Иу хатт куы уыдис, уæд гæды Сырдон
Мысанæн йæ фырты æрæвæрдта, зæгъынц,
Æрæвæрдта æмæ нартмæ куы дзуры:
«Кæд æмæ мæ фырты фатæй фæцæф кæнат
æмæ йæ амарат, уæд мæ ницы хъæуы;
Кæд æмæ йæ фатæй нæ фæцæф кæнат
Æмæ йæ н'амарат, уæд мын хæдзарæн гал
Куыд раттат, афтæ. Гъе уый уын мæ дзырд».
— Хорз, афтæ фод,— зæгъгæ, нарты фæсивæд
Æхсын байдыдтой Сырдоны фырты.
Алы бон дæр æй æхстой, фæлæ йын
Фæцæф кæнынæн ницы фæрæзтой.
Бирæ бонтæ йыл куы фæтухæн кодтой,
Æмæ йæ уæддæр куы ничи къуырдта,
Уæд сыл Гæтæджы фырт худæгæй мардис;
Йæхи цæттæ кодта хæдзарæн гал исынмæ.
Уалынмæ, дын, зæгъы, нарты Сослан дæр
Кæцæйдæр фæзындис нарты Хъазæн фæзмæ,
Нарты фæсивæд Сосланы куы федтой,
Уæд, дын, йæ размæ разгъордтой æмæ йын
Хъуыддаг радзырдтой, стæй æмхуызонæй
Сосланы алыфарс æрбалæууыдысты
Æмæ йæ сусæгæй, Сырдоны сусæгæй,
Сырдоны фыртмæ æхстбæрцмæ бакодтой.
Сослан фæхъавыдис Сырдоны лæппумæ,
Фæхъавыдис æмæ цыргъвындз фат ауагъта.
Сосланæн йæ фат æндæр æхситт кодта:
Сослан кæй фæзынд, уый Сырдон базыдта,
Базыдта, фæлæ ма цы гæнæй уыдис?—
Сосланы фыццаг фат, — дæ балгъитæг афтæ —
Дзыхъмард фæкодта Сырдоны лæппуйы.
«Дæ хуыцау дын æй макуы ныббарæд!
Уымæ мын хъавыдтæ æмæ йæ бакодтай»,
Дзуры Сырдон уæд нæрæмон Сосланмæ.
Цы гæнæн ма уыдис Гæтæджы фыртæн, —
Бацыдис, зæгъы, йæ хъæбулы мардмæ;
Бирæ йыл фæкуыдта, стæй йæ бавæрдта
Уазал ингæны, уæдæ цы уыдаид.
Уæдæй фæстæмæ Сырдон Сосланмæ
Кæсын байдыдта æзнаджы цæстæй.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат