Æхсæртæджы дыууæ фаззон лæппуйы
Бон уылынг рæзтысты, æхсæв та уыдисн.
Фат æмæ æрдынæй хъазынхъом куы фесты,
Уæд Нарты уынгмæ иу бон рацыдысты,
Дыууæйæ, фат æмæ 'рдынæй хъазгæйæ,
Æмæ æгас Нарт чысылæй, стырæй
Уыдон фаты хъæрæй сæхи бамбæхстой.
Къулбадæг усы чызг донмæ рацыди,
Æмæ йæ Хæмыц куы суыдта, уæд æй
Фехста йæ фатæй; йæ донгарз
Ныцъæл ис, йæ уæлæ цы дзауматæ уыд,
Фат ын уыдон дæр ныскъуыдтæ кодта.
Уæд чызг фæстæмæ кæугæ-кæугæ баздæхт,
æмæ йæм йæ мад мæстыйæ дауры:
— Цы кодтай, дæ мад дæ быныл баззайа?
Донмæ куы ацыдтæ — цæуылнæ 'рбахастай? —
æмæ уæд чызг дæр зæгъы йæ мадæн:
« Дæлæ мæ Хæмыц фехста йæ фатæй
æмæ мын мæ донгарз ныцъæлтæ кодта,
Ныскъуыдтæ мын кодта мæ пысултæ дæр».
Мад та йæм радта уæд æндæр донгарз,
æмæ йын зæгъы: «Ацу, æмæ дын
Кæд хай уыдзæни мæ дзыхы ахастæй,
Уæд дын хæлар уæд мæ дзидзийы хъуыртт.
Кæд дын нæ уа, уæд фæхау Сехы гоппыл!»
Рараст та донмæ къулбадæг усы чызг,
Æмæ сæ дуарæй куыддæр рахызти,
Афтæ та йæ Хæмыц фатæй æрбахста.
Уæд æм чызг фæстæмæ афтæ бадзуры:
— Мæныл, хъал лæппу, дæ тых цы 'взарыс?
Мæныл тых куы сты хъæды мæргътæ дæр,—
Фæлæ кæд уый бæрц тыхджын баскуыхтæ,
Уæд дæ фыды фыд — Уæрхæг — зæрондæй
Нарты рæгъауæн йæ фæстæ куы ныххус,
Уæд уый цæуылнæ бабæрæг кæныс? —
Уый куы фехъуыстой дыууæ лæппуйы —
Сæ фаттæ, се'рдынтæ бацъæлтæ кодтой,
æмæ сæ хæдзары цæгъдæджы мидæг
Байысты, æмæ дзурынц сæ мадмæ:
— Мах цæуæм, нæ мад, Нарты Ныхасмæ, —
Нæ фыдæлтæй ма чидæр æгас у,
æмæ нын ныр уый нæй æнæ ссаргæ! —
Араст, дын, æсты дыууæ лæппуйы
æмæ æрцыдысты Нарты Ныхасмæ —
æртæ Нарты дæр Ныхасы бадынц.
— Уæ бонтæ хорз æмæ фарн уæ Ныхасы! —
Загътой лæппутæ Ныхасы адæмæн.
«Фæрнæйдзаг ут!» зæгъгæ, дзуапп радтой адæм.
— Афтæ фехъуыстам, нæ фыды фыд Уæрхæг
Нартæн рæгъаугæс у, æмæ кæм ис, уый нын
Куы бацамониккат, уый уæ стæм курæг.—
«Мæнæ кæсдæртæй искæй акæнут,
Уый уын æй, мæ хуртæ, бацамондзæни»,
Загътой лæппутæн Ныхасы адæм.
Дыууæ фаззоны иу лæппуимæ
Цæуын байдыдтой Уæрхæджы агурæг.
Цæуынц, цæуынц æмæ сæ къæхты хъæрæй
Бæстæ æзмæлы, хæхтæ æзгъæлынц.
Зæронд Уæрхæг уæд дисыл бафтыдис:
«Уæдæ мæ фырттæ —æхсар æмæ æхсæртæг —
Куы фесæфтысты, уæд ай цы диссаг у! —
Мæ фыртты къæхты хъæры хуызæн куы у?!»
Куы бахæццæ еты зæронд Уæрхæгмæ,
Уæд сæ уый фæрсы: «æй, æмæ чи стут?»
— Мах стæм Нарты æхсæртæджы фырттæ! —
Загътой Уæрхæгæн дыууæ лæппуйы.
— Уæдæ ма рацæут, æз уæ баскарон,
Уе стæджы хъæдæй уæ æз базондзынæн. —
Бацыдысты йæм! дыууæ фаззоны
æмæ Уæрхæгæн хъæбыстæ кæнынц.
Уæрхæг лæппутæм сындæг равнæлдта
æмæ сын радыгай скарын райдыдта
Сæ цонджы хъултæ йæ къухы уырзтæй.
Уæрхæг сæ базыдта æмæ сын загъта:
— æцæг уе стæджы хъæд махæй у, мæ хуртæ.—
Бирæ фæцин кодта йæ фырты фырттыл
Фыдæбонты хай — Уæрхæджы зæронд.
Хорз ыл фæцин кодтой йæ байзæттæгтæ дæр.
Уый фæстæ лæппутæ Уæрхæгæн æрдзырдтой
Сæ мады дзыхæй цы фехъуыстой, уый:
Сæ фыд æхсæртæг æмæ йе'фсымæр
Куыд фæмард æсты денджызы былыл.
Уый фæстæ, Нартмæ куыд æрцыдысты.
Уæрхæгæн, мæгуыр, йæ зæрдæ суынгæг и,
Йæ зæронд цæстытæ доны разылдта:
— Мæнæн уыд, мæ хуртæ, æцæгдзинадæй,
Дыууæ лæппуйы — æхсар æмæ 'Хсæртæг,
Фесæфтысты мын дыууæ фаззоны дæр;
Фæлæ æгайтма сæ мыккаг нæ сыскъуыд!—
æмæ сæ разæй Уæрхæг рараст и
Сæ фидар арæзт зæронд чъырынмæ.
Дыууæ лæппуйы Уæрхæджы фæстæ
Схызтысты чъырыны уæллаг уæладзыгмæ,
æмæ бахызтысты чъырынмæ мидæмæ.
Хæдзары нал уыдис быронæй бацæуæн.
Лæппутæн сæ иу уæд фийаг фелвæста,
Иннæ та уисой къуымæй раскъæфта,
æмæ дыууæйæ хæдзар бафснайдтой,—
Хæдзар авд ахæмы хуыздæр сæрттывта.
Уый фæстæ зæронды дуармæ ракодтой
Æмæ йын адастой йæ сæр, йæ рустæ.
Йæ хуыз та скалдта Уæрхæг фæстæмæ.
æмæ лæппутæ загътой кæрæдзийæн:
«Ай ма нын нырма фæдардзæн нæ мады дæр».
Хæдзармæ та йæ фæстæмæ бакодтой,
Æмæ йын загътой лæппутæ афтæ:
— Мах дæ фырттæ стæм, дæхи хъæбултæ,
Æмæ нырæй фæстæмæ демæ цæрдзыстæм. —
Цалынмæ Хæмыц æмæ Уырызмæг
Уæрхæджы агуырдтой, уалынмæ Дзерассæ
Уыди йæ цæгаты — Донбеттыртæм.
Араст æм сты æмæ йæм ныццыдысты
Æмæ йæ фæстæмæ сæхимæ æрхуыдтой.
Нартмæ куы ‘рхæццæ Дзерассæ-рæсугъд,
Уæд дзы йæхицæн бинойнаг загъта
Лæпуты фыды фыд – нарты Уырызмæг.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат