Мæ кувæндонау Фæлмæн рагъмæ ссыдтæн,
Ныр бадын буцæй Фæлгæсæны æз.
Сæ кой дæр нал и тыхст æмæ мæстытæн,
Зæххон сагъæстæн нал хатын сæ уæз.
Зынынц мæм дардæй Урстуалты уæлвæзтæ,
Мæ сæрмæ тауы Бурсамдзели рухс.
Цæй ирд æмæ цæй райдзаст у мæ бæстæ!
Ам уддзæфмæ æрвон зарæгау хъус!
æрыскъæф æмæ саунæмыг хæрздæфæй
Кæнынц мæ удæн хин æмæ кæлæн.
Хæрын мыдау сыкъамотæ сæлæфæй,
Сычъигæрдæг æлутон у мæнæн.
Лæууы сыгъдæгæй Рагъыдзуар, йæ разы
Нæ сæрвæттæ дзæнæты фæзтау – цъæх.
Уым къорийæ фыййæутты къорд нæ хъазы,
Нæ апырх Рæгътыл фосы дзуг уæрæх.
Нæ фæйлауы нæ хъугæмтты хъуыдалы,
Нæ хæссы ног чындз хъæугæронæй дон.
Уæддæр мын хъыг мæ уды равг нæ халы,
Нæ зонын абон мæт æмæ фæсмон.
Тæхынц сындæг чысыл зæдтæ мæ сæрты,
Æрбадт мæ разы хъоппæгыл мыдгур.
Сыгъдæг кæны йæ чъиллонæй мæ зæрдæ.
Йæ къуымты хъазы хъæлдзæг тынтæй хур.
Кæны мын Рæстæг удæвдзыл йæ кадæг,
Дæтты мын æрдз æлутонау æнцой.
Цæуы мыл Бон сызгъæрин фынау цадæг,
Тæдзы нæ хæхтæй комы нуæстыл сой.
1995 азы 6 мартъи