logo

М О Я    О С Е Т И Я



НАРТЫ СИМД


КÆНÆ БАТРАДЗ УС КУЫД РАКУЫРДТА

Арвы рухс æмæ бæсты фидауц баскуыхт
Авд æфсымæры хо Акула-рæсугьд.
Саразын кодта йæ авд æфсымæрæн
Дыууæ денджызы 'хсæн, авд фæндаджы астæу,
Арвыл чи 'мбæлди, ахæм æфсæн мæсыг,
Æмæ уым бадти,, æттæмæ нæ каста;
Йæ цæстæй нæлгоймаг никуы федта 'ппындæр.
Нарты хæрзæджытæ бæргæ бæллыдысты
Йæ уындмæ, фæлæ сæ къухы не 'фтыди.
Уæд иу бон куы уыд, уæд нарты гуыппырсартæ
Сау-хохы бæрзондыл æрæмбырд æсты
Æмæ уым сарæзтой æстыр нæртон симд.
Симгæ та, зæгъы, афтæ кодтой, æмæ
Хæхтæ згъæлдысты, чыстæ лæбырдысты,
Сау хъæды бæлæстæ фæстытæ кодтой,
Зæхх-иу сæ быны куы слæпп-лæпп кодта.
Нартæн сæ хисдæр, урсзачъе Уырызмæг
Уæд уыцы афон, цуаны куы уыди
Æмæ сыл афтæмæй æвиппайд æрбафтыд
«Уæ бæзджын гуыпп-гуыппæй фæрныг адæмы туг
Йæ тугдадзинтæй куы фæлидзын кодтат,
Уæд цæуыл симут, нарты гуыппырсартæ?»
Зæгъгæ, сæ фæрсы зæронд Уырызмæг.
«Куыннæ дын зæгъдзыстæм, цæуыл симæм, уый та:
Дыууæ денджызы 'хсæн, авд фæндаджы астæу,
Иу æфсæн мæсыджы цæры арвы рухс
Æмæ зæххы фидауц Акула-рæсугъд.     
Æттæмæ нæ кæсы, мидуаты бады,
Йæ цæст нæлгоймагыл никуы-ма 'рхæцыди.
Æмæ алы бон дæр Хъæндзæргæсы базыртæ
Йæ уæлæ, афтæмæй арвыл æркæны             
Æртæ зилæны, бæсты рухс Акула
Симæм, кæд, мийаг, йæ иу разылды
æппын æмæ махмæ фæкомкоммæ уаид,
æмæ нæ кæд йæ цæст искæуыл æрхæцид;
Гъе, кæнæ та йæ, æппын фæстагмæ,
Кæд æмæ, мийаг, уынгæ фæкæниккам!»
Ахæм дзуапп радтой нарты  гуыппырсартæ
Сæ урсзачъе хисдæр зондджын Уырызмæгæн.
«Уæ, мæгуыр уæ бон, уæ бецау уæ бон! —
Зæгъгæ, куы ныккодта зæронд Уырызмæг.—
æз уын тæккæ райсом куы фенын кæнин
Акула-рæсугъдц, уæд мын цы раттиккат?»
«æз дын, Уырызмæг, раттин мæ уайгæ бæх!»
«æз дын, Уырызмæг, раттин мæ кæрдгæ, кард!»
«æз дын, Уырызмæг, раттин ме 'рдын æд фат,
Хох цæрдхуынкъ чи кæны, уыцы 'рдын æмæ фат!»
Дзурынц симгæ-симын нарты гуыппырсартæ,
Сæ кæрæдзи дзыхæй дзырд исынц, афтæмæй.
— Тæхуды, тæхуды, Уырызмæджы зæронд,
æцæг мын ахæм лæг куы разынис, æмæ
Акула-рæсугъды ардæм чи æркæна,
Уæд дын æз æнæмæнг мæ сагъадахъ дæр,
Ивгъуыйгæ чи нæ кæны, уыцы сагъадахъ дæр,
Нæ бавгъау кæнин, арв, зæхх не 'вдисæн,—
Загъта уæд фæстагмæ Хæмыцы фырт Батрадз.
Йæ хъулон æрфæны фæзилы Уырызмæг,
Уайынтæ байдайы, тæхынтæ байдайы
æмæ фæндагыл дзуры йæ бæхмæ:
«Мæсыджы хæд размæ куы ныххæццæ уæм,
Уæд-иу къуылых æфсон æскæн, мæ Хъулон,
æмæ-иу размæ къахдзæф дæр ма æккуырс.
æз дæ нæмдзынæн, мæ бон цас уа, уый ас,
Фæлæ-иу дæ къах дæр ма уал æвæр размæ,
Раст, цыма, фыд æстад бакодтай, уый хуызæн».
Мæсыджы хæд размæ куы ныххæццæ вæййынц,
Уæд æрфæн, æцæг дæр, йæ къæхтæ ныццæвы
æмæ нал æзмæлы æппындæр размæ.
Уырызмæг æй ехсæй нæмынтæ байдайы,
Ехсы цæф мæсыгмæ хъуысы æрвнæрæгау,
Фæлæ бæх размæ къахдзæф дæр нал кæны.
«Уый цавæр хъæр у, арвы хъæры хуызæн?»
Дисгæнгæйæ фæрсы Акула-рæсугъд.
«Иу зæронд лæгæн йæ бæх нал цæуы
æмæ йæ нæмы йæ тых йæ бонæй,
Уыдон та куы сты йæ ехсы къæрццытæ»,
Дзуры Акуламæ йæ фæсдзæуин чызг.
«Цæугæ цу, æмæ йæ хæдзармæ рахон тагъд.
Уый кæнæ мæстджын у, кæнæ нозтджын у,
Кæннод та, йæ усы фыдмитæй чи фæрыст,
Ахæм лæг цыдæр у; æсуазæг æй кæнут»,
Зæгъгæ, куы радзырдта Акула-рæсугъд.
Акулайы дзырдмæ куыннæ байхъуыстаид
Йæ фæсдзæуин чызг дæр! Рауади тагъд-тагъд
Нарты Уырызмæгмæ æмæ йæм дзуры:
«Фысым нæм бакæн, фысым, зæронд лæг!
Дæ бæхы фæллад дæр, дæхи фæллад дæр
Суадздзынæ, стæй та цæудзынæ дарддæр».
«Гъе, дæ бон ныккалай, мæнæ хъал чызг, дæ бон!
Фысым кæнæн рæстæг куы уаид мæнæн,
Уæд ма ай онг дæр уæ тапкайы хуызæн
Искуы ссардтаин, фæлæ ууыл нæ дæн:
Агуыры 'фсæдтæ 'рбабырсынц, мæ хур,
æмгуыпп, æмвæтæнæй Сау денджызы былмæ
Мæ хо уым цæры, мæ иунæг æфсымæр хо,
æмæ-ма кæд, Мийаг, исты амалæй                       
Мæ къухы бафтид йæ фервæзын кæнын,
Кæнæма йæ, мийаг, уынгæ кæд фæкæнин»,
Дзуры, дын, чызгмæ нарты Уырызмæг.
Чызг аздæхт фæстæмæ æмæ Акулайæн
Рафæзмыдта уайтагъд Уырызмæджы ныхас.
Акула-рæсугъд куыннæ фæтарстаид,
Агуыры 'фсæдты кой куы фехъуыста, уæд!
Йæ мæсыджы сæрæй, дын, куы 'рхизид дæлæмæ,
Куы, дын, бацæуид зæронд Уырызмæгмæ
æмæ йæм фæлмæнæй афтæ куы бадзурид:
«О, хорз зæронд лæг, ахсæв ам ныллæу!
Дæ бæх баулæфдзæн, дæхæдæг дæр афтæ.
Райсомæн дæр та йæ фарн бæрæг уыдзæн».
Хуыздæр ма цы куырдта хуыцауæй Уырызмæг!
Фæлæ ма уæддæр æвæндоны кастæй
Кæсы Акуламæ зондджын хин цæстытæй.
Дыккаг хатт дæр та йæм хаты уæд Акула,
æмæ уæд Уырызмæг разыйы дзырд загьта.
æхсæвы йæ хорз куыннæ федтаиккой!
Бон æмæ æхсæв хицæн куы кодтой,
Уæд фестад Уырызмæг, абадти йæ бæхыл,
Арвы кæрон цыма балæууынмæ хъавыд,
Ахæм тахт акодта æмæ фæаууон ис,
А ныр мæ нал уынынц, зæгъгæ, афтæ, дын,
Йæ бæх фæурæдта æмæ æрхызти
æмæ йæхиуыл бонасадæн кæны.
Афтæмæй иу дзæвгар куы афæстиат ис,
Уæд та фæстæмæ йæ бæхыл абадти
æмæ та мæсыгмæ йæ ных сарæзта.
Кæсынц уæд мæсыгæй, æмæ, дын,
Уырызмæг Далæ тæргæбæхæй фæстæмæ 'рбацæуы
æмæ хъæр кæны дардæй йæ дзыхы дзаг:
«Уæхи æфсНайгæут! Уæхи æфснайгæут!»
Мæсыгæй йæм дзурынц: «Фæлæу-ма ныхасмæ!»
Цыма йæ нæ фæндыд, уыйау æрурæдта
Уырызмæг йæ бæхы, æмæ йæ куы фæрсынц:
«Цы 'рцыди, зæронд лæг, цавæр уац æрхастай?
Радзур-ма нын дзæбæх, бæлвырд, дæ хорзæхæй!»
Дзуры сæм Уырызмæг фæстæмæ тарстхуызæй:
«æвзæр уац йеттæмæ хорз уацæй ницы ис —
Агуыры æфсæдтæ Денджызы былмæ
æрбахæццæ сты. Мæ хойы нал федтон...
Уайын фæстæмæ — кæд ма афойнадыл
Хæдзарыл сæмбæлин æмæ мæ бинонты
Бафснайын мæ къухы истæмæйты бафтид».
«Зæронд лæг, хуыцау мын дæ хорзæх раттæд,
æмæ мæн дæр акæн демæ дæ бæстæм —
Ам мæ дзæгъæлы иунæгæй ма ныууадз!»
Дзуры Уырызмæгмæ Акула-рæсугьд.
«Мæхи бинонты-ма куы бафæразин
Бафæсвæд кæнын исты амæлттæй —
Дæ быгьдуаны та ма куыд бацæуон, хорз чыгз!»
Зæгьы Акулайæн урсзачъе Уырызмæг.
«æз дæ мæрдты уазæг, æмæ мæ ацы ран
Ма ныууадз дзæгъæлы», зæгьгæ, та, дын, дзуры
Зæронд Уырызмæгмæ Акула-рæсугьд.
«Дæ тыхстмæ кæсын мын зын уыдзæн,, фæлæ, цæй...
Цы гæнæн ма мын ис! Раифтонг кæн дæхи!»
Зæгьгæ, дын, бадзырдта, тыхстхуыз, зæрдæрухсæй
Рæсугьд Акуламæ урсзачье Уырызмæг.
Хуыцауæй цы куырдта, уый бафтыд йæ къухы!
Акула-рæсугьд арæвдз кæнын кодта
Йе 'мбæрзт рæсугъд тулæг — йæ хъандзалджын уæрдон; Аифтыхтой дзы æхсæз хъал бæхы;
Рафснайдта рæсугъд чызг йемæ йæ хæзнатæ,
Афтæмæй рараст ис Уырызмæджимæ.

Цæуынц æмæ чысыл куы ауадысты,
Уæд Акула-рæсугьд дзуры Уырызмæгмæ:
«Цытджын зæронд лæг, кæд дæ бæх мæ бæхтимæ
Бафæраздзæн цæуын, уæд.æй сæ фарсмæ'рбæдт,
Дæхæдæг рацу 'мæ мæнæ мæ фарсмæ сбад!»
æрбаста Уырызмæг йæ: хъулон æрфæны,
Акула куыд загьта, афтæ бæхты фарсмæ,
Йæхæдæг бахызти хъандзалджын уæрдонмæ,
Акулайы фарсмæ фæлмæн бадæныл
Йæхи ауагъта æмæ уырдыгæй
Бæхтæрæг кæсдæрæн фæндаг амыдта.
Цæуынц. Сау хохмæ 'ввахс кæнын байдыдтой.
Кæсынц: Сау хохы сæр сау бæзджын мигъ бады—
Уый нарты фæсивæд стынг кодтой сæ симд
æмæ рыг сæ сæрмæ сау мигъау куы сбадти.
Уæд рæсуггьд Акула фæрсы Уырызмæджы:
 «Зæронд лæг, уæд уартæ уыцы сау мигъ та циу?»
 æмæ зæгъы Уырызмæг Акулайæн афтæ:
«Уый, мæ хур, бæлвырдæй, нарт' адæм фехъуыстой
Агуыры 'фсады кой æмæ рацыдысты
Йæ ныхмæь уæдæ; цы—гæрзифтонг, лæгæвзæрстæй.
 æмæ дæ кæд фæнды, уæд сæм уырдæм ссæуæм!»
Ахъуыды кодта уæд Акула 'мæ загъта:
«Утæппæт æфсадæн йæ ныхмæ чи рацыд,
Уыдонæй хуыздæр ма чи бахъахъæндзæн мах?
æдасдæр ран ма кæм хъуамæ агурæм?»
Араст та, дын, кодтой æмæ Сау хохы сæр
Нарты стыр симды балæууыдысты.
Симынц нарт нæртон симд!
Сæ гуыпп-гуыппæй, зæгъы,
Хæхтæ куы згъæлынц, чыстæ куы лæбырынц,
Сау хъæды бæлæстæ куы кæнынц фæстытæ,
Зæхх дæр сæ быны куы слæпп-лæпп кæны!
Акула-рæсугъд сæм рудзынгæй ракасти,
Йе 'хкæд хъандзалджын тулæджы рудзынгæй.
Цæхæрцæст Сослан æй куы федта, уæд йæхи
Нал баурæдта, нал — нæрæмон куы уыди,—
Йе уæнгтæ сцагъта æмæ йæм дзуры:
«Ацал-ауал боны мах ам дæу тыххæй,
Дæу тыххæй куы симæм, уæртæ сау-рæсугъд.
Курын дæ 'мæ рахиз—иумæ асимæм!»
Дзуры уæд Акула нæрæмон Сосланмæ:
 «Бæргæ хорз лæг дæ, бæргæ, нарты Сослан,
Демæ симгæ дæр бæргæ ракæнин,
Фæлæ хохаг лæг дæ, æмæ дын де'рчъиты,
Де схъæлфындз æрчъиты фæсал кæнын, мийаг,
Куы нæ базонон, уæд мæ бафхæрдзынæ!»
«æрчъиджынты фæхъау æрба у!» зæгъгæ,
Тынг æрбамæсты нæрæмон Сослан,
æмæ раздæхти уæнтæхъил, сæргуыбырæй.
«Уæд та мемæ расим, сау-рæсугъд Акула!»
Бадвырдта Къандзы фырт чысыл хорз Сæууай.
Тæссонд арæзт уыди чысыл хорз Сæууай,
æмæ йæм сау-рæсугъд афтæ куы радзуры:
«Бæргæ асимин демæ, чысыл Сæууай,
Фæлæ дын исчи нарты гуыппырсартæй,
Мийаг, мæ къухы 'фсон дæ къух куы фелхъива,
Уæд дын ныммур уыдзæн, ныммур, хорз лæппу!»
«Уæдæ мемæ асим!» дзуры йæм Хæмыц.
«Бæргæ асимин, болатрихи, демæ,
Фæлæ цъæх кæрдæг æмæ бур фæсал
Иумæ куы схæццæ уой, дæ зачъе афтæ сси!»
«Аргæ дæр дæ, уæдæ, æз æскодтон, мæ хур,
Хонгæ дæр дæ, уæдæ, æз æркодтон ардæм,
æмæ мемæ расим!» дзуры йæм Уырызмæг.
«Бæргæ асимин, Уырызмæг, демæ,
Фæлæ дæуæн та де 'фсин Сатана,
Сатана, зæгъы, карз адæймаг у,
æмæ дын уыимæ куы нæ бафидауон!»
«Мæ кæлгæ нуазæн, ме дзаг фынг Сатана —
Уый сæрвæлтау у!» зæгъгæ, йæм фæкодта
Зæронд Уырызмæг æмæ йæхи райста.
æппæты фæстаг рæсугъд Акуламæ
Баздæхти Хæмыцы фырт болатриу Батрадз
æмæ йæм дзуры: — Чызг, мемæ расим! —
«Бæгуы расимин, Хæмыцы фырт, демæ,
æнæмæнг расимин болатриу демæ æз —
Нартæй æнæ айпп йунæг ды куы дæ! —
Фæлæ дæумæ дæр ис иу аххос æрхæссæн:
Базырджын уæйыг, æвдсæрон уæйыг
Хъæндзæргæс фæхаста кæдæмдæр фæсхохмæ
Дæ фыдæлтæй иуы — Уон, зæгьгæ, йæ ном,
æмæ дзы йæхицæн хъомгæс æскодта.
Мидгьуын кæрцы цæуы, æмæ йын æслыскъ ис;
Хуры йын бампылы, къæвдайы 'ривæзы,
Мæгуырæг, йæ къæрит, афтæмæй цæры уым.
Уый ды Хъæндзæргæсæн йæ ис, йæ бонимæ
Куы 'рхæссай фæстæмæ, уæд æз разы дæн
Дæуимæ симыныл, Хæмыцы болат фырт!»
Цыма йын исчи йæ былтæ ракъуырдта,
Уыйау фæстæмæ фездæхти Батрадз
æмæ ма бадзырдта нарты адæммæ:
— О, нарт! æз цæуын. Фæлæ сымах ацы ран
Уæ симд ма фехалут ме 'рыздæхынмæ,—
Стæй уæд Акуламæ зулдзырд ма скæнут,
Йæ зæрдæхъыджы-иу мацæмæй бацæут! —
Уыйадыл фæраст ис; сæхимæ схæццæ ис,
Сатанамæ бауад æмæ йæм дзуры:
— Нана, уæ, нана! Чысыл-ма мæм байхъус;
Нарты хæрзæджытæ сом цæуынц хæтæны,
æз дæр фæнд кæнын семæ фæцæуын,
æмæ нæм кæд искуы фыдæлты хæзнайæ
Гъе цирхъы фæлахс, гъе кæнæ згъæры хæлд—
Исты баззади, уæд мын æй бацамон.—
«Уæ, нана дæ фæхъау, дæ нывонд æрбауа!
Уæртæ нæ хæдзары, мидæггаг хæдзары,
Иу æфсæн чырын, зæланггæнаг чырын
Дæ фыдæлты хæзнатæй йе дзагæй лæууы.
Бацу æмæ йæм хатиагау сдзур,
æмæ уыйадыл байгом уыдзæнй,
æмæ дæ цы хъæуа, уый дзы сие, мæ хъæбул!»
Батрадз бауади мидæггаг хæдзармæ
æмæ хатиагау едзырдта чырынмæ.
Чырыны сæр, зæгъц, байгом ис, уæдæ цы!
Ныззæланг ласта, хъуытазау, афтæмæй.
Цирхъы хорз æмæ згъæры дзæбæхæй
Цы нæ уыд чырыны, цы нæ, мæ хæдзæрттæ!
Йæ зæрдæ цы куырдта — цирхъæй, æзгъæрæй  –
Уыдон дзы систа Хæмыцы болат фырт.
Йæхи сарæзта, афтæмæй бацыди Нарты
Сатанамæ æмæ йæм дзуры:
—  Нана, уæ, нана! Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй,
Куыд мыл фидауынц нæ фыдæлты гæрзтæ? —
«Уæ, мæ хъæбул, нана дæ сæрыл хаст фæуа!
«Куыд мыл фидауынц», зæгьгæ, та цы хоныс?
Райсомы хуры тын хæхтыл куыд фидауы,
Афтæ дыл фидауы дæ фыдæлты згъæр.
Уалдзыгон æртæх нæуæг кæрдæгыл
Куыд фæфидауы, афтаа та—дæ цирхъ».
— Уæдæ, хæссынæн рог, хæрынæн та адджын
Цы хæринаг уа, ахæм мын ракæн.
Ноджы-ма дæ, нана, иу хъуыддаг курын:
Нæ рагон фыдæлтæй Уон, зæгъгæ, чи хуынди,
Уымæн бæхы зæронд  гъе идоны хæррæгъ
Кæд искуы баззади, уæд мын сæ бацамон. —
Сатана хæринаг ацæттæ кодта,
Хæссынæн рог чи уыд, хæрынæн та адджын,
Гъе, ахæм хæринаг. Стæй дзуры Батрадзмæ:
«Уæртæ, мæ хъæбул нæ зæронд хæдзары
Уоны саргъ, йæ идон — рагъæныл ауыгъд.
Райе сæ 'мæ ацу саугъæды астæумæ.
Хъуыддаг афтæ у: зæронд Уонæн баззад
Иу уадсур æфсургъ, хуызæй — урс-урсид.
æмæ бон вæййы Сау хохы фидары,
æхсæв та рацæуы саугъæды 'рдузмæ,
Саугъæды 'рдузмæ дон нуазын, хизынмæ.
Хохæй æрдузы 'хсæн къахвæндаг æснадта
æмæ дыууæ 'рдæм дæр уыцы надыл цæуы.
Кæд дæ, мæ хъæбул, дæ хъару ахæсса,
Уæд бафтдзæн дæ къухы, кæннод цы гæнæн ис!»
Батрадз фелвæста йæ фæндаггæгтæ,
Рагъæнæй райста саргъ æмæ идон
æмæ уыцы иу раст фæци саугъæдмæ.
Бахæццæ хъæдмæ. Къахвæндаджы сæрмæ
Даргъдæр цы бæлас уыд, уый цонгыл æрбадт.
Урс бæх куы рацæйцыд æхсæвы хизынмæ,
Уæд æм Хæмыцы фырт болатриу Батрадз
Даргъ бæласы цонгæй йæхи æрæппæрста,
Йæхи æрæппæрста æмæ йыл абадти.
Бæх æй, хуыррыттгæнгæ, æрдузы ахаста,
Батрадз ын уайтагъд йæ былтæм февнæлдта
æмæ йыл фыццаг идон афтыдта,
Уый фæстæ та йыл саргъ авæрдта æваст.
Хъал бæх, зæгъы, йæхи хæрдмæ фехста 'мæ
Саугъæды бæлæстæй мигъы 'хсæн ахъазыд.
Батрадз ын, зæгъы, ''ртæ цæфы фæкодта,
Ахæм цæфтæ, ахæм;, æмæ йæ фæрстæй
æрчъихор фæхауди, æрчъихор, хъал бæхæн!
Уый фæстæ йæ хорз æрбамбырдтæ кодта
æмæ афтæмæй цæуынтæ систа.
Цыдис, цыдис æмæ дæргъ уæрхмæ гæрста.
Цас фæцыд, чи зоны! Фæлæ иуахæмы
Бæх чи у, уый дзуры йæ болат барæгмæ:
 «Зæгъ-ма, кæдæм цæуыс?—фæндаг' зонын хорз у!»
 — æвдсæрон уæйыг базырджын Хъæндзæргæс
Нæ фыдæлтæй иуы фæсхохмæ фæхаста.
Уый агурæг цæуын, — дзуапп радта Батрадз.
Бæх йæ сæр ныттылдта 'мæ дзуры Батрадзмæ:
«Ой, уый дæ къухы зынтæй бафтдзæни!
Дæ фыд дæр, мæ хур, бирæ фæархайдта
æвдсæрон уæйыгыл, хорз æй хъуыды кæнын,—
Фæлæ йын æппындæр фæрæз не ссардта.
Хъуыддаг афтæ у: æвдсæрон уæйыгæн,
Базырджын уæйыгæн йæ бацæуæны
Дыууæ дынджыр хохы фырытау хæцынц.
Уыдон кæрæдзийæ куы фæхицæн вæййынц,
Уыцы афон мæнæн, тæккæ уыцы афон —
Ахæм цæфтæ кæнын куы бафæразай,
æмæ мæ фарсæй æрчъихор куыд фæхауа,
Дæ армытъæпæнæй та уафсхор куыд фесхъиуа,
Уæд баирвæздзыстæм æвдсæрон уæйыгмæ.
На, 'мæ æз дæр сæфт æмæ ды дæр сæфт.
Иу. хатт мæ дæ фыд нæ бафæрæзта,
Куыд æмæ нас æмбæлд, афтæ ныццæвын,
æмæ мын хæхтæ мæ къæдзил алхъывтой;
Уæдæй ардæм, мæ хур, цæуын къудайæ».
Афтæ, ныхасгæнгæ, сæ цьщы кой кæнынц,
æмæ иу афон схæццæ сты бæрзондмæ,
Хæхтæ фырытау кæм хæцынц, раст уырдæм.
Батрадз бæхы идон æрбамбырдтæ кодта,
æмæ ахъазыд иуы'рдæм, иннæ'рдæм.
Бæх хорз куы батæвд ис, уæд æй фездæхта
Дыууæ хохы 'рдæм, æмæ, зæгъгæ, гъе ныр
Фæйнæрдæм фæцæуынц дыууæ сау хохы,
Афтæ йын ахæм æртæ цæфы 'ркодта,
æмæ бæхы фарсæй æрчъихор фæхауди,          
Йæхицаэн та, зæгьы, йæ армытъæпæнæй
Уафсхор фесхъиудта, уафсхор тæккæ дæр!
Йæ ехсы хъæрæй ныййазæлыдысты
Хæхтæ, быдыртæ, кæмттæ 'мæ хъæдтæ,
Дыууæ сау хохы фæкъуырма сты исдуг,
æмæ бæх се 'хсæнты атæррæст ласта,
æмæ, зæгъы, хæхтæн иннæ 'рдыгæй фæци.
Хох фалæ'рдыгæй лæгъз къуылдым ахаста,
Иуы'рдыгæй йыл æмызмæлд кодтой
Бæхрæгъæуттæ 'мæ æстуррæгъæуттæ.
Иннæ'рдыгæй та, суанг рагъæй коммæ,
Лыстæг фосы дзугтæй сау-сауид адардта.
Рæгьаугæсæн дзы лæууыдис иу лæг,
Иу мæгуыр зæронд. лæг, — фыдбон, фыдцарды 'фхæрд.
Батрадз æм бацыди æмæ йæм дзуры:
 — Дæ бон хорз, зæронд лæг! — «Хорзæй цæр мæ хур!
Фæлæ тæхæг дæр куы нæ уадзы ардæм
æвдсæрон уæйыг, уæд ды цавæр дæ,
Куыд æмæ цæмæн æрбафтыдтæ ардæм?»
Зæгъгæ, Батрадзы бафарста зæронд лæг;
Йæхæдæг бæхмæ фæкомкоммæ ис,
Й'алыфарс æрзылд, æмæ йæ цæсты сыг
æстыр гагатæй рустыл зæхмæ 'ркалд.
Батрадз æм дзуры: — Цы кæныс, зæронд лæг?
Мæ фенд дын хъыг уыд, æви цы кодтай? —
«Дæ фенд мын, мæ хур, бæргæ хъыг нæ уыди,

Фæлæ иу хъуыддаг мæ зæрдыл æрлæууыд,
æмæ мæ цæсты сыг нал баурæдтон.
Уый раджы уыди, раджы, мæ чысыл хур,
Ацы хуыцауы 'лгъыст Хъæндзæргæсы къухы
Куы бахаудтон æз, уæд мæ иу бæх баззад
Раст дæ бæхы хуызæн, — урс-урсид хъал бæх —
æниу дзы афонмæ стæгдар дæр нал ис —
Дæ бæхы фендмæ мæ зæрдыл æрлæууьщ».
Йæ цæсты сыгтæ та ногæй æркалдысты,
æргæр-гæр та кодтой ноджыдæр зæхмæ.
— Уæдæ кæугæ ма кæ! —дзуры йæм Батрадз.
Дæуæй цы бæх баззад, ай уыцы бæх у;
æз та дæн нарты Хæмыцы фырт Батрадз!—
Уыцы ныхæстæм йæхиуыл фæхæцыд Зæронд лæг;
Йæ былтæ базырзыр кодтой.
Йæ, дæрзæг, къухæй æдæрсгæ асхъаудта
Йæ цæстыты чъиутæ 'мæ дзуры Батрадзмæ:
«Рахиз-ма,. уæдæ, дæ бæхæй, мæ хур,—
æз дын де уæнджы конд æрыскарон къухæй,
Кæддæра æцæг махæй у де стæг!»
Батрадз уайтагъддæр æргæпп ласта бæхæй
æмæ бауади зæронд лæджы размæ. 
« Зæронд лæг йæ къухтæ Батрадзы уæнгтыл
æруагътытæ кодта æмæ афтæ зæгъы:
«Нæхицæй дæ бæлвырд: дæ уæнгты конд у
Нæхи уæнгты конд; фæлæ цæмæ 'рцыдтæ,
— æз кæй фесæфтæн, уый æгъгъæд нæ уыди,
Ды та ма дæхи цæуыл фесæфтай?»
æмæ зæрдæбынæй ныккуыдта, хъæрæй.           ;
Уæд æм Хæмыцы фырт рæвдауæгау дзуры:
— Кæугæ ма уал кæ, ма уал, зæронд лæг, —
Фæлтау æрсабыр у æмæ мын бацамон,
Кæцы ран цæры æвдсæрон уæйыг, уый. —
Цæстытæ асæрфта зæронд лæг, уый фæстæ
Скасти хæхтæм æмæ амоны Батрадзæн:
«Уалæ Сау хохы сау лæгæты цæры.
Бацæуæн æм нæй —йæ дуарыл дур æвæрд,
Рафæлдахæн ын нæй, ахæм дынджыр дур».
—  æз æм, уæдæ, цæуын, ды ам лæу ме 'рцыдмæ;
Фæстæмæ дæм ардæм зындзынæн рæхджы,—
Зæгъгæ, фæкодта Хæмыцы фырт Батрадз,
Йæ бæхыл абадт æмæ фæраст ис,
Уæйыг кæм царди, уыцы Сау хохмæ.
Ссыди Сау хохмæ, сау лæгæт ссардта;
Рахызти йæ бæхæй; й' арц зæххы фæсагъта,
Йæ бæх ууыл абаста; йæхæдæг февнæлдта —
Лæгæты дуарыл цы хох-дур æвæрд уыд,
Уый иу къæмы хуызæн фæрсы 'рдæм фесхуыста
æмæ багæпп ласта мидæмæ, лæгæтмæ.
Кæсы 'мæ æвдсæрон кæны хуырхуыр фынæй.
Йæ уæрæх хъæлæсæй цæхæр кæлы хæрдмæ,
Царыл æмбæлы, лæгæты царыл,
æмæ фæстæмæ сау фæныкæй хауы.
Йæ нывæрзæн бады Хуры чызг Хорческæ,—
Хуртæ .куы худынц йæ дæллагхъуырæй;
йæ дæлфæдтæм бады Мæйы чызг Мысырхан,—
Мæйтæ куы кæсынц йæ дæллагхъуырæй;
Залмы сыфтæ тилынц—бындз æввахс нæ уадзынц
Сæ сæрыхицау—æвдсæрон уæйыгмæ.
Сæ разы ис фынгтæ, рæсугъд тымбыл фынгтæ;
Алы хæринагæй зæхмæ 'ртасыдысты,
æмæ сæм чызджытæ фæрсмæ дæр нæ кæсынц,
Фæлæ кæуынц, æмæ сæ цæсты сыг донау
Уайы сæ уадултыл, кæлы сау зæхмæ
æмæ налхъуыт-налмас цæппузыртæ фесты.
—  Уæ бон хорз, чызджытæ! — зæгъгæ, сæм дзуры
Хæмыцы болат фырт. — Уый цæуыл кæут?—
Фестадысты, мæгуыр, Хорческæ, Мысырхан
æмæ æмдзыхæй афтæ куы зæгъынц:
«Дæ хъуыддаг раст; у а, Хæмыцы фырт Батрадз!
А, мах кæй сæфæм, уымæн гæнæн нæй,
Фæлæ ды та ардæм цæмæн æрбацыдтæ
Дæхи дыууæ къахæй. дæ сæр сафынмæ?
Кæугæ та ууыл кæнæм, æмæ ныртæккæ   
Нæ сæрыхицау райхъал уыдзæни
æмæ та нын нæ туг бацъирдзæн не счъилтæй.
Хорз хæринаг æмæ хорз нуазинагæй—
Цыдæрид ис зæххыл, уымæй нæ фæхæссы
æвдсæрон уæйыг фондз мæйæ фондз мæймæ.
Стæй уæд бавдæлы, æмæ нын не счъилты
Туæстæ нытъыссы, судзгæ цыргъ туæстæ,
æмæ нын уырдыгæй нæ туг æсцъиры.
Уыцы тугæй цæры дыууæ къуырийы,
æмæ фынæй кæны æнæ райхъалæй.
Ныртæккæ дæр та у йæ туг цъирын афон».
Батрадз йæхиуыл нал фæхæцыди —
Йæ цирхъ фелвæста, бауади уæйыгмæ.
Гъа, ныр æй ныццæвон, зæгъгæ, куыд загьта,
Афтæ йæм чызджытæ дзурынц æмхъæлæеæй:
«Уæ-у, ма ныццæв, ма ныццæв Батрадз!
Искæйы цирхъæй  уымæн мæлæц нæй.
Дæ цæфæй йæ 'рмæст райхъал кæндзынæ,
æмæ дæ бахæрдзæн,, æндæр дзы пайда нæй!» —
Уæдæ цæмæй у, цымæ, йæ адзал? —
Фæрсы чызджыты Хæмыцы болат фырт.
«Мæнæ, кæс, нæ фæсдуар лæууы стыр чырын,
Нæй йын байтом кæнæн. Уым ис æстыр цирхъ,
Ахæм æстыр æмæ йæ раласынæн
Хъæуы сæдæ цæды, сæдæ цæды галтæ.
Уымæй у йæ мæлæт, æндæр ын адзал нæй —
Батрадз уадидæгæн бауадй чырынмæ,
Хатиагау æм æсдзырдта хъæрæй,
æмæ байтом ис, уæдæ цы уыдаид!
Рæуæгæн фелвæста чырынæй дынджыр цирхъ
æмæ дзы уæйыджы бæрзæй ныцъыкк ласта.
Уыцы иу цъыккæй æвдсæрон уæйыгæн
Й'авд сæрæй æхсæз зæхмæ æртылдысты;
æвдæймаг сæр дзуры Хæмыцы фыртмæ:
«О, нæртон Батрадз, фынæй лæгмæ дын
Афтæ бавналын аккаг бæргæ нæ уыд!»
— Бæргæ нæ уыди,—дзуры йæм Батрадз, —
Фæлæ ды нарты æгæр кæй бафхæрдтай,
Уымæ гæсгæ мæ мает мæ хъуырмæ схæццæ ис
æмæ мæхи уымæн нал баурæдтон! —
«Курын дæ: цæмæй тагъддæр амæлон,
Хъизæмар бирæ цæмæй нал фæкæнон,
Уый тыххæй ма мæ1 дыккаг цæф ныккæн»,
Дзуры та уæйыг болатриу Батрадзмæ.                                
— Нæ, мæ хур, нарты æхсæртæггатæ
Уæларв Елиайау иудзæфон æсты! —
Дзуапп радта уæйыгæн нарты Хæмыцы фырт.
Уæйыг-ма йæ сæр бæргæ фæхъил кодта,
Бæргæ-ма схæцыд йæхиуыл уæлæмæ,
Фæлæ ницыуал — уæлгоммæ афæлдæхт,
Гæндзæхтæ ацагъта, дæргъæй баззади.
Хуры чызг Хорческæ, Мæйы чызг Мысырхан
Къулбæрзæйæ дзурынц нарты Батрадзмæ:
«Ардыгæй фæстæмæ мах стæм де уазæг!»
—  Уæ зæрдæ фидар уæд, уæ зæрдæ, чызджытæ!
æз уæ ам дзæгьæлы нæ ныууадздзынæн! —
Бацин кодтой уæд Хуры чызг, Мæйы чызг;
Сæ хъыджы цæссыгтæ асур æсты æмæ
Сæ бæсты февзæрди цины цæссыгтæ.
æмæ куы дзурынц Батрадзмæ чызджытæ:
«Ам ис иу æрчъиаг,  ахæм æрчъиаг,
æмæ йыл бацæудзæн дунейы ис-бон.
Ноджыдæр дзы ис иу ахæм синаг,
æмæ дзы цыдæрид æртухай, цыдæрид,
Уый гæлæбуйы уæз куы нæ уал фæкæны;
Ис ма дзы ноджы хъандзал базыртæ,
Хъæндзæргæс-уæйыджы дыууæ базыры.
Цыдæриддæр сыл авæрай уыдоныл,
Уый ахæсдзысты хæхтæ, хъæдты сæрты,
Кæдæм дæ фæнда, раст уыцы ранмæ.
Стæй-ма уартæ Сау хохы дагьы
Ис æхсыры цад, урс æхсыры цад;
Уыцы æхсыры зæронд адæймаджы
Куы ныннайай, уæд лæппу-лæг фестдзæни»,
Батрадз фыццаджы дæр ацыд зæронд лæгмæ
æмæ йæ скодта æхсыры цадмæ,
Уым æй ныннадта. Уон лæппу-лæг фестад.
Уый фæстæ бавдæлди, æмæ æхсырæй
Батрадз йæ цылыхъ йæ тæккæдзаг бакодта,
Афтæмæй Уонимæ æрцыди чызджытæм.
Уым уæйыджы ис-бон æрæмбырд кодта
æмæ йæ самадта диссаджы 'рчъиагыл,
Уыцы синагæй сæ фидар æрбабаста.
Сбадын сын кодта сæ уæлæ Уоны,
Ноджы Хорческæйы, ноджы Мысырханы;
Хъандзал базыртыл сæ авæрдта иууылдæр;
Йæхæдæг дæр абадти 'рчъиагыл, афтæмæй
Нарты бæстæм æртахт. Уым синаг райхæлдта.
Рацыдысты грчъиагæй уым бæхты рæгъæуттæ,
Рацыдысты ноджы хъомы рæгъæуттæ.
Сæ фæдыл лыстæг фос цæуынтæ байдыдтой
æмæ бамбæрзтой фæзтæ, рæгьтæ уæд
Уый фæстæ Уон æмæ дыууæ чызджимæ
æд фосы рæгъæуттæ, æд бирæ хæзнатæ
Сау хохмæ ссыди — нарты тымбыл симдмæ.
Кæсы æмæ ма нарты гуыппырсартæ
Уым цæлхæмбырдæй сæ симды кой кæнынц.
Батрадзы куы федтой, уæд сæ симд фæуагътой
æмæ йыл хъæлдзæгæй амбырд æсты уаитагьд.
Батрадз сæрæй бынмæ йæ хъуыдцаг радзырдта, 'оны сæм бахуыдта.

Цинтæ 'мæ диссæгтæ!
Батрадз йæ балцы куы ацыд, уæд, зæгыы,
Акулайы-рæсугъд рудзгуытæ сæхкæдта,
Йе 'хкæд уæрдоны рудзгуытæ йæхиуыл,
Афтæмæй Батрадзæн фæлыстæй цы хъуыди,
Уый, зæгъы, иууыл æрцæттæ кодта.
Ныр куы ауыдта Батрадзы Акула,
Уæд йæ уæрдонæй рахызти æттæмæ,
Батрадзмæ бацыди æмæ йæм дзуры:
Гъе ныр нарты 'хсæн аипп æрхæссын еумæ,
Хæмыцы фырт, никæй уал бон у!
Абнæй фæстæмæ ацы рухс дунейыл
Фехицæнгæнинаг нал дæн æз дæуæй.
æмæ расимæм гъе ныр, гъе, иумæ!»  
æрхæцыдысты та нарты гуыппырсартæ.
Уоны Мысырханыл æрхæцын кодта,
Хорческæйыл та — йæ фыд Хæмыцы,      
Афтæмæй бацыд йæхæдæг дæр симды
Акулаимæ болатриу Батрадз.
æмæ снæуæг ис Сау хохы бæрзондыл
Нæртон симд, зæгьы, гуыпп симд, тымбыл симд.
Хæхтæ згъæлыдысты нарты къæхты хъæрæй,
Цъититæ калдысты, чыстæ лæбырдысты,
Сау хъæды бæлæстæ фæстытæ кодтой,
Зæхх лæпп-лæпп кодта, зæхх уым сæ быны!
æрйзæр ио. Сæ симд ныууагътой нарт,
Батрадз, йæ цылыхъы цы 'хсыр рахаста,
Уымæй ахсадта йæ фыд Хæмыцы,

æмæ, зæгъы, Хæмыц, нарты зæронд Хæмыц,
Усгур лæппуйы карæн куы фестад.
Уæд Батрадз бадзырдта Хуры рæсугъд чызгмæ:
—Хуры чызг Хорческæ, абонæй фæстæмæ
Уыдзынæ ды мæ фыд Хæмыцы бинойнаг!—
Бадзырдта уый фæстæ Мæйы рæсугъд чызгмæ:
—Мæйы чызг Мысырхан, абонæй фæстæмæ
Уыдзынæ нæ хисдæр Уоны бинойнаг! —
Уыйадыл Сау хохæй рараст сты нарт'адæм.
æвдсæрон уæйыджы бæх, хъом рæгъæуттæ,
Йæ сау фосы дзугтæ семæ раскъæрдтой,
Рахастой йын ноджы йæ бирæ хæзнатæ
æмæ, афтæмæй, сæхимæ 'рцыдысты.
Уыцы иувæдыл æртæ чындзæхсæвы,
æртæ чындзæхсæвы скодтой нарт'адæм.
Чындзæхсæвтæ дæр фæткыл кæм уыдысты —
Цæуынхъом чи уыди, уый цæугæ 'ркодта,
Цæуынхъом чи нæ уыд, уый хæсгæ 'ркодтой,—
 Афтæмæй, зæгъы, гъе, афтæмæй, мæ хуртæ,
Нарт иннабонæй уæд иннабонмæ
Фæхъазыдысты, фæминас кодтой.
 

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке