Бирæ фæцардысты æмуд, æмзæрдæйæ
Нарты Сатана 'мæ нарты Уырызмæг.
Никуы сæ фехъуыста сыхаг масты ныхас,
Никуы сæ фехъуыста хъæуккаг загъды хъæр.
Уадзæн сын хастой сæ цард æппæт Нарт дæр.
Фæлæ, дын, иу хатт Уырызмæг бамæсты,—
æмæ афтæ зæгьы йæ ус Сатанайæн:
— Дæ хуыцауы тыххæй, фæцу дæ цæгатмæ,
Ахæсс нæ хæдзары хорзæй цы арыс,
Дæ зæрдæ цы зæгъы хæзнайæ — сеппæт дæр,
æмæ мæ ныууадз, нал дæ фæразын! —
«Хорз. мæ сæры хицау!—загъта йын Сатана.—
Ницæмæй бацыдтæн дæ зæрдæхудты,
Фæлæ дæ кæд иугæр афтæ æрфæндыди,
Уæд дыууæ нæ зæгъын ныр дæ ныхасыл,
æрмæст дæ иу хъуыддаг курын фæстаг хатт.
Нартæн сæ цæххæй, нартæн сæ кæрдзынæй
Хайджын дæн, — æдзух мын хуынтæ æрвыстой,—
Æнæ хай не сты нарт дæр мæ хойрагæй.
Æскæнæм фæстаг куывд æртæ Нартæн абон,
Æз ма сын мæ нуазæн раттон фынджы рæгъыл».
— Хорз! — загъта Уырызмæг. — æскæндзыстæм нартæн
Мах абон ахæм куывд, номæн æй куыд хæссой.—
Сарæзтой æстыр куывд, уæдæ цы уыдаид?
Хуындмæ æрцыдысты зæрондæй, ногæй.
Авд рæнхъы равæрдтой фынгтæ дæргъæй-дæргъмæ,
Рæдауæй æрвыста бæркадджын къæбицтæй
Алы хæрд, алы нозт нарты Сатана.
Рæгъытæ цыдысты уæлейæ дæлæмæ,
Рæгъытæ цыдысты дæлейæ уæлæмæ.
Иу иннæ абонæй иннæ абонмæ
Нарт фæминас кодтой, уæдæ цы уыдаид!
Куывд куы ахицæн, уæд нарты дзыллæ
Фæфардæг æсты сæ фæрныг хæдзæрттæм.
æрмæст ма баззадысты уым уырдыгстджытæ,
æмæ æрбадтысты уыдон дæр фынгыл;
Хисдæрæн сын Уырызмæг баззади.
Баздæхы кæсдæртæм зонынджын Сатана
æмæ сын сæ хъусы бадзуры афтæ:
«Ахæрут, аназут, уæ зæрдæ цы зæгъы.
Фæлæ хисдæрыл дæр ацинтæ кæнут!»
Бадынтæ байдыдтой кæсдæртæ дзаг фынгыл.
Ныккалдтой нуазæнтæ зæронд Уырызмæгыл;
Кæм йæ хисдæрæггаг, кæм кæсдæрты нуазæн,
Нуаоæн та кадæн у, æздахын нæ уарзы!
æмæ сæ Уырызмæг дæр нозта, уæдæ цы!
Нозтхъуаг кæм уыдаид уый размæ бадты дæр!
æмæ расыг кæнын райдыдта гуыппырсар.
Зонынджын Сатана та дзуры кæсдæртæм:
«Карз ронгæй фæкæсут ноджыдæр хисдæрмæ,
Ацинтæ йыл кæнут ноджыдæр», зæгъгæ.
Цæуынц та арæхдæр нуазæнтæ зæрондмæ.
æмæ йын тыхкæнын райдыдта фæстагмæ
Сатанайы стад ронг нарты Уырызмæгæн.
Мигъ æрбадт цæстытыл. Бынтон фæрасыг и.
æрхуыссыд сынтæгыл æмæ æрфынæй ис.
Хинæйдзаг Сатана бахудт йæхи нымæры,
Кæсдæрты бадты ма чи баззад, уыдонæн
Арфæтæ ракодта æмæ сæ фервыста.
Йæхæдæг бавдæлы æмæ, дын, сифтындзы
Дыууæ хаст уæныджы хъандзалджын уæрдоны.
Гуыффæйы байтыдта уый фæлмæн гауызтæ.
Фынæй Уырызмæджы уыдоныл æрæвæрдта,
Афтæмæй арасти галтыл йæ цæгатмæ.
Сæ бирæ хæзнатæй, сæ бирæ ис-бонæй
Йемæ нæ рахаста Сатана иу мур дæр.
Сæ фаддзу нæ халынц, афтæмæй куы уайынц
Хаст галтæ. Тæры сæ Сатана бæрзуисæй.
Цас фæцыдаиккой — чи зоны, фæлæ, дын,
Райхъал йæ фынæйæ иу афон Уырызмæг,
Хуыссæгхъæлдзæгæй фæйнæрдæм акасти.
Хæдзары бæсты уыны тыгъд быдыр,
Сынтæджы бæсты — йæ быны галуæрдон.
Бады йæ цуры хинæйдзаг Сатана,
æмæ арæхстгай бæрзуисæй скъæры
Хаст галты фæндагыл. Залмы сыфæй суры
Зæронд Уырызмæгæн бындзытæ йæ цæсгомæй.
Дис кæны Уырызмæг. Дис кæны хинымæр:
«Ай та цы диссаг у, куы ницы æмбарын».
— Зæгъ-ма кæдæм цæуæм?— фæрсы Сатанайы.
«æнхъæлдæн, зæронд, æмæ дæ ферох и
Дæ хæдзарæй мæ кæй рарвыстай, уый.
æмæ мæ цæгатмæ, далæ Донбеттыртæм,
Цæуын æз цæрынмæ, куыд мын загьтай, афтæ».
— Хорз, — загьта Уырызмæг. — æцæг дæ рарвыстон,
Фæлæ йæ не 'мбарын, мæн та кæдæм ласыс? —
æмæ та йæм дзуры хинæйдзаг Сатана:
«Нæ хæдзарæй мæ куы 'рвыстай мæ цæгатмæ,
Уæд мын куы загьтай: «Дæ зæрдæ цы зæгьы
Хæдзары хæзнатæй, хæдзары исбонæй,
Уыдон куыд аласон мемæ мæ цæгатмæ».
Дæуæй зынаргьдæр, дæуæй уарзондæр
Мæ царды мидæг мын хæзнайæн ды уыдтæ.
Дæуæй зынаргъдæр ницы уыд хæдзары
æмæ дæ раластон, куыд уыныс афтæ».
Хъуыддаг куы базыдта нарты зондамонæг,
Уæд йæ сæр ныттылдта, бахудт мидбылты.
«Хæйрæгыл фæхæст дæн!» загьта Уырызмæг
æмæ Сатанамæ бадзуры афтæ:
— Зондæй мæ амбылдтай, арвы хин, зæххы кæлæн!
Аздах дæ галтæ фæстæмæ нæхимæ! —
æмæ æсфардæг сты хъæлдзæгæй сæхимæ,
æмæ та фæстæмæ æмуд, æмзæрдæйæ,
Кæрæдзи уарзгæйæ, цæрынтæ байдыдтой.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат