logo

М О Я    О С Е Т И Я



БАТРАДЗ ÆМÆ ÆЛДАР


Нарты адæмыл æвзæр аз æскодта,
Бирæ хъуæгтæ æййафын байдыдтой.
Æмæ иу бон куы уыд, уæд Хæмыцы фырт
Бавдæлы,— бадзуры нарты гуыппырсартæм:
— Искуыдæм фæцæуæм, искуыдæм, хисдæртæ,
Æмæ ауæй кæнут мæн уым искæмæн,
Кæд уын уæ цардæн, мийаг, феххуыс уаин.—
Фæцыдысты дардмæ, иу цавæрдæр бæстæм,
Æмæ, дын, Батрадзы, болатриу Батрадзы,
Иу бонджын æлдарæн ауæй кодтой нарт.
Йæхи, дын, хуымæтæг лæджы хуызы 'вдисы,
Афтæмæй æлдарæн кусы Хæмыцы фырт,
Кусы, уæдæ цы; кусгæ та афтæ:
Сæдæ цæдыл-иу хъæдмæ ацыди,
Бæлæстæ-иу зæххæй æд уидæгтæ стыдта,
Сæ хихтæ-иу сын ахсæста йæ къухтæй,
Сæдæгай хатты-иу уайтагьд аввонг кодта;
Иннæ хъæддзаутæ-иу хъæдмæ æввахс дæр
Нæма уыдысты, афтæ-иу Батрадз
Фæстæмæ хъæумæ æд суг æрхæццæ ис.
Æлдар, дын, цинæй цæуылнæ мардаид,
Хорз æлхæд лæгыл фæхæст дæн, зæгъгæ.
Афтæмæй кусынтæ систа, кусынтæ,
Хæмыцы болат фырт, саудзагьд, къуыппных лзеппу.
Уæд иу бон куы уыди, уæд хуьщау кæцæйдæр
Æрбауагъта хъæумæ, æлдары хъæумæ,
Иу сохъыр уæйыджы,— къутутæн, кæфойбыл.
Уынджы фæцæуы, хъуынджынсæр уæйыг
æмæ дзы адæм лидзынц фæйнæрдæм.
Хæмыцы фырт фæрсы йæ хицау æлдары:
— Уый та цавæр у, цæмæн дзы тæрсынц? —
«Цæмæн, куы зæгъай, уæд уый уæйыг у,
Уæйыг-тыхгæнæг, æмæ йын цалынмæ
Исты бафидæм, уæдмæ нын, мæ хæдзар,
Тьгхтæ кæндзæни, мардзæн нæ удхарæй».
Афтæ зæгъы æлдар болатриу Батрадзæн.
Уый куы фехъуыста Хæмыцы болат фырт —
Расæррæтт ласта уайтагъддæр уынгмæ,
æмæ фæсуры уæйыджы фæсте.
æлдар æм дзуры, ма ацу, зæгъгæ,
Фæлæ ма Батрадз кæм хъусы æлдармæ!
«Мардзæн æй уæйыг! — хъыг кæны æлдар.—
æмæ ма ахæм тыхджын кусæгыл
Кæм фæхæст уыдзынæн æз рæхджы бонты!»
Батрадз уайтагъддæр баййæфта уæйыджы,
Фæхæцыдис ыл æмæ йæ уæлгоммæ
Зæххыл ныццавта, уæдæ цы уыдаид!
Хъыпп æскæнын дæр нал æсфæрæзта
Кæфойбыл уæйыг, афтæмæй адаргъ ис.
Лдæм, дын, цинæй куыннæ амардаиккой!
æлдар дæр разгъордта, цæмæй ма тарстаид!
Бауади Батрадзмæ, йæ. уæхск ын æрхоста
æмæ йæм дзуры æлдары хъæлæсæй:
«Мæ хур акæн, ме 'лхæд, хорз  ын фæдæ, хорз!»
—  Ме 'лхæд, зæгъгæ, мын куы нæ загътаис,
Уæд дæ бинонтæй иу амардаид? —
Зæгъгæ, æлдарæн фæкодта Батрадз
æмæ сабыргай йæ бынатмæ ацыд.
Райсомæй та раджы Батрадз сæдæ цæды
Сифтыгъта æмæ дзуры æлдармæ:
—  Де 'лхæд йæ хæдзармæ цæуынвæнд æскодта!—
Йæхæдæг самадта æлдары фæллæйттæ
Сæдæ цæдыл æмæ, рараст кодта Нартмæ.
Цы загътаид æлддр, цы уыд йæ бон зæгъын! —
Джихæй баззади Батрадзы фæдыл.

æрласта Нартмæ Батрадз фæллæйттæ,
 æлдары фæллæйттæ, сæдæ цæды галтыл,
æмæ сæ нартыл æмхуызон байуæрста.

БАТРАДЗ ХЫЗЫ ФИДАР КУЫД БАСАСТА

Нарты Сосланы ус Хуры чызг куы уыд.
æмæ, зæгъы, далæ Хызы тыхджын æлдар
Куы ныффæнд кодта Хуры чызджы скъæфын.
æмæ, зæгъы, йæ бæх æууæрдын байдыдта,—
Авд азы дæргъы йæм фæзылд къæйгонд хорæй,
Къæйгонд хъæбæр хорæй тæккæ дæр авд азы
Фæзылди Хызы 'лдар йæ уадсур дугъонмæ.
Иухатт куы уыди, уæд нарты Сосланы ус
Хуртуæттæ кодта, хуртуæттæ, зæгъы.
Хызы 'лдар æй федта, абадт йæ дугъоныл
æмæ, дын, араст ис Сосланы хæдзармæ.
Сослан, зæгъы, уыди уыцы рæстæджы
Кæмдæр дард бæсты афæдзы балцы.
æмæ Хызы 'лдар аскъæфта, уæдæ цы,
Нарты Сосланы ус – Хуры рæсугъд чызджы.
Йæ тæккæ хæд уæлвæд Сослан æрыздæхти,
æмæ Хуры чызгыл йæ цæст куы не 'рхæцыд,
Уæд бацыд, бафарста нарты Сатанайы.
Сатана 'рхæндæгæй радзырдта Сосланæн,
Йæ усы йын Хызы 'лдар кæй афардæг кодта
æмæ йæ кæй дары йæ фидары, уый.
æрæмбырд æсты нарт'адæм Сосланмæ
æмæ афсад кодтой Хызы фидармæ.
æртыхстысты уайтагъд нарт Хызы фидарыл
æмæ йыл хæцынтæ байдыдтой, уæдæ цы!
Фæхæцыдысты йыл, фæлæ йæ басæттын
Сæ бон нæ баци, сæ бон, зæгъы, нартæн:
Хызы 'лдар уæларвæй æрхуыдта йæхимæ
Нартимæ хæдынмæ зæдтæ 'мæ дауджыты.
Ныууагътой нарт æмæ фæстæмæ фæцыдысты.
Нал дæр сæ худын хъуыст, нал дæр хъазты хъæр.
Уæд нарты Сатана бавдæлы, æмæ
æртæ мыдамæсты ракæны иу бон;
Кувæн къуыппмæ рауад æмæ уым скуывта:
«О, хуыцауты хуыцау, о, мæхи хуыцау!
Кæд мæ истæмæн рафæлдыстай зæххыл,
Уæд болатриу Батрадз, ме 'нæныййаргæ фырт,
Уæларв кæмдæр бады зæдтæ, дауджытимæ
æмæ ам цы фесты, уый ратт, уæ хорзæхæй:
Нартыл тых æрцыди, цы не 'рцыд, ахæм тых!»
Нарты Хæмыцы фырт уыцы куывд куы фехъуьк
Уæд тынг рамæсты ис, афтæ тынг, афтæ 'мæ
Йе 'ндон сырх зынг аци, сырх зынг, зæгъы, фестад.
Ратæррæст, дын, кодта уæларвæй дæлæмæ
æмæ сæмбæлди æхсæртæггатæн
Сæ зæронд мæсыгыл, авд уæладзыджы сæр,
Судзгæ сæ æрцыди авд уæладзыджы дæр;
æппæты бинаджы, донæй йæ тæккæ дзаг,
Ахæм аг лæууыде, иу дынджыр цæдджинаг,
Уым ныххауди Батрадз, æмæ куы 'руазал ис,
Уæд рацыдис æмæ Сатанайы фæрсы:
—  Цы ныл æрцыди, цæй тыххæй мæм сидтæ?—
«Цы ма ныл æрцæуа фыддæр, цы, мæ хъæбул? —
Сосланы усы нын Хызы 'лдар аскъæфта».
Дзуапп радта Сатана болатриу Батрадзæн.
Фæдзырдта Батрадз нарты фæсивæдмæ.
æрæмбырд, зæгъы,   сты уайтагъддæр фæсивæд,
Йемæ сæ аиста Хæмыцы болат фырт,
æмæ ацыдысты Хызы фидармæ.
Фидар куы сзынди, уæд Батрадз æрлæууыд,
æмæ радзырдта нарты фæсивæдмæ:
—  æрдыны фатыл мæ тынг фидар бабæттут! —
Дис кæнынц хæстонтæ цы фæнд æм ис, зæгъгæ,
Фæлæ йæ уæддæр бæттынц — цы бон сæ уыд!
Йæ зæрдæ куыд загьта, афтæ йæ бабастой.
—  Гъе ныр мæ, мæнæ, ме 'рдыны сæвæрут,
æрдынбос алвасут уæ бон, уæ тыхæй
æмæ мæ фехсут Хызы фидармæ! —
Куыд сын загьта, афтæ бакодтой нартадæм:
æрдыны фатыл æй фидар бабастой
æмæ йæ фехстой Хызы фидармæ.
Къæхтæ мæ къухтæ хæлиуæй ахаста
Хæмыцы фырт Батрадз, афтæмæй сæмбæлди
Фидары къулыл æмæ йæ батыдта.
Батыдта ноджыдæр фидары фаллаг къул.
— Гъе, куыдз кæй ныййардта, цымæ куыд æнхъæл
Нарт, мийаг, бын баци, æви сын цæй ныфсæй
æскъæфыс дæхицæн сæ рæсугъд устыты! —
Фæхъæр кодта Батрадз æмæ, дын, февнæлдта
Нарты фыд æзнагмæ. Дæ балгъитæг афтæ! —
Цонгсаст, сæрыскъуыд æй фæкодта уыцы ран.
Рахаста фидарæй Хуры рæсугъд чызджы
æмæ йæ Сосланыл сæмбæлын кодта.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке