logo

М О Я    О С Е Т И Я



НАРТЫ СÆФТ


 

Нарты тыхджынтæ, нарты гуыппырсартæ
Иууылдæр хæцгæйæ куы фæцардысты;
Бирæ тыхгæнджытæн сæ тых басастой.
Ахæм сын нал уыди, ахæм, куы зæгьынц,
Сæ тых ма кæимæ бавзæрстаиккой.
Уæд нарт байдыдтой хъуыдытæ кæнын,
Нæ тых, нæ хъару ма кæимæ бавзарæм?
Æмæ сын загьта фыдбылызы Сырдон:
«Хуыцауæн кувгæ бирæ фæкодтат,
Фæлæ ма йæ ноджы тыхæй дæр бавзарут».
Уæд нарты тыхджынтæ Сырдонæн загътой:
— Хуыцау цы ран ис, уый куы нæ зонæм!—
Сырдон сын загьта: «Куы йæ смæсты кæнат,
Уæд уæм йæхæдæг фæзындзæн искуы»,
Æмæ та нарт дæр фæрсынц Сырдоны:
— æмæ йæ, Сырдон, цæмæй смæсты кæнæм? —
«Цагъды фæуат, нарт!—Сырдон сын загъта,—
Кæд хуыцау искуы ис, уæд ын мауал кувут,
Мауал ын кæнут йæ ном мысгæ дæр.
Уæ дуæрттæ та бæрзонд саразут,
Цæмæй уæ сæртæ гуыбыр ма кæнат.
Н'амæ хуыцау зæгъдзæн, мæнæн кувынц, зæгъгæ.
Кæд афтæ бакæнат, уæд уæ агурдзæн».
Нарт бакастысты Сырдоны коммæ
Æмæ сæ дуæрттæ бæрзонд сарæзтой,
Уæдæй фæстæмæ сæ кувын ныууагътой.
Нарт куы нал кодтой хуыцауы хъуыды дæр,
Уæд сæм рарвыста йæ зæрватыччы:
«Фæцу мын нартмæ æмæ мын сæ бафæрс,
Цæуыл мæ домынц, цæуыл у сæ тæргай?»
Зæрватыкк æртахти нарты Ныхасмæ,
Нарты Ныхасы талайыл абадти,
Æмæ сын радзырдта хатиаг æвзагæй:
«æз уæм уæларвæй минæвар   æрцыдтæн,
Цы лæгæн куывтат, уый мæ рарвыста:
«Цы уын кодтон, нарт, цæуыл фæтæргай стут?»
Зондджын Уырызмæг æй уайтагьд бамбæрста
æмæ бадзырдта нарты адæммæ:
— Мах кæй агуырдтам, уый нæм йæхæдæг
Мæнæ зæрватыччы минæвар рарвыста,
æмæ минæварæн дзуапп раттын хъæуы.
Цы дзуапп ын раттон — атæрхон кæнут
æлæ мын уæ фæндон зæгъут æмдзыхæй.—
Нарт дæр ын загътой кæсдæр уæд хисдæрæй:
«æмæ нæ, Уырызмæг, цы тæрхон хъæуы?—
Ууыл мах рагæй куы тæрхон кæнæм!
Хуыцауæн лæккад бирæ фæкодтам,
Фæлæ нæм йæхи дæр никуы равдыста.
Гъе ныр рацæуæд, нæ тых бавзарæм!»
Уырызмæг радзырдта дзуапп зæрватыккæн.
Зæрватыкк атахти, хуыцаумæ сфардæги,
Рафæзмыдта йын нарты ныхæстæ.
Уæд та, дын, хуыцау загьта зæрватыккæн:
«Акæн-ма ноджы иу здæхт нартмæ,
æмæ-иу нартæн радзур ды мæ фæндон:
«О, нарт, мийаг уыл сомбон куьгфæтых уон,
Уæд уын уæ мыккаг бынтон сыскъуынон,
Гъе, æви ма уæ фыдвæд ныууадзон?» –
Зæрватыкк раздæхт, æртахти та нартмæ.
Хуыцауы ныхас нартæн радзырдта.
Нарт кæрæдзимæ куы бакастысты
æмæ кæрæдзййæн афтæ куы зæгъынц:
«Кæд нын нæ мыккаг хуыцау æскъуыны,
Уæд нын æй фæлтау бынтон сыскъуынæд».
–Уым се'дылытæ афтæ куы   дзурынц:
«æвæды бæсты, уадз, фыдвæд  баззайæд».
Уæд, дын, сæм, зæгъы Уырызмæг бадзуры:
– Фыдвæды бæсты æвæд хуыздæр у!
«Цымæ цы кæнæм æнусы цардæй?
Мах æнусы цард ницæмæн хъæуы,
Фæлæ нын раттæд уый æнусы кад. —
Нарты адæм, зæгьы, зондджын Уырызмæгæн
Уæд йæ ныхасыл уæлдай нал загътой.
Хуыцау смæсты ис нарты адæммæ,
æмæ сæм рарвыста уæд Уастырджийы,
æмæ Уастырджи ралгъыста нарты:
«Иу голладжы дзагæй фылдæр ма кæнæд,
Нарт, уæ боны куыст, — уый уын мæ арфæ!»
Нарт-иу æрнай кодтой хоры мæкъуылтæ
æмæ-иу сæ рауад æрмæст голладжы дзаг.
Фæлæ нарт хъуыдыджын куыннæ уыдысты!
Ныхъуыды кодтой æмæ райдыдтой
Мæкъуылы бæсты бон уыгæс най кæнын.
æмæ сæм, зæгъы, алы уыгæсæй дæр
Голладжы дзаг  хор цæуын байдыдта,
Иу мæкъуылæй та — дæс голладжы дзаг.
Афтæмæй сæ нард цьщис æфсæстæй.
Хуыцау сын, зæгъы, сæ хин куы базыдта,
Уæд сæ ралгъыста æмæ сæ хуымтæ
Бон цъæх куы кодтой, æхсæв та — кæрдинаг.
Бон-иу кæрдынмæ куы ацыдысты,
Уæд-иу сæ хортæ цъæхæй ныййæфтой.
æхсæв дæр-иу сæм куы ацыдысты,
Уæд дæр-иу хуымтæ цъæх фестадысты.
Сæ хуымты фарсмæ уæд халагъудтæ
Нарт æрцарæзтой. Райдыдтой дарын
Саджил æрцытæ сæ фæтты фындзтыл,
æмæ-иу хорты уыдонæй фехстой.
Саджил æрцытæ-иу кæй фæлыг кодтой,
Уый-иу цæттæ'фсирæй баззадис хуымы.
Нарт-иу æфсирæн йæ намыджимæ
Йæ хъæды арх дæр уæд æрыссадтой,—
Афтæмæй цардысты афæдзæй-афæдзмæ.
Стæй загьтой: — Хуыцауæн ныхас куы радтам:
«æнусы цардæй æнусы кад хуыздæр у!»
Мах æнусы цард ницæмæн хъæуы,
æнусы кад нын хуыздæр уыдзæни...—
Афтæ 'рцыди се сæфт разагъды нартæн.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке