бафарста:
«Ацы денджызыл фæндаг не ссарат?»      
æмæ йын радтой дзуапп зæдтæ, дауджытæ:
«Махæн тæхгæйæ вæййы æмæ атæхдзыстæм
Ацы денджызæн йæ фаллаг фарсмæ.
Фæлæ йæ цы 'мбæхсæм — æнæ адæмæй
Мах æсхæцынæн ницы бакæндзыстæм,—
Адæмæн нæ фæдыл цæуæн куы нæй».
Уæд Насран-æлдар фæрсы хæйрæджыты:
«Сымах та цы зæгъут, цы бакæндзыстут
Фæндаг арынæн денджызы сæрты?»
«Мах æстæм дæлдзæхдзог æмæ ацæудзыстæм
Денджызы бынты. Фæлæ æнæ адæм,—    
Цы йæ æмбæхсæм, — ницы бакæндзыстæм».
Уæд Насран-æлдар бафæрсы уæйгуыты:
«Сымах та цы зæгъут?» «Мах, Насран-æлдар,
Бæргæ ацæуиккам, фæлæ дæ адæм
Нæ фæстæ куы цæуой — денджыз фæйлаудзæни,
Хохыйас уылæнтæ кæрæдзи сурдзысты
æмæ дзы дæ адæм фæхуыдуг уыдвысты».
Ныссагъæс кодта уæд Насран-æлдар,
Зæхмæ ныккасти, хъуыдыты бацыди,
Фæлæ ницы скодта — кæнгæ дæр цы кæна!
Нарты Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз
Йæ фатдон, йе 'рдын йе 'фцæджы бафтыдта
æмæ иу рæстæй йæ бæхмæ бацыди,
Алæгьз ын кодта йæ сызгьæрин барц,
æмæ йæ афтæ куы афæрсы:
–Уæ, мæ болатсæфтæг, мæ фыды хорз бæх,
Мах та фæндагæн цы амал скæнæм
Денджызы сæрты нæ фæдисæттæн? —
«Цы амал дæ хъæуы? — загьта Ацæмæзæн
Йæ фыды хорз бæх, — Фидар бад ме рагьыл,
Дæ мын-иу ныккæ æртæ ахæм цъыччы,
Дæ армы тъæпæнæй чъепс куыд фæхауа,
Мæ агъды фарсæй та уафсхор куыд фæхауа!
æмæ денджызæй фæфале уыдзыстæм».
Ацæмæз сæлвасы йæ бæхы æхтæнгтæ,
Райсы йæ къухмæ сæгьдзармæй быд ехс,
Цæрдæг куы сгæпп кæны ангусаг саргъмæ.
æмæ куы бадзуры Насран-æлдармæ:
–Уæ, Насран-æлдар, ме стыр хæрæфырт,

Рацу ныр мæ фæдыл, ракæ де'фсæдты,
Раддзæни махæн ныр денджыз фæндаг!—
Чысыл Ацæмæз æрцавта йæ бæхы,—
Бæх иу гæпп аласта, айгæрста денджызы:
Не схуылыдз, æппын, бæхæн йæ сæфтæг дæр,
Афтæмæй денджызæй уайтагъд фæфале ис.
Денджыз гæрзæй-гæрзмæ сурбынæй аззади,
Насран-æлдар дæр йæ бирæ 'фсадимæ
Фæтæн денджызæй уайтагъд фæфале ис.
Уым ма фæцыдысты цалдæр бонцауы.
æме куы баввахс сты Мысыры æлдармæ,
Уæд æрынцадысты иу уæрæх фæзы,
æрфистæг æсты 'мæ сæ фæллад уагьтой.
Стæй Насран-æлдар минæвар барвыста
Цалдæр барæджы Мысыры æлдармæ:
«Цæттæ дар дæхи; цæуæм дæм хæцынмæ!
Насран-æлдар дын нæ ныббардзæни
Нæ йæ рæсугъд усц, нæдæр йæ судзгæ маст».
Мысыры æлдар. уæд рарвиты ахæм дзуапп:
«æз хæстифтонг дæн, уæ, Насран-æлдар,
Нæ дын раскъæфтон дæ рæсугъд усы
æз æнæ ныфсæй, гье æнæ хъаруйæ.
Дзæгъæлы фæцыдтæ ды, Насран-æлдар,
Уьщы дард фæндагыл, денджызы сæрты.
Не'фсæдтæн дзæгъæлы сæ туг цæмæн калæм?
Фæлтау нæ дыууæ схæцæм лæгæй-лæгмæ:
Кæд мæ ды амарай, тыхджын Насран-æлдар,
Уæд дæу — мæ бæстæ æмæ ме 'фсад дæр.
Кæд дæ æз амарон, уæд та мæ хур худы:
Дæхæдæг дæр мæн, дæ зæххытæ дæр,
Де 'фсæддонтæ дæр, дæ рæсугъд ус дæр».
Рафæзмыдтой, уæдæ цы, Насран-æлдарæы
Йæ минæвæрттæ Мысыр-æлдары дзуапп.
Фæтарст Насран-æлдар, дзыхæй нал дзырдта,
Ныттарæрфыги æмæ байдыдта
Уæд лæг агурын йæхи бæсты.
Фыццаг бацыди цъæх хæйрæджытæм,
Уæйгуытæм, зæдтæм, дауджытæм. Фæрсы сæ:
«Ахæм чи уыдзæн — Мысыры æлдаримæ
Тыхæй чи схæцдзæни лæгæй-лæгмæ?»
Сæ ныфс нæ бахастой цъæх хæйрæджытæ,
Сæ ныфс нæ бахастой иуцæстон уæйгуытæ,
Сæ ныфс нæ бахастой зæдтæ, дауджытæ дæр.
Баздæхт Насран-æлдар нарты фæсивæдмæ:
«Нарты саг-суртæ, цы зæгъут сымах та?
Чи уæ фæцæудзæн фатæй хæцынмæ
Мысыры æлдарймæ лæгæй-лæгмæ?»
Размæ ралæууыд, йæ кардыл хæцгæ,
Ацæйы фæдон чысыл Ацæмæз:
— æз æм фæцæудзынæн, мæ бар æй бауадз!
æрмæст уæ курын: мæ мардæй, ме 'гасæй
Мæ зссронд фыдæн бæрæг куыд зæгъат. —
Ацæмæз йæхи гæрзифгонг акодта,
æмæ, цыма, маргь бæласыл абадт,
Афгæ абадтис йæ фыды бæхыл,
æмæ ацыдис Мысыры æлдармæ.
Йæ размæ рацыди Мысыры æлдар дæр,
æлдары быдыры сæ бæхтæй 'рхызтысты,
Фат æмæ æрдынæй хæцынтæ байдыдтоц,
Сæ хæст нæ банцади райсомæй изæрмæ,
Фæттæй кæрæдзийы скодтой сыхырнатау;
Фæтты æрттигьтæ, уызыны сындзытау,
Сæ фæрстæй зындысты сæ дыууæйæн дæр.
Куы баизæр ис, уæд сæ хæст ныууагьтой:
æлдар йæ хæдзармæ фæцыд æрдæгмардæй,
Ацæмæз та баззад быдыры астæу, —
Андиаг æфтаугæ нывæрзæнæн бакодта,
Йæ уæйлаг нымæт уæле æрæппæрста,
Афтæмæй ныххуыссыд! йæ цæфтæй хъæрзгæ.
Мысыры æлдар Насран-æлдарæй
Цы ус аскъæфта, уый ахæм уыди:
Мæлæт лæгыл-иу йæ къух куы асæрфта,
Уæд-иу адæймаг цы уьщ, уый фестади:
Йæ хъæдгæмттæ-иу адзæбæх сты.
æмæ ныр æлдармæ йæ ус рауади,
Иæ бæхæй йæ райста, уатмæ йæ бахаста,
Уым æй æрæвæрдта дари хуыссæнтыл.
Ус йæ къух асæрфта æлдары цæфтыл
æмæ та æлдйр цы уыд, уый фестади —
Уайтагъд йæ цæфтæ адзæбæх сты.
Райсом куы сбони, уæд сыстад Мысыры æлдар
Хæцынмæ рацыди дзæбæх, æнæнизæй,
Чысыл Ацæмæз та йæ цæфтæй хъæрзыдта.
æмæ сын афтæмæй бацайдагьи хæст.
Сæ хæст та нæ банцад райсомæй изæрмæ,
Фæттæй кæрæдзийы скодтой сыхырнатау,—
Фæтты æрттигътæ, уызыны сындзытау,
Сæ фæрстæй зындысты сæ дыууæтæн дæр.
Куы та æризæри, уæд сæ хæст ныууагьтой.
æлдар йæ хæдзармæ фæцыд æрдæгмардæй,
Ацæмæз та баззад быдыры астæу, —
Андиаг æфтаугæ нывæрзæнæн бакодта,
Йæ уæйлаг нымæт уæле æрæппæрста,
Афтæмæй ныххуыссыд, йæ цæфтæй хъæрзгæ.
Мæлгæ та бахæццæ Мысыры æлдар
Йæ фæрныг хæдзары йæ рæсугъд усмæ,
æмæ та ныххуыссыд дари хуыссæнты;
æхсæв бонмæ йын йæ арæхстджын ус
Йæ буарæй фæласта фаты æрттигьтæ
æмæ та райсоммæ адзæбæх ис.
Тынг æсфæлмæцыд Ацæмæз йæ цæфтæй,
Йæ бон нал уыди, йæ хъару байсысти,
Йæ чысыл уæнгты туджы цъыртт нал баззад;
Загъта уæд йæхицæн: «Цæй,  ныр цы бакæнон?
Райсом куы 'рбацæуа, уæд мæ мардзæни!»
æмæ сфæнд кодта, тых æм кæм нал уыди,
Уым зондæй архайын. æмæ, дрын,
Ацæмæз Быдыры скодта йæхи марды 'фсон.
Райсомæй æрбацыд Мысыры æлдар
æмæ йæм дзуры: «Уæлæмæ сыст, лæппу!»
Ацæмæз не стæлфыд. Уæд Мысыры æлдар,
Амарди, зæгъгæ, загьта Ацæмæзæй
æмæ фæстæмæ араст йæ хæдзармæ.
Куы бахæццæ. ис, уæд æй ус афарста:
«Цæй тагъд фездæхтæ?» «Цы ми ма кодтаин,—
Кæимæ хæцыдтæн, уый амардтон æмæ?»
«æмæ йын йæ мард та уæд цы фæкодтай?»
«Йæ мард ын ныууагътон быдыры астæу».
Уæд æм йæ рæсугъд ус афтæ бадзуры:
«æвгъау у йæ мард афтæмæй уадзынæн.
Дæуæн-иу дæ буар фатдзæфтæ куы уыди,
æмæ-иу дын æй æз куы сдзæбæх кодтон,
Уæд демæ чи хæцыд, уый цавæр лæг уыди,—
æппын дзы фаты 'рттигъ ныхсгæ дæр нæ кодта,
Ницы дзы рыстаид? Ныр йæ мард быдыры
Афтæ ныууадзынæн тынг тæригъæд у.
Ма йæм фæзивæг кæн, ацу йæм быдырмæ,
Цыппар гæдыхъæды быдыры ныссадз,
Чырын ын сараз æмæ йæ чырыны
Уыцы цыппар хъæдыл сæвæр бæрзонд,
Кæннод ын йæ мард, мийаг, куы бахæрой
Бирæгътæ, рувæстæ, уæд мæрдты бæсты
Нæ уыдзæн удыбæстæ дæхицæн дæр».
Рацыд Ацæмæзмæ Мысыры æлдар,
Кæрæз ын сарæзта æмæ йæ уый сæр
Тулдзæй конд чырыны бæрзонд сæвæрдта,
Йæхæдæг фæстæмæ сæхимæ баздæхти.
æхсæв йæ тынгыл уыд, афтæ
Мысыры æлдар йæ дари хуыссæны уыди тарф фынæй,
Йæ ус та рахъуызыд, æхсинæг фестади,
Ратахти хæдзарæй, æмæ быдыры,
Лæппуйы мард кæм уыд, кæрæзы сæр,
Уыцы ран абадтис чырыны цур.
Ус байтом кодта йæ саер чырынæн,
Ныккасти лæппумæ, бадзырдта йæм:
«æвгъау бæргæ уыдтæ мæрдтæм цæуынæн,
Фæлæ цы бакæнон, мæ бон дин ницуал у,—
Удæгасæй дæ куы ‘рбаййæфтаин,
Уæд ма дæ бæргæ фервæзин кодтаин».
Уæд афтæ сдзуры: — æгас бæргæ дæн.—
Ус æм æркъул кодта, йæ къух ыл асæрфта,
Баулæфыд ын йæ бирæ цæфтыл,
æмæ Ацæмæз цы уыд, уый фестадис,—
Цæф дæр ыл нал зынди, хъæдгом — иннæ ахæм.
Бирæ фæцин кодтой сæ кæрæдзийыл.
Ус атахт фæстæмæ æхсинæджы хуызы,
Куы бахæццæ ис, уæд та ус фестадис.
Ацæмæз дæр бавдæлд æмæ гурæй-гурмæ
Иæ фæдыл бацыд æлдары хæдза'рмæ.
æмбисæхсæвтыл Мысыры æлдар
Хуыссæнæй фесхъиудта. Ус ыл фæхæцыди
æмæ йæ, дисгæнгæ, афтæ бафæрсы:
«Цы кодтай, нæ лæг, цæмæй фесхъиудтай?»
Загьта Мысыры æлдар: «Фын федтон, не 'фсин,
Цыма, дыууæ боны кæимæ хæцыдтæн,
Уыцы лæппу мæм æрбацыд хуыссæнмæ
æмæ мын мæ хурх сынтæджы къухыл
Мемæ райгуыргæ хæдкæрдгæ кардæй
Ахауын кодта... Мæнæн та, не'фсин,
Мæ мæлæт æрмæст уыцы кардæй у».
Уæд æм ус дзуры: «Мæ сæры хицау,
Цæмæн тыхсыс, уый дæ цæфтæ 'хсидынц —
Де знаг афонмæ бынтон куы скæлм ис».
Афынæй та ис Мысыры æлдар,
Фæлæ та уайтагьд хуыссæнæй фесхъиудта.
«Цы кодтай, нæ лæг, цæмæн та стъæлфыс?
Дæ удæй дæ мидæг куы ницыуал аззад».
Мысыры æлдар, тæрсгæ-ризгæйæ,
Рабадт йæ хуыссæны; дзуры та усæн:
«Нæй, мæнæн ацы фын фыдбылыз сайдзæни,—
Цыма, дыууæ боны кæимæ хæцыдтæн,
Уый мæм æрбацыд æмæ мын систа
Мæ нывæрзæнæй мемæ райгуыргæ кард
æмæ мын, цыма, сынтæджы къухыл
Мæ хурх ныргæвста». Ус æм бадзуры:
«Цæмæй тæрсыс, цæ, мæ сæры хицау!
Уый дæ цæфтæ 'хсидынц, дзæбæх дын кæнынц.
Фынтæ куыд вæййынц, афтæ нæ цæуынц.
Ахуысс, ахуысс, цæй, уæ, мæ хурты хур;
Де знаг афонмæ бынтон куы скæлм ис».
Мысыры æлдар та тарф фынæй ацис.
Фæлæ сæм, дзургæйæ, Ацæмæз байхъуыста
æмæ куы базыдта æлдарæн йæ кард
Цы ран æвæрд ис, уый, уæд бадыди æмæ
Мысыры æлдарæн йæ нывæрзæнæй
Йæ  кард раласта æмæ йын йæ хурх
Сынтæджы къухыл ахауын кодта,
Йæхæдæг  бавдæлд æмæ рахаста
æлдары фæллой, йæ усы дæр ын
Йемæ ракодта. Куы 'рбахæццæ сты,
Уæд Ацæмæз загъта Насран-æлдарæн:
— Мæнæ дæ рæсугьд ус, ме стыр хæрæфырт,
æмæ мыккагмæ фæрнæй цæрут!—
Бирæ фæарфæтæ кодта Насран-æлдар
Ацæйы сахъ фырт чысыл Ацæмæзæн.
æрбацыдысты Нарты стыр хъæумæ.
Фос æмæ хæзнатæ Ацæмæз байуæрста
Нартæн сеппæтыл. Йæ  фыды 'рбаййæфта
Бынтон зæрондæй. Насран-æлдары ус
Хæстæг бацьцди зæронд Ацæмæ,
Баулæфыдис ыл, йæ къух ыл асæрфта —
Цы уыд, уый фестадис зæронд Ацæ.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке