Нарты адæмæй иу дæр, иннæ дæр
Дзырдта Сырдонæн: «Дæ мæрдтæн хист скæн,
Кæннод æнхъæлцау сты иннæты мæрдтæм;
æмæ цæмæн кæныс дæхи тæригъæдджын
Мæрдты æгъдауæй? Фидис ын кодтой:
«Дæуау исчи йæ мард æгадæй уадзы?»
Уыцы ныхæстæ цæй фæдыл уыдысты,
Уый гæды Сырдон дзæбæх æмбæрста:
Адæмы фæндыди мæгуыр Сырдонæн
Цæмæй йæ иунæг хъуг бахордтаиккой.
Иу къорд рæстæджы Сырдон ныхъуси,
Стæй æрæджиау зæгъы уæд иартæн:
— Уæ, нарт, мæ мæрдтæн цæмæй схист кæнон,
Куы ницы мæм ис, уый хорз куы зонут! —
«æрæмбырд кæн, Сырдон, дæ хæстæджыты,
æмæ дæ лымæнты—фæкæсдзысты дæм,—
Уæддæр дæ мæрдты æнæ хист ма ныууадз!»
Марды кæндæн, зæгъы, цыдæриддæр æмбæлд
Хæрд æмæ нозтæй, уый уæлдайджынтæй
æрæмбырд кодта Гæтæджы фырт Сырдон
Суг дæр æрласта, цас æй хъуыд, уыйас.
æстыр дыхъусыг уæларт бавæрдта,
æмæ байдыдта бæгæны 'хсидын.
Сырдон æрхуыдта бæгæныфыцæгæн |
æдылыдæры. Кæд дыхъусыгæн
Зад хъуыди ссæдз мæрты, уæд дзы Гæтæджы фырт —
Гæды Сырдон та-иу иунæг мæрт ныккодта;
Афтæмæй къорд боны бæгæны фехсыста.
Кæрдзынгæнджытæн дæр æрхуыдта Сырдон
æдылыдæртæ чи уыдис, уыдон,
æмæ сын цалдæр дзулы ракæнын кодта.
Сырдон хисты бон бавдæлдис æмæ
Бæгæныгæнджыты, кæрдзынгæнджыты
æмæ дыууæ æдылы уырдыгстæджы
æрæмбырд кодта æмæ сын загьта:
— Сымах, мæ хуртæ, фыдæбон кæндзыстут,
Раздæр уæ исты ахæрын хъæуы,
Кæннод баззайдзыстут æнæ хæрд, æнæ нуæзт.—
æрбаргæвдын кодта иу-дыууæ карчы
æмæ сын уыдон авæрдта сæ разы.
Фæкаст сæм рагацау нуазинагæй дæр,
Стæй сæ бафтыдта бæгæны кæныныл.
Уалынмæ адæммæ фервыста хонджытæ,
Уырдыгстджыты та быцæуыл бафтыдта:
Цы раздæр равзæрд: айк æви карк?»
Уырдыгстджытæн быцæу бацайдагь.
Сæ иу фæзæгъы: «Раздæр айк сæвзæрдис».
Иннæ фæзæгьы: «Карк раздæр сæвзæрд».
Загъдмæ сын асайдта æмæ райдыдтой
Сæ кæрæдзийы схуыстытæ кæнын.
Сыр дон сын йæхи иргъæвæг акодта,
æмæ йын, цыма, æнæбары уыд,
Уыйау рафæлдæхта бæгæныйы цæхкæртæ
æмæ уый фæстæ æрдиаг райдыдта;
Лæуджытимæ, дын, хыл кæнын сисы:
— Бабын мæ кодтат! — Нарты адæммæ
Хонджытæ фервыстон æмæ мын сымах та
Ме стыр цæхкæртæ куы рафæлдæхтат,
Уæд ма мæ цæсгом нартмæ куыд равдисон!—
Семæ хъаугъайыл куыд æсбæндæн ис,
Афтæ æрбацыдис иу къорд хисдæры,
æмæ гæды Сырдон сæ размæ рауади,
Сæ размæ рауадис æмæ сын дзуры:
— Мæ уырдыгстджытæ фæбыцæу æсты,
Иутæ дзы загътой: «Айк раздæр равзæрдис».
Иннæтæ загътой: «Нæ, карк раздæр уыд»,
æмæ сын афтæмæй хыл бацайдагъ ис,
Рафæлдæхтой мын мæ бæгæнытæ.—
Чи 'рцыдис, уыдон уыцы ныхæстæм
Сæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой
æмæ сæ хæдзæрттæм фæфардæг æсты.
æрцæуинаг хистмæ чи уыд, уыдон дæр
Базыдтой æмæ нал æрцыдысты.
Сырдон хисты 'фсон цы 'рæмбырд кодта,
Уыдон йæхицæн баззадысты.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат