Нарты Уæрхæг æмæ Дзерассæ-рæсугьдæн
Сæ фембæлд æмæ сæ бацарды боныл
Афæдз куы сæххæст ис, уæд Уæрхæг амард.
Иннæ афæдзы бон куы æрæввахс ис,
Уæд та фæрынчын Донбеттырты чызг,
Æмæ йæ мæлæт æрхæстæг уымæн дæр.
Фæдзырдта Дзерассæ йæ дыууæ лæппумæ
Æмæ сын загъта: «Куы уын амæлон,
Уæд мæ бахъахъæнут фыццаг æртæ 'хсæвы,
Ма-иу мæ ныууадзут дзæгъæл, мæ хуртæ —
Æз уын хорз лæгæй хæсджын нæ фæдæн,
Æмæ мæ мæрдты дæр нæ ныууадзæни».
Ус амард æмæ йæ бавæрдтой зæппадзы.
Бон куы 'ризæр ис, уæд Уырызмæг райста
Йæ хæцæнгæрзтæ, ссыди зæппадзмæ,
Зæппадзы дуармæ слæууыд æрхæндæгæй,
Æмæ фæхъахъæдта æхсæвæй бонмæ.
Дыккаг æхсæв дæр æй афтæ хъахъæдта.
Æртыккаг æхсæв куы æрлæуыдис,
Уæд Уырызмæгмæ Хæмыц бадзуры:
— Нæ мад нæ хъомыл иумæ куы скодта, —
Ацы 'хсæв та йæ æз бахъахъæнон! —
Уырызмæг зæгъы: «Дæуыл куы 'ууæндин,
Уæд гуырдæй кæсдæр дæ, æмæ йæ хъуамæ
Æртæ 'хсæвы дæр ды бахъахъæдтаис. —
Хæмыцмæ уыдон хардзау фæкастысты:
Изæрæй райста йæ хæцæнгæрзтæ
Æмæ зæппадзмæ ацыди хъахъæнæг.
Хæмыц лæууыди зæппадзы дуармæ.
Иуахæмы айхъуыста уый Нарты хъæумæ:
Иу ранæй цæуы куывддонты зарын,
Иннæ ранæй та — чындзæхсæвы хъæр.
Уæд загъта йæхицæн: «Бын бауа, уастæн, —
Мæлæг рынчынæн йæ коммæ чи кæсы!
Ам ма мын зæппадзæй мæ мады чи хæссы!
Ацæуон æмæ чындзæхсæв бахæрон».
Арастис æмæ куыддæр зæппадзæй
Иу чысыл ауад, афтæ ныррухс зæппадз
æмæ йæ хуылфы Уастырджи февзæрд.
Нымæтын ехсæй æрцавта марды,
æмæ Дзерассæ цы уыд удæгасæй,
Авд ахæмы хуыздæр фæстæмæ фестадис.
Уастырджи бацыд Дзерассæ-рæсугъдмæ...
Нымæтын ехсæй та æрцавта усы,
æмæ ус фæстæмæ цы уыд, уый фестади.
Афæдзы фæстæ зæппадзы цурты
Нарты фыдбылыз Сырдон æрбацæйцыд.
Байхъуыста, æмæ цæуы зæппадзæй
Сывæллоны кæуын, сывæллоны цъæхахст.
Уырдыгæй Сырдон Нартмæ рарасти.
æртæ Нарты бадынц æмбырдæй Ныхасы.
— Уæ райсом хорз æмæ фарн уæ ныхасы!
— Хорз дæ хай, Сырдон, æмæ æгас цу! —
Нарты хисдæртæн Сырдон афтæ зæгъы:
— Стыр диссæгтæ ис Нарты уæлмæрдты.
Лæг куы байхъуса, уæд дзы куы цæуы
Сывæллоны кæуын, сывæллоны цъæхахст. —
Уырызмæг бадтис Ныхасы уæле,
Сыстадис æмæ зæппадзмæ ацыд.
Йæ дуар ын бакодта, мидæмæ бахызт,
æмæ дзы рахаста чызг — Сатанайы.
Сатана рауад ахæм рæсугъд ус,
Ахæм зондджын ус, æмæ йæ уындæй
æхсæв бон кодта, йæ ныхас та уыд
Кардæй кæрдагдæр, топпы фатæй растдæр.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат