Нарты Хæмыц, зæгъы, нарты 'хсæн номдзыд уыд—
Цæуæнты куы цыди, хæтæнты куы хатти
Æмæ нарт' адæмæн бирæ хæрзтæ фæци.
Фæлæ йæм, зæгъы, Борæты Бурæфæрныг
Рагæй дæр мæсты уыд, мæсты Хæмыцмæ.
Æмæ йæм цæуыл уыд мæсты Бурæфæрныг?
Уый афтæ рауади, афтæ, куы зæгъынц:
Хæмыцы комы уыд Архъызы дæндаг.
Уыцы дæндагмæ та ахæм миниуæг уыд,
æмæ-иу æй, æвæдза, искуы сылгоймагмæ
Равдыста Хæмыц, уæд-иу ын сылгоймаг
Дыууæ нал загьтаид, дыууæ, йæ фæндоныл.
Райста болатрихи бирæты зæрдæхудт
Йæ дæндаджы тыххæй, йæ дæндаджы, зæгъы.
Афтæ фæрæдыди болатрихи Хæмыц
Бурæфæрныгæн дæр кæддæр йæ усмæ,
Йæхи ус Быценон куы нæуал уыд, уæд.
Маст йæ зæрдæйы нытъыссæн кодта
Бурæфæрныг дæр, уæдæ цы уыдаид!
Фæнд кодта рагæи йæ маст райсын, бæргæ,
Фæлæ кæм уæндыди нарты»
Хæмыцмæ,— Йæ ныфс æм нæ хаста, йæ ныфс Бурæфæрныг!
Сайнæг-æлдар, зæгьы, 'сæ хæрæфырт уыди
Борæты мыккагæн, æмæ йын куы зæгъынц:
«Нарты Хæмыц нын цæрынæй-хæрынмæ
Фæкодта фыд митæ æмæ фыдбылызтæ,
æмæ нын дзы нæ мает искуыд куы райсис,
Уæд дын æй мах дæр нæ ферох кæниккам».
«Хорз,—зæгъгæ, загьта уæд Сайнæг-æлдар.—
Æрмæст ма бафæрсут æхсæртæггаты дæр,—
Кæддæра уыдон та цы зæгьынц уæ фæндæй?»
Кæм бауæндыдысты æхсæртæггатæн
Бафæрсын Борæтæ хæ гуыппырсарты.
Фæлæ, дын, Сырдон — нарты фыдбылыз —
Бавдæлы æмæ æрæмбырд кæны
Æхсæртæггатæн сæ фæлхæрстыты
Æмæ ныхъæр кæны йæ хъæлæсы дзаг:
«О, æхсæртæггатæ! Фехъусут мæ уацхъуыд:
Сымахæн уæ сæфт у Хæмыцы къухæй,
Фæлæ йын марынæн исты фæнд скæнут!»
«Æхсæны дурæй йæ амарын хъæуы! —
Схъæр, дын, кодтой æхсæртæггатæн
Сæ фæлхæрстытæй гæзæмæ чидæртæ.—
Амарын æй хъæуы, кæннод ма ноджы
Батрадзы хуызæн гуырд куы рацæуа уымæн,
Уæд нæ донмæ скъæрдзæн æмæ нæ фæстæмæ
Æнæ донæй здахдзæн æгас адæмæй дæр!»
Сайнæг-æлдарь дын, уыцы ныхæстæ
Куы фехъуыста æмæ куы фæрсы Борæты:
«Цы афон фæцæуы Хæмыц хæтæны,
Стæй уæд йæ фæндаг кæуылты вæййы?»
æмæ йын Борæтæ куы, бацамыдтой
Хæмыцы хæтæнтæ 'мæ йæ цæуæн афон.
æмæ Сайнæг-æлдар гъе уæдæй фæстæмæ
Райдыдта Хæмыцæн йæ фæдыл зилын.
Иуахæмы та Хæмыц уыд цуаны;
Сайнæг-æлдар æй рауыдта кæцæйдæр;
Хæмыц йе 'фсургъыл куыд фæцæй бадти,
Сайнæг-æлдар æй афтæ æрбаййæфта
æмæ йæ кардæй ныцъыкк ласта æваст.
Хуыцау кард æруагъта Архъызы дæндагмæ,
Æмæ дзы къæртт фæхауд æмæ абадт арвыл—
Æмæ, зæгъы, Мæй уæдæй фæстæмæ ис.
Ноджы йæ ныццавта, æмæ Хæмыц амард.
Йæ мард ын, зæгъы, уым Сайнæг-æлдар
Саргъмæ бабаста, æфсургъы саргъмæ;
Æфсургъ, зæгъы, марды сæхимæ æрхаста.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат